-
Цымӕ «чырыстӕттӕ» се ’ппӕт дӕр чырыстӕттӕ сты?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 мартъи
-
-
Цымӕ «чырыстӕттӕ» се ’ппӕт дӕр чырыстӕттӕ сты?
ЦЫМӔ ӕнӕхъӕн дунейы чырыстон диныл хӕст адӕм цал сты? Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, 2010 азы зӕххыл уыд 2,3 миллиарды бӕрц чырыстоны. Фӕлӕ ма уыцы чиныджы фыст ис, уыцы чырыстӕттӕ хӕст кӕй сты 41 000 алыхуызон диныл, ӕмӕ уыдонӕй алкӕцы дӕр, уаг ӕмӕ ӕгъдау цы у, уый йӕхирдыгонау ӕмбары, стӕй дзы алкӕцыйӕн дӕр ис йӕхи ахуырӕдтӕ (Atlas of Global Christianity). Чырыстон динтӕ уыйбӕрц кӕй сты, уый базонгӕйӕ иуӕй-иутӕ стыхсынц, раст дзы кӕцы у, уый куыд равзарӕн ис, зӕгъгӕ, йе та диныл бынтондӕр сӕ къух ауигъынц. Чи зоны фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдон се ’ппӕт дӕр чырыстӕттӕ сты?
Ацы хъуыддагмӕ-ма иннӕрдыгӕй ӕркӕсӕм. Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи фӕцӕуы, уыцы бӕлццон арӕныл хизгӕйӕ хъуамӕ зӕгъа, кӕцы бӕстӕйӕ у, уый. Фӕлӕ ӕцӕгӕй чи у, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй ма хъуамӕ равдиса йӕ паспорт дӕр. Афтӕ у сӕ хабар, сӕхи ӕцӕг чырыстӕттӕ чи хоны, уыдонӕн дӕр. Ӕз Чырыстийыл ӕууӕндын, зӕгъгӕ, дзурын фаг нӕу. Уый ма ӕндӕр цӕмӕйдӕр хъуамӕ уа бӕрӕг. Цымӕ цӕмӕй?
Дзырд «чырыстон»-ӕй пайда кӕнын райдыдтой, Чырыстийы мӕлӕтӕй 10 азы бӕрц куы рацыд, уӕд. Библи фысджытӕй иу, Лука, ныффыста: «Хуыцауы фӕндӕй ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт Антиохийы схуыдтой чырыстӕттӕ» (Хъуыддӕгтӕ 11:26). Чырыстӕттӕ кӕй схуыдтой, уыдон уыдысты Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ. Цымӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй ис схонӕн? Иу дзырдуаты фыст ис: «Цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы ахуыргӕнинаг уа, уый тыххӕй хъуамӕ удуӕлдай цард кӕна... цӕрӕнбонты» (The New International Dictionary of New Testament Theology). Ӕцӕг чырыстон у, Чырыстийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ, ома чырыстон динӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уый фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрыныл ӕппӕт тыхтӕй чи архайы, ахӕм адӕймаг.
Цымӕ йӕхи чырыстон чи хоны, ӕппӕт уыдоны ’хсӕн ахӕм адӕм ссарӕн ис? Чырысти йӕхӕдӕг цы загъта, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджыты йын куыд ис базонӕн, уый тыххӕй? Ӕркӕсӕм-ма, ацы фарстатӕн Библи цы дзуапп дӕтты, уымӕ. Иннӕ статьяты лӕмбынӕг аныхас кӕндзыстӕм, Чырыстийӕн йӕхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты цы фондз хъуыддагӕй, кӕнӕ миниуӕгӕй, базонӕн ис, уыдоныл. Аныхас-ма кӕндзыстӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм уыцы миниуджытӕ уыдысты ӕви нӕ, ууыл, стӕй абон уыцы миниуджытӕ кӕмӕ сты, ууыл дӕр.
-
-
«Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрут»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 мартъи
-
-
«Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрут»
«Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (ИОАННЫ 8:31, 32).
Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Ам Чырысти цы «ныхасы» кой кӕны, уый амоны, адӕмы Хуыцауы номӕй цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ. Йесо загъта: «Мӕ рарвитӕг Фыд йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста, куыд ӕмӕ цы зӕгъон, уый» (Иоанны 12:49). Йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ загъта: «Дӕ ныхас у рӕстдзинад». Цы дзырдта, уыдон йӕхи ныхӕстӕ кӕй нӕ уыдысты, уый равдисынӕн-иу Чырысти арӕх раздӕхта адӕмы ’ргом Хуыцауы Ныхасмӕ (Иоанны 17:17; Матфейы 4:4, 7, 10). Уӕдӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ цӕрой Чырыстийы ныхасмӕ гӕсгӕ, ома Хуыцауы Ныхас, Библи, нымайой «рӕстдзинадыл», ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ сӕхи куыд дарынц, уый дӕр хъуамӕ уа Библимӕ гӕсгӕ.
Фыццаг чырыстӕттӕ. Йесо Чырыстийау апостол Павел дӕр стыр аргъ кодта Хуыцауы Ныхасӕн. Павел ныффыста: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у» (2 Тимофеймӕ 3:16). Иннӕты чи ахуыр кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ «фидар хӕцыдаиккой, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы ныхасыл», ома Хуыцауы ныхасыл (Титмӕ 1:7, 9). Апостол Павел фыццаг чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи хъахъхъӕдтаиккой «зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй». Ӕмӕ сын бамбарын кодта: «Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл» (Колоссӕгтӕм 2:8).
Абон сӕ чи фӕзмы? Католикон дины фӕдыл алыхуызон фарстатӕ ӕвзӕрст кӕм цӕуынц, уыцы брошюрӕйы фыст ис: «Хуыцау цы раргом кӕны, ууыл аргъуан уый тыххӕй не ’ууӕнды, ӕмӕ уыдӕттӕ ӕрмӕст Сыгъдӕг Фыстадмӕ гӕсгӕ ис сбӕлвырд кӕнӕн. Уӕдӕ Фыстадӕн куыд аргъ кӕнын хъӕуы, афтӕ аргъ кӕнын хъӕуы нӕ фыдӕлты табуйаг ӕгъдӕуттӕн дӕр» (Catechism of the Catholic Church). Журнал «Маклинз»-ы ныффыстой Канадӕйы сӕйраг горӕт Торонтойы цӕрӕг дины куысджытӕй иуы ныхӕстӕ: «Дыууӕ мин азы размӕ чи райхъуыст, уыцы хъӕлӕс нӕ абон йӕ фӕдыл цӕмӕн хъуамӕ кӕна? Нӕхимӕ диссаджы хорз хъуыдытӕ вӕййы, фӕлӕ Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, стӕй, Фыстад цы зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ раст сты ӕви нӕ, ууыл хъуыды кӕнын куы райдайӕм, уӕд сӕ тых асӕтты».
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй «Ног Католикон энциклопедийы» фыст ис: «Цы дзурынц, уый дзурынц Библийӕ, стӕй сын уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй дӕр закъон у Библи» (New Catholic Encyclopedia). Ӕрӕджы Канадӕйы иу сылгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, иу нӕлгоймагӕн зӕгъынмӕ хъавыд, чи у, уый, фӕлӕ йӕ нӕлгоймаг кӕронмӕ дзурын дӕр нӕ бауагъта ӕмӕ йын йӕ Библимӕ ацамонгӕйӕ загъта: «Амӕ гӕсгӕ йӕ базыдтон, чи дӕ, уый».
-
-
«Ацы дунейӕ не сты»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 мартъи
-
-
«Ацы дунейӕ не сты»
«Дуне [сӕ] йе сӕфт федта, уымӕн ӕмӕ... ацы дунейӕ не сты» (ИОАННЫ 17:14).
Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Чырыстийӕн дунеимӕ иумӕйагӕй ницы уыди – йӕхи хызта политикӕйӕ ӕмӕ, йӕ рӕстӕджы цы алыхуызон змӕстытӕ уыд, уыдонӕй. Йесо бамбарын кодта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй дзуттӕгты къухтӕм лӕвӕрд ма ’рцыдаин. Фӕлӕ мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Уымӕй уӕлдай йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй сӕхи хызтаиккой, Хуыцауы Ныхас цы зондахаст, ныхасыуаг ӕмӕ хъуыддӕгты ныхмӕ у, уыдонӕй (Матфейы 20:25–27).
Фыццаг чырыстӕттӕ. Фыссӕг Джонатан Даймонд загъта, зӕгъгӕ, фыццаг чырыстӕттӕ «[хӕстмӕ] нӕ цыдысты; уый бӕсты цӕттӕ уыдысты алцӕмӕ дӕр – ӕфхӕрдмӕ, ахӕстоны сбадынмӕ ӕмӕ мӕлӕтмӕ». Цӕйнӕфӕлтау ацы дунейы хъуыддӕгты архайдтаиккой, фӕлтау сӕхи хъизӕмӕртты хай бакодтаиккой. Се ’гъдауӕй дӕр тынг хицӕн кодтой иннӕтӕй. Библийы дӕр фыст ис: «Семӕ ӕнӕгъдау миты цъымарайы уӕхи кӕй нал тъыссут, уый тыххӕй уыл дис кӕнынц ӕмӕ уӕ алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дзурынц» (1 Петры 4:4). Историк Уилл Дюрант ныффыста: «Чырыстӕттӕ ӕгъдауджын ӕмӕ ӕфсармджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕм хиирхӕфсӕнтӕ уарзаг ӕнӕхуыцау адӕм мӕстӕй фыхтысты».
Абон сӕ чи фӕзмы? Кӕд чырыстӕттӕ хъуамӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард лӕууой, уӕддӕр «Ног католикон энциклопедийы» фыст ис: «Йӕ дины тыххӕй йӕ къухмӕ хӕцӕнгарз чи нӕ исы, уыцы адӕм тынг рӕдийынц» (New Catholic Encyclopedia). Иу газет ныффыста, зӕгъгӕ, адӕмы бартӕ хъахъхъӕнӕг организаци, «Африкӕйӕгты бартӕ», куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй 1994 азы Руандӕйы дыууӕ адӕмыхатты кӕрӕдзи куы цагътой, уӕд уыцы хӕсты кӕй архайдтой ӕппӕт чырыстон динтӕ дӕр «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй фӕстӕмӕ» (Reformierte Presse).
Фашисттӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг дзуттӕгты куыд цагътой, ууыл ныхас кӕнгӕйӕ иу скъолайы ахуыргӕнӕг ӕнкъардӕй загъта: «Иу организаци дӕр не сдзырдта, уыцы рӕстӕг дуне цы мӕнг ныхӕстӕй байдзаг, стӕй дзы цы ӕгъатыр ӕмӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ цыди, уыдоны ныхмӕ». Фӕлӕ Америкӕйы Иугонд Штатты музей «Холокост»-ы кусджытимӕ куы аныхас кодта ӕмӕ хабӕрттӕ бӕлвырддӕр куы базыдта, уӕд загъта: «Ныр мӕ фарстайӕн дзуапп ссардтон». Куыд базыдта, афтӕмӕй, кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн алы фыдмитӕ кодтой ӕмӕ сӕ хъизӕмарӕй мардтой, уӕддӕр, цӕуыл ӕууӕндыдысты, ууыл фидар хӕцыдысты.
Се ’гъдауы тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Иу журналы фыст уыди: «Католикон диныл хӕст ӕрыгӕттӕн сӕ фылдӕр разы не сты, сӕ дины закъӕттӕм гӕсгӕ, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдонӕн иумӕ цӕрыны бар кӕй нӕй, уыимӕ». Уыцы журналы фыст сты иу диакъоны ныхӕстӕ: «Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ, – мӕнмӕ гӕсгӕ, се ’мбисӕй фылдӕр, – нырма сӕ къухтӕ не ’рфыссынц, афтӕмӕй иумӕ бацӕрынц» (U.S. Catholic). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй та иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыдонӕн «хӕрзӕгъдау цард кӕнын у тынг ахсджиаг» (The New Encyclopædia Britannica).
-
-
«Уӕ кӕрӕдзийы... уарзут»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 мартъи
-
-
«Уӕ кӕрӕдзийы... уарзут»
«Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (ИОАННЫ 13:34, 35).
Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийы уарзой, уый сӕ куыд уарзы, афтӕ. Ӕмӕ сӕ куыд уарзта? Чырысти никӕй хъулон кодта, кӕд йӕ рӕстӕджы ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты, стӕй сылгоймӕгтӕн нӕ аргъ кодтой, уӕддӕр (Иоанны 4:7–10). Йӕхи уды дзӕбӕхӕн никуы цард ӕмӕ адӕмӕн баххуыс кӕнынӕн йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ никуы ’вгъау кодта (Марчы 6:30–34). Уымӕй уӕлдай ма Чырысти равдыста ӕппӕты стырдӕр уарзондзинад. «Ӕз дӕн хорз фыййау,– загъта Йесо.– Ӕмӕ хорз фыййау йӕ уд дӕтты фысты сӕрвӕлтау» (Иоанны 10:11).
Фыццаг чырыстӕттӕ. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ кӕрӕдзи хуыдтой «ӕфсымӕр» ӕмӕ «хо» (Филимонмӕ 1, 2). Чырыстон ӕмбырдмӕ-иу чи ’рбацыд, уыдоныл-иу се ’ппӕтыл дӕр тынг бацин кодтой, цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй ма уыдаиккой, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ хорз ӕмбӕрстой, кӕй «ницы уӕлдай у, дзуттаг уай ӕви грекъаг, уымӕн ӕмӕ [се] ’ппӕт дӕр иу Хицауы бын сты» (Ромӕгтӕм 10:11, 12). Н. э. 33 азы, Фӕндзайӕм бон кӕй хуыдтой, уыцы бӕрӕгбоны фӕстӕ, Иерусалимы чи уыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ «сӕ мулк ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕ уӕй кодтой ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кодтой, чи цы хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ». Цымӕ цӕмӕн? Цӕмӕй, ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, уыдон Иерусалимы баззадаиккой ӕмӕ дарддӕр дӕр, «апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ зӕрдиагӕй хъуыстаиккой» (Хъуыддӕгтӕ 2:41–45). Цӕмӕн сӕ бафӕндыд сӕ ног хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын? Апостолты мӕлӕтӕй иу-200 азы фӕстӕ Тертуллиан ныффыста, адӕм чырыстӕтты тыххӕй цы дзырдтой, уый: «Куыд тынг уарзынц кӕрӕдзи... суанг сӕ кӕрӕдзийы тыххӕй цӕттӕ сты сӕ удтӕ раттынмӕ дӕр».
Абон сӕ чи фӕзмы? Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ӕнусты дӕргъы, сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыдон «сӕ кӕрӕдзийӕн цы фыдмитӕ фӕкодтой, уый сын [ӕнӕуырнджытӕй] ничи бакодта» (The History of the Decline and Fall of the Roman Empire. 1837). Ӕрӕджы Америкӕйы куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, цавӕрдӕр диныл хӕст чи у, уыцы адӕм – сӕйраджыдӕр чырыстӕттӕ – ӕндӕр буары хуыз кӕмӕн ис, уыдоны нӕ уарзынц. Сӕ дин иу кӕмӕн у, фӕлӕ алы бӕстӕты чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕ кӕрӕдзимӕ ӕппындӕр ницы бар дарынц, ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг кӕрӕдзийӕн сӕ бон кӕнӕ баххуыс кӕнын нӕ вӕййы, кӕнӕ та сӕ фӕндгӕ нӕ фӕкӕны.
2004 азы Флоридӕйы (АИШ) дыууӕ мӕйы дӕргъы ӕрцыд цыппар тыхдымгӕйы. Флоридӕйы штаты Ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕхты комитеты сӕрдар сфӕнд кодта сбӕрӕг кӕнын, цы фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой, уыдон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хардз кӕнынц ӕви нӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй хуыздӕр ничи спълан кодта, ӕмӕ сын загъта, сӕ бон кӕй у райсын, сӕ адӕмӕн сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Уымӕй размӕ та, 1997 азы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иу къорд ацыд Конгомӕ, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕ тыхст рӕстӕджы сӕ фарсмӕ балӕууыдаиккой. Семӕ аластой хостӕ, хойраг ӕмӕ дзаумӕттӕ. Европӕйы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сын цы ӕххуыс арвыстой, уый уыд иу милуан доллӕры аргъ.
-
-
«Ӕмӕ сын ӕз дӕ ном раргом кодтон»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 мартъи
-
-
«Ӕмӕ сын ӕз дӕ ном раргом кодтон»
«Дунейӕ мын кӕй радтай, уыдонӕн ӕз дӕ ном раргом кодтон... Ӕмӕ сын ӕз дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн» (ИОАННЫ 17:6, 26).
Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Чырысти Хуыцауы ном адӕмӕн афтӕ ӕргом кодта, ӕмӕ-иу сын хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд-иу йӕ уӕларвон Фыды хуыдта йӕ номӕй. Чырысти-иу Фыстадӕй арӕх касти, ӕмӕ-иу, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы ном дӕр бакаст (Лукайы 4:16–21). Уымӕй уӕлдай йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын: «Нӕ Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Лукайы 11:2).
Фыццаг чырыстӕттӕ. Апостол Петр Иерусалимы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта, Хуыцау иннӕ адӕмтӕй йӕхицӕн кӕй скодта, «йӕ ном ын чи хӕсдзӕн, ахӕм адӕм» (Хъуыддӕгтӕ 15:14). Апостолтӕ ӕмӕ Чырыстийы иннӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъусын кодтой, «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн», зӕгъгӕ (Хъуыддӕгтӕ 2:21; Ромӕгтӕм 10:13). Уымӕй уӕлдай ма уыдон Хуыцауы ном фыстой сӕ фыстӕджыты дӕр (иуӕй-иутӕ дзы хаст ӕрцыдысты Библимӕ). «Тосефтӕйы», н. э. 3-аг ӕнусы кӕронмӕ фыст чи фӕци, уыцы дзуттаг закъӕтты ӕмбырдгонды, фыст ис: «Евангелитӕ ӕмӕ минӕты чингуытӕ (ӕвӕццӕгӕн, дзуттаг чырыстӕтты чингуытӕ) артӕй нӕ ирвӕзын кӕнынц, фӕлӕ, сӕ мидӕг фыст чи ис, уыцы Хуыцауы номимӕ сӕ бауадзынц басудзын».
Абон сӕ чи фӕзмы? Америкӕйы Иугонд Штатты Чырыстийы аргъуанты адӕмон цӕдисы барлӕвӕрдӕй кӕй рауагътой, уыцы Библийы разныхасы фыст ис: «Иунӕг ӕцӕг Хуыцауы исты номӕй хонын,– цыма йӕ фӕхӕццӕ кӕнӕн кӕимӕ ис, ӕндӕр ахӕм хуыцӕуттӕ дӕр ис,– дзуттаг дин ахсджиагыл нал нымадта чырыстон заманӕй дӕр раздӕр, стӕй уый Чырыстон Аргъуаны иумӕйаг уырнындзинадмӕ гӕсгӕ дӕр раст нӕу» (Revised Standard Version). Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном баивтой дзырд «ХИЦАУ»-ӕй. Ӕрӕджы та Ватикан йӕ сауджынтӕн радта ахӕм разамынд: «Зарджыты ӕмӕ куывдтыты Хуыцауы ном тетраграмматонӕй фыст, ЙХВХa, зӕгъгӕ, нӕй фыссӕн дӕр ӕмӕ дзурӕн дӕр».
Цымӕ абон та Хуыцауы ном чи дзуры ӕмӕ йӕ иннӕтӕн чи ’ргом кӕны? Иу лӕппу Хъыргъызстанӕй, Сергей, зӕгъгӕ, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уӕд федта, Хуыцауы Йегъовӕ кӕм хуыдтой, ахӕм кино. Фӕлӕ стӕй иу дӕс азы бӕрц Сергей Хуыцауы ном нал фехъуыста. Фӕстӕдӕр цӕрынмӕ ацыд Америкӕмӕ, ӕмӕ, иу бон хӕдзары куы уыд, уӕд ӕм дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕрбацыдысты ӕмӕ йын Хуыцауы ном Библийы равдыстой. Сергей тынг бацин кодта, Хуыцауы ном чи дзуры, уыцы адӕмыл кӕй фембӕлд, ууыл. Иу дзырдуат дзырдбаст «Хуыцау Йегъовӕ» ӕмбарын кӕны афтӕ: «[Уый у] хуыцӕутты Хуыцау ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕ кувынц, уыцы иунӕг Хуыцау» (Webster’s Third New International Dictionary).
[Фиппаинаг]
a Иронау Хуыцауы ном у «Йегъовӕ».
-
-
«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 мартъи
-
-
«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн»
«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (МАТФЕЙЫ 24:14).
Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Чырыстийы царды хабӕрттӕ чи ныффыста, уыдонӕй иу, Лука, загъта: «Йесо араст ӕмӕ горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл зылди ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта» (Лукайы 8:1). Чырысти йӕхӕдӕг дӕр загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лукайы 4:43). Йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр-иу арвыста горӕттӕм ӕмӕ хъӕутӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ, фӕстӕдӕр та сын бафӕдзӕхста: «Уыдзыстут [мын] ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:8; Лукайы 10:1).
Фыццаг чырыстӕттӕ. Йесо Чырыстийӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кодтой, цы сын бахӕс кодта, уый. «Алы бон дӕр кувӕндоны ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕппынӕдзух амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой Чырыстийы тыххӕй, Йесойы тыххӕй хорз хабар» (Хъуыддӕгтӕ 5:42). Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй ӕрмӕст иуӕй-иутӕ хъуамӕ ма хъусын кодтаиккой хорз хабар, фӕлӕ се ’ппӕт дӕр. Историк Август Неандер куыд загъта, афтӕмӕй «Цельс, чырыстӕтты ныхмӕ фыццаг чи фыста, уый, худти, къуымбилы куыстгӕнджытӕ, дзабырхуыйджытӕ, нымӕтуӕрдджытӕ, кӕм цы ӕнӕхсӕст адӕм уыд, уыдон хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой, ууыл». Жан Бернарди та йӕ чиныджы ныффыста: «[Чырыстӕттӕ] хъуамӕ иу ран ма бадтаиккой, фӕлӕ цыдаиккой ӕмӕ алы ран дӕр ӕмӕ алкӕимӕ дӕр дзырдтаиккой – стыр фӕндӕгтыл ӕмӕ горӕтты, горӕты фӕзты ӕмӕ хӕдзӕртты, зӕрдиагӕй сӕм хъуыстаиккой ӕви нӕ, уӕддӕр... зӕххы кӕрӕтты онг» (The Early Centuries of the Church).
Абон сӕ чи фӕзмы? Англиканон сауджын Дэвид Ватсон ныффыста: «Чырыстон динтӕ хорз хабар кӕй нӕ хъусын кӕнынц ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, бирӕты сӕйраджыдӕр уый тыххӕй нӕ фӕнды Хуыцауӕн лӕггад кӕнын». Диниртасӕг Хосе Луис Перес Гуадалупе йӕ чиныджы фыста, евангелисттӕ, адвентисттӕ ӕмӕ, ӕндӕр чырыстон динтыл хӕст чи у, уыдон цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «уыдон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ нӕ цӕуынц». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй та загъта: «Уыдон ӕдзух цӕуынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ» (Why Are the Catholics Leaving?).
Иу америкаг журналы фыст сты, профессор Джонатан Тюрлей цы цымыдисаг ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кой куы фехъусӕм, уӕд нӕ фылдӕрӕн сӕ цӕстытыл ауайынц, ӕппындӕр нӕ куы нӕ февдӕлы, уыд нын нӕ дуар чи ӕрбахойы, уыдон, ома Хуыцауы ныхас хъусынгӕнджытӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕрмӕст уымӕн нӕ цӕуынц, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй иннӕтӕн радзурой, фӕлӕ уый сӕхи уырнындзинадӕн дӕр ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй дӕр» (Cato Supreme Court Review, 2001-2002).
[Рамкӕ 9 фарсыл]
Ӕцӕг чырыстӕттӕ чи сты, уый дӕ бон базонын у?
Ацы цалдӕр статьяйы Библимӕ гӕсгӕ аныхас кодтам, ӕцӕг чырыстӕтты цӕмӕй базонӕн ис, ууыл. Ӕмӕ дӕумӕ гӕсгӕ та абон ӕцӕг чырыстӕттӕ чи сты? Йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы динтӕ ӕмӕ къордтӕ кӕд дӕсгай минтӕ сты, уӕддӕр дӕ рох ма уӕд Чырыстийы ныхӕстӕ: «Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый» (Матфейы 7:21). Уӕдӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ сты, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдон. Дӕхицӕн ӕй куы сбӕлвырд кӕнай, уыцы адӕм чи сты ӕмӕ сӕм куы ӕрбаиу уай, уӕд хайджын уыдзынӕ, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы ӕнусон хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй. Кӕд дӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, ацы журнал дын чи ӕрбахаста, уыдонӕн (Лукайы 4:43).
-