Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ацы къуыри
29 сентябрӕй 5 октябрмӕ
Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025 | сентябрь

29 СЕНТЯБРӔЙ 5 ОКТЯБРМӔ

ЕККЛЕСИАСТ 3, 4

93 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Лӕг ӕмӕ ус иумӕ Библи кӕсынц ӕмӕ амондджын сты.

Уӕ рӕстӕг иумӕ дӕр ӕрвитут ӕмӕ Йегъовӕимӕ дӕр

1. Уӕ бинонты цард фидар кӕнут

(10 мин.)

Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕнут, цӕмӕй-иу кӕрӕдзи бафидар кӕнат ӕмӕ-иу ахсджиаг хъуыддӕгтыл аныхас кӕнат (Ек 3:1; hf 2 хай, 1 дӕлсӕргонд).

Алцыдӕр-иу иумӕ аразут (Ек 4:9; w23.05 23, 24 фф., 12–14 абз.).

Йегъовӕмӕ ’ввахсдӕр кӕнут (Ек 4:12; w23.05 21 ф., 3 абз.).


АХЪУЫДЫ КӔН: «Куысты тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр истӕй тыххӕй мӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзийӕ бирӕ рӕстӕг дард куы уӕм кӕнӕ суанг хицӕнтӕй куы улӕфӕм, уӕд уый нӕ бинонты цардыл куыд фӕзындзӕн?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ек 3:7. Ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, уым? (w19.07 11 ф., 14 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ек 4:1–16 (th 2 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Дӕ ныхас райдай 2025 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыццаг номыры фӕрцы. Адӕймаджы ӕндӕр темӕ цымыдис кӕны ӕмӕ дӕ ныхас фӕивтай (lmd 2 урок, 5 пункт).

5. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн

(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. 2025 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыццаг номыр кӕмӕн радтай, уыцы адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 9 урок, 4 пункт).

6. Раныхас

(5 мин.) lmd Уӕлӕмхасӕн А, 12 пункт. Темӕ «Хуыцаумӕ фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис» (th 19 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

131 зарӕг

7. Дӕ цардӕмбалимӕ-иу кӕрӕдзи куы не ’мбарат, уӕд-иу Йегъовӕйы разамынд агурут

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Йегъовӕ бинонтӕн алцыдӕр радта, цӕмӕй амондджын уой. Фӕлӕ уӕддӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ бинонтӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц (1Кр 7:28). Фӕлӕ хъуыддаг банывыл кӕныныл куы нӕ архайой, уӕд кӕрӕдзийӕ дарддӕр кӕндзысты ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсын райдайдзӕн, ӕмӕ сын ницыуал баххуыс кӕндзӕн. Мыййаг, дӕуӕн дӕр дӕ бинонты хабар афтӕ у?

Кинонывы «Цы у ӕцӕг уарзондзинад?» ӕвдыст цӕуы, ӕрыгон бинонтӕ стыр зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдысты. Хо йӕ лӕгӕй хицӕн кӕнынмӕ куы хъавыд, уӕд нӕ ахъуыды кодта, Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Хъуыды ма кӕнут, йӕ фыд ын цы уынаффӕ радта, уый?

Равдис киноныв «Цы у ӕцӕг уарзондзинад?» (скъуыддзаг). Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы не ’мбарой, уӕд Йегъовӕйы разамынд цӕмӕн хъуамӕ агурой? (Ис 48:17; Мф 19:6).

Кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлут, уӕд архайут Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕныныл: кувут ӕм, ӕмбырдтӕм цӕут, Библи кӕсут ӕмӕ йӕ иртасут ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цӕут. Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕппӕт тыхтӕй архайут ӕмӕ уын ахӕм уавӕры цы баххуыс кӕндзӕн, уый фӕдыл нӕ публикациты ӕрмӕг агурут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй уын Йегъовӕ ӕххуыс кӕна (Ӕм 10:22; Ис 41:10).

Къам видеороликӕй «Хӕйрӕг уӕ йӕ мӕнг фарнӕй ма фӕсайӕд! Даррел ӕмӕ Деборӕ Фрисингер». Хо Фрисингер ӕрыгонӕй къаммӕ кӕсы (къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ).

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Хӕйрӕг уӕ йӕ мӕнг фарнӕй ма фӕсайӕд! Даррел ӕмӕ Деборӕ Фрисингер». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Стыр зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыцы бинонтӕн Даррел ӕмӕ Деборӕйы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) lfb 22 сӕргонд, разныхас 5 хаймӕ ӕмӕ 23 сӕргонд

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 51 зарӕг ӕмӕ куывд

Сӕргӕндтӕ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2025 | июль

30-ӕм ахуыргӕнӕн статья: 2025 азы 29 сентябрӕй 2025 азы 5 октябрмӕ

14 Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй ныр дӕр ма истӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Ноджыдӕр ма кӕс

Ацы номыры ма цы статьятӕ ис, уыдон

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын