-
Пълан аразын куыд хъӕуыХуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
-
-
Пълан аразын куыд хъӕуы
БИРӔТӔН раныхас бацӕттӕ кӕнын куы бахӕс кӕнынц, уӕд дзы алы ныхас дӕр фысгӕ фӕкӕнынц, разныхасӕй кӕронбӕттӕны онг. Цалдӕр хатты йӕ куы рафыссынц, уӕд кӕддӕр цӕттӕ вӕййы раныхас дӕр. Цас рӕстӕг ыл бахардз вӕййы, уый кой та ма чи кӕны.
Ды дӕр афтӕ фӕцӕттӕ кӕныс раныхӕстӕ? Ӕнцондӕрӕй цӕттӕ кӕнын сахуыр уай, уый дӕ фӕнды? Пълан аразын куы сахуыр уай, уӕд дӕ алы ныхас дӕр фыссын нал хъӕудзӕн. Ӕмӕ дын уый фӕрцы фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн, цӕмӕй йӕ куыд дзурдзынӕ, ууыл ахъуыды кӕнай ӕмӕ цалынмӕ ӕмбырды раз ӕрлӕууай, уӕдмӕ уал ӕй хӕдзары радзурай. Афтӕмӕй дын канд йӕ радзурын нӕ уыдзӕн ӕнцон, фӕлӕ ма дӕм адӕм хъусгӕ дӕр цымыдисӕй кӕндзысты ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ дӕр агайдзынӕ.
Ӕцӕг, ӕмбырды ӕфсымӕртӕн ӕргом раныхас куы бахӕс кӕнынц, уӕд сын раттынц пълан дӕр. Фӕлӕ ӕндӕр раныхӕстӕн фылдӕр хатт пълан вӕййы хи аразинаг. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дын ӕрмӕст ныхасы сӕр бацамоной, кӕнӕ дӕ цӕуыл дзурын хъӕудзӕн, уый дын дыууӕ ныхасӕй зӕгъой. Кӕнӕ та дын бахӕс кӕной раныхас цӕттӕ текстмӕ гӕсгӕ радзурын. Хаттӕй-хатт та дын-иу гӕнӕн ис цалдӕр ныхасӕй бацамоной, цы ӕмӕ дӕ куыд дзурын хъӕудзӕн, уый. Ахӕм раныхӕстӕй алкӕцыйӕн дӕр пълан аразын хъӕудзӕн дӕхи.
41-ӕм фарсыл фенӕн ис, цыбыр пълан куыд аразын хъӕуы, уый. Дӕ хъус ма ӕрдар, сӕйраг хъуыдытӕ райдайынц галиуырдыгӕй ӕмӕ фыст сты стыр дамгъӕтӕй. Алы сӕйраг хъуыдыйы бынмӕ дӕр ис, бӕлвырддӕр ӕй чи кӕны, ӕндӕр ахӕм хъуыдытӕ. Уыцы хъуыдыты бынмӕ та ис ӕндӕр уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕ, ӕмӕ уыдон та фыст сты мидӕгаудӕр. Ацы пълан куыд арӕзт у, уымӕ дзӕбӕх ӕркӕс. Дӕ хъус ӕрдар, дыууӕ сӕйраг хъуыдыйы ныхасы сӕримӕ комкоммӕ баст кӕй сты, уымӕ. Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕ афтӕ ӕнӕуи рӕсугъдӕн не сты. Алкӕцыдӕр дзы ӕххуыс кӕны, цы сӕйраг хъуыдыйы бын ис, уый бамбарынӕн.
Дӕхӕдӕг цы пълан саразай, уый бынтон ахӕм ай-гъай нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ сӕйраджыдӕр, пълан куыд аразын хъӕуы, уый куы бамбарай, уӕд дӕ бон уыдзӕн, цы ӕрмӕг дӕм ис, уый, иу хъуыды дзы иннӕмӕ ӕнцонӕй куыд хиза, афтӕ фӕд-фӕдыл равӕрын ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ хорз раныхас бацӕттӕ кӕнын. Уӕдӕ цӕмӕй ис райдайӕн?
Хъуыды кӕн, ӕвзар ӕмӕ фӕд-фӕдыл ӕвӕр
Дӕу хъӕуы, дӕ ныхасы сӕр цы уыдзӕн, уый сбӕлвырд кӕнын. Ныхасы сӕр, иу ныхасӕй кӕмӕн ис зӕгъӕн, ахӕм иумӕйаг фарста нӕу. Ныхасы сӕр у, чи дӕм хъуса, уыдонӕн цы ахсджиаг цыдӕр зӕгъинаг дӕ ӕмӕ дӕ раныхас цӕй бындурыл араздзынӕ, уый. Кӕд ӕмӕ дӕ ныхасы сӕр амынд у, уӕд дзы алы дзырдмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕс. Дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый кӕд мыхуыргонд ӕрмӕджы бындурыл арӕзт у, уӕд ӕй лӕмбынӕг сахуыр кӕн, дӕ ныхасы сӕр дӕ хъуыдыйы дар, афтӕмӕй. Кӕд ӕмӕ дӕ цӕуыл дзурын хъӕудзӕн, ӕрмӕстдӕр дын уый бацамыдтой, уӕд та дӕхи хъӕудзӕн дӕ ныхасӕн сӕр ӕрхъуыды кӕнын. Фӕлӕ уал дӕ раздӕр хъӕуы уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг бацагурын. Дӕ алыварс цы ис, цы уыныс, цы хъусыс, уымӕ дӕ хъус лӕмбынӕг дар, ӕмӕ-иу дӕм афтӕмӕй ног хъуыдытӕ ӕрцӕудзӕн.
Уӕлдӕр цӕуыл дзырдтам, уыдӕттӕ аразгӕйӕ хъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: кӕмӕн ӕй дзурдзынӕн, уыдоны цӕмӕн хъӕуы? Мӕ раныхасӕй сын цы зӕгъинаг дӕн? Дӕ нысан уый хъуамӕ ма уа, ӕмӕ ӕрмӕг кӕрӕй-кӕронмӕ радзурай, кӕнӕ афтӕ рӕсугъд дзурай, ӕмӕ дӕм чи хъуса, уыдон ӕй дисӕн куыд хӕссой. Уымӕн сын ӕй дзурыс, цӕмӕй дӕм чи хъуса, уыдонӕн царды исты ахъаз фӕуа. Уӕдӕ дӕ раныхасӕн йӕ нысан цы у, уый куы сбӕлвырд кӕнай, уӕд ӕй ныффысс, ӕмӕ йӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ ӕдзухдӕр дӕ зӕрдыл дар.
Дӕ раныхасӕн йӕ нысан ӕмӕ йӕ сӕр цы уыдзӕн (кӕд ын сӕр лӕвӕрд у, уӕд та, дӕ разы цы нысан ӕвӕрыс, уыимӕ куыд баст у), уый куы аскъуыддзаг кӕнай, уӕд зондзынӕ, бӕлвырдӕй дӕ цы агурын хъӕуы, уый. Агур, чи дӕм хъуса, уыдоны ӕцӕг чи бахъӕудзӕн, ахӕм ӕрмӕг. Фаг не сты иумӕйаг ныхӕстӕ, агур бӕлвырд, арф ӕмӕ ӕцӕгӕй пайда чи уыдзӕн, ахӕм хъуыдытӕ. Фӕлӕ ӕгӕр бирӕ агурын дӕр нӕ хъӕуы. Арӕх ӕрмӕг афтӕ бирӕ вӕййы, ӕмӕ та дзы стӕй, уӕлдай цы у, уый ӕвзарын бахъӕуы.
Рахицӕн кӕн сӕйраг хъуыдытӕ, цӕмӕй дӕ ныхасы сӕр цы у, уый райхалай ӕмӕ дӕ разы цы нысан ӕвӕрыс, уый дӕ къухы бафта. Уыдон уыдзысты дӕ ныхасӕн йе «стӕгдар», дӕ ныхас цӕуыл «ӕнцайдзӕн», уый. Раныхасы цал сӕйраг хъуыдыйы хъуамӕ уа? Цалдӕр минуты раныхасӕн фаг у дыууӕ сӕйраг хъуыдыйы, цыппар-фондз та фаг сты, сахаты бӕрц чи вӕййы, ахӕм раныхасӕн дӕр. Сӕйраг хъуыдытӕ цас къаддӕр уой, уыйас фидардӕрӕй зӕгъӕн ис, адӕм сӕ кӕй бахъуыды кӕндзысты.
Дӕ ныхасы сӕр ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ куы сбӕлвырд кӕнай, уӕд та хъӕуы, цы ӕрмӕг ӕрӕмбырд кодтай, уый фӕд-фӕдыл равӕрын. Ахъуыды кӕн, сӕйраг хъуыдытӕм дзы ӕнӕмӕнгӕй цы хауы. Равзар дзы, дӕ ныхасы дын уд чи бауадздзӕн, ахӕм хъуыдытӕ. Сӕйраг хъуыдытӕм Библийӕ стихтӕ куы ӕвзарай, уӕд фӕнысан кӕн, уыцы стихтӕ дын хуыздӕр бамбарын кӕнынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм хъуыдытӕ. Алы хъуыдыйӕн дӕр бынат скӕн, цы сӕйраг хъуыдымӕ хауы, уый бын. Кӕд ӕмӕ, цы ӕрмӕг ссардтай, уый сӕйраг хъуыдытӕй никӕцымӕ хауы, уӕд ӕй, цыфӕнды хорз хъуыды куы уа, уӕддӕр айс, йе та йӕ ӕндӕр хатмӕ нывӕр. Ныууадз дзы ӕрмӕстдӕр иууыл хуыздӕр хъуыдытӕ. Дӕ зӕрдыл дар, ӕгӕр бирӕ дзуринаг дӕм куы уа, уӕд дӕ тагъд дзурын кӕй хъӕудзӕн ӕмӕ дзы афтӕмӕй иу хъуыды дӕр кӕронмӕ кӕй нӕ райхалдзынӕ. Фӕлтау дыууӕ ныхасы зӕгъ, фӕлӕ хуызӕнӕн. Цы рӕстӕг дын ис, уымӕй фылдӕр ма дзур.
Ныр та (кӕд уый раздӕр нӕ бакодтай, уӕд) дӕ ӕрмӕг равӕр, алы хъуыды дӕр дзы йӕ бынаты куыд уа ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст куыд уой, афтӕ. Растдӕр афтӕ бакодта Лука, йӕ Евангели куы фыста, уӕд. Цӕй тыххӕй фыссинаг уыд, уый фӕдыл бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд сӕ стӕй «кӕрӕдзийы фӕдыл» равӕрдта (Лук. 1:3). Ӕрмӕг алыхуызӕтты ис равӕрӕн. Зӕгъӕм, цаутӕ куыд цыдысты, уымӕ гӕсгӕ кӕнӕ хицӕн фарстатӕм гӕсгӕ; йе та ахӕм фӕткмӕ гӕсгӕ: цы ’рцыд ӕмӕ цӕмӕн, кӕнӕ — цы нӕ тыхсын кӕны ӕмӕ йын цы хос ис. Ӕрмӕг куыд равӕрдзынӕ, уый, дӕ разы цы нысан ӕвӕрыс, уымӕй кӕнгӕ у. Иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ ма гӕпп кӕн. Ныхасмӕхъусджытӕ хъуамӕ ӕнцонӕй хатой, иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ куыд рахизыс, уый, ӕмӕ дӕ хъуыдыты ’хсӕн «хидтӕ» ӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд сын уый зын уыдзӕн. Цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссыс, уыдон сын хъуамӕ ӕххуыс кӕной раст хатдзӕгтӕм ӕрцӕуынӕн. Дӕ ныхасы хъуыдытӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куы ӕвӕрай, уӕд хъуыды кӕн дӕ ныхасмӕхъусджытыл: куыд ӕй ӕмбардзысты? Ӕнцон сын уыдзӕн, хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый фенын? Дӕ ныхас сын сӕ зӕрдӕ бацагайдзӕн, цӕй тыххӕй сын ӕй дзурыс, уый бамбардзысты?
Иннӕ къахдзӕф: дӕ ныхасӕн ӕрхъуыды кӕн, адӕмы зӕрдӕйыл чи сӕмбӕлдзӕн ӕмӕ, цӕуыл дзурдзынӕ, уыдӕттӕ сӕ ӕцӕгдӕр кӕй хъӕуынц, уый кӕй фӕрцы бамбарой, ахӕм разныхас. Чи зоны дын ӕнцондӕр уа, фыццаг цалдӕр хъуыдыйады фысгӕ куы ныккӕнай, уӕд. Ӕппынфӕстаг, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта, уый тыххӕй скӕн, зӕрдӕйыл чи сӕмбӕла, ахӕм кӕронбӕттӕн.
Пълан рагацау куы бацӕттӕ кӕнай, уӕд дын уыдзӕн рӕстӕг, цӕмӕй ма йыл ноджыдӕр бакусай ӕмӕ йӕ фӕхуыздӕр кӕнай. Чи зоны, фӕхатай, кӕмдӕрты ма дӕ кӕй хъӕуы цалдӕр бӕлвырдгӕнӕны кӕнӕ цӕвиттон бафтауын, йе та исты цау радзурын. Ӕрӕджы чи ӕрцыд, ахӕм хабар куы ракӕнай кӕнӕ, кӕм цӕрыс, уым адӕмы цы тыхсын кӕны, ахӕм исты куы радзурай, уӕд дӕ ныхас ахадгӕдӕр уыдзӕн. Дӕ раныхасмӕ ма ноджыдӕр куы ’ркӕсай, уӕд ма, гӕнӕн ис, фенай, ӕрмӕг кӕмӕн дзурыс, уыдонмӕ йӕ тынгдӕр куыд ис ахӕссӕн, уый дӕр. Цӕттӕ раныхасыл ма ноджыдӕр хъӕуы бакусын ӕмӕ йӕ фӕхуыздӕр кӕнын, цӕмӕй мидисджындӕр уа.
Ӕфсымӕртӕй чи цыбыр пълан аразын уарзы, чи — даргъдӕр. Фӕлӕ ӕрмӕг цалдӕр сӕйраг хайыл дих кӕнын, уыцы хӕйтты сӕйраг хъуыдытӕ райхалынӕн цы нӕ бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ айсын ӕмӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийы фӕдыл раст ӕвӕрын куы сахуыр уай, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ, алы ныхас дӕр дӕ фыссын кӕй нал хъӕуы. Ахъуыды ма кӕн, ӕнӕхъуаджы цас рӕстӕг нал сафдзынӕ! Дӕ раныхӕстӕ куыд фӕхуыздӕр уыдзысты, уый та! Уӕд алчидӕр уындзӕн, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы дзӕгъӕлы кӕй нӕ ахуыр кӕныс.
-
-
Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы Скъолайы хӕслӕвӕрдтӕХуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
-
-
Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы Скъолайы хӕслӕвӕрдтӕ
СКЪОЛАЙЫ алы хӕслӕвӕрд дӕр адӕймагӕн уый фадат дӕтты, ӕмӕ цӕуылдӕр сахуыр уа. Уӕдӕ дӕ хъарутыл куы нӕ ауӕрдай, уӕд цадӕггай арӕхстджынӕй-арӕхстджындӕр кӕндзынӕ, ӕмӕ уый канд дӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ иннӕтӕ дӕр уындзысты (1 Тим. 4:15). Скъола дын, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм стыр ахъаз фӕуыдзӕн дӕ курдиӕттӕ райхалынӕн.
Ӕмбырды раз дӕ ныхас кӕнын кӕй хъӕудзӕн, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕ фӕтыхсыс? Уым диссагӕй ницы ис, кӕд Скъолайы рагӕй фыст дӕ, уӕддӕр. Фӕлӕ цӕмӕй афтӕ тынг ма тыхсай, уый тыххӕй цыдӕр ис саразӕн. Дӕхи сахуыр кӕн хӕдзары арӕх исты хъӕрӕй кӕсын. Ӕмбырды фембӕлдты дӕтт дзуапп, ӕмӕ кӕд хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд арӕх цу уацамынды. Афтӕмӕй сахуыр уыдзынӕ инӕтты раз дзурын. Уӕдӕ дын Скъолайы хӕслӕвӕрд куы уа, уӕд-иу ӕй рагацау бацӕттӕ кӕн ӕмӕ-иу ыл кус, дӕхицӕн-иу ӕй хъӕрӕй дзур. Дӕ зӕрдыл дар, кӕмӕн ӕй дзурдзынӕ, уыдон дӕ тӕрхонгӕнджытӕ кӕй не сты, фӕлӕ дӕ хӕлӕрттӕ. Алыхатт дӕр-иу дӕ хӕслӕвӕрд радзурыны размӕ Иегъовӕмӕ скув. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ сыгъдӕг уд не ’вгъау кӕны, кувӕнт ӕм, ӕндӕр (Лук. 11:13; Фил. 4:6, 7).
Стӕй дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ ма дом, у «бонзонгӕ». Иу бонмӕ дзырдарӕхст ӕмӕ дӕсны ахуыргӕнӕг ничи фесты, уымӕн рӕстӕг хъӕуы (Мих. 6:8). Кӕд Скъолайы дӕхи нырма ӕрӕджы ныффысстай, уӕд афтӕ ӕнхъӕл ма у, ӕмӕ фыццаг хатт дӕ ныхас, бынтондӕр кӕмӕ ницы фау ӕрхӕссӕн ис, ахӕм рауайдзӕн. Хуыздӕр уыдзӕн, алы хатт дӕр иу цӕуылдӕр куы кусай. Ацы чиныджы ууыл кӕцы сӕры дзырдӕуы, уый дзӕбӕх сахуыр кӕн. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, скӕн, цы фӕлтӕрӕн дзы ис, уый. Афтӕмӕй дын цалынмӕ ӕмбырды хӕслӕвӕрд нӕ радтой, уӕдмӕ дӕр бирӕ цӕмӕдӕрты арӕхсдзынӕ. Цӕуыл кусай, уый та дӕ къухы ӕнӕмӕнг бафтдзӕн.
Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы хъӕрӕй кӕсынмӕ
Иннӕты раз хорз кӕсынӕн ӕрмӕст уый фаг нӕу, ӕмӕ дын цы скъуыддзаг бахӕс кодтой, уым алы дзырд дӕр куыд кӕсгӕ у, уый зонай. Цы кӕсдзынӕ, уый хъуамӕ хорз ӕмбарай. Уӕдӕ дын исты кӕсын куы бахӕс кӕной, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй бакӕс, цӕмӕй йын йӕ мидис бамбарай. Бацархай алы хъуыдыйады, алы абзацы хъуыды дӕр раиртасыныл. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн дӕ бон ӕрмӕг афтӕ бакӕсын, чи дӕм хъуса, уыдон раст куыд бамбарой, цы хъуыды, цы тых дзы ис, уый. Кӕд гӕнӕн ис, уӕд, ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ куыд кӕсын хъӕуы, уый фен дзырдуӕтты, йе та бафӕрс, ӕвзаг хорз чи зоны, ахӕм искӕй. Архай ӕрмӕг хорз бамбарыныл. Ацы хъуыддаджы сывӕллӕтты бахъӕудзӕн сӕ ныййарджыты ӕххуыс.
Библийӕ цавӕрдӕр скъуыддзаг кӕнӕ дын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй статья кӕсын бахӕс кӕнынц? Хорз уаид, кӕсынмӕ дӕсны чи у, ахӕм исчи дын ӕй хъӕрӕй куы бакӕсид, цӕмӕй, дзырдтӕ куыд кӕсын хъӕуы, гыццыл ӕрлӕууын кӕм хъӕуы, тыхджындӕрӕй цавӕр дзырд кӕнӕ хъуыды зӕгъын хъӕуы ӕмӕ кӕм цавӕр хъӕлӕсы уагӕй кӕсын хъӕуы, уымӕ байхъусай. Уый фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр архай афтӕ кӕсыныл.
Хӕслӕвӕрд цӕттӕгӕнгӕйӕ уал фыццаджыдӕр дзӕбӕх сахуыр кӕн, цы урокыл кусын дӕ хъӕуы, уый. Кӕсинаг ӕрмӕг цалдӕр хатты хъӕрӕй куы бакӕсай, уӕд та, урочы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон ногӕй дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Дӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ ратт, цӕмӕй урочы ӕппӕт уынаффӕтӕй дӕр спайда кӕнай.
Афтӕ бӕстон куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дын уый стыр ахъаз уыдзӕн уацамынды, уымӕн ӕмӕ нӕ хъусын кӕнгӕйӕ арӕх фӕхъӕуы иннӕтӕн цыдӕр бакӕсын. Хуыцауы Ныхас адӕмы цард кӕй ивы, уымӕ гӕсгӕ йӕ дзӕбӕх кӕсын хъӕуы (Дзут. 4:12). Раст нӕу афтӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, мӕнӕ иу-дыууӕ хӕслӕвӕрды бацӕттӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ кӕсынмӕ мӕнӕй дӕсныдӕр нал уыдзӕн. Апостол Павел ма фӕлтӕрд чырыстон хистӕр нӕлгоймагӕн дӕр уый фӕдзӕхста, «архай [«иннӕтӕн», НД] кӕсыныл», зӕгъгӕ (1 Тим. 4:13).
Цӕуыл дзурдзынӕ ӕмӕ цавӕр уавӕры
Зӕгъгӕ дын Скъолайы ахӕм хӕслӕвӕрд радтой, ӕмӕ дӕ хъӕуа равдисын, цавӕрдӕр уавӕры куыд дзурдзынӕ, уый. Уӕд куыд кӕнгӕ у?
Лӕмбынӕг ахъуыды кӕн ӕртӕ сӕйраг хъуыддагыл: 1) цӕуыл уыдзӕн дӕ ныхас, 2) цавӕр уавӕры дзурдзынӕ ӕмӕ чи уыдзӕн дӕ ныхасӕмбал, 3) цавӕр урокыл кусдзынӕ.
Хӕслӕвӕрд бацӕттӕ кӕнынӕн хъӕуы ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕнын. Фӕлӕ уал раздӕр хорз ахъуыды кӕн, цавӕр уавӕры дзурдзынӕ ӕмӕ дӕ ныхасӕмбал чи уыдзӕн. Цы дзурдзынӕ ӕмӕ йӕ куыд дзурдзынӕ, уый уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн. Цавӕр уавӕр равзардзынӕ? Хорз хабар зонгӕ адӕймагӕн куыд хъусын кӕндзынӕ, уый дӕ фӕнды равдисын? Ӕви, адӕймагыл фыццаг хатт куы фембӕлай, уӕд ын цы зӕгъӕн ис, уый? Уыцы адӕймаг дӕуӕй хистӕр у ӕви кӕстӕр? Йемӕ дӕ цӕуыл аныхас кӕнын фӕнды, уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн? Дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый фӕдыл исты зоны? Цавӕр нысан ӕвӕрыс дӕ разы? Ацы фарстытӕн цавӕр дзуапп раттай, уымӕй аразгӕ уыдзӕн, бӕлвырдӕй дӕ цы хъӕуы бацагурын, уый.
Кӕм ссарӕн ис ӕрмӕг? Уый тыххӕй дзырд цӕуы ацы чиныджы 33—38-ӕм фӕрстыл, сӕргонд «Иртасын куыд хъӕуы», зӕгъгӕ. Бакӕс ӕй ӕмӕ дӕм иртасӕн «кусӕнгӕрзтӕй» цы ис, уыдонӕй спайда кӕн. Арӕх, цы ӕрмӕг ссарӕм, уый фагӕй фылдӕр вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ бакӕс, дӕ хӕслӕвӕрд куыд саразӕн ис, уый бамбарынӕн дӕ цас хъӕуа, уыйбӕрц. Фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг дӕ зӕрдыл дар, цы уавӕры дзурдзынӕ, стӕй дӕ ныхасӕмбал чи у, уый дӕр. Чи дӕ бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыдытыл куы фӕхӕст уай, уӕд-иу сӕ фӕнысан кӕн.
Цалынмӕ дӕ хӕслӕвӕрд кӕронмӕ бацӕттӕ кӕнай ӕмӕ ма йӕ фӕстаг хатт барӕстытӕ кӕнай, уӕдмӕ уал рӕстӕг ссар, ӕмӕ дын цы урок бахӕс кодтой, уый бакӕс. Уыцы хӕслӕвӕрдыл кусгӕйӕ дӕ сӕйрагдӕр нысӕнттӕй иу уый у, ӕмӕ, уыцы урок куыд амоны, афтӕ кӕнын сахуыр уай.
Дӕ ныхас афоныл, ома цалынмӕ дзӕнгӕрӕг нӕ райхъуыса, уӕдмӕ куы фӕуай, уӕд дын тынг ӕхсызгон уыдзӕн, дӕ ныхас дӕ ӕрдӕгыл аскъуынын кӕй нӕ бахъуыд, уый. Фӕлӕ уацамынды алыхатт рӕстӕг сӕйраг нӕ вӕййы. Уӕдӕ кӕд хӕслӕвӕрд цӕттӕгӕнгӕйӕ рӕстӕгмӕ хъус дарын хъӕуы, уӕддӕр сӕйраджыдӕр хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, адӕймагӕн цавӕрдӕр фарста хорз куыд бамбарын кӕнӕм, ууыл.
Цалдӕр ныхасы, цы уавӕр равзарай, уый фӕдыл. Чиныджы 82-ӕм фарсыл лӕвӕрд цӕуы алыхуызон уавӕрты номхыгъд. Лӕмбынӕг сӕм ӕркӕс ӕмӕ дзы равзар, кӕм хъусын кӕныс, уым ӕцӕгдӕр чи фӕзыны ӕмӕ дын дӕ ныхас, царды куыд вӕййы, афтӕ скӕныны фадат чи ратдзӕн, ахӕм уавӕр. Кӕд Скъолайы рагӕй дӕ фыст, уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, алы ног хӕслӕвӕрд дӕр дын кӕй дӕтты фадат дзырдарӕхстдзинады алыхуызон фӕзилӕнты ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы хуыздӕр сфӕлтӕрынӕн.
Цы уавӕры дӕ хъӕудзӕн дзурын, уый дын Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цӕстдарӕг йӕхӕдӕг куы бацамона, уӕд дӕр-иу ма фӕтӕрс, бакус-иу ыл. Уавӕртӕн сӕ фылдӕр хауынц хъусын кӕнынмӕ. Кӕд ахӕм уавӕры дӕхӕдӕг никуы уыдтӕ, уӕд афӕрс, ахӕм уавӕры чи хъусын кодта, уыцы хъусынгӕнджыты. Гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, дӕ хӕслӕвӕрды цы фарст ӕвзардзынӕ, ууыл уацамынды искӕимӕ аныхас кӕн, ӕмбырды дӕ цы уавӕры хъӕудзӕн дзурын, ахӕм уавӕры. Уый фӕрцы дӕ къухы бафтдзӕн дӕ ахуыры ахсджиаг нысан.
Раныхас
Ӕфсымӕртӕн арӕх бахӕс кӕнынц ӕмбырды раз цыбыр раныхӕстӕ. Ахӕм раныхас дӕр (кӕмӕн ӕмӕ йӕ куыд дзурдзынӕ, уымӕй фӕстӕмӕ) цӕттӕ кӕнын хъӕуы, ныхасӕмбалимӕ хӕслӕвӕрд куыд цӕттӕгӕнгӕ у, афтӕ.
Иууыл хуыздӕр уаид, дӕ раныхас афтӕ саразын, чи дӕм хъуса, уыдонӕй алкӕмӕндӕр цыдӕр ахъаз куыд фӕуа. Кӕй раз ныхас кӕндзынӕ, уыдон, стӕмтӕй фӕстӕмӕ, зонынц, Библи сӕйраджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕны, уый. Чи зоны, ды цӕуыл дзуринаг дӕ, уый дӕр фыццаг хатт нӕ хъусынц. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕн, дӕ ныхас цӕуыл у, уый тыххӕй цы зонынц ӕмӕ дӕ раныхас афтӕ саразӕн куыд ис, цӕмӕй сын исты ӕххуыс фӕуа. Дӕхимӕ ратт ахӕм фарстытӕ: цы саразӕн ис, цӕмӕй мӕ раныхас мӕхицӕн дӕр ӕмӕ мӕм чи хъусы, уыдонӕн дӕр баххуыс кӕна, Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый хуыздӕр бамбарынӕн? Мӕ раныхасы ахӕмӕй исты ис, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый бамбарынӕн? Куыд нын баххуыс кӕндзӕн ацы ӕрмӕг, буары монцты цагъайраг чи у, ахӕм адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ зондӕй архайынӕн? (Еф. 2:3). Цӕмӕй ацы фарстытӕн хорз дзуапп радтай, уый тыххӕй хъӕуы уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг бацагурын. Библийӕ дӕ цы стихтӕ ӕрхӕссын фӕнды, уыдон ӕнӕуи ма кӕс, фӕлӕ алы стихӕн дӕр йӕ хъуыды райхал ӕмӕ дзы цавӕр хатдзӕгтӕ ис скӕнӕн, уый бамбарын кӕн (Ап. к. 17:2, 3). Ӕрмӕгӕн йӕ бирӕ дӕр хорз нӕу. Раныхас афтӕ хъӕуы саразын, ӕмӕ йӕ ӕнцонӕй куыд бахъуыды кӕной.
Раныхас цӕттӕ кӕнгӕйӕ ма бакусын хъӕуы, куыд ӕй дзурдзынӕ, ууыл дӕр. Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ йын ӕнӕ уымӕй дӕр ницы уыдзӕн. Кус дӕ раныхасыл, дӕхицӕн ӕй хъӕрӕй дзур. Дзырдарӕхстдзинады тыххӕй алыхуызон уынаффӕтӕ цас хуыздӕр сахуыр кӕнай ӕмӕ сыл цас фылдӕр бакусай, уыйас дзурынмӕ дӕсныдӕр уыдзынӕ. Хӕрз ӕрӕджы райдыдтай раныхӕстӕ цӕттӕ кӕнын ӕви рагӕй, биноныг цӕттӕ кӕн алы хӕслӕвӕрд дӕр. Ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы уыдзӕн дӕ ныхас ахадгӕ, ӕрмӕстдӕр уӕд дзурдзынӕ, дӕ ныхасы мидисыл чи фидауы, ахӕм зӕрдӕйы уагимӕ. Скъолайы дын цавӕрфӕнды хӕслӕвӕрд ма уа, алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, уымӕн ӕй кӕй цӕттӕ кӕныс, цӕмӕй Иегъовӕйы кадджын кӕнай, цы дзурыны курдиат дын радта, уымӕй (Пс. 150:6).
-
-
Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы раныхӕстӕ ӕмбырдӕнХуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
-
-
Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы раныхӕстӕ ӕмбырдӕн
ХУЫЦАУЫ НЫХАС хъусынгӕнджыты скъолайы программӕ афтӕ арӕзт у, ӕгас ӕмбырдӕн дӕр ахъаз куыд уа. Ӕхсызгонӕй нӕ цы хъӕуы зонын, уыдӕттыл дзырд фӕцӕуы ӕмбырды иннӕ фембӕлдты, стӕй ма конгрессты дӕр. Кӕд дын уыцы фембӕлдты программӕйы цыдӕр бацӕттӕ кӕнын бахӕс кодтой, уӕд дыл стыр хӕс ис. Апостол Павел чырыстон цӕстдарӕг Тимофейӕн фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, ӕппынӕдзух дӕр кӕс, иннӕты куыд ахуыр кӕныс, уымӕ (1 Тим. 4:16). Чырыстон фембӕлдты чи вӕййы, уыдонӕн кӕд рӕстӕг бирӕ нӕ вӕййы, уӕддӕр ӕй ссарынц (иуӕй-иутӕ та дзы ратона кӕнынц), цӕмӕй, Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр куыд уой, уый тыххӕй исты фехъусой, исты базоной. Уӕдӕ, ӕмбырдмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн Хуыцауы Ныхас амонын, ай-гъай дӕр, стыр кад у! Цы саразӕн ис, цӕмӕй уыцы хӕс хуыздӕр ӕххӕст кӕнай?
Ахсджиаг хъуыдытӕ Библийӕ
Скъолайы ацы хайӕн йӕ астӕуцӕджындз у, къуырийы дӕргъы Библийӕ цы сӕртӕ фӕхъӕуы кӕсын, уый. Ацы хӕслӕвӕрдӕн йӕ нысан сӕйраджыдӕр у, цы бакастыстӕм, уый абон махмӕ куыд хауы, уый равдисын. Неемийы 8:8 куыд уынӕм, афтӕмӕй Ездрӕ ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон адӕмӕн кастысты Хуыцауы Ныхас, цы кастысты, уый ӕмбарын кодтой ӕмӕ «йын йӕ нысаниуӕг амыдтой». Уӕдӕ дын Библийӕ ахсджиаг хъуыдытыл ӕрныхас кӕнын куы бахӕс кӕной, уӕд уый фадат ис дӕуӕн дӕр.
Куыд цӕттӕгӕнгӕ у ацы хӕслӕвӕрд? Кӕд гӕнӕн ис, уӕд Библийы скъуыддзаг бакӕс къуыри раздӕр (уымӕй раздӕр куы уа, уӕд та ноджы хуыздӕр). Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн де ’мбырдыл ӕмӕ дзы цы фарстатӕм хъӕуы ӕркӕсын, ууыл. Кув Иегъовӕмӕ. Хуыцауы Ныхасӕй цы бакастӕ, уырдыгӕй цавӕр хъуыды кӕнӕ уынаффӕ, йе та кӕй дӕнцӕг фӕахъаз уыдзӕн уыцы фарстатӕ алыг кӕнынӕн?
Ӕнӕмӕнг дӕ бахъӕудзӕн уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг бацагурын. «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕ» компакт-дискыл кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы амонӕн», кӕй ӕмбарыс, ахӕм ӕвзагыл ис? Кӕд о, уӕд уыдонӕй спайда кӕн. Цы стихтӕ дӕ фӕнды равзарын, уыдон нӕ литературӕйы руаджы иртасгӕйӕ базондзынӕ, уыцы ныхӕстӕ цы уавӕрты фыст ӕрцыдысты, пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, Иегъовӕйы тыххӕй цы дзурынц ӕмӕ йӕ Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон дзы куыд ӕвзӕрст цӕуынц, уыдӕттӕ. Ӕгӕр бирӕ хъуыдытӕ райхалыныл ма архай. Уый бӕсты дӕ хъус ӕрдар дыууӕ-ӕртӕ стихмӕ. Иууыл хуыздӕр уыдзӕн, стихтӕ бирӕ куы нӕ уой, фӕлӕ сӕ хорз куы бамбарын кӕнай.
Чи зоны дӕ бахъӕуа ныхасмӕхъусджыты бафӕрсын, уыцы къуыри Библийӕ цы кастысты, уым сӕхицӕн пайдайагӕй цы федтой. Куыд сын фӕахъаз уыдзӕн, Библи иунӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕгас бинонтӕй дӕр куы ахуыр кӕной, уӕд, стӕй уацамынды, йе та ӕнӕуи царды дӕр? Иегъовӕ иугай адӕймӕгтимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмтимӕ дӕр йӕхи цы хуызӕнӕй равдыста, уый йӕ цавӕр миниуджытыл дзурӕг у? Ахӕм исты дзы базыдтой, сӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы фӕтыхджындӕр ис ӕмӕ Иегъовӕйӕн тынгдӕр аргъ кӕнын цӕй фӕрцы райдыдтой? Кӕд, куыд ӕмӕ цы ӕрцыд, уыдӕттӕ сӕйраг не сты. Сӕйрагдӕр у, цы хъуыдытӕ равзӕрстай, уыдонӕн сӕ мидис ӕмӕ сӕ царды куыд спайдагӕнӕн ис, уый.
Зондамонӕн раныхас
Ацы раныхас аразын хъӕуы, кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», кӕнӕ та «Райхъал ут!»-ӕй ист статьямӕ гӕсгӕ, йе та искӕцы чиныгӕй скъуыддзагмӕ гӕсгӕ. Фылдӕр хатт, ацы раныхасӕн цас рӕстӕг ис, уымӕй ӕрмӕг вӕййы бирӕ фылдӕр. Уӕдӕ цы кӕнгӕ у? Ды дӕ ахуыргӕнӕг, зондамонӕг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дӕ хӕс ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй, цы бакастӕ, уый дӕхи ныхӕстӕй радзурай. Хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ арӕхса «зонд амонынмӕ» (1 Тим. 3:2).
Фыццаджы-фыццагдӕр уал лӕмбынӕг ӕркӕс, раныхасӕн дын цы ӕрмӕг ис, уымӕ. Алы стих дӕр дзы бакӕс. Ӕрмӕгыл дзӕбӕх ахъуыды кӕн. Уыдӕттӕ бакӕнын хорз уаид, дӕ раныхасмӕ ма рӕстӕг фаг куы уа, уӕд. Дӕ зӕрдыл дар, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты дӕр уымӕ кӕй разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй, раныхас цы ӕрмӕджы бындурыл уыдзӕн, уый бакӕсой. Уӕдӕ дӕ хӕс уый нӕу, ӕмӕ йӕ ӕнӕуи радзурай кӕнӕ сӕйраг хъуыдытӕ цыбыртӕй зӕгъай. Ды сын хъуамӕ равдисай, ӕрмӕг уыдонмӕ куыд хауы, уый. Цы хъуыдытӕ дзы равзӕрстай, уыдон афтӕ бамбарын кӕн, ӕмӕ ӕмбырдӕн ӕцӕгдӕр ахъаз куыд фӕуой.
Дыууӕ ӕмхуызон сывӕллоны куыд нӕй, афтӕ нӕй дыууӕ ӕмхуызон ӕмбырды дӕр. Хорз хъомылгӕнӕг, фыд кӕнӕ мад, йӕ сывӕллонӕн ӕдзух, «хъуамӕ афтӕ ӕмӕ афтӕ кӕнай», зӕгъгӕ, нӕ фӕдзуры. Уый йемӕ фӕкӕны ӕмбаргӕ ныхас. Уымӕй дарддӕр ахӕм ныййарӕг зоны, йӕ сывӕллон цавӕр удыхъӕды хицау у, стӕй йын зын цы у, уый дӕр. Раст афтӕ ӕмбырды мидӕг иннӕтӕн зонд чи амоны, уыдон дӕр архайынц, ӕмбырды уӕнгты цы тыхсын кӕны, уый фенын ӕмӕ йӕм сӕ ныхасы сӕ хъус ӕрдарын. Фӕлӕ ӕмбаргӕ ахуыргӕнӕг ахӕм цӕвиттон никуы ӕрхӕсдзӕн, искӕмӕ хъыг чи фӕкӕса. Уый бӕсты йӕ ныхас уыдзӕн, Иегъовӕйы фӕндагыл цӕугӕйӕ ныридӕгӕн цы бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын сты ӕмӕ, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдон аиуварс кӕнынӕн Фыстад цы хорз уынаффӕтӕ дӕтты, ууыл.
Хорз ахуыргӕнӕг уый у, ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдоны зӕрдӕ бацагайын йӕ бон кӕмӕн у. Ӕмӕ уый тыххӕй та фаг нӕу цыдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын: цӕмӕн сӕ ӕрхаста, уый дӕр хъӕуы бамбарын кӕнын. Цӕмӕй уый ахуыргӕнӕгӕн йӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнувыд уа, зонд кӕмӕн амоны, уыдоныл. Ӕмбырды «фыййӕуттӕ» хъуамӕ хорз зоной дзуджы. Кӕд ӕмӕ, «фыстӕй» чи цӕмӕй тыхсы, уый сӕ зӕрдыл дарынц, уӕд сӕ хъӕлӕсы уагӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ ӕмбарынц, сӕ зӕрдӕ сыл кӕй риссы, баххуыс сын кӕной, уый сӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхас уыдзӕн ныфсы хос.
Хорз ахуыргӕнӕг зоны, алы раныхасӕн дӕр бӕлвырд-бӕрӕг нысан кӕй хъуамӕ уа. Уӕдӕ ӕрмӕг афтӕ радзурын хъӕуы, цӕмӕй сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг уой ӕмӕ сӕры баззайой. Ныхасмӕхъусджытӕ хъуамӕ бахъуыды кӕной, сӕ цард сын ӕцӕгдӕр чи фӕивдзӕн, ахӕм хъуыдытӕ.
Хъусын кӕныны фембӕлд
«Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ӕй ист статьямӕ гӕсгӕ дӕ куы хъӕуа раныхас бацӕттӕ кӕнын, уӕд гыццыл ӕндӕрхуызон хӕс ис дӕ разы. Ам дӕ бон нӕу, ӕмбырдӕн дзы ахсджиагдӕр цы хъуыдытӕ сты, уыдон ныууадзын, иннӕтӕ айсын, райхалын дзы хъӕуы алкӕцы хъуыды дӕр. Ныхасмӕхъусджытӕн баххуыс кӕн, алы уынаффӕ дӕр дзы цы стихыл ӕнцайы, ууыл ӕрныхас кӕнынӕн (Тит. 1:9). Раныхасӕн бӕлвырд рӕстӕг кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ фылдӕр хатт, статьяйы цы ис, уымӕй уӕлдай ӕндӕр хъуыдытӕ ӕрхӕссӕн нӕ вӕййы.
Гӕнӕн ис, бахӕс дын кӕной, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» сыфтыл ӕрмӕг кӕмӕн нӕй, ахӕм раныхас дӕр. Ахӕм раныхас, чи зоны, саразын хъӕуа «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй цавӕрдӕр статьямӕ гӕсгӕ, йе та дын цыбыртӕй бацамоной, цӕй фӕдыл ӕмӕ дӕ цы зӕгъын хъӕуы, уый. Ӕмӕ уӕд, ахуыргӕнӕг уӕвгӕйӕ, дӕу уыцы ӕрмӕджы бындурыл ӕркӕсын хъӕуы, ӕмбырды цы зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъуагдзинӕдтӕ ис, уыдонмӕ. Чи зоны дӕ бахъӕуа цыбыр, фӕлӕ ахадгӕ цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссын кӕнӕ цыдӕр цау радзурын. Дӕ зӕрдыл дар, дӕ нысан уый кӕй нӕу, цӕмӕй дын цы бахӕс кодтой, уый ӕнӕуи радзурай, фӕлӕ цӕмӕй ӕмбырдӕн баххуыс кӕнай, Хуыцау нын нӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый зӕрдӕрухсӕй кӕнынӕн (Ап. к. 20:20, 21).
Дӕ хӕслӕвӕрд цӕттӕ кӕнгӕйӕ хъуыды кӕн, ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй йӕ царды уавӕртӕ кӕмӕн куыд сты, ууыл. Цы аразынц, уый тыххӕй сӕ раппӕл. Равдис сын, ӕрмӕджы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй куы спайда кӕной, уӕд Хуыцауы хъуыддаджы ӕнтыстджындӕр ӕмӕ зӕрдӕрухсдӕр куыд уыдзысты, уый.
Дӕ хӕслӕвӕрды, цыдӕр куыд саразӕн ис, уый равдисын, йе та иу кӕнӕ цалдӕр адӕймагӕй интервью райсын куы хъӕуа, уӕд та куыд? Уый спълан кӕнын хъӕуы рагацау. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕм ахӕм хъуыды фӕзына, цӕй ӕндӕр искӕй бар ӕй бакӕнон, зӕгъгӕ, фӕлӕ афтӕ бакӕнгӕйӕ, хъуыддаг алыхатт бынтон хорз нӕ рауайы. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, бон раздӕр фембӕл, равдысты чи архайдзӕн, кӕнӕ интервью кӕмӕй исдзынӕ, уыдонимӕ, ӕмӕ, ӕппӕт дӕр куыд уыдзӕн, уый бафӕлварут. Дӕ хӕслӕвӕрды ацы хай афтӕ равдис, ӕмбырдӕн дӕ цы зӕгъын фӕнды, уый сӕ зӕрдӕтӕм куыд бахъара.
Конгресстӕ
Чырыстон миниуджыты хорз чи сфӕлтӕрдта, дӕсны раныхасгӕнӕг ӕмӕ ахуыргӕнӕг чи сси, уыдонӕн бахӕс кӕнынц конгрессы программӕйӕ кӕцыдӕр хай бацӕттӕ кӕнын. Хуыцауы Ныхас амонынӕн конгрессты уӕлдай диссаджы фадат вӕййы. Зӕгъӕм, ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнынц ӕнӕхъӕнӕй фыст кӕнӕ пъланмӕ гӕсгӕ кӕй хъӕуы радзурын, ахӕм раныхас, йе та, абон нӕ цардмӕ кӕй ис ахӕссӕн, ахӕм библион драмӕйы тыххӕй бӕлвырд разамынд кӕнӕ цалдӕр уынаффӕйы гӕххӕттыл фыстӕй. Кӕд дӕм ахӕм стыр кад ӕрхауд, уӕд дын цы ӕрмӕг радтой, уый дзӕбӕх сахуыр кӕн. Кус ыл, цалынмӕ, куыд ахсджиаг у, уый дзӕбӕх нӕ бамбарай, уӕдмӕ.
Ӕнӕхъӕнӕй фыст раныхас кӕмӕн бахӕс кӕнынц, уый йӕ хъуамӕ бакӕса, фыст куыддӕриддӕр у, афтӕ. Ахӕм раныхасы хъуыдытӕ сӕ бынӕттӕй фӕивӕн кӕнӕ сӕ хи ныхӕстӕй зӕгъӕн нӕй. Ӕрмӕг хъӕуы хорз сахуыр кӕнын, цӕмӕй дзы сӕйраг хъуыдытӕ кӕцытӕ сты ӕмӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый хорз ӕмбарай. Хӕдзары йӕ хъӕрӕй кӕсын хъӕуы уыйбӕрц, цалынмӕ дзы тыхджындӕрӕй цавӕр дзырд кӕнӕ хъуыды зӕгъын хъӕуы, уый нӕ рахатай, зӕрдӕбынӕй йӕ нӕ дзурай, цалынмӕ бӕрӕг нӕ уа, куыд дзурыс, дӕхӕдӕг дӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕныс, цалынмӕ зӕрдӕ нӕ агайа ӕмӕ дзы алы ныхасы дӕр уӕз нӕ уа, цалынмӕ йӕ, бирӕ адӕмы раз ныхасгӕнгӕйӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ ма дзурай, тыхджын хъӕлӕсӕй ӕмӕ хъӕрӕй.
Кӕд ӕмӕ дын раныхасӕн ӕрмӕстдӕр пълан радтой, уӕд та йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр бацӕттӕ кӕнын хъӕуы уыцы пъланмӕ гӕсгӕ. Ӕцӕг уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ йӕ комкоммӕ пъланӕй кӕсай, кӕнӕ дзы алы ныхас дӕр фысгӕ ныккӕнай, ӕмӕ йӕ стӕй гӕххӕттӕй бакӕсай. Радзурын ӕй хъӕуы хи ныхӕстӕй, зӕрдӕйӕ. Цӕмӕй сӕйраг хъуыдытӕ дзӕбӕх райхалай, уый тыххӕй кӕсын хъӕуы, алы сӕйраг хъуыдыйӕн дӕр пъланы цас рӕстӕг лӕвӕрд цӕуы, уымӕ. Райхалын хъӕуы, сӕйраг хъуыдытӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы хъуыдытӕ ӕмӕ стихтӕ. Ныхасы рацӕуӕгӕн уый бар нӕй, ӕмӕ пъланы цы хъуыдытӕ ис, уыдоны бӕсты ӕндӕр цыдӕртӕ дзура. Алы уынаффӕйӕн дӕр йӕ рахӕцӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы Ныхас хъуамӕ уа. Чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс уый у, цӕмӕй «хъусын кӕной дзырд» (2 Тим. 4:1, 2). Уымӕ гӕсгӕ ныхасгӕнӕджы уӕлдай тынгдӕр ӕргом аздахын хъӕуы, пъланы Фыстадӕй цы бынӕттӕ амынд цӕуы, уыдонмӕ: хъӕуы сыл ӕрныхас кӕнын ӕмӕ сӕ царды мидӕг куыд спайдагӕнӕн ис, уый бамбарын кӕнын.
Сом-сом ма кӕн
Ныхасы рацӕуыны фадат арӕх кӕм вӕййы, ахӕм ӕмбырды лӕггад кӕныс? Цӕмӕй дӕ алы раныхас дӕр нывыл уа, уый тыххӕй цы кӕнгӕ у? Дӕ хӕслӕвӕрд цӕттӕ кӕнын-иу къуырцдзӕвӕнмӕ ма ӕрхӕсс.
Цӕмӕй дӕ раныхас ӕмбырдӕн ӕцӕг ахъаз фӕуа, уый тыххӕй йыл хъӕуы рагацау дзӕбӕх ахъуыды кӕнын. Уӕдӕ дӕхи сахуыр кӕн алы хӕслӕвӕрды ӕрмӕг дӕр рагацау бакӕсын. Уымӕн ӕмӕ йыл уӕд дӕ бон уыдзӕн ӕндӕр хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ дӕр хъуыды кӕнын. Дӕ раныхасӕй цалдӕр боны йе та цалдӕр къуырийы раздӕр, чи зоны, ахӕм хъуыдытӕ фехъусай, ӕмӕ бамбарай, ӕрмӕгӕй хуыздӕр куыд ис спайдагӕнӕн, уый. Йе та ахӕм хабӕрттӕ ӕрцӕуа, ӕмӕ фенай, дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый адӕмы куыд тынг хъӕуы. Бӕгуыдӕр, дӕ хӕслӕвӕрд рагацау бакӕсын ӕмӕ йыл ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг хъӕуы, фӕлӕ уый фӕрцы цас рамбулдзынӕ, уый та?! Рагацау алцӕуылдӕр кӕй ахъуыды кодтай, уый дын куыд стыр ӕххуыс фӕци, уый бамбардзынӕ, пълан аразынмӕ куы ӕрӕвналай, уӕд. Иу уый, ӕмӕ дӕ хӕслӕвӕрдтӕ афтӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу не стыхсдзынӕ, иннӕмӕй та — дӕ раныхӕстӕ ӕмбырды адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ агайдзысты ӕмӕ-иу сын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты.
Иегъовӕ дын йӕ адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддаджы цы диссаджы фадат дӕтты, уымӕн куы аргъ кӕнай, уӕд ын кад кӕндзынӕ йӕ номӕн ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдон та дӕ нымайдзысты Хуыцауы лӕварыл (Ис. 54:13; Ром. 12:6—8).
-
-
Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы ӕргом раныхӕстӕХуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
-
-
Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы ӕргом раныхӕстӕ
ИЕГЪОВӔЙЫ Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕры алы къуыри дӕр вӕййы раныхӕстӕ Библийӕ алыхуызон фарстаты фӕдыл. Кӕд хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр дӕ, уӕд, дӕ хӕслӕвӕрдтӕ куыд цӕттӕ кӕныс, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзурынмӕ, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхсыс? Кӕд о, уӕд дын, гӕнӕн ис, бахӕс кӕной ӕргом раныхас бацӕттӕ кӕнын. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы уыцы арфӕйаг хъуыддагыл сахуыр сты мингай ӕфсымӕртӕ. Уӕдӕ дын раныхас куы бахӕс кӕной, уӕд ӕй куыд райдайдзынӕ цӕттӕ кӕнын?
Лӕмбынӕг ӕркӕс пъланмӕ
Цалынмӕ дӕ раныхасӕн ӕрмӕг агурынмӕ ӕрӕвналай, уӕдмӕ уал биноныг ӕркӕс пъланмӕ ӕмӕ йыл хъуыды кӕн, цалынмӕ йӕ дзӕбӕх нӕ бамбарай. Раныхасы ном, ома дзырд цӕуыл цӕудзӕн, уый дзӕбӕх бахъуыды кӕн. Цы бацамонын дӕ хъӕуы, чи дӕм хъусы, уыдонӕн? Цы у дӕ нысан?
Фыццаг уал ӕркӕс сӕйраг дӕлсӕргӕндтӕм — уыдон сты дӕ раныхасы сӕйраг хӕйттӕ. Дзӕбӕх сыл ахъуыды кӕн. Куыд дзы ӕххуыс кӕны алкӕцы дӕр, дӕ ныхасы сӕр цы у, уый райхалынӕн? Алы сӕйраг хъуыдыйы бынмӕ дӕр ис цалдӕр уӕлӕмхасӕн хъуыдыйы. Дӕлдӕр та цӕуынц, уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕ арфдӕр чи халы, ӕндӕр ахӕм хъуыдытӕ. Дӕ хъус ӕрдар, пъланы алы хицӕн хай дӕр, йӕ размӕ чи ис, уыимӕ куыд баст у, уымӕ, стӕй иннӕмӕ куыд хизы ӕмӕ куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй раныхасы нысан къухы бафта. Иугӕр, дӕ ныхасы сӕр ӕмӕ нысан цы у, уый бамбӕрстай, стӕй, уыцы нысан къухы цӕмӕй бафта, уымӕн сӕйраг хъуыдытӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, уый дӕр, уӕд дӕ бон у ӕмӕ ӕрмӕгыл кусын райдайай.
Чи зоны дын райдианты ӕнцондӕр уа дӕ раныхас, иу сӕйраг хъуыды кӕм уа, ахӕм цыппар-фондз гыццыл раныхасыл адих кӕнын. Фыццаг уал дзы иу бацӕттӕ кӕн, стӕй иннӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
Цы пълан дын радтой, уый дӕ хъӕуы, куы цӕттӕ кӕнай, уӕд. Уыцы пълан уымӕн нӕу, ӕмӕ дӕ раныхас уырдыгӕй дзурай. Уыцы пълан схонӕн ис афтид «стӕгдар». Дӕу та хъӕуы уыцы стӕгдарыл фыдӕй буар скӕнын, зӕрдӕ йын радтын ӕмӕ дзы царды уддзӕф бауадзын.
Библийы стихтӕ
Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн цы дзырдтой, уый дзырдтой Фыстадӕй (Лук. 4:16—21; 24:27; Ап. к. 17:2, 3). Ды дӕр афтӕ кӕн. Дӕ раныхас хъуамӕ арӕзт уа Фыстадыл. Пъланы цы хъуыдытӕ ис, уыдон ӕнӕуи сур ныхӕстӕй ӕмбарын кӕныны бӕсты ахъуыды кӕн, уыцы хъуыдытӕ Библийы стихтӕ куыд бӕлвырд кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй иннӕтӕн амон, Фыстад цы дзуры, уый.
Дӕ раныхас цӕттӕгӕнгӕйӕ ӕркӕс, цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй алкӕцымӕдӕр. Кӕс, кӕцӕй ист у, уыцы скъуыддзагмӕ ӕнӕхъӕнӕй. Кӕцыдӕр стихты дзы дзырд фӕцӕуы, хабар кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыд, архайӕг чи у, уыдӕттыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы стих нӕ хъӕуы кӕсын ӕмӕ ӕмбарын кӕнын. Равзар дзы, дӕ ныхасмӕхъусджытӕн дзы тынгдӕр чи фӕахъаз уыдзӕн, уыдон. Пъланӕн йӕхи мидӕг цы стихтӕ ис, уыдоныл дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнай, уӕд дӕм ахӕм хъуыды нӕ сӕвзӕрдзӕн, ӕндӕр стихтӕ дзы куы ӕрхӕссин, зӕгъгӕ.
Дӕ ныхас куыд хорз рауайдзӕн, уый, Библийӕ цас стихтӕ ӕрхӕссай, уымӕй аразгӕ нӕу. Сӕйраг у, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ куыд арӕхсыс, уый. Фыстадӕй цавӕрдӕр стих ӕрхӕссыны размӕ уал бамбарын кӕн, цӕмӕн дӕ фӕнды уыцы стих ӕрхӕссын. Уый фӕстӕ ӕрдзур, царды кӕм бахъӕудзӕн, ууыл. Стих куы бакӕсай, уӕд Библи ма сӕхгӕн, афтӕмӕй йӕ бамбарын кӕн. Уӕд ӕй, чи дӕм хъусы, уыдон дӕр нӕ сӕхгӕндзысты. Куыд сын у дӕ бон баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасмӕ се ’ргом тынгдӕр раздахой ӕмӕ дзы сӕхицӕн зондӕн фылдӕр райсой? (Неем. 8:8, 12). Дӕу хъӕуы стихы хъуыды райхалын, цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссын ӕмӕ, стих царды кӕм бахъӕудзӕн, уый бамбарын кӕнын.
Хъуыды райхалын. Дӕ раныхасы сӕйраг стихы хъуыды куыд райхалдзынӕ, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕхи бафӕрс: ацы стихӕн йӕ мидис цы у? Цӕмӕн дзы пайда кӕнын мӕ раныхасы? Цымӕ ацы стихы фӕдыл ныхасмӕхъусджытӕм цавӕр фарстытӕ фӕзынид? Цӕмӕй уыдӕттӕ базонай, уый тыххӕй дӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъӕудзӕн, стих кӕцӕй ист у, цы уавӕрты фыст ӕрцыд, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсын, ацы ныхӕстӕн цы тых ис, Библийы цӕмӕн ӕрцыдысты фыст, уыдӕттӕ бамбарын. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы иртасын, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг агурын. Бирӕ хъӕугӕ ӕрмӕг ссардзынӕ, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын цы литературӕ цӕттӕ кӕны, уым (Матф. 24:45—47). Стихы тыххӕй цы базонай, уыдӕттӕ иууыл нӕ хъӕуы дзурын. Бамбарын кӕн, ацы стих сын цӕмӕн кӕсын кӕныс ӕмӕ дӕ ныхас цӕуыл у, уымӕ цы бар дары, уый.
Цӕстуынгӕ цӕвиттон. Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ уый тыххӕй хъӕуынц, цӕмӕй адӕймаг хуыздӕр бамбара ӕмӕ бахъуыды кӕна, цы ахсджиаг хъуыды зӕгъын дӕ фӕнды, уый. Цӕстуынгӕ цӕвиттон фехъусгӕйӕ адӕмӕн сӕ бон вӕййы, цы сын дзурыс, уый, цы зонынц, уыимӕ абарын. Бирӕ ахӕм цӕвиттонтӕ-абарстытӕ ис Йесойы зындгонд Уӕлхох уацамынды. «Ӕрвон мӕргътӕ», «быдыры дидинджытӕ», «уынгӕг дуар», «къӕдзӕхыл амад хӕдзар» ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ахӕм абарстыты руаджы йӕ ныхас ӕмбӕлд зӕрдӕйыл, уыд ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ йын ферохгӕнӕн нӕ уыд (Матф., 5—7 сӕртӕ).
Царды кӕм бахъӕудзӕн. Стихы хъуыды кӕй халыс ӕмӕ йӕ бамбарынӕн цӕстуынгӕ цӕвиттон кӕй хӕссыс, уый фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕныс Библийӕ ног цыдӕр базонынӕн. Фӕлӕ сын уый ӕцӕг ахъаз ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, царды мидӕг дзы куы спайда кӕной. Уӕвгӕ, Библийӕ цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ архайдзысты ӕви нӕ, уый сӕхи хъуыддаг у, фӕлӕ сын дӕ бон у баххуыс кӕнын, бӕлвырдӕй сӕ цы бакӕнын хъӕуы, уый бамбарынӕн. Кӕд ныхасмӕхъусджытӕ стихӕн йӕ мидис ӕмӕ, дӕ ныхасимӕ куыд баст у, уый бамбӕрстой, уӕд иннӕ хъуыдымӕ ахизыныл ма тагъд кӕн, фӕлӕ сын равдис, цы базыдтой, уый, цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ куыд цӕрынц, ууыл куыд хъуамӕ фӕзына. Дзӕбӕх сын бамбарын кӕн, Библимӕ гӕсгӕ раст цы динон ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ не сты, уыдоныл сӕ къух куы сисой, уӕд сын уый хорз цӕмӕй уыдзӕн.
Стих царды кӕм бахъӕудзӕн, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар, чи дӕм хъуса, уыдоны ’хсӕн кӕй ис, сӕ ивгъуыд дӕр ӕмӕ сӕ ныры уавӕртӕ дӕр иухуызон кӕмӕн не сты, ахӕм адӕймӕгтӕ. Чидӕр дзы нырма хӕрз ӕрӕджы райдыдта Библиимӕ зонгӕ кӕнын. Ис дзы, йӕ зын цардӕй тыхс чи у, ахӕмтӕ. Се ’хсӕн ис ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр. Уӕдӕ дӕ раныхасы равдис царды ӕцӕгдзинад, афтӕ йӕ сараз, ӕмӕ сын царды мидӕг куыд феххуыс уа. Дӕ уынаффӕтыл-иу хорз ахъуыды кӕн, цӕмӕй афтӕ макӕмӕ фӕкӕса, цыма бӕлвырд искӕй кой кӕныс.
Дӕуӕй аразгӕ цы у
Дӕ раныхас куыд уыдзӕн, уымӕй дӕ бирӕ цӕуылдӕрты хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы. Сӕйраг хъуыдытӕ бӕлвырд сты, алы хай дӕр цас рӕстӕг хъуамӕ бацахса, уый дӕр бӕрӕг у. Иннӕ хъуыддӕгтӕ та дӕхицӕй аразгӕ сты. Уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕй фылдӕр кӕнӕ къаддӕр кӕцыйыл ныхас кӕндзынӕ, уый дӕхи бар у. Афтӕ нӕ хъӕуы хъуыды кӕнын, ӕмӕ дзы алы хъуыды дӕр иухуызон бӕстон хъӕуы райхалын. Уӕд дӕ хъӕудзӕн ӕгӕр тагъд дзурын ӕмӕ дӕм чи хъуса, уыдон бафӕллайдзысты. Фӕлӕ куыд ис базонӕн, кӕцы хъуыды дзы хъӕуы бӕстондӕр райхалын, кӕцы та дыууӕ ныхасӕй зӕгъын? Ахъуыды кӕн: мӕ раныхасӕй сӕйраджыдӕр цы зӕгъинаг дӕн, уый хуыздӕр кӕцы хъуыдытӕ ӕмбарын кӕнынц? Чи мӕм хъуса, уыдонӕн дзы ахсджиагдӕр кӕцытӕ сты? Кӕцыдӕр стих ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы хъуыды куы айсон, уӕд мӕ раныхасы иумӕйаг хъуыды нӕ фескъуыйдзӕн?
Цыфӕндыйӕ дӕр дӕхи хиз, кӕронмӕ сбӕлвырдгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цаутӕй ӕмӕ дӕхи сӕрмагонд хъуыдытӕй. Суанг ма Йесо Чырысти — Хуыцауы Фырт — дӕр «йӕхицӕй нӕ дзырдта» (Иоан. 14:10). Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, адӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдтӕм уый тыххӕй кӕй ӕрбацӕуынц, цӕмӕй Библи хуыздӕр бамбарой. Уӕдӕ дӕ кӕд дӕсны ныхасгӕнӕгыл нымайынц, уӕд уый, ӕввӕцӕгӕн, уымӕн афтӕ у, ӕмӕ сын се ’ргом здахыс, дӕхимӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Ныхасмӕ. Ӕмӕ дӕ раныхӕстӕн аргъ дӕр уымӕн кӕнынц (Фил. 1:10, 11).
Уӕдӕ ныр дӕ къухы ис афтид пълан нӕ, фӕлӕ, Фыстад бӕстон ӕвзӕрст кӕм цӕуы, ахӕм раныхас. Хъӕуы ма дӕ, куыд ӕй дзурдзынӕ, ууыл хӕдзары бакусын. Тынг стыр ахъаз дын фӕуыдзӕн, дӕхицӕн ӕй хъӕрӕй куы дзурай. Ӕнӕмӕнг сбӕлвырд кӕн, цы хъуыдытӕ дзы ис, уыдон хорз бахъуыды кодтай ӕви нӕ. Хъуамӕ дӕ ныхас цӕуа зӕрдӕйӕ, бауадз дзы царды уддзӕф, иннӕты зӕрдӕты зынг куыд ссудза. Цалынмӕ ныхасы рацӕуай, уӕдмӕ ноджыдӕр ахъуыды кӕн: мӕ раныхасы нысан цы у? Алы сӕйраг хъуыды дӕр дзы бӕрӕг у? Мӕ ныхас ӕцӕгдӕр Фыстадыл арӕзт у? Иу сӕйраг хъуыды дзы иннӕмӕ ӕнцонӕй хизы? Чи мӕм хъуса, уыдонӕн баххуыс кӕндзӕн Иегъовӕйы тынгдӕр уарзынӕн ӕмӕ йӕ бирӕ хорздзинӕдтӕн аргъ кӕнынӕн? Мӕ ныхасы кӕронбӕттӕн, цӕуыл дзурын, уыимӕ баст у, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый дзы бамбардзысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйыл сӕмбӕлдзӕн? Кӕд ацы фарстытӕн дӕ бон у разыйы дзуапп раттын, уӕд фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ цӕттӕ дӕ, «цы зоныс, уымӕй хорз ракӕнынмӕ» — ӕмбырды пайдайӕн ӕмӕ Иегъовӕйы кадӕн! (Ӕмб. 15:2).
-