Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Ӕртыццӕг, 3 сентябрь

Иосиф... сарӕзта, Йегъовӕйы зӕд ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ – йӕ усы ӕрбакодта (Матф. 1:24).

Иосиф алкӕддӕр цӕттӕ уыд Йегъовӕйы разамындмӕ байхъусынмӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы уыд хорз сӕрыхицау. Йегъовӕ йын ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты радта разамынд йӕ бинонты тыххӕй. Ӕмӕ ӕртӕ хатты дӕр уайтагъд разамындмӕ байхъуыста, стыр ивындзинӕдтӕ йӕ скӕнын куы хъуыд, уӕд дӕр (Матф. 1:20; 2:13–15, 19–21). Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы йӕ бон уыд Марийӕйы хъахъхъӕнын ӕмӕ йӕ цӕрынӕн цы хъуыд, уыдӕттӕ амал кӕнын. Уый тыххӕй йӕ Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр уарзта ӕмӕ нымадта. Лӕгӕн йӕ бон у Иосифы фӕзмын ӕмӕ Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын. Афтӕ куы кӕнай – уый тыххӕй-иу дӕ исты фӕивын куы хъӕуа, уӕд дӕр – уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕ бинойнаджы кӕй уарзыс. Стӕй уый фӕрцы ӕнгомдӕр кӕндзыстут. Вануатуйӕ иу хо (моймӕдзыд у 20 азӕй фылдӕр) загъта: «Мӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы разамынд куы фӕагуры ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд ӕй тынгдӕр нымайын райдайын. Раст уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл нӕ фӕдызӕрдыг кӕнын ӕмӕ ницӕуыл фӕмӕт кӕнын». w23.05 21 ф., 5 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 4 сентябрь

Уым конд ӕрцӕудзӕн стыр фӕндаг ӕмӕ йӕ схондзысты Сыгъдӕг фӕндаг (Ис. 35:8).

Вавилонӕй фӕстӕмӕ чи здӕхт, уыцы дзуттӕгтӕ хъуамӕ суыдаиккой «сыгъдӕг адӕм» сӕ Хуыцауӕн (Дык. з. 7:6). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сӕ ницы хъуыд ивын. Хъуыди сӕ цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ райгонд уыдаид. Дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Вавилоны райгуырдысты. Ӕмӕ сыл, ӕвӕццӕгӕн, вавилойнӕгты зондахаст фӕзынд. Стӕй сын се ’гъдӕуттӕй дӕр кӕцыдӕртыл ныххӕцыдысты. Израилмӕ фыццаг дзуттӕгтӕ куы ӕрыздӕхтысты, уымӕй бирӕ азты фӕстӕ хицау Нееми базыдта, Израилы цы сывӕллӕттӕ райгуырдысты, уыдон дзуттаг ӕвзаг кӕй нӕ зонынц, ӕмӕ арвы цӕфау фӕци (Дык. з. 6:6, 7; Неем. 13:23, 24). Хуыцауы Ныхасӕн йӕ фылдӕр хай дзуттагау фыст уыд. Ӕмӕ кӕд дзуттагау не ’мбӕрстой, уӕд Йегъовӕйы куыд хъуамӕ бауарзтаиккой ӕмӕ йын куыд хъуамӕ куывтаиккой? (Езд. 10:3, 44). Уымӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕй кӕйдӕрты хъуыди стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын. Фӕлӕ сын Израилы цӕргӕйӕ уый саразын ӕнцондӕр уыд, уымӕн ӕмӕ дзы сыгъдӕг дин сабыргай йӕ къахыл лӕууын райдыдта (Неем. 8:8, 9). w23.05 15 ф., 6, 7 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 5 сентябрь

Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи ахауы, уыдонӕн, схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл (Пс. 145:14).

Нӕ нысанмӕ тынг куы тырнӕм кӕнӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд дӕр нын, гӕнӕн ис, цыдӕр ма рауайа. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр хабар ӕрцӕуа, ӕмӕ нын уый тыххӕй нӕ нысанмӕ тырнынӕн рӕстӕг мауал уа (Еккл. 9:11). Кӕнӕ та, чи зоны, цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдыстӕм, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ ныфс асаст ӕмӕ нӕм тыхтӕ нал ис (Ӕмб. 24:10). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ ӕруадзӕм, ӕмӕ нӕ уый дӕр бахъыгдардзӕн, цӕмӕй нӕ нысан нӕ къухы бафта (Ром. 7:23). Кӕнӕ та, чи зоны, тынг бафӕлладыстӕм (Матф. 26:43). Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн? Дӕ зӕрдыл дар: цыдӕр дын куы нӕ рауайа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕ нысан дӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Библийы фыст ис, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзыстӕм. Фӕлӕ ма дзы фыст ис, куы «ахауӕм», уӕд нӕ бон кӕй уыдзӕн сыстын. Цыдӕр дын куы нӕ рауайа, фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр дӕ нысанмӕ куы тырнай, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйӕн равдисдзынӕ, йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын дӕ кӕй фӕнды. Йегъовӕ куы фӕуыны, дарддӕр дӕр дӕ нысанмӕ кӕй тырныс, уӕд йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы! w23.05 30 ф., 14, 15 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын