Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Хуыцаубон, 7 сентябрь

Нырма бынтон ӕрыгон уыди, афтӕмӕй, райдыдта йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы агурын (2 Аз. 34:3).

Паддзах Иосийыл 16 азы куы цыд, уӕд райдыдта Йегъовӕйы агурын. Уый фӕндыд Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй фылдӕр базонын. Фӕлӕ ӕрыгон паддзахы цард афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн. Уымӕ гӕсгӕ Иосийы хъуыди хъӕбатырӕй архайын, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаид. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр стыр хъӕбатырдзинад равдыста! 20 азы дӕр ыл нӕма цыд, афтӕ райдыдта Иудӕйы бӕстӕ мӕнг хуыцӕуттӕй сыгъдӕг кӕнын (2 Аз. 34:1, 2). Кӕд ды дӕр бынтон ӕрыгон дӕ, уӕддӕр дӕ бон у Иосийы фӕзмын. Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базон. Ӕмӕ дӕ уӕд бафӕнддзӕн дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн? Лука донаргъуыд райста 14-аздзыдӕй. Йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодта, уӕд йӕхицӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ мын царды фыццаг бынаты уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йын алкӕддӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнон» (Мар. 12:30). Ды дӕр дӕ разы ахӕм нысан куы сӕвӕрай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ! w23.09 11 ф., 12, 13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Къуырисӕр, 8 сентябрь

Чи уӕм фыдӕбон кӕны, Хицауы хъуыддаджы уын разамынд чи дӕтты... уыдоны нымайут (1 Фес. 5:12).

Апостол Павел ацы фыстӕг куы ныффыста, уӕд Фессалоникӕйы ӕмбырдыл афӕдз дӕр нӕма цыд. Ӕмӕ дзы бӕрнон ӕфсымӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, нырма ӕвӕлтӕрд уыдысты, ӕмӕ-иу цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ дӕр ӕруагътой. Фӕлӕ уӕддӕр уый аккаг уыдысты, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ нымадтаиккой. Стыр бӕллӕх хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ нӕ фидӕны, чи зоны, ноджы тынгдӕр хъӕудзӕн бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгты разамынд. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕйраг хайадӕн ӕмӕ филиалӕн фадат ма уа, цӕмӕй нын разамынд дӕттой. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ныртӕккӕ сахуыр уӕм нӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уарзын ӕмӕ нымайын. Цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр хъуамӕ уӕззау зондӕй архайӕм, ӕмӕ-иу сын сӕ хъӕндзинӕдтӕм ма ныккомкоммӕ уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕн Йегъовӕ кӕй дӕтты разамынд Чырыстийы уылты. Згъӕрхуд ӕфсӕддонӕн йӕ сӕр куыд хъахъхъӕдта, афтӕ махӕн ирвӕзындзинады ныфс хъахъхъӕны нӕ зонд. Мах зонӕм: ацы дуне нын цытӕ дӕтты, уыдон ницы сты (Фил. 3:8). Нӕ ныфс нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой ӕмӕ уӕззау зондӕй архайӕм. w23.06 11, 12 фф., 11, 12 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Дыццӕг, 9 сентябрь

Ӕнӕзонд сылгоймаг у ӕнӕуаг. Йӕ зонд у цыбыр (Ӕмб. 9:13).

«Ӕнӕзонд сылгоймаджы» хъӕлӕс чи хъусы, уыдоны хъӕуы равзарын, йӕ хӕдзармӕ бацӕудзысты ӕви нӕ. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕхи хизӕм хӕтындзинадӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй. Цӕмӕн? «Ӕнӕзонд сылгоймаг» дзуры: «Давӕггаг дон адджын у» (Ӕмб. 9:17). Цы у «давӕггаг дон»? Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы сыгъдӕг сусӕг ахастдзинӕдтӕ вӕййы, уыдон Библи бары, адӕймаг йӕ дойны кӕмӕй басӕтты, ахӕм донимӕ (Ӕмб. 5:15–18). Ахӕм ахастдзинӕдтӕ хъуамӕ уой, йӕ къухтӕ чи ’рфыста, ӕрмӕстдӕр уыцы нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн. Фӕлӕ «давӕггаг донӕн» йӕ хабар ӕндӕрхуызон у. Уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны, лӕг ӕмӕ ус чи нӕу, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуынц, уымӕ. Ахӕм хъуыддӕгтӕ арӕх фӕаразынц сусӕгӕй, давӕг куыд фӕархайы, афтӕ. «Давӕггаг дон» сӕм уӕлдай адджын, чи зоны, уый тыххӕй фӕкӕсы, ӕмӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын сӕ миты тыххӕй ничи базондзӕн. Фӕлӕ уымӕй сӕхи сайынц! Йегъовӕ алцыдӕр уыны. Ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй адӕймаг, гӕнӕн ис, йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуа. Уый та масты хос у, «адджын» нӕу, фӕлӕ (1 Кор. 6:9, 10). w23.06 22 ф., 7–9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын