Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Майрӕмбон, 5 сентябрь

Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи ахауы, уыдонӕн, схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл (Пс. 145:14).

Нӕ нысанмӕ тынг куы тырнӕм кӕнӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд дӕр нын, гӕнӕн ис, цыдӕр ма рауайа. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр хабар ӕрцӕуа, ӕмӕ нын уый тыххӕй нӕ нысанмӕ тырнынӕн рӕстӕг мауал уа (Еккл. 9:11). Кӕнӕ та, чи зоны, цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдыстӕм, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ ныфс асаст ӕмӕ нӕм тыхтӕ нал ис (Ӕмб. 24:10). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ ӕруадзӕм, ӕмӕ нӕ уый дӕр бахъыгдардзӕн, цӕмӕй нӕ нысан нӕ къухы бафта (Ром. 7:23). Кӕнӕ та, чи зоны, тынг бафӕлладыстӕм (Матф. 26:43). Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн? Дӕ зӕрдыл дар: цыдӕр дын куы нӕ рауайа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕ нысан дӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Библийы фыст ис, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзыстӕм. Фӕлӕ ма дзы фыст ис, куы «ахауӕм», уӕд нӕ бон кӕй уыдзӕн сыстын. Цыдӕр дын куы нӕ рауайа, фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр дӕ нысанмӕ куы тырнай, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйӕн равдисдзынӕ, йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын дӕ кӕй фӕнды. Йегъовӕ куы фӕуыны, дарддӕр дӕр дӕ нысанмӕ кӕй тырныс, уӕд йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы! w23.05 30 ф., 14, 15 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 6 сентябрь

Дзугӕн фӕзминаг ут (1 Пет. 5:3).

Ӕрыгон ӕфсымӕр пионерӕй куы фӕлӕггад кӕны, уӕд сахуыр вӕййы алыхуызон адӕмимӕ ӕмгуыст кӕнын. Уый ма йын баххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ хӕрдзтӕ пълан кӕна ӕмӕ дзӕгъӕл хӕрдзтӕ ма кӕна (Фил. 4:11–13). Кӕд дӕ фӕнды ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, уӕд уал райдай ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Бирӕтӕн уый баххуыс кодта, цӕмӕй уый фӕстӕ райдыдтаиккой пионертӕй лӕггад кӕнын. Пионертӕн ма фӕзыны ӕндӕр фадӕттӕ дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕн. Гӕнӕн ис, фӕхоной сӕ нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынмӕ кӕнӕ Вефилмӕ. Бирӕ ӕфсымӕртӕ свӕййынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ афтӕмӕй сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн фӕлӕггад кӕнынц. Ӕмӕ алы ӕфсымӕр дӕр хъуамӕ йӕ разы ахӕм нысан сӕвӕра. Библи зӕгъы, уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ чи тырны, «уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы», зӕгъгӕ (1 Тим. 3:1). Фӕлӕ уал уӕдмӕ ӕфсымӕр хъуамӕ цӕттӕ уа кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнынмӕ. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнынц. Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц. w23.12 28 ф., 14–16 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 7 сентябрь

Нырма бынтон ӕрыгон уыди, афтӕмӕй, райдыдта йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы агурын (2 Аз. 34:3).

Паддзах Иосийыл 16 азы куы цыд, уӕд райдыдта Йегъовӕйы агурын. Уый фӕндыд Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй фылдӕр базонын. Фӕлӕ ӕрыгон паддзахы цард афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн. Уымӕ гӕсгӕ Иосийы хъуыди хъӕбатырӕй архайын, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаид. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр стыр хъӕбатырдзинад равдыста! 20 азы дӕр ыл нӕма цыд, афтӕ райдыдта Иудӕйы бӕстӕ мӕнг хуыцӕуттӕй сыгъдӕг кӕнын (2 Аз. 34:1, 2). Кӕд ды дӕр бынтон ӕрыгон дӕ, уӕддӕр дӕ бон у Иосийы фӕзмын. Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базон. Ӕмӕ дӕ уӕд бафӕнддзӕн дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн? Лука донаргъуыд райста 14-аздзыдӕй. Йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодта, уӕд йӕхицӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ мын царды фыццаг бынаты уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йын алкӕддӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнон» (Мар. 12:30). Ды дӕр дӕ разы ахӕм нысан куы сӕвӕрай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ! w23.09 11 ф., 12, 13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын