Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 103 сӕр, 238 ф.–239 ф., 2 абз.
  • «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Райдыдта зын цард
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 103 сӕр, 238 ф.–239 ф., 2 абз.
Стыртӕ дӕр ӕмӕ гыццылтӕ дӕр дзӕнӕты амондджынӕй цӕрынц

103 СӔРГОНД

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»

Йегъовӕ фидӕны тыххӕй загъта: «Хъарӕг, рыст, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзысты. Ӕз адӕмӕн сӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзынӕн. Раздӕр цы ӕвзӕр хабӕрттӕ уыд, уыдон ничиуал ӕрхъуыды кӕндзӕн».

Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы Едемы цӕхӕрадоны ӕрцӕрын кодта, цӕмӕй уым амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй цардаиккой. Уыдон хъуамӕ сӕ уӕларвон Фыдӕн лӕггад кодтаиккой ӕмӕ цот уагътаиккой, цӕмӕй зӕхх адӕмӕй байдзаг уыдаид. Адам ӕмӕ Евӕйы Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нӕ бафӕндыд, фӕлӕ уый уӕддӕр йӕ фӕнд нӕ аивта. Ацы чиныджы федтам, Хуыцау йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны. Йӕ Паддзахад адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн диссаджы арфӕдзинӕдтӕ, Авраамӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

Стыртӕ, гыццылтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ сты дзӕнӕты

Тагъд рӕстӕджы Хӕйрӕг, йӕ дӕлимонтӕ ӕмӕ ӕвзӕр адӕм фесӕфдзысты. Цӕргӕйӕ чи баззайа, уыдон та Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты. Рынчын ӕмӕ мӕлгӕ ничиуал кӕндзӕн. Алы бон дӕр нӕм уыдзӕн бирӕ хъарутӕ, стӕй цардыл цин кӕндзыстӕм. Зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт. Алчидӕр хӕрдзӕн пайда хӕринӕгтӕ ӕмӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн хорз хӕдзар. Адӕм кӕрӕдзийӕн ӕвзӕрӕй ницыуал араздзысты, фӕлӕ уыдзысты хӕларзӕрдӕ. Хъӕддаг сырдтӕ нӕ нӕ тӕрсдзысты ӕмӕ сӕ мах дӕр нӕ тӕрсдзыстӕм.

Йегъовӕ адӕмы ӕгас кӕнын куы райдайа, уӕд куыд тынг цин кӕндзыстӕм! Мах фембӕлдзыстӕм, раджы заманты чи цард, уыдонимӕ, зӕгъӕм, Авел, Ной, Авраам, Саррӕ, Моисей, Руф, Есфир ӕмӕ Давидимӕ. Мах семӕ иумӕ зӕххӕй дзӕнӕт скӕндзыстӕм. Ӕмӕ нын алкӕддӕр уыдзӕн, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуа, ахӕм куыст.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ды дӕр уыцы дзӕнӕты цӕрай. Уым Хуыцауы тыххӕй базондзынӕ бирӕ ног цыдӕртӕ. Цӕй уӕдӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр!

«О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай» (Раргомад 4:11)

Фарстатӕ. Хуыцауы Паддзахад зӕххыл цард куыд фӕивдзӕн? Ацы чиныгӕй цы адӕмы тыххӕй базыдтай, уыдонӕй дӕ тынгдӕр кӕимӕ фӕндид дзӕнӕты фембӕлын?

Раргомад 21:3, 4; Иов 33:25; Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22; Исай 11:2–10; 33:24; 65:21; Матфейы 6:9, 10; Иоанны 5:28, 29; 17:3

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын