Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ацы къуыри
25–31 августы
Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025 | июль

25–31 АВГУСТЫ

ӔМБИСӔНДТӔ 28

150 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Фыдгӕнджытӕ рӕстгӕнджытӕй хицӕн кӕнынц

(10 мин.)

Фыдгӕнӕг алцӕмӕй фӕтӕрсы; рӕстгӕнӕг та вӕййы хъӕбатыр (Ӕм 28:1; w93-U 15/5 26 ф., 2 абз.).

Фыдгӕнӕгӕн йӕ бон нӕу хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕй кӕсын; рӕстгӕнӕгӕн та йӕ бон у раст уынаффӕтӕ хӕссын (Ӕм 28:5; it-2-U 410 ф., 4 абз.).

Рӕстгӕнӕг мӕгуыр куы уа, уӕддӕр ын хъӕздыг фыдгӕнӕгимӕ абаргӕйӕ фылдӕр аргъ ис (Ӕм 28:6; it-2-U 171 ф., 3 абз.).

Ӕфсымӕр ахӕстоны пъолыл бады ӕмӕ уӕлӕмӕ кӕсы ӕмӕ кувы. Бӕрӕг у, кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны, Йегъовӕ йӕ кӕй хъусы, ууыл.

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ӕм 28:14. Ацы стих нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы? (w01-U 1/12 12 ф., 1 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ӕм 28:1–17 (th 10 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Аныхас кӕн, хӕстытӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл (lmd 5 урок, 5 пункт).

5. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Аныхас кӕн, хӕстытӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл (lmd 5 урок, 4 пункт).

6. Ныхас райдайын

(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Аныхас кӕн, хӕстытӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл (lmd 1 урок, 4 пункт).

7. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Аныхас кӕн, хӕстытӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл (lmd 2 урок, 4 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

112 зарӕг

8. Фыддзинадӕй де сӕфт уыныс?

(6 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Гыццыл лӕппу видеохъазтӕй хъазы.

Фыддзинад кӕй ис, уый Хӕйрӕджы аххос у. Йесо йӕ схуыдта «лӕгмар» (Ин 8:44). Зӕдтӕ Хӕйрӕджы зондыл куы ацыдысты, уӕд зӕхх фыддзинадӕй байдзаг ӕмӕ «Хуыцауы цӕсты бынысӕфт фӕци» (Рд 6:11). Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ адӕмӕй бирӕтӕ систы ӕгъатыр ӕмӕ сӕхиуыл хӕцын нӕ зонынц (2Тм 3:1, 3).

Бакӕсут Псалом 11:5. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Фыддзинад чи уарзы, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ цӕмӕн?

  • Спортӕй ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕй куыд зыны, адӕм фыддзинад кӕй уарзынц, уый?

Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 22:24, 25. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Цы ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕм ӕмӕ нӕ рӕстӕг кӕимӕ ӕрвитӕм, уый куыд ӕндавы, фыддзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл?

  • Цы ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕм, уымӕй куыд зыны, фыддзинад уарзӕм ӕви нӕ, уый?

9. Зиу сентябры

(9 мин.)

Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕджы раныхас. Хъусынгӕнджыты баразӕнгард кӕн, цӕмӕй зиуы зӕрдиагӕй архайой ӕмӕ зӕгъ, уӕ территорийы уыцы рӕстӕг куыд хъусын кӕндзыстут, уый.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Зӕххыл уыдзӕн фарн!» (2022 азы регионалон конгрессы зарӕг).

10. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) lfb 12, 13 сӕргӕндтӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 113 зарӕг ӕмӕ куывд

Сӕргӕндтӕ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2025 | июнь

25-ӕм ахуыргӕнӕн статья: 2025 азы 25–31 августы

8 Иаковы пехуымпарадӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? (2 хай)

Ноджыдӕр ма кӕс

Ацы номыры ма цы статьятӕ ис, уыдон

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын