-
Фыццаг нӕ «Хуыцау бауарзта»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
23 СӔР
Фыццаг нӕ «Хуыцау бауарзта»
1–3. Йесойы мӕлӕт иу адӕймаджы мӕлӕтимӕ дӕр цӕуылнӕ ис абарӕн?
ИУ-ДЫУУӔ мин азы размӕ иу адӕймаджы фӕаххосджын кодтой, ӕвзӕрӕй ӕппындӕр ницы ракодта, афтӕмӕй. Ӕмӕ йӕ стӕй фыдмард акодтой. Ӕнаххосӕй фыдмард кӕй акодтой, уыдонӕй уый нӕдӕр фыццаг уыди, нӕдӕр фӕстаг. Фӕлӕ йӕ мӕлӕт ӕндӕр никӕй мӕлӕтимӕ ис абарӕн.
2 Йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр сахаты размӕ ӕнахуыр диссаг ӕрцыд, ӕмӕ адӕм бамбӕрстой, уый цыдӕр ахсджиаг хабар кӕй уыд. Ӕмбисбон бӕстӕ сау талынг баци. Уый тыххӕй Библийы фысджытӕй иу загъта, зӕгъгӕ, «хур нал рухс кодта» (Лукайы 23:44, 45). Уыцы адӕймаг куы мард, уӕд загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» Ӕцӕгдӕр, йӕ цард кӕй радта, уый уыди диссаджы хъуыддаг. Уымӕй равдыста, адӕмы куыд тынг уарзы, уый. Ахӕм уарзондзинад зӕххыл иу адӕймаг дӕр никуы равдыста (Иоанны 15:13; 19:30).
3 Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй уый уыди Йесо Чырысти. Ӕгас дунейы дӕр бирӕтӕ зонынц, нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны Йесо куыд фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ куыд амард, уый тыххӕй. Фӕлӕ иу ахсджиаг хъуыддаг нӕ зонынц. Кӕд Йесо тынг хъизӕмар кодта, уӕд иу чидӕр та уымӕй тынгдӕр хъизӕмар кодта. Дун-дунейы уымӕй стырдӕр нывонд никуы ничи ӕрхаста ӕмӕ уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста. Уый куыд равдыста? Ацы фарстайӕн йӕ дзуаппӕй базондзыстӕм Йегъовӕйӕн йӕ сӕйрагдӕр миниуӕджы тыххӕй – йӕ уарзондзинады тыххӕй.
Ахӕм уарзондзинад никуы ничи равдыста
4. Йесо ӕнӕуи адӕймаг кӕй нӕ уыд, уый ромаг ӕфсӕддон цӕй фӕрцы бамбӕрста ӕмӕ цавӕр хъуыдымӕ ’рцыд?
4 Йесойы куыд байтыгътой, уымӕ чи каст, уыцы ӕфсӕддон куы федта, Йесойы мӕлӕты размӕ бӕстӕ куыд баталынг ӕмӕ зӕхх куыд нынкъуысыд, уӕд хорзау нал фӕци. Ӕфсӕддон загъта: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди» (Матфейы 27:54). Уый бамбӕрста, Йесо ӕнӕуи адӕймаг кӕй нӕ уыд. Уыцы ӕфсӕддон уыд Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырты марджытӕй сӕ иу. Цымӕ Фыд йӕ Фырты тынг уарзта?
5. Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт уӕлӕрвты иумӕ цас рӕстӕг уыдысты?
5 Библи Йесойы хоны, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колоссӕгтӕм 1:15). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы Фырт цард, Дун-дуне куы нӕма фӕзынд, уӕдмӕ дӕр. Фыд ӕмӕ Фырт иумӕ цас рӕстӕг уыдысты? Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Дун-дуне фӕзынд 13 миллиард азы размӕ. Уый цас у, уый нӕ зонд ахсгӕ дӕр нӕ кӕны. Фӕлӕ кӕд ахуыргӕндты хъуыды раст у, уӕд Йегъовӕйы Фырт цӕры 13 миллиард азӕй бирӕ фылдӕр! Уыцы рӕстӕджы дӕргъы Хуыцауы Фырт цы куыста?
6. а) Цалынмӕ Йегъовӕйы Фырт зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ цы куыста? б) Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт кӕрӕдзийы куыд уарзынц, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?
6 Фыртӕн ӕхсызгон уыди йӕ Фыдимӕ кусын, куыд «дӕсны кусӕг», афтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 8:30). Библийы фыст ис: «Ӕнӕ уымӕй [ома, ӕнӕ Фыртӕй] ницы фӕзынд» (Иоанны 1:3). Уӕдӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт алцыдӕр иумӕ сфӕлдыстой. Тынг ӕхсызгон сын уыд иумӕ кусын. Ныййарӕг ӕмӕ сывӕллон кӕрӕдзи куыд тынг фӕуарзынц, уый не ’ппӕт дӕр зонӕм. Уарзондзинады хуызӕн «ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Колоссӕгтӕм 3:14). Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт иумӕ уыйбӕрц рӕстӕг кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзи афтӕ тынг уарзтой, ӕмӕ уый нӕ бон бамбарын дӕр нӕу. Уӕдӕ Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт кӕрӕдзи куыд тынг уарзынц, афтӕ ничи.
7. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ куыд равдыста, кӕй йӕ уарзы, уый?
7 Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ йӕ Фырты афтӕ тынг уарзта, уӕддӕр ӕй уӕларвӕй зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй адӕймагӕй райгуырдаид. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хъуамӕ йӕ Фыртимӕ кӕрӕдзийӕ 30 азӕй фылдӕрмӕ фӕхицӕн уыдаиккой. Йегъовӕ уӕларвӕй зӕхмӕ каст ӕмӕ уыдта, Йесо куыд рӕзыд ӕмӕ куыд слӕг, уый. Йесойыл 30 азы куы цыди, уӕд донаргъуыд райста. Цымӕ уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыд? Йегъовӕ йӕхӕдӕг уӕларвӕй ӕрдзырдта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матфейы 3:17). Йегъовӕ йӕ Фырты тыххӕй пехуымпарӕдты цыдӕриддӕр ныффыссын кодта, уыдӕттӕ Йесо иууылдӕр сӕххӕст кодта. Уӕдӕ йӕ Фыд куыннӕ хъуамӕ цин кодтаид! (Иоанны 5:36; 17:4).
8, 9. а) Нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны Йесо цытӕ бавзӕрста ӕмӕ уымӕ кӕсгӕйӕ йӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ куыд кодта? б) Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй йӕ Фырт фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид?
8 Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд кодта, нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны Йесойы куы ауӕй кодтой ӕмӕ йӕ ӕхсӕвыгон куы ’рцахстой, уӕд? Йӕ хӕлӕрттӕ йӕ куы ныууагътой ӕмӕ йын Сӕйраг тӕрхондон мӕлӕты тӕрхон куы рахаста, уӕд? Куы дзы хынджылӕг кодтой, куы йыл тутӕ кодтой ӕмӕ йӕ тымбыл къухӕй куы цавтой, уӕд? Ехсы цӕфтӕй йӕ фӕсонты царм ӕмӕ фыдтӕ куы скъуыдтӕ кодтой ӕмӕ йӕ туг куы лӕсӕнтӕ кодта, уӕд? Кӕнӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕдмӕ куы ныххуыдтой ӕмӕ йӕ хӕрдмӕ куы систой ӕмӕ дзы адӕм куы хынджылӕг кодтой, уӕд? Куыд кодта Фыды зӕрдӕ, йӕ уарзон Фырт ӕм хъӕдыл хъизӕмар кӕнгӕйӕ куы сдзынӕзта, уӕд? Куыннӕ скъуыдтӕ кодтаид йӕ зӕрдӕ, Йесо ма фӕстаг улӕфт куы скодта ӕмӕ цардӕй куы ахицӕн, уӕд! (Матфейы 26:14–16, 46, 47, 56, 59, 67; 27:38–44, 46; Иоанны 19:1).
9 Йесо куыд хъизӕмар кодта ӕмӕ куыд амард, уымӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕ цы рыст бавзӕрста, уый кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм. Фӕлӕ нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ йӕ Фырты амарын цӕмӕн бауагъта, уый. Йӕхицӕн ахӕм стыр рыст цӕмӕн бавзарын кодта? Уымӕн дзуапп ис Иоанны 3:16 стихы. Ацы стихы цы хъуыды ис, уый афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ йӕ хонынц Йесойы тыххӕй хорз хабар цыбыртӕй. Фыст дзы ис: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа». Йегъовӕ афтӕ бакодта, тынг нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. Йӕ Фырты кӕй рарвыста, цӕмӕй мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид, уый тынг зынаргъ лӕвар у. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста.
«Хуыцау... радта йӕ иунӕг Фырты»
Уарзондзинад цы у?
10. Адӕмы ӕппӕты тынгдӕр цы хъӕуы ӕмӕ дзырд «уарзондзинад» цы нысан кӕны, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?
10 Дзырд «уарзондзинад» цы нысан кӕны? Бирӕтӕ зӕгъынц, адӕмы уарзондзинадӕй тынгдӕр кӕй ницы хъӕуы. Сӕ райгуырдӕй сӕ мӕлӕты онг сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ уарзой. Куы сӕ фӕуарзынц, уӕд амондджын вӕййынц. Куы ничи сӕ фӕуарзы, уӕд та мӕлгӕ дӕр акӕнынц. Ӕмӕ кӕд уарзондзинад афтӕ ахсджиаг у, уӕддӕр, цы у, уый бамбарын кӕнын тынг зын у. Адӕм йӕ кой бирӕ кӕнынц. Уарзондзинады тыххӕй бирӕ чингуытӕ, зарджытӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыстой. Фӕлӕ уӕддӕр, уарзондзинад цы у, уый хуыздӕр ӕмбарын нӕ райдыдтой. Бирӕтӕ ацы дзырд афтӕ арӕх фӕдзурынц, стӕй, уарзын, зӕгъгӕ, уыйбӕрц цӕмӕйдӕрты фӕзӕгъынц, ӕмӕ ацы дзырд ӕцӕгӕй цы нысан кӕны, уый бӕрӕг нал у.
11, 12. а) Уарзондзинад цы у, уый Библи куыд ӕмбарын кӕны? б) «Уарзондзинад»-ӕй цы рагон грекъаг дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдон цӕмӕ амонынц ӕмӕ дзы Чырыстон Грекъаг Фыстыты арӕхдӕр кӕцы ӕмбӕлы? (Кӕс фиппаинаг дӕр.) в) Библийы дзырд ага́пе арӕх цӕмӕ фӕамоны?
11 Фӕлӕ Библи хорз ӕмбарын кӕны, уарзондзинад цы у, уый. Иу дзырдуаты фыст ис: «Ӕцӕгдӕр чи фӕуарзы, уымӕн йӕ уарзондзинад бӕрӕг вӕййы йӕ хъуыддӕгтӕй» (An Expository Dictionary of New Testament Words). Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕвдисы. Уый базонӕн ис Библийӕ. Зӕгъӕм, уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй йӕ уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр рабӕрӕг, йӕ Фырты мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй. Уарзондзинад цы у, уый уымӕй хуыздӕр ницӕй фӕрцы ис бамбарӕн! Иннӕ сӕртӕй ноджы фылдӕр базондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ уарзондзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй ӕвдисы, уый тыххӕй. Уарзондзинады тыххӕй ма ноджыдӕр цыдӕр базондзыстӕм, ацы дзырд цы грекъаг дзырдтӕй ӕрцыд тӕлмац, уыдон цы нысан кӕнынц, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Йӕ хъуыды «уарзондзинад» кӕмӕн у, уыцы дзырдтӕ рагон грекъаг ӕвзаджы сты цыппарa. Уыдонӕй Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕппӕты арӕхдӕр ӕмбӕлы ага́пе. Библийы дзырдуӕттӕй иуы фыст ис, зӕгъгӕ, «уарзондзинад цы у, уый ацы дзырдӕй хуыздӕр ӕндӕр никӕцы дзырд ӕмбарын кӕны». Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?
12 Библийы дзырд ага́пе арӕх фӕамоны, уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, ахӕм уарзондзинадмӕ, ома иннӕты ахӕм уарзтӕй чи уарзы, уый фӕархайы Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ахӕм уарзондзинад ӕрмӕст ӕнкъарӕн нӕу. Мах фӕнды алкӕй дӕр ахӕм уарзтӕй уарзын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, уый раст кӕй у. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ иннӕты ахӕм уарзтӕй чи уарзы, уый сыл йӕхицӕй тынгдӕр тыхсы. Ногӕй-ма ахъуыды кӕнӕм Иоанны 3:16 стихыл. Хуыцау афтӕ тынг кӕй бауарзта, ӕмӕ йӕ иунӕггуырд Фырты кӕй тыххӕй нӕ бавгъау кодта, уыцы «дуне» цӕмӕ амоны? Уый амоны, Йесойы нывонд пайда кӕмӕн ӕрхӕсдзӕн, уыцы адӕммӕ. Уыцы адӕмӕй бирӕтӕ нырма цӕрынц, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд нӕ цӕуы, афтӕ. Цымӕ дзы Йегъовӕ алкӕй дӕр ӕввахс хӕлары хуызӕн уарзы, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамы куыд уарзта, афтӕ? (Иаковы 2:23). Нӕ, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ се ’ппӕтмӕ дӕр хӕлар зӕрдӕ дары, кӕд ын уый ӕнцон нӕу, уӕддӕр. Фӕнды йӕ, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сӕ цардыуаг аивой (2 Петры 3:9). Бирӕтӕ аивынц, ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ свӕййынц.
13, 14. Цӕмӕй бӕрӕг у, чырыстон уарзондзинад арӕх фӕлмӕн уарзтмӕ кӕй фӕамоны?
13 Фӕлӕ Библийы дзырд ага́пе-йӕн йӕ хъуыды цы у, уый бирӕтӕ раст не ’мбарынц. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ уыцы уарзт зӕрдӕйӕ нӕ, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр зондӕй цӕуы. Фӕлӕ чырыстон уарзондзинад арӕх фӕамоны фӕлмӕн уарзтмӕ. Зӕгъӕм, Иоанн куы ныффыста, «Фыд уарзы йӕ Фырты», зӕгъгӕ, уӕд спайда кодта дзырд ага́пе-йы формӕйӕ (Иоанны 3:35). Цымӕ ахӕм уарзондзинад зӕрдӕйӕ нӕ фӕцӕуы? Куыннӕ! Дӕ хъус-ма ӕрдар, Иоанны 5:20 стихы фыст Йесойы ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, «Фыд уарзы йӕ Фырты». Ам Иоанн спайда кодта дзырд филе́о-йы формӕйӕ ӕмӕ амоны, чидӕр кӕуылдӕр ӕнувыд кӕй вӕййы, уымӕ. Йегъовӕйы уарзт арӕх вӕййы, зӕрдӕйӕ чи фӕцӕуы ахӕм фӕлмӕн уарзт. Фӕлӕ йӕ уарзондзинадӕн йӕ бындур алкӕддӕр вӕййынц йӕ зондджын ӕмӕ йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ, ӕнкъарӕнтӕ нӕ, фӕлӕ.
14 Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕйы миниуджытӕй иумӕ дӕр фау ӕрхӕссӕн нӕй, иууылдӕр сты рӕсугъд. Фӕлӕ се ’ппӕтӕй рӕсугъддӕр у уарзондзинад. Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у, уый тыххӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Цы хорз у, йӕ сӕйрагдӕр миниуӕг уарзондзинад кӕй у! Уый кӕцӕй зонӕм?
«Хуыцау у уарзондзинад»
15. Йегъовӕйӕн йӕ иннӕ миниуджытӕй уӕлдай Библийы йӕ уарзондзинады тыххӕй цы фыст ис? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)
15 Библийы Йегъовӕйы уарзондзинады тыххӕй цы фыст ис, уый йӕ сӕйраг миниуджытӕй ӕндӕр никӕцыйы тыххӕй ис фыст. Афтӕ фыст дзы никуы ис, зӕгъгӕ, Хуыцау у тых, кӕнӕ Хуыцау у рӕстдзинад, йе та Хуыцау у зонд. Ацы миниуджытӕ йӕм сты ӕмӕ цӕугӕ дӕр уымӕй кӕнынц, стӕй сӕ уымӕй хуыздӕр ничи ӕвдисы. Фӕлӕ йӕ цыппӕрӕм миниуӕджы тыххӕй та Библийы фыст ис: «Хуыцау у уарзондзинад»b (1 Иоанны 4:8). Уый куыд ӕмбаргӕ у?
16–18. а) Библийы афтӕ фыст цӕмӕн ис, зӕгъгӕ, «Хуыцау у уарзондзинад»? б) Йегъовӕ йӕ уарзондзинад равдисынӕн адӕймаджы цӕмӕн равзӕрста?
16 «Хуыцау у уарзондзинад», зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ Хуыцау ӕмӕ уарзондзинад иу сты. Раст нӕ уаид афтӕ зӕгъын, зӕгъгӕ, «уарзондзинад у Хуыцау». Йегъовӕйы цавӕрдӕр миниуӕгимӕ абарӕн нӕй. Уый у, хъуыды чи кӕны, ӕнкъарӕнтӕ кӕмӕ ис ӕмӕ уарзондзинадӕй уӕлдай бирӕ ӕндӕр миниуджытӕ кӕмӕ ис, ахӕм Хуыцау. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ сӕйрагдӕр миниуӕг у уарзондзинад. Иу дзырдуаты ацы стихы тыххӕй фыст ис: «Хуыцау ӕнӕхъӕнӕй дӕр у уарзондзинад». Уый куыд ӕмбаргӕ у? Йегъовӕ архайы йӕ тыхы фӕрцы. Алцыдӕр аразы йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ зондмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ йӕ архайынмӕ та разӕнгард кӕны уарзондзинад. Ӕмӕ йӕ иннӕ миниуджытимӕ алкӕддӕр февдисы уарзондзинад дӕр.
17 Арӕх фӕзӕгъӕм, Йегъовӕ цы уарзондзинад ӕвдисы, ахӕм ничи, зӕгъгӕ. Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, уарзондзинад цы у, уый базонын, уӕд хъуамӕ Йегъовӕйы базонӕм. Ацы рӕсугъд миниуӕгӕй адӕймаг дӕр хайджын у. Фӕлӕ йӕ чи схайджын кодта? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йегъовӕ адӕймаджы сфӕлдисын куы сфӕнд кодта, уӕд йӕ Фыртӕн цы загъта, уымӕ: «Скӕнӕм адӕймаджы нӕхимӕ гӕсгӕ, нӕхи хуызӕн» (Райдиан 1:26). Зӕххыл ӕрмӕстдӕр адӕмӕн у сӕ бон уарзын ӕмӕ уымӕй сӕ уӕларвон Фыды фӕзмын. Ӕвӕццӕгӕн хъуыды кӕныс, Йегъовӕ йӕ сӕйрагдӕр миниуджытӕ алыхуызон цӕрӕгойты хуызы кӕй равдыста. Фӕлӕ йӕ сӕйрагдӕг миниуӕг равдисынӕн та равзӕрста, цӕрӕгойтӕй уӕлдӕр чи у, уый – адӕймаджы (Йезекил 1:10).
18 Иннӕты удуӕлдай уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, махмӕ дӕр Йегъовӕйы сӕйрагдӕр миниуӕг кӕй ис. Апостол Иоанн дӕр афтӕ уымӕн ныффыста: «Мах та уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта» (1 Иоанны 4:19). Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ фыццаг куыд бауарзта?
Йегъовӕ скодта фыццаг къахдзӕф
19. Йегъовӕйы цард сфӕлдисын цӕмӕн бафӕндыд?
19 Уарзондзинад алкӕддӕр уыди. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Ахъуыды-ма кӕн ахӕм фарстайыл: «Йегъовӕйы цӕмӕн бафӕндыд цард сфӕлдисын?» Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ йын иунӕгӕй ӕнкъард уыди кӕнӕ цӕмӕй йемӕ исчи уыдаид. Йегъовӕ ӕппындӕр ницы хъуаг у. Адӕймаджы иннӕтӕн хорздзинад аразын фӕфӕнды, кӕй сӕ фӕуарзы, уый тыххӕй. Йегъовӕ дӕр уарзӕгой Хуыцау у. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бафӕндыд зӕдты ӕмӕ адӕмы сфӕлдисын, цӕмӕй уыдон дӕр цардыл цин кодтаиккой. «Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» уыд йӕ иунӕггуырд Фырт (Раргомад 3:14). Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ Фырт йӕ фарсмӕ уыди, ӕмӕ, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй – зӕдтӕй райдай ӕмӕ адӕмӕй фӕу (Иов 38:4, 7; Колоссӕгтӕм 1:16). Йегъовӕ сын бар радта, стӕй сӕ зондӕй ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй схайджын кодта, цӕмӕй сӕхӕдӕг уынаффӕтӕ хастаиккой. Уый фӕрцы уыцы хъомысджын зӕдтӕн сӕ бон уыд иннӕты уарзын ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ лымӕн кӕнын. Сӕйраджыдӕр та уый гӕнӕн уыд, цӕмӕй Йегъовӕ суыдаид сӕ Хӕлар (2 Коринфӕгтӕм 3:17). Уӕдӕ зӕдтӕн сӕ бон уарзын уый тыххӕй уыд, ӕмӕ сӕ фыццаг Йегъовӕ бауарзта.
20, 21. Адам ӕмӕ Евӕ кӕцӕй зыдтой, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы, уый, фӕлӕ куыд бакодтой?
20 Уый зӕгъӕн ис адӕмӕй дӕр. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ йӕ уарзтӕй тавта. Ӕрцӕрын сӕ кодта Едемы цӕхӕрадоны. Уым алцыдӕр дзурӕг уыд, сӕ Фыд сӕ куыд тынг уарзта, ууыл. Ӕркӕс-ма, Библийы цы фыст ис: «Йегъовӕ Хуыцау скодта цӕхӕрадон скӕсӕнырдыгӕй, Едемы, ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта, кӕй скодта, уыцы адӕймаджы» (Райдиан 2:8). Искуы рӕсугъд парчы уыдтӕ? Дӕ зӕрдӕмӕ дзы тынгдӕр цы фӕцыд? Бӕлӕсты сыфтӕрты ’хсӕнты хуры рухс куыд калд, уый? Бирӕ алыхуызон дидинджытӕ? Ӕви доны хӕл-хӕл ӕмӕ цъиуты зарын? Кӕнӕ мыдыбындзыты гуыв-гуыв ӕмӕ цъырцъырӕгты зарын? Кӕнӕ та бӕлӕсты, дыргъты ӕмӕ дидинджыты адджын тӕф? Рӕсугъд парктӕ бирӕ ис. Фӕлӕ Едемы цӕхӕрадон иу рӕсугъд паркимӕ дӕр нӕй абарӕн. Цӕуылнӕ?
21 Едемы цӕхӕрадон Йегъовӕ йӕхӕдӕг скодта, ӕмӕ уыд ӕмбисонды рӕсугъд! Уыди дзы алыхуызон рӕсугъд бӕлӕстӕ ӕмӕ хӕрзад дыргътӕ, калди дзы цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ дзы уыди бирӕ диссаджы цӕрӕгойтӕ. Адам ӕмӕ Евӕйӕн амондджынӕй цӕрынӕн алцыдӕр уыд, уыимӕ, сӕ зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм куыст. Уымӕй уӕлдай ма сын стыр циндзинад хаста, иумӕ кӕй уыдысты, уый дӕр. Йегъовӕ фыццаг равдыста, кӕй сӕ уарзы, ӕмӕ уыдон дӕр хъуамӕ равдыстаиккой, кӕй йӕ уарзынц, уый. Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ афтӕ нӕ бакодтой. Уыдон хъуамӕ сӕ уӕларвон Фыды уарзтаиккой ӕмӕ йӕм хъуыстаиккой. Фӕлӕ сӕ хиуарзон фӕндты коммӕ бакастысты, ӕмӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты (Райдиан, 2 сӕр).
22. Йегъовӕ куыд бакодта, Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд ӕмӕ уымӕй йе ’нувыд уарзт куыд равдыста?
22 Уый Йегъовӕйӕн зын куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ уый тыххӕй адӕмыл йӕ къух нӕ систа, уӕддӕр сӕ уарзта. «Ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт!» (Псалом 136:1). Уымӕ гӕсгӕ уыцы тӕккӕ аскъуыддзаг кодта, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй Хуыцауы базонын кӕй бафӕнда ӕмӕ йӕ чи уарза, уыдоны кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ, куыд базыдтам, афтӕмӕй уый тыххӕй йӕ уарзон Фырты нывондӕн ӕрхаста, кӕд ын уый тынг зын уыди, уӕддӕр (1 Иоанны 4:10). Уый уыди, адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй кӕй сарӕзта, уыцы хъуыддӕгтӕй иу.
23. Йегъовӕ «амондджын Хуыцау» цӕмӕн у ӕмӕ иннӕ сӕры цавӕр ахсджиаг фарстамӕ ӕркӕсдзыстӕм?
23 Ӕцӕгдӕр, «фыццаг Хуыцау бауарзта» адӕмы, ӕмӕ уый бирӕ хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг. Уарзондзинад алкӕй дӕр амондджын кӕны. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр «амондджын Хуыцау» уымӕн хуыйны (1 Тимофеймӕ 1:11). Фӕлӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Цымӕ Йегъовӕ мӕн уарзы?» Ацы ахсджиаг фарстайыл дзырд цӕуы иннӕ сӕры.
a Дзырд филе́о амоны, адӕймаг йе ’ввахс хӕлары кӕнӕ йе ’фсымӕры цы уарзтӕй фӕуарзы, уыцы уарзондзинадмӕ ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты арӕх ӕмбӕлы. Дзырд сторге́ амоны, адӕймаг йӕ бинонты цы уарзтӕй фӕуарзы, уыцы уарзондзинадмӕ. 2 Тимофеймӕ 3:3 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй фӕстаг бонты бирӕтӕм ахӕм уарзондзинад нал уыдзӕн. Дзырд э́рос амоны, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы уарзондзинад вӕййы, уымӕ. Ацы дзырд Чырыстон Грекъаг Фыстыты не ’мбӕлы, фӕлӕ Библийы ахӕм уарзты кой дӕр ис (Ӕмбисӕндтӕ 5:15–20).
b Библийы ма фыст ис, зӕгъгӕ, «Хуыцау у рухс» ӕмӕ «Хуыцау у, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт» (1 Иоанны 1:5; Дзуттӕгтӕм 12:29). Фӕлӕ бӕрӕг у, уыдон абарстытӕ кӕй сты. Йегъовӕ у рухсы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ у сыгъдӕг ӕмӕ рӕстаг. «Талынгӕй», кӕнӕ йӕм чъизийӕ, ницы ис. Йегъовӕйы абарӕн ис артимӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕм ахӕм тых ис, ӕмӕ дзы йӕ бон у цыфӕнды дӕр фесафын.
-
-
Ницы нӕ «фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм... цы уарзондзинад равдыста, уымӕй»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
24 СӔР
Ницы нӕ «фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм... цы уарзондзинад равдыста, уымӕй»
1. Адӕмӕй бирӕтӕ ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕй дӕр иуӕй-иутӕ куыд хъуыды кӕнынц?
ЙЕГЪОВӔ дӕ уарзы? Иуӕй-иуты уырны, Хуыцау адӕмы кӕй уарзы. Уый фыст ис Иоанны 3:16 стихы. Фӕлӕ уӕддӕр, чи зоны, хъуыды кӕнынц, Хуыцау мӕн никуы бауарздзӕн, зӕгъгӕ. Хатт ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны ӕцӕг чырыстӕттӕм дӕр. Йӕ ныфс кӕмӕн асаст, иу ахӕм нӕлгоймаг загъта: «Хуыцау мыл кӕй тыхсы, уый мӕ нӕ уырны». Мыййаг, дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны?
2, 3. Кӕй фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй нӕ уарзы ӕмӕ нын ахӕм хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн цы ’ххуыс кӕны?
2 Хӕйрӕджы тынг фӕнды, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ Хуыцау нӕ кӕй нӕ уарзы ӕмӕ йӕм нымады дӕр кӕй не стӕм. Рох дӕ ма уӕд, Хӕйрӕг адӕмы кӕй сайы (2 Коринфӕгтӕм 11:3). Арӕхдӕр сӕ ахӕм зондыл саразы, ӕмӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕр фӕхонынц. Фӕлӕ ма йӕм хорз кӕсы адӕмы ахӕм зондыл дӕр аразын, цӕмӕй сӕхимӕ ницӕйаг кӕсой (Иоанны 7:47–49; 8:13, 44). Уӕлдай тынгдӕр сайы ацы уӕззау «фӕстаг бонты». Бирӕтӕ хъомыл кӕнынц, кӕрӕдзийы чи нӕ уарзы, ахӕм бинонты ’хсӕн. Иннӕтӕ та цӕрынц ӕгъатыр, хиуарзон ӕмӕ хивӕнд адӕмы ’хсӕн (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Бирӕ азты дӕргъы хӕрдмӕ скӕсын кӕй нӕ уагътой кӕнӕ се сӕфт кӕмӕй уыдтой, уыдонмӕ, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ ӕппындӕр ницы сты ӕмӕ уый аккаг не сты, цӕмӕй сӕ исчи уарза.
3 Кӕд ды дӕр дӕхи тыххӕй афтӕ хъуыды кӕныс, уӕд дӕ къухтӕ ма ’руадз. Бирӕты нӕ ахӕм хъуыдытӕ хатт уӕгъд нал фӕуадзынц. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, Хуыцауы Ныхас пайда кӕй у «хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн» ӕмӕ йӕ фӕрцы кӕй ис «фидӕрттӕ басӕттӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16; 2 Коринфӕгтӕм 10:4). Библийы фыст ис: «Нӕ зӕрдӕтӕ ӕууӕндын кӕндзыстӕм, Хуыцау нӕ кӕй уарзы, ууыл. Ӕмӕ ныл нӕ зӕрдӕ цыфӕнды хъуыддаджы тыххӕй ма худа, уӕддӕр Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны» (1 Иоанны 3:19, 20). Ӕркӕсӕм, Библи нын цавӕр цыппар хъуыддаджы фӕрцы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл.
Йегъовӕйӕн зынаргъ дӕ
4, 5. Йесо сырддонцъиуты тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхаста, уымӕй куыд у бӕрӕг, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй стӕм, уый?
4 Фыццаг, Библийӕ базонӕн ис, Хуыцауӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр зынаргъ кӕй у. Зӕгъӕм, Йесо загъта: «Дыууӕ сырддонцъиуы лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ, уӕ Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матфейы 10:29–31). Цымӕ ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ адӕм цӕуыл ахъуыды кодтой?
«Сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут»
5 Чи зоны, кӕмӕдӕр диссаг фӕкӕса, чидӕртӕ-иу сырддонцъиутӕ кӕй ӕлхӕдтой, уый. Йесойы рӕстӕджы сырддонцъиу уыди, адӕм хӕрынӕн кӕй ӕлхӕдтой, уыцы мӕргътӕй ӕппӕты асламдӕр. Иу лыстӕг ӕхцайӕ балхӕнӕн уыди дыууӕ сырддонцъиуы. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Йесо загъта, дыууӕ лыстӕг ӕхцайӕн-иу адӕймагӕн цыппар сырддонцъиуы бӕсты фондз кӕй радтой. Фӕндзӕм-иу ын радтой лӕвар, цыма йын ӕппындӕр ницы аргъ уыди, афтӕ. Адӕмы цӕсты уыцы цъиутӕ, чи зоны, ницы уыдысты. Фӕлӕ сӕм Йегъовӕ дӕр ахӕм цӕстӕй каст? Йесо загъта: «Фӕлӕ дзы Хуыцауӕй иу дӕр [адӕймаг ӕхца кӕмӕн нӕ бафыста, суанг уый дӕр] рох нӕу» (Лукайы 12:6, 7). Уый фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, уый. Кӕд Йегъовӕйӕн иу гыццыл цъиу дӕр зынаргъ у, уӕд хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, адӕймаг ын бирӕ зынаргъдӕр кӕй у, ууыл. Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Йегъовӕ мах тыххӕй алцыдӕр зоны, нӕ сӕрыл цал хъуыны ис, суанг уый дӕр!
6. Афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ Йесо хабар ӕгӕр ныддиссаг кодта, Йегъовӕйӕн уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр нымад сты, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд?
6 Нӕ сӕрыхъуынтӕ иууылдӕр нымад сты? Чи зоны, искӕмӕ афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ Йесо хабар ӕгӕр ныддиссаг кодта. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл. Йегъовӕ нӕ хъуамӕ тынг хорз зона, цӕмӕй нӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха. Афтӕ зынаргъ ын стӕм, ӕмӕ мах тыххӕй алцыдӕр йӕ хъуыдыйы дары. Зӕгъӕм, зоны ӕмӕ дзы рох нӕу, нӕ буары кълеткӕты цы информаци ис, уый, стӕй нӕ зӕрдыл цы дарӕм ӕмӕ ныл царды цыдӕриддӕр ӕрцыд, уыдӕттӕ иууылдӕрa. Уыдӕттимӕ абаргӕйӕ цас диссаг у, нӕ сӕрыл цал хъуыны ис, уый кӕй зоны!
Йегъовӕйӕн зынаргъ цӕмӕн стӕм?
7, 8. а) Йегъовӕ адӕмы зӕрдӕты кӕй фены, уыцы миниуджытӕй кӕцытыл фӕцин кӕны? б) Йегъовӕйы цӕсты стыр аргъ кӕмӕн ис, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?
7 Дыккаг, Библи ӕргом кӕны, Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ зынаргъ цӕмӕн сты, уый. Стыр циндзинад ын хӕссынц нӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл кӕй архайӕм, уый. Паддзах Давид йӕ фырт Соломонӕн загъта: «Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны» (1 Азфыстыты 28:9). Абон адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц ӕмӕ дуне фыддзинадӕй байдзаг. Фӕлӕ Хуыцау се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕм кӕсы, цӕмӕй дзы хорзӕй исты ссара. Ӕмӕ, фарн ӕмӕ рӕстдзинад чи уарзы, стӕй, раст цы у, уый аразын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы куы ссары, уӕд тынг фӕцин кӕны. Ӕмӕ цы фӕаразы, чи йӕ уарзы, йӕ базонын кӕй фӕнды ӕмӕ иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы куы ссары, уӕд? Лӕмбынӕг фӕхъусы, Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн чи фӕдзуры, уыдонмӕ. Йегъовӕмӕ ма ис «зӕрдылдарӕн чиныг» дӕр. Уым фыст цӕуынц, «чи [дзы] тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны», уыдоны нӕмттӕ (Малахи 3:16). Йегъовӕ ахӕм миниуджытӕн тынг аргъ кӕны.
8 Йегъовӕйы цӕсты стыр аргъ кӕмӕн ис, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ та цавӕртӕ сты? Фидарӕй зӕгъӕн ис, уыдон кӕй сты, Йесойы къахвӕдтыл цӕуыны тыххӕй кӕй аразӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ (1 Петры 2:21). Йегъовӕ тынг ахсджиаг хъуыддӕгтыл кӕй нымайы, уыдонӕй иу у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын. Ромӕгтӕм 10:15 стихы фыст ис: «Куыд рӕсугъд сты, хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдоны къӕхтӕ!» Ам къӕхтӕ амонынц, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй сӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрдынц, уымӕ. Уыцы хъуыддаджы, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразынц, уый Йегъовӕйы цӕсты у рӕсугъд ӕмӕ уымӕн тынг аргъ кӕны (Матфейы 24:14; 28:19, 20).
9, 10. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, зындзинӕдты фидар кӕй фӕлӕууӕм, уымӕн Йегъовӕ стыр аргъ кӕй кӕны? б) Йегъовӕ цы нӕ фӕаразы?
9 Йегъовӕ стыр аргъ кӕны нӕ фидардзинадӕн дӕр (Матфейы 24:13). Рох дӕ ма уӕд: Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнай. Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй цы бон баззайыс, уыцы бон Йегъовӕйӕн фадат раттыс, цӕмӕй Хӕйрӕджы фидистӕн дзуапп ратта (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Хатт адӕймагӕн фидар фӕлӕууын ӕнцон нӕ вӕййы, йе ’нӕниздзинад кӕй фӕцуды, ӕхцайыл кӕй фӕмӕт кӕны, ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ кӕй фӕтох кӕны ӕмӕ йын ӕндӕр зындзинӕдтӕ фӕлварӕн кӕй свӕййынц, уый тыххӕй. Йӕ тых ма асӕтты, бирӕ куы фенхъӕлмӕ кӕсы, уӕд дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 13:12). Ахӕм зындзинӕдты фидар кӕй фӕлӕууӕм, уымӕн Йегъовӕ тынг аргъ кӕны. Паддзах Давид дӕр ын уый тыххӕй загъта, «мӕ цӕссыгтӕ мын дӕ лалымы сӕвӕр», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ загъта, фидарӕй йӕ кӕй зоны, уыцы цӕссыгтӕ Йегъовӕйӕн йӕ «чиныджы» фыст кӕй сты (Псалом 56:8). Ӕцӕгдӕр, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм, уый тыххӕй цӕссыгтӕ дӕр фӕкалӕм ӕмӕ зындзинӕдтӕн дӕр фӕбыхсӕм. Йегъовӕ уыдӕттӕм хуымӕтӕг цӕстӕй нӕ кӕсы ӕмӕ сӕ иууылдӕр йӕ зӕрдыл дары.
Зындзинӕдты фидар кӕй фӕлӕууӕм, уымӕн Йегъовӕ стыр аргъ кӕны
10 Фӕлӕ уӕддӕр, чи зоны, хатт нӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсӕм ӕмӕ фӕхъуыды кӕнӕм: «Мӕнӕй хуыздӕртӕ цас ис! Йегъовӕ мӕ уыдонимӕ куы абары, уӕд, хӕрзаг, фӕфыдӕнхъӕл вӕййы». Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ иннӕтимӕ никуы фӕбары ӕмӕ, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ никуы фӕдомы (Галатӕгтӕм 6:4). Нӕ зӕрдӕмӕ нын куы фӕкӕсы, уӕд дзы гыццылмур хорздзинад дӕр фены ӕмӕ йӕ зынаргъ хӕзнайыл банымайы.
Йегъовӕ нӕм хорз миниуджытӕ агуры
11. Йегъовӕйы тыххӕй нӕ бон цы у базонын, Авийы тыххӕй цы загъта, уымӕй?
11 Ӕртыккаг, Йегъовӕ нӕм лӕмбынӕг кӕсы, цӕмӕй фена, хорзӕй нӕм цы ис, уый. Уый бӕрӕг у паддзах Йеровоамы фырты хабарӕй. Йегъовӕ загъта, Йеровоамы хӕдзары нӕлгоймаджы мыггагӕй иу дӕр кӕй нал ныууадздзӕн сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй. Фӕлӕ йын йӕ фырт Авийы тыххӕй загъта, цӕмӕй йӕ кад ӕмӕ ӕгъдауыл баныгӕдтаиккой. Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕ Йеровоамы хӕдзары ӕрмӕстдӕр уый зӕрдӕйы ссардта цыдӕр хорздзинад» (1 Паддзӕхты 14:1, 10–13). Йегъовӕ сывӕллоны зӕрдӕмӕ лӕмбынӕг каст ӕмӕ дзы «цыдӕр хорздзинад» ссардта. Ӕмӕ уыцы хорздзинад кӕд цыфӕнды гыццыл уыд, уӕддӕр Йегъовӕ йӕ Ныхасы йӕ кой ракодта. Стӕй ма йӕм ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад дӕр равдыста, ӕмӕ йӕ кад ӕмӕ ӕгъдауыл баныгӕдтой.
12, 13. а) Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд дӕр нын Йегъовӕ нӕ хорз миниуджытӕ кӕй фӕуыны, уый паддзах Иосафаты хабарӕй куыд зыны? б) Йегъовӕ нын нӕ хорз миниуджытӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ цы нӕ сараздзӕн?
12 Ноджы диссагдӕр та паддзах Иосафаты хабар у. Иухатт стыр рӕдыд куы сарӕзта, уӕд ын Йегъовӕйы пехуымпар загъта: «Уый тыххӕй дӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд». Уыцы карз ныхӕстӕ фехъусын ын ӕхсызгон кӕм уыдаид! Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ ӕрмӕст уыцы ныхӕстӕ зӕгъынмӕ нӕ арвыста. Пехуымпар дарддӕр загъта: «Фӕлӕ дӕм Хуыцау хорздзинад дӕр федта» (2 Азфыстыты 19:1–3). Уӕдӕ кӕд Йегъовӕ Иосафатмӕ смӕсты, уӕддӕр уыдта, хорзӕй йӕм цы уыди, уый. Ӕнӕххӕст адӕймаг та? Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд ӕм хорзӕй ӕппындӕр ницыуал фӕуынӕм. Нӕхӕдӕг куы фӕрӕдийӕм, уӕд та нӕхимӕ фӕмӕсты кӕнӕм, нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл фӕхуды ӕмӕ нӕм худинаг фӕкӕсы. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕхимӕ хорзӕй ӕппындӕр ницыуал фӕуынӕм. Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы: нӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй куы фӕархайӕм, цӕмӕй сӕ ногӕй мауал ӕруадзӕм, уӕд нын сӕ Йегъовӕ ныххатыр кӕны.
13 Йегъовӕ дӕм хорздзинад куы фӕагуры, уӕд дын дӕ тӕригъӕдтӕ иуварс аппары, хӕзнатӕ агургӕйӕ адӕймаг дуртӕ иуварс куыд феппары, афтӕ. Ацы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ дын дӕ хорз миниуджытӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Зӕгъӕм, гыццыл сывӕллӕттӕ арӕх нывтӕ скӕнынц ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕн балӕвар кӕнынц. Уарзӕгой ныййарджытӕн уыцы нывтӕ стыр хӕзнаты хуызӕн вӕййынц ӕмӕ сӕ бирӕ азты дӕргъы ӕфснайдӕй фӕдарынц, кӕд сӕ сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг хъуыды дӕр нал фӕкӕнынц, уӕддӕр. Йегъовӕ та нӕ цыфӕнды ныййарӕгӕй дӕр тынгдӕр уарзы. Ӕмӕ йыл цалынмӕ иузӕрдион уӕм, уӕдмӕ нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ миниуджытӕ никуы ферох кӕндзӕн. Куы сӕ ферох кӕнид, уӕд уый мӕнгард хъуыддагыл банымаид, ӕмӕ Йегъовӕ та мӕнгард хъуыддаг никуы сараздзӕн (Дзуттӕгтӕм 6:10). Йегъовӕ ма нӕм хорздзинӕдтӕ фӕагуры ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕр.
14, 15. а) Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр Йегъовӕйӕн зынаргъ цӕмӕн стӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. б) Цы хорз миниуджытӕ нӕм ис, уыдонӕн Йегъовӕ цы сараздзӕн ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы?
14 Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕмӕ куы фӕкӕсы, уӕд нын нӕ хъӕндзинӕдтӕм нӕ ныккомкоммӕ вӕййы, фӕлӕ фӕуыны, цавӕр адӕймӕгтӕ нӕ рауайдзӕн, уый. Зӕгъӕм, стыр аргъ кӕмӕн ис, ахӕм нывыл исты куы ӕрцӕуа, уӕд, аивад чи уарзы, уыдон тынг бацархайдзысты, цӕмӕй уыцы ныв реставрацигонд ӕрцӕуа. Иухатт Лондоны музейы чидӕр Леонардо да Винчийы конд ныв (йӕ аргъ 30 милуан доллӕры бӕрц) хӕцӕнгарзӕй багӕрах кодта. Фӕлӕ хъуыды дӕр ничи акодта, нал бӕззы ӕмӕ йӕ аппарын хъӕуы, зӕгъгӕ. Реставратортӕ йыл уайтагъд кусын райдыдтой, цӕмӕй бӕрӕг дӕр мауал уыдаид, нӕмыг ыл кӕй суад, уый. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы ныв стыр хӕзнайыл нымад у. Ӕмӕ уӕд ды гӕххӕттыл кърандасӕй конд нывӕй бирӕ зынаргъдӕр нӕ дӕ? Йегъовӕйӕн ды бирӕ зынаргъдӕр дӕ, кӕд дӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй хатт дӕхимӕ ӕппындӕр ницы фӕкӕсыс, уӕддӕр (Псалом 72:12–14). Адӕмӕн цард чи радта, уыцы дӕсны Сфӕлдисӕг Йегъовӕ алцыдӕр сараздзӕн, цӕмӕй сын тӕригъӕд цы зиан ӕрхаста, уымӕй фӕд дӕр мауал баззайа, ӕмӕ йӕ чи уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон ӕххӕст суой (Хъуыддӕгтӕ 3:21; Ромӕгтӕм 8:20–22).
15 Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нын нӕ хорз миниуджытӕ уыны, кӕд сӕ нӕхӕдӕг нӕ уынӕм, уӕддӕр. Ӕмӕ йын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын сӕ нӕ мидӕг рӕзын кӕндзӕн, цалынмӕ ӕххӕст не суӕм, уӕдмӕ. Хӕйрӕджы дунейы нӕм цыфӕнды ӕвзӕр цӕстӕй ма кӕсой, уӕддӕр Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хӕзнатыл нымайы (Аггей 2:7).
Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты у бӕрӕг
16. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ӕппӕты хуыздӕр цӕмӕй у бӕрӕг ӕмӕ кӕцӕй зонӕм, уыцы лӕвар махӕй алкӕй тыххӕй дӕр кӕй ӕрцыд лӕвӕрд?
16 Цыппӕрӕм, Йегъовӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисы, кӕй нӕ уарзы, уый. Хӕйрӕг та зӕгъы, кӕй ницы стӕм ӕмӕ нӕ Хуыцау кӕй нӕ уарзы. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй тынгдӕр ницӕмӕй у бӕрӕг, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты, уый. Хъуамӕ макуы рох кӕнӕм, Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл куы мард, уӕд стыр рыст кӕй бавзӕрста. Йегъовӕ та йӕ уарзон Фырты мӕлӕтмӕ кӕсгӕйӕ ноджы стырдӕр рыст бавзӕрста ӕмӕ уый сӕ уарзондзинадыл дзурӕг у. Хъыгагӕн, бирӕты нӕ уырны, Йегъовӕ уыцы лӕвар уыдоны тыххӕй дӕр кӕй радта. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ уый аккаг не сты. Фӕлӕ-ма апостол Павелы хабарыл ахъуыды кӕн. Цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты фӕстӕ зылд. Фӕлӕ загъта: «Хуыцауы Фырт... мӕн... бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард... радта» (Галатӕгтӕм 1:13; 2:20).
17. Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ куыд ӕввахс кӕны?
17 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ нӕ алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нын Чырыстийы нывонд пайда хӕсса. Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд» (Иоанны 6:44). Йегъовӕ нӕ йӕхӕдӕг ӕввахс кӕны йӕ Фыртмӕ ӕмӕ нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс дӕтты. Куыд? Йегъовӕйы фӕрцы нӕ алчидӕр хорз хабар фехъуыста. Стӕй йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы не ’ппӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Библи ӕмбарӕм ӕмӕ йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр. Уӕдӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у махӕн дӕр зӕгъын, кӕддӕр Израилӕн куыд загъта, афтӕ: «Ӕнусон уарзтӕй дӕ бауарзтон. Гъе уый тыххӕй дӕ ӕлвасын мӕхимӕ ӕнувыд уарзтӕй» (Йереми 31:3).
18, 19. а) Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уый уӕлдай тынгдӕр кӕд бамбарӕм ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕм йӕхӕдӕг кӕй хъусы, уый кӕцӕй зонӕм? б) Йегъовӕ нын нӕ зын кӕй ӕмбары, уый йӕ Ныхасӕй куыд у бӕрӕг?
18 Йегъовӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ йӕм нӕ бон у кувын. Куы йӕм фӕкувӕм, уӕд уӕлдай тынгдӕр бамбарӕм, тынг нӕ кӕй уарзы, уый. Библи нӕ алкӕмӕн дӕр дзуры, «ӕппынӕдзух кувут», зӕгъгӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17). Хуыцау нӕ хъусы! Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» (Псалом 65:2). Нӕ куывдтытӕм нын йӕхӕдӕг хъусы. Уый никӕй бар бакодта, суанг йӕ Фырты бар дӕр. Ахъуыды-ма кӕн: Дунесфӕлдисӕг Хуыцау нын дзуры, цӕмӕй йӕм кувӕм ӕмӕ йын ӕргом дзурӕм, цӕуыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Фӕлӕ нӕм цымӕ ӕнӕуи фӕхъусы? Нӕхӕдӕг ӕмӕ, цытӕ ӕвзарӕм, уыдӕттӕ та йӕм нымады дӕр нӕ вӕййынц? Нӕ, уый афтӕ нӕу.
19 Йегъовӕ иннӕты зын ӕмбары. Уый цы нысан кӕны? Иу ацӕргӕ иузӕрдион чырыстон афтӕ загъта: «Искӕй зын ӕмбарын у, йӕ рыст мӕ зӕрдӕйы рыст куы уа, уый». Цымӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕцӕгдӕр фӕриссы, зын нын куы вӕййы, уӕд? Дӕ хъус-ма ӕрдар, йӕ адӕмы, Израилы, зындзинӕдтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕ: «Уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр» (Исай 63:9). Цы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой, уыдон ӕрмӕст уынгӕ нӕ кодта, фӕлӕ сыл йӕ зӕрдӕ рыст. Йӕ адӕмы рыст йӕ зӕрдӕмӕ куыд арф исы, уый бамбарын кӕныны тыххӕй загъта: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мын мӕ цӕстыгагуымӕ ӕвналы»b (Захари 2:8). Исчи нын нӕ цӕстмӕ куы февнала, уӕд нын тынг фӕрисдзӕн. Уӕдӕ махӕн зын куы вӕййы, уӕд зын вӕййы Йегъовӕйӕн дӕр.
20. Нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм, цӕмӕй Ромӕгтӕм 12:3 стихы уынаффӕ ӕххӕст кӕнӕм?
20 Иу фӕлтӕрдджын чырыстон дӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ кӕд Йегъовӕ уарзы ӕмӕ йын зынаргъ у, уӕд иннӕтӕй хуыздӕр у. Апостол Павел ныффыста: «Хуыцауы стыр хорзӕхӕй хайджын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ уӕ алкӕмӕн дӕр дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут, фӕлӕ уӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд, Хуыцау ын цы уырнындзинад радта, уымӕ гӕсгӕ» (Ромӕгтӕм 12:3). Уӕдӕ нӕ нӕ уӕларвон Фыд кӕй уарзы, ууыл цин кӕнӕм, фӕлӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ хъуамӕ уарза, уымӕн ӕмӕ уый аккаг стӕм (Лукайы 17:10).
21. Хӕйрӕг нӕ цӕуыл баууӕндын кӕнынмӕ хъавы ӕмӕ Библийӕ цавӕр ныхӕстыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм?
21 Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстыл ма ӕууӕндӕм, зӕгъгӕ, ницы стӕм ӕмӕ нӕ ничи уарзы. Царды дыл цытӕ ӕрцыд, уыдӕтты тыххӕй, чи зоны, хъуыды кӕныс, ӕмӕ суанг Хуыцауы уарзты аккаг дӕр нӕ дӕ. Кӕнӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ цы хорз хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдон ахӕм ницӕйаг сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау уынгӕ дӕр нӕ кӕны. Йе та хъуыды кӕныс, ӕмӕ дӕ тӕригъӕдтӕ ахӕм стыр сты, ӕмӕ сӕ Хуыцауы зынаргъ Фырты тугӕй дӕр нӕй балхӕнӕн. Кӕд хабар афтӕ у, уӕд мӕнг ныхӕстыл баууӕндыдтӕ. Ахӕм хъуыдытӕ дӕ сӕрмӕ уадзгӕ дӕр ма кӕн! Уӕдӕ дарддӕр архайӕм, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ апостол Павелӕн цы ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдон махмӕ дӕр кӕй хауынц: «Ӕз ӕй фидарӕй зонын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр хицауӕдтӕ, нӕдӕр, ныртӕккӕ цы ис ӕмӕ нӕдӕр, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ, нӕдӕр барджынтӕ, нӕдӕр, уӕлейӕ цы ис, уый, нӕдӕр, бынӕй цы ис, уый, ӕмӕ ма Хуыцау ноджыдӕр цы сфӕлдыста, уыдонӕй дӕр нӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй» (Ромӕгтӕм 8:38, 39).
a Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыцы ныфс Библийы арӕх баст вӕййы, Йегъовӕйӕ кӕй ницы рох кӕны, уыимӕ. Иузӕрдион Иов Йегъовӕйӕн загъта: «Тӕхуды... ӕмгъуыд мын куы снысан кӕнис ӕмӕ мӕ куы ӕрхъуыды кӕнис!» (Иов 14:13). Йесо дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, райгас уыдзысты «ингӕнты [комкоммӕ «зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты», фиппаинаг] чидӕриддӕр ис», уыдон. Йесо раст ныхӕстӕй спайда кодта, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ тынг хорз хъуыды кӕны, чи амард, уыдонӕй йӕ райгас кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр (Иоанны 5:28, 29).
b Иуӕй-иу тӕлмацты ацы стих афтӕ у, зӕгъгӕ, Хуыцауы адӕммӕ чи ӕвналы, уый йын ӕвналы йӕ цӕстмӕ, ома Израилы, цӕстмӕ, Хуыцауы цӕстмӕ нӕ, фӕлӕ. Уыцы рӕдыд Библимӕ бахастой, къопитӕ йын чи кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Афтӕ сӕм фӕкаст, ӕмӕ уыцы стих Хуыцауы кад дӕлӕмӕ кӕны. Афтӕмӕй Библийӕ айстой диссаджы хъуыды: Йегъовӕ йӕ адӕмы рыст йӕ зӕрдӕмӕ тынг арф исы.
-
-
«Нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг у»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
25 СӔР
«Нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг у»
1, 2. а) Мад йӕ хъӕбулы кӕуын куы айхъусы, уӕд куыд бакӕны? б) Мадӕй тӕригъӕдгӕнагдӕр чи у?
ӔМБИСӔХСӔВ сывӕллоны кӕуын ссыд. Мад уайтагъд фехъал. Йӕ хъӕбулы райгуырдӕй фӕстӕмӕ адджын фынӕй никуыуал бакодта. Фылдӕр хатт мад сывӕллонӕн йӕ куыдӕй базоны, ӕххормаг у, хъӕбысмӕ сисын ӕй хъӕуы ӕви йӕ ӕндӕр исты хъӕуы, уый. Фӕлӕ цӕйфӕнды тыххӕй ма кӕуа, уӕддӕр мадӕн йӕ зӕрдӕ нӕ фӕлӕууы, ӕмӕ уайтагъд йӕ уӕлхъус алӕууы ӕмӕ йӕм базилы.
2 Мад, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уыцы хъӕбулӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, уымӕй тыхджындӕр ӕнкъарӕн адӕймаг нӕ зоны. Фӕлӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕ ноджы тӕригъӕдгӕнагдӕр у. Уыцы рӕсугъд миниуӕг цы у, уый хуыздӕр куы бамбарӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, тӕригъӕд кӕнын цы нысан кӕны ӕмӕ Хуыцау уыцы миниуӕг куыд ӕвдисы, ууыл.
Тӕригъӕд кӕнын цы нысан кӕны?
3. «Тӕригъӕд кӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый цӕмӕ амоны?
3 Библийы ӕмбӕлы, сӕ хъуыды «тӕригъӕд кӕнын» кӕмӕн у, цалдӕр ахӕм дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырды. Уыдонӕй иу у дзуттаг дзырд раха́м. Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ, уыцы дзырд ӕвдисы, кӕй уарзӕм, ахӕм адӕймаг куы фӕхъизӕмар кӕны кӕнӕ йӕ не ’ххуыс куы фӕхъӕуы, уӕд нӕ зӕрдӕйы цы ӕнкъарӕн сӕвзӕры, уый. Йегъовӕ ацы дзуттаг дзырдӕй спайда кодта, куыд тынг нын тӕригъӕд кӕны, уый равдисынӕн. Ацы дзырд ӕнгом баст у дзырд «хуылф»-имӕ ӕмӕ ма йӕ ратӕлмац кӕнӕн ис, «мад куыд фӕтӕригъӕд кӕны, афтӕ»a (Рацыд 33:19; Йереми 33:26).
«Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мад... ферох кӕна, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста», уыцы сывӕллоны?
4, 5. Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый Библи цӕимӕ бары?
4 Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый Библи бары, мад йӕ сывӕллонӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, уыимӕ. Исайы 49:15 стихы фыст ис: «Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕна, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уымӕн ма фӕтӕригъӕд кӕна [раха́м]? Уый йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕна, фӕлӕ ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн тынг кӕй тӕригъӕд кӕны. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?
5 Мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ӕххормагӕй ныууадза ӕмӕ йӕм ма базила, уый нӕ, ӕвӕццӕгӕн, уырнгӕ дӕр нӕ кӕны. Ноггуырдӕн йӕ бон ӕппындӕр ницы вӕййы, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ мад хъуамӕ йӕ фарсмӕ уа, рӕвдауа йӕ ӕмӕ йӕм зила. Фӕлӕ, хъыгагӕн, иуӕй-иу мадӕлтӕ сӕ сывӕллӕтты мӕт ӕппындӕр нӕ кӕнынц, уӕлдайдӕр та ацы «тынг уӕззау рӕстӕг», уымӕн ӕмӕ бинонтӕ ’хсӕн уарзондзинад нал ис (2 Тимофеймӕ 3:1, 3). Фӕлӕ Йегъовӕ зӕгъы: «Ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн». Афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ма фӕтӕригъӕд кӕна. Йегъовӕ нын куыд тӕригъӕд кӕны, уый ницӕимӕ ис абарӕн, мад йӕ сывӕллонӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, суанг уыимӕ дӕр. Исайы 49:15 стихы фӕдыл иу библииртасӕг афтӕ уый тыххӕй загъта: «Хуыцау нӕ куыд тынг уарзы, уый Дзуттаг Фыстыты ацы стих тынг хорз ӕвдисы, чи зоны йӕ ацы стихӕй хуыздӕр ӕндӕр никӕцы стих ӕвдисы».
6. Ӕнӕххӕст адӕмӕй бирӕтӕ тӕригъӕд кӕнын цавӕр миниуӕгыл нымайынц, фӕлӕ Йегъовӕ та цы дзуры?
6 Тӕригъӕдгӕнаг чи у, уый цымӕ лӕмӕгъ адӕймаг у? Ӕнӕххӕст адӕмӕй афтӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц. Зӕгъӕм, Йесойы заман чи цард, иу ахӕм зындгонд философ, Сенекӕ, загъта, иннӕтӕн ӕрмӕст лӕмӕгъ адӕм кӕй фӕтӕригъӕд кӕнынц. Сенекӕ дзырдта, зӕгъгӕ, ӕппӕты хуыздӕр у, цӕмӕй адӕймаг маст дӕр ма кӕна ӕмӕ цин дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зондджын адӕймагӕн йӕ бон у баххуыс кӕнын, зын уавӕры чи ис, уымӕн, фӕлӕ йын хъуамӕ тӕригъӕд ма кӕна, кӕннод йӕ зӕрдӕйы фарн нал уыдзӕн. Ахӕм адӕймӕгтӕ, ома ӕрмӕст йӕхиуыл чи хъуыды кӕны, уыдон, тӕригъӕд кӕнын нӕ зонынц. Фӕлӕ Йегъовӕ ахӕм нӕу! Йӕ Ныхасы нын дзуры, «фӕлмӕн уарзтӕй [нӕ] кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у» (Иаковы 5:11). Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй тӕригъӕд кӕнын лӕмӕгъ адӕймаджы миниуӕг нӕу, фӕлӕ у тыхджын адӕймаджы миниуӕг. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ уарзӕгой ныййарӕгау уыцы миниуӕг куыд ӕвдисы, уымӕ.
Йегъовӕ Израилы адӕмӕн тӕригъӕд кодта
7, 8. Израилӕгтӕ Египеты куыд хъизӕмар кодтой ӕмӕ уымӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕ цы сарӕзта?
7 Йегъовӕ тынг тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый бӕрӕг у, Израилы адӕмӕн куыд уыди, уымӕй. Иосифы мӕлӕты фӕстӕ цалдӕр милуан израиладжы Египеты цагъартӕ систы, ӕмӕ сӕ египетӕгтӕ хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагътой. «Тыхкуыстӕй сын сӕ цард сӕнад кодтой – аразын сын кодтой ӕлыджы змӕст ӕмӕ самандуртӕ, кусын сын кодтой быдыры дӕр» (Рацыд 1:11, 14). Израилӕгтӕ сӕ фыртыхстӕй Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзынӕзтой. Цымӕ сӕ дзыназынмӕ хъусгӕйӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ куыдтӕ кодта ӕмӕ цы сарӕзта?
8 Йӕ зӕрдӕ сыл фӕрыст. Уый загъта: «Ӕз федтон, мӕ адӕм Египеты куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ дзыназын, уымӕн ӕмӕ сын сӕ цӕстдарджытӕ тыхкуыст кӕнын кӕнынц. Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц» (Рацыд 3:7). Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ уыд йӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад кӕсын ӕмӕ сын сӕ дзыназынмӕ хъусын. Ацы чиныджы 24-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн зын куы вӕййы, уӕд зын вӕййы йӕхицӕн дӕр. Йегъовӕйӕн йӕ адӕмыл йӕ зӕрдӕ ӕрмӕст рисгӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма сын ӕххуыс дӕр бакодта. Исайы 63:9 стихы кӕсӕм: «Кӕй сӕ уарзта ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй сӕ йӕхӕдӕг фӕстӕмӕ балхӕдта». Йӕ «фидар къухӕй» сӕ Египетӕй ракодта (Дыккаг закъон 4:34). Уый фӕстӕ сын ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакодта.
9, 10. а) Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ӕрцардысты, уый фӕстӕ дӕр-иу сӕ Йегъовӕ цӕмӕн фервӕзын кодта? б) Йеффайы рӕстӕг Йегъовӕ израилӕгты кӕмӕй фервӕзын кодта ӕмӕ цӕмӕн?
9 Цымӕ Йегъовӕ Израилы адӕмӕн никуыуал фӕтӕригъӕд кодта? Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ӕрцардысты, уӕд-иу арӕх Хуыцауы коммӕ нӕ кастысты ӕмӕ-иу уый тыххӕй бӕллӕхы бахаудысты. Фӕлӕ та-иу стӕй куы ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын куы райдыдтой, уӕд та-иу сӕ фервӕзын кодта. Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмыл... йӕ зӕрдӕ рысти» (2 Азфыстыты 36:15; Тӕрхонгӕнджыты 2:11–16).
10 Ӕркӕсӕм, Йеффайы рӕстӕг цы ’рцыди, уымӕ. Израилӕгтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой, ӕмӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй сӕ аммонӕгтӕ ӕфхӕрдтаиккой. Ӕмӕ афтӕ уыд 18 азы дӕргъы. Ӕппынфӕстаг израилӕгтӕ ӕрфӕсмон кодтой. Библийы фыст ис: «Ӕмӕ райдыдтой, цы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ сӕм уыди, уыдон сафын ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ йӕ уд нал фӕрӕзта Израилы тӕригъӕдмӕ кӕсын» (Тӕрхонгӕнджыты 10:6–16). Йӕ адӕм зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый хъуыддагӕй куы равдыстой, уӕд сӕ тӕригъӕдмӕ кӕсын йӕ бон нал уыди. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йеффайы къухӕй се знӕгтӕй фервӕзын кодта (Тӕрхонгӕнджыты 11:30–33).
11. Йегъовӕ Израилы адӕмӕн куыд уыди, уымӕй нӕ бон цы у базонын, тӕригъӕд кӕнын цы у, уый тыххӕй?
11 Тӕригъӕд кӕнын цы нысан кӕны, уый тыххӕй нӕ бон цы у базонын, Йегъовӕ Израилы адӕмӕн куыд уыди, уымӕй? Иу уый, ӕмӕ тӕригъӕд кӕнын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдоныл мӕт кӕнай. Уӕлдӕр цы цӕвиттон ӕрхастам, уый хорз ӕвдисы, мадӕн йӕ бон кӕй нӕ вӕййы ӕнцад бадын, йӕ сывӕллон куы фӕкӕуы уӕд, уымӕн ӕмӕ йын тӕригъӕд фӕкӕны. Йегъовӕмӕ дӕр йӕ адӕм ӕххуысмӕ куы фӕдзыназынц, уӕд сын фӕтӕригъӕд кӕны ӕмӕ сын баххуыс кӕны. Иннӕ та уый, ӕмӕ иннӕтӕн чи тӕригъӕд кӕны, уый лӕмӕгъ схонӕн нӕй. Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй-иу сӕ се знӕгтӕй фервӕзын кодта. Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕрмӕстдӕр иумӕ райсгӕйӕ тӕригъӕд кӕны?
Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр тӕригъӕд кӕны
12. Йегъовӕйы зӕрдӕ алкӕуыл дӕр кӕй риссы, уый Закъонӕй куыд у бӕрӕг?
12 Хуыцауы зӕрдӕ алы адӕймагыл дӕр кӕй риссы, уый бӕрӕг у, Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уымӕй. Ахъуыды-ма кӕнӕм, мӕгуыртыл куыд тынг тыхсти, ууыл. Йегъовӕ зыдта, ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы ӕрцыдаид, уӕд гӕнӕн кӕй уыд, ӕмӕ израилӕгтӕй исчи смӕгуыр уыдаид. Ахӕм адӕймагмӕ израилӕгтӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой? Йегъовӕ сын бафӕдзӕхста: «Де ’фсымӕртӕй исчи куы смӕгуыр уа, уӕд-иу дӕ зӕрдӕ ма ныддур кӕн ӕмӕ-иу дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры раз чъынды ма разын. Цы йӕ хъӕуы, уый йын ӕнӕмӕнгӕй ратт, ӕмӕ йын ӕй куы дӕттай, уӕд дӕм дӕ зӕрдӕйы ӕвгъау ма кӕсӕд. Уый тыххӕй дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн дӕ алы хъуыддаджы дӕр, цыфӕнды ма аразай, уымӕн» (Дыккаг закъон 15:7, 10). Йегъовӕ ма израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ хуымтӕ суанг сӕ кӕрӕтты онг ма ныккарстаиккой ӕмӕ-иу дзы цы ӕфсиртӕ баззад, уыдон-иу ма ӕрӕмбырд кодтаиккой. Уыцы ӕфсиртӕ уыдысты мӕгуыртӕн (Левит 23:22; Руф 2:2–7). Израилӕгтӕ-иу ацы закъӕттӕ куы ӕххӕст кодтой, уӕд-иу мӕгуыргур цӕуын никӕй хъуыди. Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ тынг кӕй тӕригъӕд кӕны, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн.
13, 14. а) Йегъовӕ нӕ алкӕуыл дӕр кӕй тыхсы, уый Давиды ныхӕстӕй куыд у бӕрӕг? б) «Зӕрдӕсаст» ӕмӕ «ныфссаст» чи у, уыдонмӕ Йегъовӕ хӕстӕг кӕй у, уый цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг?
13 Нӕ уарзӕгой Хуыцау махӕй алкӕуыл дӕр тынг тыхсы. Цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон иууылдӕр тынг хорз кӕй зоны, ууыл дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы. Псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ. Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:15, 18). Иу библииртасӕг бамбарын кодта, «зӕрдӕсаст» ӕмӕ «ныфссаст» чи у, уыдон кӕй сты, йӕ рӕдыдтыты тыххӕй йӕ ныфс кӕмӕн асӕтты ӕмӕ йӕхимӕ ницӕйаг чи фӕкӕсы, ахӕм адӕм. Уыдонмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ тынг дард у ӕмӕ уый аккаг не сты, цӕмӕй сыл тыхса. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕхи кӕй нӕ атигъ кӕны, йӕхимӕ ницӕйаг чи фӕкӕсы уыдоныл. Нӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау зоны, ахӕм рӕстӕг нӕ йе ’ххуыс уӕлдай тынгдӕр кӕй фӕхъӕуы, ӕмӕ нӕ фарсмӕ вӕййы.
14 Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Америкӕйы Иугонд Штатты иу сылгоймагӕн йӕ дыууӕаздзыд лӕппуйӕн йӕ улӕфт ӕхгӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ рынчындонмӕ аскъӕфта. Дохтыртӕ сывӕллоны куы федтой, уӕд мадӕн загътой, лӕппу рынчындоны кӕй хъуамӕ баззайа. Цымӕ уыцы ӕхсӕв мад кӕм арвыста? Рынчындоны, йӕ фырты уӕлхъус! Йӕ гыццыл лӕппу рынчын уыд, ӕмӕ ӕндӕр кӕм хъуамӕ уыдаид! Мад афтӕ кӕй бакодта, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ скодта (Райдиан 1:26). Мах фидарӕй зонӕм, мадӕн йӕ сывӕллонӕн йӕ бон цас у саразын, Йегъовӕ нын уымӕй фылдӕр кӕй сараздзӕн. Псалом 34:18 стихы ныхӕстӕ нӕ ныфс уадзынц, «зӕрдӕсаст» кӕнӕ «ныфссаст» куы вӕййӕм, уӕд нӕм Йегъовӕ уарзӕгой фыдау «хӕстӕг» кӕй вӕййы. Уый нын алкӕддӕр нӕ рыст фембары ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы.
15. Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр куыд ӕххуыс кӕны?
15 Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр куыд ӕххуыс кӕны? Цы нӕ тыхсын кӕны, уымӕй нӕ алы хатт нӕ фервӕзын кӕны. Фӕлӕ дзы ӕххуыс чи куры, уыдонӕн алыхуызӕтты баххуыс кӕны. Йӕ Ныхас Библийы ис, цыфӕнды уавӕры дӕр нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ. Ӕмбырды та ис хистӕр нӕлгоймӕгтӕ – Йегъовӕйы лӕвӕрттӕ. Уыдон нын куы феххуыс кӕнынц, уӕд фӕархайынц, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмой (Иаковы 5:14, 15). Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» ӕмӕ ратты «сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн» (Псалом 65:2; Лукайы 11:13). Уыцы сыгъдӕг тыхы фӕрцы схайджын вӕййӕм, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй фидар лӕууӕм, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон не скӕна, уӕдмӕ (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Уыцы стыр лӕвӕртты тыххӕй Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм! Уӕдӕ ма рох кӕнӕм, Йегъовӕ нын ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы кӕй ӕмбарын кӕны, тынг нын кӕй тӕригъӕд кӕны, уый.
16. Йегъовӕ нын кӕй тӕригъӕд кӕны, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн цы у ӕмӕ нӕ уый алкӕмӕн дӕр цӕуыл дзурӕг у?
16 Йегъовӕ нын кӕй тӕригъӕд кӕны, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн у, йӕ уарзон Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уый. Йегъовӕ афтӕ бакодта, уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна. Рох дӕ макуы уӕд, Йегъовӕ Йесойы нывондӕн дӕу тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста, уый. Ӕмӕ, Аргъауӕг Иоанны фыд Захари куыд загъта, афтӕмӕй уыцы нывонд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ «нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг» у (Лукайы 1:78).
Йегъовӕ тӕригъӕд кӕд нал фӕкӕны
17–19. а) Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ адӕймаг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр ын тӕригъӕд кӕндзӕн? б) Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цӕуылнӕуал фӕтӕригъӕд кодта?
17 Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ чифӕнды цыфӕнды куы араза, уӕддӕр ын алы хатт дӕр тӕригъӕд кӕндзӕн? Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй нӕ тӕригъӕд кӕны, йӕ цӕсты раст цы нӕу, ӕдзух уыдӕттӕ чи аразы, уыдонӕн (Дзуттӕгтӕм 10:28). Цӕмӕн, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм Израилы адӕмы хабармӕ.
18 Кӕд Йегъовӕ израилӕгты се знӕгтӕй бирӕ хӕттыты фервӕзын кодта, уӕддӕр сӕ ӕппынфӕстаг нал ирвӕзын кодта. Уыдон ӕлгъаг гуымирытӕн куывтой ӕмӕ ма сӕ суанг Йегъовӕйы кувӕндонмӕ дӕр бахастой! (Йезекил 5:11; 8:17, 18). Уымӕй уӕлдай ма Библийы кӕсӕм: «Уыдон ӕцӕг Хуыцауы минӕвӕрттӕй хынджылӕг кодтой ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой, йӕ пехуымпартыл ын худтысты ӕмӕ уыйонг ӕрцыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы маст йӕ адӕммӕ ссыгъд, ӕмӕ сын сдзӕбӕх кӕнӕн нал уыди» (2 Азфыстыты 36:16). Израилӕгтӕ афтӕ хивӕнд систы, ӕмӕ уый гӕнӕн нал уыд, цӕмӕй сын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодтаид. Сӕ митӕм кӕсгӕйӕ сӕм йӕ маст рафыхт. Ӕмӕ дарддӕр цы ’рцыд?
19 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн нал тӕригъӕд кодта. Загъта: «Нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн, нӕ сыл бацауӕрддзынӕн ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдисдзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн удӕгасӕй» (Йереми 13:14). Знӕгтӕ Иерусалим ӕмӕ кувӕндон ныппырх кодтой, израилӕгты та Вавилонмӕ уацары акодтой. Хъыгагӕн, адӕм хатт афтӕ хивӕнд свӕййынц, ӕмӕ уый гӕнӕн нал вӕййы, цӕмӕй сын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кӕна (Йеремийы хъарӕг 2:21).
20, 21. а) Йегъовӕ куы аскъуыддзаг кӕна, фыдгӕнджытӕн тӕригъӕд кӕнын кӕй ницыуал пайда у, уӕд цы ’рцӕудзӕн? б) Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ иннӕ сӕры цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
20 Уӕдӕй нырмӕ Йегъовӕ нӕ аивта. Адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кӕны, уый тыххӕй йе ’вдисӕнты ӕрвиты, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕной (Матфейы 24:14). Рӕстзӕрдӕ адӕймӕгты Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын куы бафӕнды, уӕд сын баххуыс кӕны йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар бамбарынӕн (Хъуыддӕгтӕ 16:14). Фӕлӕ уыцы хабар ӕнустӕм нӕ хъусын кӕндзысты. Йегъовӕйы тӕригъӕдгӕнаг схонӕн нӕ уаид, фыдгӕнджыты ӕнустӕм куы уадзид, цӕмӕй иннӕты цардӕй хынджылӕг кӕной ӕмӕ сӕ хъизӕмарӕй марой. Йегъовӕ куы аскъуыддзаг кӕна, ӕмӕ сын тӕригъӕд кӕнын ницыуал пайда у, уӕд ацы фыддунейӕн кӕрон скӕндзӕн. Фӕлӕ афтӕ бакӕндзӕн, тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый тыххӕй. Афтӕмӕй йӕ «сыгъдӕг ном» скадджын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕндзӕн (Йезекил 36:20–23). Йегъовӕ зӕххӕй фыддзинад фесафдзӕн ӕмӕ ног дуне ралӕудзӕн. Фыдгӕнджыты тыххӕй Хуыцау загъта: «Ӕмӕ сын ӕз дӕр нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ сыл нӕ бацауӕрддзынӕн. Сӕ хъуыддӕгтӕ сын сӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн» (Йезекил 9:10).
21 Фӕлӕ уал нырма Йегъовӕ тӕригъӕд кӕны, ацы фыддунеимӕ фесӕфынӕй тӕссаг кӕмӕн у, суанг уыдонӕн дӕр. Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый хорз зыны, хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уымӕй. Ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн сӕ бон у уымӕй спайда кӕнын. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ бынтондӕр кӕй ныххатыр кӕны, уый Библийы ӕвдыст цӕуы рӕсугъд абарстыты фӕрцы. Уыдонӕй цалдӕрыл иннӕ сӕры аныхас кӕндзыстӕм.
a Диссаг уый у, ӕмӕ Псалом 103:13 стихы дзуттаг дзырд раха́м амоны, фыд йӕ сывӕллӕттӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, уымӕ.
-
-
Хуыцау «цӕттӕ [у] хатыр кӕнынмӕ»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
26 СӔР
Хуыцау «цӕттӕ [у] хатыр кӕнынмӕ»
1–3. а) Давидӕн уӕззау уаргъы хуызӕн цы уыд ӕмӕ йын удӕнцой цы хаста? б) Тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд нын уӕззау уаргъы хуызӕн цы вӕййы, фӕлӕ нын Йегъовӕ цы зӕгъы?
«МӔ РӔДЫДТЫТӔ мӕ сӕрӕй уӕлдӕр фесты, уӕззау уаргъау мыл уӕз кӕнынц. Бандзыг дӕн, мӕ зӕрдӕ бынтон асаст»,– ныффыста псаломзарӕггӕнӕг Давид (Псалом 38:4, 8). Давиды йӕ тӕригъӕды тыххӕй йӕ цӕсгом куы хордта, уӕд ӕм афтӕ каст, цыма йе ’ккой уӕззау уаргъ уыди. Фӕлӕ йын уӕддӕр иу цыдӕр удӕнцой хаста. Ӕмбӕрста йӕ, кӕд Йегъовӕ тӕригъӕдӕй йе сӕфт уыны, уӕддӕр, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕны ӕмӕ чи аивы, уыцы адӕймагӕй йе сӕфт кӕй нӕ уыны. Давид ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕйы кӕй фӕфӕнды ахӕм адӕймагӕн ныххатыр кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ загъта: «О Йегъовӕ... ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» (Псалом 86:5).
2 Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд, чи зоны, мах дӕр нӕ цӕсгом хӕра ӕмӕ нӕм афтӕ кӕса, цыма не ’ккой уӕззау уаргъ ис. Ӕмӕ уый ӕвзӕр нӕу. Уый фӕрцы нӕ, чи зоны, бафӕнда, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый саразын, цӕмӕй нӕ рӕдыд сраст кӕнӕм. Фӕлӕ тӕссаг у, куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕддӕр нӕхи афтӕ тынг куы хӕрӕм, ӕмӕ нӕ куы нал уырна, Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн, уымӕй. Бынтондӕр нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нӕ, чи зоны, Хӕйрӕг баууӕндын кӕна, Йегъовӕйы цӕсты кӕй ницы стӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕныны аккаг дӕр кӕй не стӕм, ӕмӕ йын уый тыххӕй мауал лӕггад кӕнӕм (2 Коринфӕгтӕм 2:5–11).
3 Цымӕ Йегъовӕйы цӕсты ӕцӕгдӕр ницы стӕм? Уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, уый дӕр йе стыр уарзондзинадыл дзурӕг у. Йӕ Ныхасы нын дзуры, зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 28:13). Уӕдӕ цӕмӕй ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм, уый тыххӕй базонӕм, Йегъовӕ нын цӕмӕн хатыр кӕны ӕмӕ нын куыд хатыр кӕны, уый.
Йегъовӕ цӕмӕн хатыр кӕны?
4. Йегъовӕ мах тыххӕй цы зоны ӕмӕ нӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый цӕмӕй кӕнгӕ у?
4 Йегъовӕ зоны, лӕмӕгъ кӕй стӕм. Псалом 103:14 стихы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу». Йегъовӕ зоны, сыджытӕй конд кӕй стӕм ӕмӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй арӕх кӕй рӕдийӕм. Ныхӕстӕ, «хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый», зӕгъгӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Библи Йегъовӕйы дурынгӕнӕгимӕ кӕй бары, мах та – ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтимӕ (Йереми 18:2–6). Йегъовӕ зоны, нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй лӕмӕгъ кӕй стӕй. Уымӕ гӕсгӕ нӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый кӕнгӕ у, йӕ разамындмӕ йын хъусӕм ӕви нӕ, уымӕй.
5. Тӕригъӕдӕн стыр тых кӕй ис, уый Ромӕгтӕм фыстӕгӕй куыд зыны?
5 Йегъовӕ ӕмбары, тӕригъӕд куыд тыхджын у, уый. Йӕ Ныхасӕй бӕрӕг у, тӕригъӕдӕн ӕппӕт адӕмыл дӕр йӕ бар кӕй цӕуы ӕмӕ сӕ мӕлӕтмӕ кӕй кӕны. Фӕлӕ цымӕ тӕригъӕд ӕцӕгдӕр ахӕм тыхджын у? Ромӕгтӕм фыстӕджы апостол Павел ӕмбарын кӕны, ӕфсӕддонтӕ сӕ хицауы дӕлбар куыд вӕййынц, афтӕ мах та «тӕригъӕды дӕлбар» кӕй стӕм (Ромӕгтӕм 3:9); тӕригъӕд адӕмӕн «паддзах» кӕй у (Ромӕгтӕм 5:21); тӕригъӕд нӕ «мидӕг... [кӕй] цӕры» (Ромӕгтӕм 7:17, 20); «тӕригъӕды закъон» нӕ мидӕг йӕ куыст кӕй кӕны ӕмӕ нӕ алы хъуыддагыл дӕр кӕй ӕндавы (Ромӕгтӕм 7:23, 25). Бӕрӕг у, ӕнӕххӕст адӕмыл тӕригъӕдӕн йӕ бар кӕй цӕуы (Ромӕгтӕм 7:21, 24).
6, 7. а) Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕны ӕмӕ дзы хатыр чи фӕкуры, уыдонмӕ? б) Афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у, ӕмӕ нын Йегъовӕ алкӕддӕр хатыр кӕндзӕн, цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр?
6 Уӕдӕ Йегъовӕ зоны, нӕ бон кӕй нӕу алкӕддӕр йӕ коммӕ кӕсын, кӕд нӕ тынг фӕнды, уӕддӕр. Ӕмӕ нын зӕгъы, нӕ рӕдыдыл куы ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ дзы хатыр куы курӕм, уӕд нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн. Псалом 51:17 стихы фыст ис: «Хуыцау нывондӕн исы рыст уд. О Хуыцау, ды зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст адӕймагыл дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ». Йегъовӕ йӕхи никуы атигъ кӕндзӕн, йӕ тӕригъӕды тыххӕй «зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст» чи у, ахӕм адӕймагыл.
7 Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у тӕригъӕдтӕ аразын ӕмӕ дзурын, ӕнӕххӕст дӕн, ӕмӕ цы бакӕнон, зӕгъгӕ? Нӕ! Йегъовӕ тӕригъӕдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй никуы фӕкӕсы. Кӕд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уӕддӕр мӕсты кӕнын дӕр зоны. Зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ чи аразы ӕмӕ сыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонӕн нӕ хатыр кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 10:26). Фӕлӕ куы фены, адӕймаг йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, уӕд ын сӕ ныххатыр кӕны. Йегъовӕ нын кӕй хатыр кӕны, уымӕй бӕрӕг у, тынг нӕ кӕй уарзы. Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ ӕркӕсӕм.
Йегъовӕ куыд хатыр кӕны?
8. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд сын цы бакӕны ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй цы уырны?
8 Давид йӕ тӕригъӕдыл куы ӕрфӕсмон кодта, уӕд загъта: «Ӕппынфӕстаг дын мӕ тӕригъӕд раргом кодтон, нӕ басусӕг кодтон мӕ рӕдыд... Ӕмӕ мын ды мӕ рӕдыд ӕмӕ мӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтай» (Псалом 32:5). «Ныххатыр кодтай»-йӕ цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны «сисын» кӕнӕ «хӕссын», ӕмӕ ацы стихы йӕ хъуыды у тӕригъӕд кӕнӕ рӕдыд айсын кӕнӕ ахӕссын. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ Давидӕн йӕ тӕригъӕдтӕ систа ӕмӕ сӕ дард ахаста. Уый фӕстӕ Давидӕн фенцондӕр, йӕхи нал хордта (Псалом 32:3). Мах дӕр фидарӕй уырны, Чырыстийы нывонды фӕрцы Йегъовӕйӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй хатыр куы курӕм, уӕд нын сӕ кӕй ахӕсдзӕн, ома нын сӕ ныххатыр кӕндзӕн (Матфейы 20:28).
9. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ цас дард ахӕссы?
9 Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уымӕн ма Давид ӕрхаста ноджыдӕр иу цӕвиттон: «Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у, афтӕ адард кодта махӕй нӕ тӕригъӕдтӕ» (Псалом 103:12). Хурыскӕсӕн ӕмӕ хурныгуылӕн кӕрӕдзийӕ тынг дард сты: хур скӕсы арвӕн йӕ иу кӕрон, ныгуылгӕ та акӕны йӕ иннӕ кӕрон. Уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй искуы кӕрӕдзийыл сӕмбӕлой. Иу ахуыргонд ацы цӕвиттоны тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «уыдон кӕрӕдзийӕ куыд дард сты, афтӕ ницы; афтӕ дард сты, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй». Йегъовӕ Давидӕн ацы ныхӕстӕ ныффыссын кодта, цӕмӕй зонӕм, нӕ тӕригъӕдтӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд нын сӕ, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ дард кӕй ахӕссы.
«Уӕ тӕригъӕдтӕ... митау урс фестдзысты»
10. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд-иу нӕхи уыцы тӕригъӕдты тыххӕй цӕрӕнбонтӕм цӕуылнӕ хъуамӕ хӕрӕм?
10 Афтӕ дын никуы уыди, ӕмӕ дӕ урс дзаумайыл цыдӕр ӕркалд, ӕмӕ архайдтай, цӕмӕй йӕ ссӕуын кодтаис? Чи зоны, бирӕ цыдӕртӕ бафӕлвӕрдтай, фӕлӕ уӕддӕр бынтон не ссыд. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йегъовӕ цы дзуры, нӕ тӕригъӕдтӕ нын куыд ныххатыр кӕны, уый тыххӕй: «Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты. Сӕнтсырх хъуымацы хуызӕн куы уой – къуымбилау уын сурс уыдзысты»a (Исай 1:18). Махӕн нӕхи бон никуы бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдӕй фӕд дӕр мауал баззайа. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн уый йӕ бон у. Уӕдӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд-иу хъуамӕ уыцы тӕригъӕдты тыххӕй цӕрӕнбонтӕм нӕхи ма хӕрӕм.
11. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ йӕ сӕрты фӕстӕмӕ кӕй фехсы, уый куыд ӕмбаргӕ у?
11 Езеки мӕлӕтдзаг низӕй куы фервӕзт, уӕд Йегъовӕйӕ афтӕ бузныг уыд, ӕмӕ рӕсугъд зарӕг ныффыста. Уыцы зарӕджы уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕ тӕригъӕдтӕ мын иууылдӕр ды дӕ сӕрты фӕстӕмӕ фехстай» (Исай 38:17). Езеки зӕгъы, чи ӕрфӕсмон кӕны, уыцы адӕймагӕн Йегъовӕ цыма йӕ тӕригъӕдтӕ райсы ӕмӕ сӕ йӕ сӕрты фӕстӕмӕ фехсы, ӕмӕ сӕ нал дӕр уынгӕ фӕкӕны, нал дӕр сыл хъуыды фӕкӕны. Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ, уыцы хъуыды ӕндӕр ныхӕстӕй зӕгъӕн ис афтӕ дӕр: «Ды мын [мӕ тӕригъӕдтӕн] афтӕ бакодтай, цыма сӕ кӕнгӕ дӕр нӕ ракодтон». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый нын стыр удӕнцой хӕссы.
12. Михейы ныхӕстӕй куыд зыны, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд сӕ ӕнустӕм кӕй фесафы?
12 Пехуымпар Михей фидарӕй загъта, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй ныххатыр кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдтыл куы ӕрфӕсмон кӕной, уӕд: «Чи у дӕу хуызӕн Хуыцау?.. Де ’взӕрст адӕмӕй чи баззад, уыдонӕн сӕ тӕригъӕд ницӕмӕ ӕрдарыс [...] Нӕ тӕригъӕдтӕ нын иууылдӕр денджызы арфмӕ фехсдзынӕ» (Михей 7:18, 19). Цымӕ уӕды заман цӕрӕг адӕмӕн ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? «Денджызы арфмӕ» цы ныххаудаид, уый фӕстӕмӕ сисын сӕ бон нал бауыдаид. Уӕдӕ Михейы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нын сӕ ӕнустӕм фесафы.
13. Куыд ӕмбаргӕ сты Йесойы ныхӕстӕ, «ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ», зӕгъгӕ?
13 Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый Йесо бамбарын кодта, ӕфстаудӕттӕджы ӕмӕ дзы хӕс чи райста, ахӕм адӕймаджы цӕвиттоны фӕрцы. Йесо ахуыр кодта кувын: «Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ [комкоммӕ «нӕ хӕстӕ», фиппаинаг]» (Матфейы 6:12). Йесо тӕригъӕдтӕ абарста хӕстимӕ (Лукайы 11:4). Уӕдӕ тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕ «хӕсджын» вӕййӕм. Иу дзырдуат куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй «хатыр кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды у «хӕс ферох кӕнын, ныббарын, мауал ӕй домын». Уӕдӕ нын Йегъовӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нын цыма нӕ хӕс ферох кӕны, афтӕ вӕййы. Уый стыр ныфсы хос у, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн. Йегъовӕ цы хӕс ныббарста, уый фӕстӕмӕ никуыуал ӕрдомдзӕн! (Псалом 32:1, 2).
14. Дзырдбаст «уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат» нын куыд ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый?
14 Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй ма фыст ис Хъуыддӕгты 3:19 стихы дӕр: «Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ цард аивут, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат». «Ссыгъдӕг уат»-ӕй цы грекъаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «ныссӕрфын... фехалын кӕнӕ фесафын». Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы цӕвиттон амоны, фыст куыд ныссӕрфынц, уымӕ. Рагзаманты-иу сӕг, дон ӕмӕ ма ноджыдӕр цыдӕртӕ иумӕ схӕццӕ кодтой, ӕмӕ-иу уымӕй фыстой. Цы-иу ныффыстой, ууыл-иу бирӕ рӕстӕг куы нӕ рацыд, уӕд-иу ӕй уымӕл губкӕйӕ ӕнцонтӕй ныссӕрфӕн уыди. Уый хорз ӕвдисы, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Нӕ тӕригъӕдтӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд нын сӕ цыма раст губкӕйӕ ныссӕрфы, афтӕ вӕййы.
15. Цы хъуамӕ зонӕм?
15 Ацы цӕвиттонты фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй вӕййы, куы сыл ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уый зонӕм. Кӕй нын ныххатыр кодта, уыцы тӕригъӕдтӕ та нын ногӕй нӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кӕндзӕн, уымӕй нӕ тӕрсын нӕ хъӕуы. Уымӕй ма Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй нӕ бон у иу цыдӕр базонын: нӕ тӕригъӕд нын куы ныххатыр кӕны, уӕд ӕй ферох кӕны.
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй зонӕм, хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у
«Сӕ тӕригъӕдтӕ [сын] нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн»
16, 17. Библи афтӕ кӕй зӕгъы, зӕгъгӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ ферох кӕны, уый куыд ӕмбаргӕ у?
16 Йегъовӕ ног бадзырд кӕимӕ скодта, уыдоны тыххӕй загъта: «Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йереми 31:34). Цымӕ ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ Йегъовӕ цы ныххатыр кӕны, уый йӕ бон ӕрхъуыды кӕнын нал вӕййы? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕмӕн ныххатыр кодта, бирӕ ахӕм адӕймӕгты тӕригъӕдты тыххӕй, уыимӕ Давиды тӕригъӕдты тыххӕй дӕр (2 Самуилы 11:1–17; 12:13). Цы рӕдыдтытӕ ӕруагътой, уый Йегъовӕ ныр дӕр хъуыды кӕны. Библийы нӕ бон у бакӕсын, цы сарӕзтой, куыд ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ сын Хуыцау куыд ныххатыр кодта, уыдӕтты тыххӕй. Йегъовӕ уыцы хабӕрттӕ ныффыссын кодта «махӕн зонд бацамонынӕн» (Ромӕгтӕм 15:4). Уӕдӕ куыд ӕмбаргӕ у, Йегъовӕ кӕмӕн ныххатыр кодта, уыдоны тӕригъӕдтӕ нал «ӕрхъуыды кӕндзӕн», зӕгъгӕ?
17 Иу дзырдуаты фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕрхъуыды кӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ цы ’рцыд, уый ма ферох кӕнай. Уый ма нысан кӕны, цы хъӕуы, уый саразын дӕр (Theological Wordbook of the Old Testament). Уымӕ гӕсгӕ, тӕригъӕд «ӕрхъуыды кӕнын»-мӕ ма хауы, тӕригъӕд чи ракодта, уый бафхӕрын дӕр (Оси 9:9). Фӕлӕ Хуыцауы ацы ныхӕстӕй, «сӕ тӕригъӕдтӕ [сын] нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн», зӕгъгӕ, уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ иугӕр адӕймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта, уӕд ӕй уыцы тӕригъӕдты тыххӕй нал бафхӕрдзӕн (Йезекил 18:21, 22). Уӕдӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ куы ферох кӕны, уӕд ногӕй ӕмӕ ногӕй сӕ кой нал фӕкӕны, цӕмӕй та-иу нӕ фӕаххосджын кӕна кӕнӕ нӕ бафхӕра. Куыд хорз у, Хуыцау нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нын сӕ кӕй ферох кӕны!
Нӕ тӕригъӕдтӕ нӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уыдӕттӕй нӕ Йегъовӕ бахизы?
18. Кӕд Йегъовӕ адӕймагӕн ныххатыр кӕны, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ, йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уыдӕттӕй хызт уыдзӕн?
18 Йегъовӕ хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг хызт уыдзӕн, йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, уыдӕттӕй? Нӕ. Афтӕ хъуыды кӕнын раст нӕу, ӕмӕ адӕймаг тӕригъӕдтӕ куы араза, уӕд ын уый ницы зиан ӕрхӕсдзӕн. Павел ныффыста: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн» (Галатӕгтӕм 6:7). Гӕнӕн ис, ӕмӕ, цы сарӕзтам, уый тыххӕй алыхуызон зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ нын Йегъовӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кӕны, нӕ тӕригъӕд нын куы ныххатыр кӕны, уый фӕстӕ. Адӕймаг бӕллӕхы куы бахауа, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, ӕмӕ йын сӕ Йегъовӕ йӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй ӕвзарын кӕны (Иаковы 1:13). Иннӕмӕй та хъуамӕ нӕ зӕрыл дарӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй нӕ хъахъхъӕндзӕн, не ’взӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уыдӕттӕй. Тӕригъӕдтӕ ӕркӕнынц алыхуызон бӕллӕхтӕм, зӕгъӕм, сылгоймаг басывӕрджын вӕййы, бирӕтӕн сӕ бинонты цард фехӕлы, хӕцгӕ низтӕй фӕрынчын вӕййынц, иннӕтӕ сыл нал феууӕндынц кӕнӕ сӕ кад дӕлӕмӕ ӕрхауы. Раст афтӕ уыд Давиды хабар дӕр. Йегъовӕ йын ныххатыр кодта, Вирсавиимӕ ӕмуат кӕй ӕрцыд ӕмӕ Урийы кӕй амардта, уый. Фӕлӕ йӕ тӕригъӕдтӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркодтой, уыдонӕй йӕ нӕ бахызта (2 Самуилы 12:9–12).
19–21. а) Левиты 6:1–7 стихты фыст закъон куыд ӕххуыс кодта, тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ кӕй ныхмӕ ракодта, уымӕн дӕр? б) Цы тӕригъӕд ракодтам, уый кӕд искӕмӕн зиан ӕрхаста, уӕд цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа?
19 Нӕ тӕригъӕдтӕ ма, гӕнӕн ис, ӕркӕной ӕндӕр фӕстиуджытӕм дӕр, уӕлдайдӕр та, кӕд нӕ хъуыддӕгтӕй искӕмӕн зиан ӕрхӕссӕм, уӕд. Цӕвиттонӕн райсӕм, Левиты чиныджы 6-ӕм сӕры цӕй кой цӕуы, уый. Ам Моисейы закъоны дзырд цӕуы, чи давы, тыхми ӕмӕ сайды фӕрцы кӕйдӕр фӕллой йӕхи чи бакӕны ӕмӕ иннӕтыл сайдӕй чи цӕуы, ахӕм адӕймагыл. Уый фӕстӕ фӕзӕгъы, ӕвзӕрӕй кӕй ницы аразы ӕмӕ ноджы фыддӕр та, мӕнг сомы ракӕны. Йӕ фыдракӕндӕн ӕвдисӕнтӕ куы нӕ уа, уӕд ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзӕн. Фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл куы ӕрхуда ӕмӕ йӕ тӕригъӕдыл куы басӕтта, уӕд та? Цӕмӕй йын Хуыцау ныххатыр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ӕртӕ хъуыддаджы сараза: цы зиан ракодта, уый ӕнӕхъӕнӕй бафида, ноджыдӕр ма йӕм йӕ фӕндзӕм хай бафауа ӕмӕ аххосы тыххӕй нывондӕн фыр ӕрхӕсса. Дарддӕр Закъоны фыст ис: «Афтӕмӕй йӕ сауджын Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕмӕ... [йын] хатыргонд ӕрцӕудзысты» (Левит 6:1–7).
20 Ацы закъонӕй бӕрӕг уыди, Хуыцау куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Закъон ӕххуыс кодта, тӕригъӕд-иу кӕй ныхмӕ ракодтой, уымӕн – йӕ исбон-иу ын фӕстӕмӕ радтой. Стӕй-иу ын куыннӕ фенцондӕр, фыдгӕнӕг-иу йӕ тӕригъӕдыл куы басаст, уӕд! Закъон ма ӕххуыс кодта, йӕ тӕригъӕдыл-иу чи басаст ӕмӕ-иу йӕ рӕдыд чи сраст кодта, уымӕн дӕр. Афтӕ-иу куы нӕ бакодтаид, уӕд-иу ын Хуыцау нӕ ныххатыр кодтаид.
21 Мах Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрӕм. Фӕлӕ нын уӕддӕр уыцы Закъон ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хуыздӕр бамбарӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны ӕмӕ йӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕмӕн вӕййы, уый (Колоссӕгтӕм 2:13, 14). Гӕнӕн ис, цы тӕригъӕд ракодтам, уый кӕмӕндӕр зиан ӕрхаста. Ахӕм уавӕры, нӕ бон цы у, уый куы аразӕм, цӕмӕй нӕ рӕдыд сраст кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн (Матфейы 5:23, 24). Чи зоны нӕ басӕттын хъӕуа, раст кӕй нӕ бакодтам, ууыл ӕмӕ ма нӕ суанг хатыр ракурын дӕр бахъӕуа. Уый фӕстӕ нӕ бон у Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй нын Йесойы нывонды фӕрцы ныххатыр кӕна. Афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ разы нӕ цӕсгом сыгъдӕг уыдзӕн (Дзуттӕгтӕм 10:21, 22).
22. Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕна, уӕд ма, гӕнӕн ис, ноджыдӕр цы сараза?
22 Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕна, уӕд ма нын, гӕнӕн ис, уарзӕгой фыдау зонд дӕр бацамона (Ӕмбисӕндтӕ 3:11, 12). Йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕны, ахӕм чырыстонӕн, чи зоны, бар мауал уа, цӕмӕй лӕггад кӕна хистӕр нӕлгоймагӕй, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ пионерӕй. Цасдӕр рӕстӕг йӕ бон кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ вӕййы, уый йын зын куыннӕ вӕййы. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын Йегъовӕ нӕ ныххатыр кодта. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ нын зонд кӕй амоны, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй. Йӕ зондамындмӕ йын куы байхъусӕм ӕмӕ нын куыд зӕгъы, афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд нын уый пайда вӕййы (Дзуттӕгтӕм 12:5–11).
23. Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ мах дӕр иннӕтӕн цӕмӕн хъуамӕ хатыр кӕнӕм?
23 Нӕ Хуыцау хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый нын стыр удӕнцой хӕссы. Кӕд рӕдийӕм, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Нӕ рӕдыдыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ йӕ сраст кӕныныл ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, стӕй Йегъовӕйӕ Йесойы нывонды фӕрцы хатыр куы курӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нын ныххатыр кӕндзӕн, ууыл (1 Иоанны 1:9). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ Йегъовӕйы фӕзмӕм ӕмӕ иннӕтӕн хатыр кӕнӕм. Йегъовӕ тӕригъӕд никуы ракодта, фӕлӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны. Ӕмӕ уӕд мах, ӕнӕххӕст адӕм, хъуамӕ ма архайӕм, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм?
a Иу ахуыргонд загъта, зӕгъгӕ, ацы стихы цы «сырх-сырхид» ахорӕны кой ис, уый ссӕуын кӕнӕн кӕй ницӕмӕй ис. Хъуымац ахӕм ахорӕнӕй ахуырст куы вӕййы, уӕд йӕ хуыз нӕдӕр къӕвдамӕ ссӕуы, нӕдӕр фырӕхсадӕй.
-
-
«Куыд стыр у йӕ хорздзинад!»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
27 СӔР
«Куыд стыр у йӕ хорздзинад!»
1, 2. Хуыцауы хорздзинад пайда кӕмӕн у ӕмӕ Библийы хорздзинады тыххӕй цы фыст ис?
ХУР ныгуылӕнырдӕм фӕкъул. Хорз ӕмбӕлттӕ ӕрдзы хъӕбысы иумӕ бадынц ӕмӕ хӕрынц. Сӕ худын ӕмӕ сӕ хъӕлдзӕг ныхас хъуысы. Ӕндӕр ран та зӕхкусӕг йӕ хуымтӕм кӕсы ӕмӕ йӕ мидбылты худы. Цин кӕны, къӕвдайы мигътӕ кӕй ӕрбацӕуынц, ӕмӕ йӕ хуымтӕ донӕй кӕй бафсӕддзысты, ууыл. Ӕндӕр кӕмдӕр та фыд ӕмӕ мад цин кӕнынц, сӕ хъӕбул фыццаг къахдзӕфтӕ кӕй кӕны, ууыл.
2 Кӕй кой ракодтам, уыдон ӕй зонынц ӕви нӕ, уӕддӕр сын циндзинад цы хӕссы, уыдӕттӕ сты Йегъовӕ Хуыцауы стыр хорздзинады фӕрцы. Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыцы адӕмӕй иуӕй-иутӕ арӕх фӕзӕгъынц, «Хуыцау хорз у», зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыды Библийы ноджы хуыздӕр загъд у: «Куыд стыр у йӕ хорздзинад!» (Захари 9:17). Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый бирӕтӕ не ’мбарынц. Уӕдӕ куыд ӕмбаргӕ у, Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинад стыр у, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый махӕй алкӕмӕн дӕр цы пайда у?
Хуыцау йӕ уарзт ӕвдисы диссаджы хуызы
3, 4. Цы у хорздзинад ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинад сӕйраджыдӕр йӕ уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?
3 Библийӕ базонӕн ис, «хорздзинад» сӕйраджыдӕр кӕй амоны хорз миниуджытӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон зӕгъын у, Йегъовӕйӕн йӕ миниуджытӕ иууылдӕр хорз кӕй сты ӕмӕ сӕм фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕй. Ӕмӕ уый хауы йӕ тыхмӕ, йӕ рӕстдзинадмӕ ӕмӕ йӕ зондмӕ дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ хорздзинад сӕйраджыдӕр бӕрӕг у, йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы, уымӕй. Нӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у?
4 Хорздзинад бӕрӕг вӕййы хорз хъуыддӕгтӕй. Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, адӕм хӕрзгӕнӕгӕн рӕстгӕнӕгӕй тынгдӕр кад кӕнынц (Ромӕгтӕм 5:7). Рӕстгӕнӕг Хуыцауы закъӕттӕ феххӕст кӕны, фӕлӕ хӕрзгӕнӕг уымӕй фылдӕр фӕаразы. Уый ӕдзух фӕархайы иннӕтӕн баххуыс кӕныныл. Ацы сӕрӕй куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйы хуызӕн ничи у. Йегъовӕ хорздзинад аразы, тынг нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй.
5–7. Йесо йӕхи «хорз Ахуыргӕнӕг» хонын цӕуылнӕ бауагъта ӕмӕ уымӕй цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта?
5 Йегъовӕйы хуызӕн хорз ничи у. Иухатт иу лӕг Йесойы цӕмӕйдӕр фарста ӕмӕ йӕ «хорз Ахуыргӕнӕг» схуыдта. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Цӕмӕ мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у» (Марчы 10:17, 18). Чи зоны дӕм Йесойы дзуапп диссаг фӕкаст. Йесо ӕцӕгдӕр хорз ахуыргӕнӕг уыди. Ӕмӕ уӕд Йесо афтӕ цӕмӕн загъта?
6 Ӕвӕццӕгӕн ӕй уыцы лӕг «хорз Ахуыргӕнӕг» уый тыххӕй схуыдта, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ балхӕдтаид. Фӕлӕ Йесо тынг сӕрныллӕг уыд ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ уӕларвон Фыды кадджын кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ уый куыд хорз у, афтӕ ничи (Ӕмбисӕндтӕ 11:2). Йесо ма афтӕмӕй бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ у Иунӕг Стыр Хуыцау ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн ис, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар. Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы коммӕ куы нӕ бакастысты ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй куы бахордтой, уӕд уымӕй равдыстой, сӕхи кӕй фӕнды скъуыддзаг кӕнын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Уыдонӕй уӕлдай Йесо зоны, уыцы бар ӕрмӕстдӕр йӕ Фыдӕн кӕй ис.
7 Уымӕй уӕлдай ма Йесо зоны, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы. «Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» уый дӕтты (Иаковы 1:17). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинад куыд зыны, рӕдау кӕй у, уымӕй.
Йегъовӕйы стыр хорздзинад цӕмӕй бӕрӕг у?
8. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр Йегъовӕйы хорздзинадӕй цух нӕу?
8 Зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр Йегъовӕйы хорздзинадӕй цух нӕу. Псалом 145:9 стихы фыст ис: «Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр». Уый цавӕр хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг? Библийы фыст ис: «Йӕхи [уын] ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста» (Хъуыддӕгтӕ 14:17). Хӕрзад хӕринаг хӕрын ӕхсызгон кӕмӕн нӕ вӕййы?! Ахӕм хӕринӕгтӕ нын ис, зӕхх диссаджы конд кӕй у, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Зӕхх фаг тыллӕг дӕтты, уымӕн ӕмӕ дон ӕрдзы мидӕг зилдух кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы къӕвдатӕ фӕуары ӕмӕ «бӕркадджын азтӕ» вӕййы. Йегъовӕ хӕринаг дӕтты, чи йӕ уарзы, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ алкӕмӕн дӕр. Йесо загъта: «Уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матфейы 5:45).
9. Фӕткъуыты тыххӕй цы ис зӕгъӕн ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы хорздзинад куыд зыны?
9 Бирӕтӕ хъуыды дӕр нӕ кӕнынц, хур, къӕвда ӕмӕ, зӕхх цы тыллӕг дӕтты, уый фӕрцы сын цас хорз цыдӕртӕ ис, ууыл. Ахъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм, фӕткъуытыл. Фӕткъуыбӕлас бирӕ рӕтты зайы. Фӕткъуы у рӕсугъд, хӕрзад, донджын ӕмӕ тынг пайда дыргъ. Зӕххыл иу-7 500 фӕткъуыйы мыггаджы кӕй ис, уый зыдтай? Уыдон хицӕн кӕнынц хуызӕй дӕр ӕмӕ асӕй дӕр. Ис сырх, бур ӕмӕ цъӕх фӕткъуытӕ. Чи дзы у балы гагайӕ гыццыл стырдӕр, чи та суанг стыр къомсийы йас. Фӕткъуыйы апп тынг гыццыл у, фӕлӕ дзы рӕзгӕ та скӕны рӕсугъддӕр бӕлӕстӕй сӕ иу (Соломоны зарӕг 2:3). Уалдзӕджы фӕткъуыбӕласы къалиутӕ дидинджытӕй нӕ фӕзынынц, фӕззӕгмӕ та сыл фӕткъуытӕ ӕрзайы. Фӕткъуыбӕлас цӕры 75 азы бӕрц. Ӕмӕ алы аз дӕр иу бӕласыл ӕрзайы 400 килӕйы бӕрц фӕткъуытӕ!
Йегъовӕ дӕтты «къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ»
Ацы гыццыл нӕмыгӕй цы бӕлас сырӕза, уый бирӕ азты дӕргъы дыргъ дӕтдзӕн ӕмӕ цӕст рӕвдаудзӕн
10, 11. Йегъовӕ куыд хорз у, уый куыд зыны, куыд конд стӕм, уымӕй?
10 Йегъовӕйы хорздзинад ма бӕрӕг у, «куыд диссаджы конд» стӕм, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, нӕ бон у, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонын ӕмӕ сыл цин кӕнын (Псалом 139:14). Ногӕй-ма дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, ацы сӕры райдианы цы цӕвиттонтӕ ӕрхастам, уыдон. Ахӕм уавӕрты адӕймаг цы фӕуыны, уыдӕттӕй йын циндзинад тынгдӕр цы фӕхӕссы? Сывӕллоны сырх уадултӕ, тӕрккъӕвда хуымтыл куыд уары ӕви, хурныгуылд арв алыхуызон ахорӕнтӕй куыд сахоры, уый? Йегъовӕ цӕст афтӕ скодта, ӕмӕ йӕ бон у ӕвзарын цалдӕр сӕдӕ мин хуызы, чи зоны та суанг милуантӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у хъусын, кӕй уарзӕм, уыцы адӕймаджы ӕхсызгон хъӕлӕс, сывӕллоны хъӕлдзӕг худын ӕмӕ, бӕлӕсты сыфтӕ дымгӕмӕ куыд фӕсыбар-сыбур кӕнынц, уый. Нӕ бон цӕмӕн у уыдӕттыл цин кӕнын? Библи зӕгъы: «Чи хъусы, уыцы хъус ӕмӕ, чи уыны, уыцы цӕст – дыууӕ дӕр Йегъовӕ скодта» (Ӕмбисӕндтӕ 20:12). Йегъовӕ ма нӕ ноджыдӕр цӕмӕй схайджын кодта, цӕмӕй нӕ бон уа цардыл цин кӕнын?
11 Йегъовӕйы хорздзинадыл дзурӕг ма у, нӕ бон тӕфтӕ ӕмбарын кӕй у, уый дӕр. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, адӕймаджы фындз цы тӕфтӕ ӕмбары, уыдон сты цалдӕр мины, чи зоны, суанг триллионы бӕрц дӕр. Ахъуыды-ма кӕн ӕрмӕст цалдӕрыл, зӕгъӕм, хӕрзад хӕринаджы, дидинджыты, хус сыфтӕрты ӕмӕ арты фӕздӕджы тӕфтыл. Дӕ бон ма у ӕмбарын искӕй кӕнӕ истӕй андзӕвд. Зӕгъӕм, бамбарыс, рог дымгӕ дӕ цӕсгомыл куыд хъазы, дӕ уарзон адӕймаг дын фӕлмӕн хъӕбыс куыд кӕны ӕмӕ дыргъы лӕгъз цъармӕ бавналын куыд ӕхсызгон у, уый. Дыргъӕй куы ахӕрыс, уӕд ын йӕ ад бамбарыс. Йӕ дон де ’взагыл куы андзӕвы, уӕд дзых адджын адӕй байдзаг вӕййы. Уӕдӕ Йегъовӕйӕн бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй у нӕ бон зӕгъын: «Куыд стыр у дӕ хорздзинад! Ды йӕ ӕвӕрдӕй дарыс, чи дӕ тӕрсы, уыдонӕн» (Псалом 31:19). Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, чи йӕ уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн?
Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ нын пайда хӕсдзысты ӕнустӕм
12. Ӕнӕуи хӕринагӕй ахсджиагдӕр цы у ӕмӕ цӕмӕн?
12 Йесо загъта: «Фыст у: „Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр“» (Матфейы 4:4). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нын Библийы уылты цы дзуры, уый нын ӕнӕуи хӕринагӕй бирӕ пайдадӕр у, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у ӕнустӕм цӕрын. 8-ӕм сӕрӕй базыдтам, ацы фӕстаг бонты Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы кӕй скодта ахӕсгӕ хуызы «дзӕнӕт». Уыцы «дзӕнӕты» алцыдӕр ис, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм, йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.
13, 14. а) Пехуымпар Йезекил цӕстылуайӕны цы федта ӕмӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у? б) Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн цы дӕтты, цӕмӕй сӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын?
13 Хуыцау алцыдӕр ногӕй йӕ къахыл кӕй слӕууын кӕндзӕн, уый тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй иу у уӕлдай ахсджиаг. Уый у Йезекилы пехуымпарад. Йезекил цӕстылуайӕны федта, йӕ къахыл чи слӕууыд, уыцы кадджын кувӕндон. Кувӕндонӕй цыд цӕугӕдон, ӕмӕ дӕлӕмӕ куыд цыд, афтӕ уӕрӕхдӕр ӕмӕ арфдӕр кодта, цалынмӕ абухгӕ дон нӕ фестад, уӕдмӕ. Цӕугӕдон кӕдӕм хӕццӕ кодта, уырдӕм хорздзинӕдтӕ хаста. Йӕ былтыл зад дыргъбӕлӕстӕ. Уыдонӕн сӕ дыргътӕ уыдысты хӕрынӕн, сӕ сыфтӕ та – дзӕбӕх кӕнынӕн. Уыцы цӕугӕдон ма суанг Мард денджызы цӕхджын дӕттӕ дӕр сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ дзы тынг бирӕ кӕсаг фӕзынд (Йезекил 47:1–12). Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ цы нысан кодтой?
14 Цӕстылуайӕны Йезекил цы кувӕндон федта, уый нысан кодта, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын, куыд ӕй фӕнды, афтӕ лӕггад кӕной. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ дӕтты, уыдоны фӕрцы сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Ӕмӕ уыцы хорздзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, Йезекил цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы цӕугӕдоны дӕттау. Йегъовӕ уый аразы 1919 азӕй фӕстӕмӕ. Уыцы азӕй фӕстӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ. Цавӕр хорздзинӕдтӕ сын дӕтты? Тынг бирӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕны ахсджиаг ахуырӕдтӕ, уӕлдайдӕр та Йесо Чырыстийы нывонды тыххӕй, ӕмӕ уый аразы Библийы, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕйы, ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты фӕрцы. Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр чи уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн Йесойы нывонды фӕрцы Йегъовӕйы раз сӕ цӕсгом у сыгъдӕг ӕмӕ сын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфсa. Ацы фӕстаг бонты адӕмӕн сӕ фылдӕр бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, Йегъовӕмӕ кӕй нӕ хъусынц, уый тыххӕй. Йегъовӕйы адӕм та цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сын алцыдӕр ис, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕной (Исай 65:13).
15. Чырысти мин азы дӕргъы Хицау куы уа, уӕд Йегъовӕ коммӕгӕс адӕмӕн куыд равдисдзӕн, хорз кӕй у, уый?
15 Фӕлӕ Йезекил цӕстылуайӕны цы цӕугӕдон федта, уый нӕ бахус уыдзӕн, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр. Уый нӕ, фӕлӕ ма стырӕй-стырдӕр кӕндзӕн, Чырысти мин азы дӕргъы Хицау куы уа, уӕд. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Йесойы нывонды аргъӕй спайда кӕндзӕн, цӕмӕй коммӕгӕс адӕм сабыргай ӕххӕст суой. Уӕд цин кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уындзыстӕм Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ нын стыр пайда кӕй хӕссынц.
Йегъовӕйы хорздзинад бӕрӕг у ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр
16. Йегъовӕ хорз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ма йӕм цавӕр миниуджытӕ ис?
16 Йегъовӕйы хорздзинад ӕрмӕст йӕ рӕдаудзинадӕй нӕу бӕрӕг. Хуыцау Моисейӕн загъта: «Ӕз дын фенын кӕндзынӕн мӕ хорздзинад иууылдӕр ӕмӕ дын фехъусын кӕндзынӕн Йегъовӕйы ном». Дарддӕр Библийы фыст ис: «Стӕй Йегъовӕ йӕ рӕзты рацыд ӕмӕ фехъусын кодта: „Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст“» (Рацыд 33:19; 34:6). Йегъовӕ хорз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ма йӕм ис бирӕ ӕндӕр рӕсугъд миниуджытӕ. Ӕркӕсӕм дзы дыууӕмӕ.
17. Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн куыд у ӕмӕ йӕ уымӕ цавӕр миниуӕг разӕнгард кӕны?
17 «Тӕригъӕдгӕнаг». Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныл йӕхи никуы атигъ кӕны. Бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ сты тызмӕг ӕмӕ ӕгъатыр. Фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр вӕййы фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Зӕгъӕм, Авраамӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, кӕм лӕууыс, уырдыгӕй-ма акӕс цӕгатырдӕм, хуссарырдӕм, скӕсӕнырдӕм ӕмӕ ныгуылӕнырдӕм» (Райдиан 13:14). Бирӕ тӕлмацты ныхӕстӕ «дӕ хорзӕхӕй» айстой. Фӕлӕ библииртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, рагон дзуттаг ӕвзаджы ам Йегъовӕ Аврааммӕ уӕзданӕй дзуры, цӕмӕй йӕ алыварс акӕса. Библийы ма ахӕм цӕвиттонтӕ ноджыдӕр ис (Райдиан 31:12; Йезекил 8:5). Диссаг нӕу, Дунедарӕг Хуыцау адӕмимӕ уӕзданӕй кӕй фӕныхас кӕны, уый?! Ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр карз ӕмӕ тызмӕг сты. Нӕ Хуыцау Йегъовӕ та у тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕн!
18. Куыд ӕмбаргӕ у, Йегъовӕ «алы хъуыддаджы дӕр у раст», зӕгъгӕ, ӕмӕ нӕ уый цавӕр ныфс уадзы?
18 «Алы хъуыддаджы дӕр у раст». Абон бирӕтӕ тынг мӕнгард сты. Фӕлӕ нын Библи нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Хуыцау адӕймаг нӕу, цӕмӕй сайа» (Нымӕцтӕ 23:19). Титмӕ 1:2 стихы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый у, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау». Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ «стыр у йӕ хорздзинад». Уӕдӕ Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ис ӕууӕндӕн. Цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Библи йӕ хонгӕ дӕр афтӕ кӕны, «рӕстдзинады Хуыцау», зӕгъгӕ (Псалом 31:5). Ӕмӕ йӕ рӕстдзинад йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕргом кӕныb. Стӕй ма сӕ ахуыр дӕр кӕны, кӕй сын ӕргом кӕны, уыцы зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын, цӕмӕй сӕ бон уа «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрын» (3 Иоанны 3). Йегъовӕ куыд хорз у, уый кӕй базыдтам, уый ныл куыд хъуамӕ фӕзына?
«Йегъовӕйы хорздзинад уынгӕйӕ... сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс уыдзысты»
19, 20. а) Хӕйрӕг цы сарӕзта, цӕмӕй Евӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтаид, Йегъовӕ хорз кӕй у, ууыл ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта? б) Йегъовӕйы хорздзинӕдтыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дыл уый куыд фӕзыны ӕмӕ цӕмӕн?
19 Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг Евӕйы асайынвӕнд куы скодта, уӕд бацархайдта, цӕмӕй Евӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтаид, Йегъовӕ хорз кӕй у, ууыл. Йегъовӕ Адамӕн загъта: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц». Уыцы цӕхӕрадоны, ӕвӕццӕгӕн, тынг бирӕ бӕлӕстӕ уыди, фӕлӕ дзы Адам ӕмӕ Евӕйӕн ӕрмӕстдӕр иуӕй нӕ уыди хӕрӕн. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, Хӕйрӕг Евӕйы куыд бафарста: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» (Райдиан 2:9, 16; 3:1). Хӕйрӕг Йегъовӕйы ныхӕстӕ афтӕ фӕзылдта, цӕмӕй Евӕ ахъуыды кодтаид, Йегъовӕ сӕ цыдӕр хорздзинад кӕй ӕмбӕхсы. Хъыгагӕн, Евӕ Хӕйрӕджы ныхӕстыл баууӕндыд. Гъемӕ Хуыцауы хорздзинадыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта, кӕд ын алцыдӕр Хуыцау радта, уӕддӕр. Уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕтӕ Евӕйау дызӕрдыг кӕнынц, Хуыцау хорз кӕй у, ууыл.
20 Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау хорз цыдӕр сусӕг кӕны. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йеремийы 31:12 стихы фыст ныхӕстӕ: «Йегъовӕйы хорздзинад уынгӕйӕ... сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс уыдзысты». Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ уынгӕйӕ нӕ цӕсгӕмттӕ фырцинӕй ныррухс вӕййынц. Хъуамӕ Йегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕн йӕ зӕрдӕ хорз йеддӕмӕ ницы зӕгъы.
21, 22. а) Йегъовӕйы хорздзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уымӕ гӕсгӕ дӕ цы фӕнды аразын? б) Иннӕ сӕры цавӕр миниуӕгыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ уыцы миниуӕг хорздзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?
21 Уымӕй уӕлдай нын фадат куы фӕвӕййы, цӕмӕй искӕмӕн Йегъовӕйы хорздзинады тыххӕй радзурӕм, уӕд дӕр нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц. Йегъовӕйы адӕмы тыххӕй Псалом 145:7 стихы фыст ис: «Дӕ хорздзинад куыд стыр у, уый тыххӕй дзурдзысты ӕнӕрынцойӕ. Цингӕнгӕ зардзысты дӕ рӕстдзинады тыххӕй». Алы бон дӕр Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕй хайджын вӕййӕм. Уӕдӕ цымӕ хъуамӕ алы бон дӕр Йегъовӕйӕн бузныг ма дзурӕм, бӕлвырдӕй нын уыцы бон цы хорздзинӕдтӕ ракодта, уыдоны тыххӕй? Йегъовӕ куыд хорз у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, алы бон дӕр ын бузныг куы дзурӕм ӕмӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй иннӕтӕн куы дзурӕм, уӕд мах дӕр нӕ хорз Хуыцауы фӕзмдзыстӕм. Ӕмӕ Йегъовӕйау иннӕтӕн хорздзинад аразыныл цас тынгдӕр архайӕм, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Ацӕргӕ апостол Иоанн ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕр, ӕвзӕр адӕмы нӕ, фӕлӕ хорз адӕмы фӕзм. Хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый у Хуыцауӕй» (3 Иоанны 11).
22 Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинад баст у йӕ иннӕ миниуджытимӕ дӕр. Зӕгъӕм, Хуыцауӕн «ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт» (Рацыд 34:6). Ацы миниуӕг тынг диссаг у, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы ӕрмӕстдӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Ууыл бӕстондӕр аныхас кӕндзыстӕм иннӕ сӕры.
a Йегъовӕйы хорздзинад ӕппӕты хуыздӕр зыны, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыди йӕ зӕдтӕй кӕцыфӕндыйы дӕр равзарын, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй радтаид, фӕлӕ равзӕрста йӕ уарзон Фырты.
b Библи рӕстдзинад рухсимӕ дзӕгъӕлы нӕ бары. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Рарвит дӕ рухс ӕмӕ дӕ рӕстдзинад» (Псалом 43:3). Йегъовӕ рӕстдзинады рухс цӕстуарзонӕй дӕтты, рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:6; 1 Иоанны 1:5).
-
-
«Ӕрмӕстдӕр ды дӕ иузӕрдион»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
28 СӔР
«Ӕрмӕстдӕр ды дӕ иузӕрдион»
1, 2. Паддзах Давид бирӕ зындзинӕдтӕ цӕмӕн бавзӕрста?
ПАДДЗАХ Давид бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, гадзрахатӕй-иу ыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, иухатт ыл йӕ адӕм, израилӕгтӕ, хинӕй рацыдысты ӕмӕ йын йӕ бартӕ байсынмӕ хъавыдысты. Чидӕртӕ дзы уыдысты, йе ’ввахс хӕлӕрттыл кӕй нымадта, уыдон. Зӕгъӕм, йӕ фыццаг ус Мелхолӕ райдианы Давиды уарзта ӕмӕ йын ӕххуыс дӕр куыннӕ кодтаид. Фӕлӕ фӕстӕдӕр «йӕ цӕсты фегад» ӕмӕ ма йӕ ӕдылы дӕр схуыдта (1 Самуилы 18:20; 2 Самуилы 6:16, 20).
2 Иннӕ та уыди Давидӕн йӕ уынаффӕгӕнӕг Ахитофел. Адӕм Ахитофелӕн тынг аргъ кодтой, ӕмӕ сӕм афтӕ касти, цыма йӕ уынаффӕтӕ Йегъовӕйы уынаффӕтӕ уыдысты (2 Самуилы 16:23). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Давидыл гадзрахатӕй рацыд ӕмӕ, Давиды ныхмӕ чи уыд, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын райдыдта. Ӕмӕ паддзахы ныхмӕ фыццаг чи рацыди? Давидӕн йӕхи фырт Авессалом! Уый «израилӕгты зӕрдӕтӕ йӕхирдӕм кодта» ӕмӕ Давиды бӕсты йӕхи паддзах схуыдта. Авессалом йӕ фӕдыл афтӕ бирӕ адӕм акодта, ӕмӕ Давиды йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй алидзын бахъуыд (2 Самуилы 15:1–6, 12–17).
3. Давид фидарӕй цы зыдта?
3 Цымӕ Давидыл иузӕрдион ничиуал уыд? Давид зыдта, ахӕм Хӕлар ын кӕй ис, ӕмӕ йыл цыфӕнды уӕззау рӕстӕг дӕр йӕ зӕрдӕ нӕ сивдзӕн. Уый чи уыд? Йегъовӕ Хуыцау. Давид Йегъовӕмӕ куывта: «Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион» (2 Самуилы 22:26). Цы у иузӕрдиондзинад ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйы хуызӕн иузӕрдион ничи у?
Цы у иузӕрдиондзинад?
4, 5. а) «Иузӕрдион» уай, уый цӕмӕ амоны? б) Иузӕрдион уай, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, ӕууӕнкджын уай, уымӕй?
4 «Иузӕрдион»-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзуттаг дзырдӕн йӕ хъуыды у, адӕймаг кӕй уарзы, ууыл ӕнувыд кӕй вӕййы, алкӕддӕр йӕ фарсмӕ кӕй балӕууы ӕмӕ йын ӕдзух кӕй феххуыс кӕны. Ахӕм адӕймаг уый йӕ хӕсыл нӕ фӕнымайы, фӕлӕ афтӕ фӕкӕны, уарзгӕ йӕ кӕй кӕны, уый тыххӕйa. Искӕуыл ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй чи фӕтыхсы, ӕмӕ уый йӕ хӕсыл нымайы, ахӕм адӕймаджы та ис ӕууӕнкджын схонӕн, фӕлӕ йӕ иузӕрдион схонӕн нӕй. Уымӕ гӕсгӕ «иузӕрдион» ӕмӕ «ӕууӕнкджын» иу не сты. Зӕгъӕм, псаломзарӕггӕнӕг загъта, зӕгъгӕ, мӕй у «арвыл ӕууӕнкджын ӕвдисӕны хуызӕн», уымӕн ӕмӕ алы ӕхсӕв дӕр арвыл вӕййы (Псалом 89:37). Уӕдӕ мӕй ӕууӕнкджын схонӕн ис. Фӕлӕ мӕйӕн йӕ бон нӕу, цӕмӕй адӕймагау иузӕрдион уа. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ мӕйӕн йӕ бон уарзын нӕу.
Библи мӕй хоны ӕууӕнкджын ӕвдисӕн, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн у сӕ бон, цӕмӕй Йегъовӕйау иузӕрдион уой
5 Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй, искӕуыл иузӕрдион чи вӕййы, уый ма йыл ӕнувыд дӕр вӕййы. Уый бӕрӕг вӕййы, зӕрдиагӕй йыл кӕй фӕтыхсы, уымӕй. Иузӕрдиондзинад у, чи нӕ ивы, ахӕм миниуӕг. Дымгӕ алырдӕмты кӕй фӕрахӕсс-бахӕсс кӕны, ахӕм уылӕнты хуызӕн нӕу. Адӕймаг кӕуылдӕр иузӕрдион куы вӕййы, кӕнӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй куы фӕуарзы, уӕд ыл йӕ зӕрдӕ цыфӕнды зын уавӕрты дӕр нӕ сивы.
6. а) Цымӕ абон адӕмы иузӕрдион схонӕн ис ӕмӕ уый тыххӕй Библийы цы фыст ис? б) Иузӕрдиондзинад цы у, уый хуыздӕр цӕй фӕрцы бамбардзыстӕм?
6 Хъыгагӕн, абон ахӕм иузӕрдион адӕм бирӕ нӕй. Арӕх хорз ӕмбӕлттӕ дӕр «цӕттӕ вӕййынц кӕрӕдзи аскъуыдтӕ кӕнынмӕ». Фылдӕр кӕнынц, йӕ цардӕмбалы чи ныууагъта, ахӕм адӕм дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 18:24; Малахи 2:14–16). Ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыдон уыйбӕрц систы, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у, йӕ рӕстӕджы пехуымпар Михей куыд загъта, афтӕ зӕгъын: «Зӕххыл иузӕрдион адӕймаг нал баззад» (Михей 7:2). Фӕлӕ, Йегъовӕ кӕй уарзы, уыдоныл йӕ зӕрдӕ никуы сивы, уый хуызӕн иузӕрдион ничи у. Уӕдӕ иузӕрдиондзинад цы у, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдисы, уый куы базонӕм, уӕд.
Йегъовӕйы хуызӕн иузӕрдион ничи у
7, 8. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у иузӕрдион?
7 Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Ӕрмӕстдӕр ды дӕ иузӕрдион» (Раргомад 15:4). Уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Цымӕ адӕмӕй дӕр ӕмӕ зӕдтӕй дӕр нӕ уыди, иузӕрдиондзинад чи равдыста, ахӕмтӕ? (Иов 1:1; Раргомад 4:8). Ӕмӕ Йесо Чырысти та? Хуыцауыл уый хуызӕн иузӕрдион ничи у! (Псалом 16:10). Уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у иузӕрдион?
8 Фыццаджыдӕр нӕ хъуамӕ рох ма уа, йӕ иузӕрдиондзинад йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Хуыцау у уарзондзинад». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алцыдӕр аразы, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй ӕмӕ уый хуызӕн иузӕрдион ничи у (1 Иоанны 4:8). Зӕдтӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр сӕ бон у Хуыцауы миниуджытӕ фӕзмын. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ куыд иузӕрдион у, афтӕ ничи. Йегъовӕ ис «раджы замантӕй фӕстӕмӕ». Ӕмӕ иузӕрдиондзинад цас рӕстӕг ӕвдисы, уыйбӕрц рӕстӕг ӕй зӕдтӕй дӕр ӕмӕ адӕмӕй дӕр ничи ӕвдисы (Данел 7:9). Уымӕ гӕсгӕ йӕ иузӕрдиондзинадӕй алкӕмӕн дӕр у фӕзминаг. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
9. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ «алы хъуыддаджы дӕр у иузӕрдион»?
9 Йегъовӕ «алы хъуыддаджы дӕр у иузӕрдион» (Псалом 145:17). Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Дзуапп ис 136-ӕм псаломы. Ам дзырд цӕуы, Йегъовӕ йӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, уыдоныл, зӕгъӕм, Сырх денджызыл сӕ куыд ахизын кодта, ууыл. Алы стихы кӕрон дӕр дзы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт!» Ацы псалом ис рамкӕйы «Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн» 289-ӕм фарсыл. Куы йӕ кӕсай, уӕд тынг бадис кӕндзынӕ, Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт цас цӕмӕйдӕрты равдыста, ууыл. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл иузӕрдион кӕй у, уый бӕрӕг у, ӕххуысмӕ йӕм куы фӕдзыназынц, уӕд сӕ кӕй фехъусы ӕмӕ сӕ афоныл кӕй фервӕзын кӕны, уымӕй (Псалом 34:6). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр ӕнувыд уарзтӕй уарздзӕн, сӕ зӕрдӕ йыл куы нӕ сивой, уӕд.
10. Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уый куыд зыны, йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй нӕ ивы, уымӕй?
10 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл иузӕрдион кӕй у, уый ма бӕрӕг у, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон кӕй нӕ ивы, уымӕй дӕр. Адӕмӕй иуӕй-иутӕ ӕдзух сӕ хъуыды раив-баив фӕкӕнынц, ома сӕм абон раст цы кӕсы, уый сӕм райсом раст нал фӕкӕсы. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ никуы фӕкӕны. Зӕгъӕм, дӕснытӕм, хинтӕ-кӕлӕнтӕм, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынмӕ ӕмӕ лӕг амарынмӕ раздӕр цы цӕстӕй каст, абон дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы. Пехуымпар Исайы уылты загъта: «Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр ӕз уыцы Хуыцау дӕн» (Исай 46:4). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый фӕдыл йӕ Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд уый нӕхи пайдайӕн кӕй уыдзӕн (Исай 48:17–19).
11. Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй никуы фӕсайы, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.
11 Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уый ма бӕрӕг у, йӕ ныхас кӕй никуы фӕсайы, уымӕй дӕр. Цы фӕзӕгъы, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕны. Йегъовӕ загъта: «Мӕ дзыхӕй цы ныхас рацӕуа, уый... цалынмӕ нӕ сӕххӕст уа, уӕдмӕ мӕм фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ сараздзӕн, цы мӕ фӕнды, уый, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, кӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уыцы хъуыддаг» (Исай 55:11). Йегъовӕ йӕ адӕмыл иузӕрдион кӕй у, уый бӕрӕг у, саразынмӕ цы нӕ фӕхъавы, уымӕй сын зӕрдӕ кӕй никуы бавӕры, уымӕй. Йегъовӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты равдыста, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис, уый. Йӕ лӕггадгӕнӕг Йесо Навин дӕр афтӕ уый тыххӕй загъта: «Йегъовӕ Израилы адӕмӕн цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты!» (Йесо Навин 21:45). Уӕдӕ мах дӕр фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Исай 49:23; Ромӕгтӕм 5:5).
12, 13. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт ӕнустӕм у?
12 Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн «ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт» (Псалом 136:1). Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд сӕ ферох кӕны. 26-ӕм сӕрӕй базыдтам, Йегъовӕ адӕймагӕн иухатт цы ныххатыр кӕны, уый йын йӕ цӕстмӕ кӕй никуыуал бадары. Адӕм «се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ ӕвдисын» (Ромӕгтӕм 3:23). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ бузныг уӕм, йе ’нувыд уарзт ӕнустӕм кӕй у, уый тыххӕй.
13 Фӕлӕ, Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт ӕнустӕм кӕй у, уый ма баст у ӕндӕр цӕимӕдӕр. Рӕстгӕнӕг адӕймаджы тыххӕй йӕ Ныхасы фыст ис: «Уый уыдзӕн доны был сагъд бӕласы хуызӕн, йӕ афоныл дыргъ чи дӕтты ӕмӕ йӕ сыфтӕр кӕмӕн нӕ хус кӕны. Цыфӕнды ма араза – алцыдӕр ын бантысдзӕн» (Псалом 1:3). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, йӕ сыфтӕ ӕдзух цъӕх-цъӕхидӕй кӕмӕн лӕууынц, ахӕм рӕсугъд бӕлас. Мах дӕр бирӕ азты дӕргъы фӕрнӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ хорз дыргътӕ хӕсдзыстӕм, ома хорз хъуыддӕгтӕ араздзыстӕм, Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ иртасын куы уарзӕм, уӕд. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цы хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны, уыдон сты ӕнустӕм. Ӕцӕгдӕр, ног дунейы коммӕгӕс адӕм йе ’нувыд уарзтӕй хайджын уыдзысты ӕнустӕм (Раргомад 21:3, 4).
Йегъовӕ, «иузӕрдион [ыл] чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн»
14. Йегъовӕ нын нӕ иузӕрдион лӕггадмӕ цы цӕстӕй кӕсы?
14 Раджы заманты Йегъовӕ тынг бирӕ хӕттыты равдыста, иузӕрдион кӕй у, уый. Ӕмӕ ивгӕ кӕй нӕ кӕны, уымӕ гӕсгӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл йӕ зӕрдӕ никуы сивдзӕн. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн» (Псалом 37:25, 28). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг у, ӕмӕ йын лӕггад кӕнын нӕ хӕс у (Раргомад 4:11). Фӕлӕ, Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын нӕ иузӕрдион лӕггадӕн тынг аргъ кӕны (Малахи 3:16, 17).
15. Бамбарын кӕн, Йегъовӕйы иузӕрдиондзинад куыд зыны, израилӕгтӕн куыд ӕххуыс кодта, уымӕй.
15 Йегъовӕ йӕ адӕмы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый тыххӕй сӕм алкӕддӕр ӕххуысмӕ фӕзыны, зын уавӕры куы бахауынц, уӕд. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Уый хъахъхъӕны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны удтӕ, фыдгӕнджыты къухӕй сӕ ирвӕзын кӕны» (Псалом 97:10). Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Израилы адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, уый. Сырх денджызыл сӕ куы ахизын кодта, уӕд ын зарыдысты: «Ды де ’нувыд уарзтӕй кӕныс, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы» (Рацыд 15:13). Ӕцӕгдӕр, кӕй сӕ фервӕзын кодта, уымӕй равдыста, ӕнувыд уарзтӕй сӕ кӕй уарзта, уый. Уымӕ гӕсгӕ Моисей израилӕгтӕн загъта: «Йегъовӕйӕн зынаргъ уый тыххӕй нӕ уыдыстут ӕмӕ уӕ уый тыххӕй нӕ равзӕрста, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕй сымахӕй стырдӕр адӕм нӕ уыд – сымах се ’ппӕтӕй дӕр къаддӕр уыдыстут. Фӕлӕ уӕ Йегъовӕ уый тыххӕй равзӕрста, ӕмӕ уӕ уарзгӕ кӕны, стӕй, уӕ фыдӕлтӕн цӕй тыххӕй расомы кодта, уый ӕххӕст кӕны. Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ уый тыххӕй ракодта йӕ фидар къухӕй ӕмӕ уӕ ссӕрибар кодта, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй, фервӕзын уӕ кодта фараоны, Египеты паддзахы, къухӕй» (Дыккаг закъон 7:7, 8).
16, 17. а) Цӕмӕй бӕрӕг уыд, израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ йе ’нувыд уарзты тыххӕй бузныг кӕй нӕ уыдысты, фӕлӕ Йегъовӕ уӕддӕр куыд равдыста, тӕригъӕд сын кӕй кодта, уый? б) Израилӕгтӕн сӕ фылдӕр куыд равдыстой, «сдзӕбӕх кӕнӕн» сын кӕй нал уыди, уый ӕмӕ сӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
16 Хъыгагӕн, израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ йе ’нувыд уарзты тыххӕй бузныг нӕ уыдысты. Уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? Куы сӕ ссӕрибар кодта, уӕд уый фӕстӕ «ноджы фылдӕр тӕригъӕдтӕ арӕзтой йӕ разы – цыдысты Иунӕг Стыр Хуыцауы ныхмӕ» (Псалом 78:17). Уый фӕстӕ ӕнусты дӕргъы йӕ ныхмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ рацыдысты. Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйы ферох кодтой ӕмӕ-иу мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи чъизи кодтой. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ нӕ фехӕлдта, семӕ цы бадзырд скодта, уый. Суанг ма сӕм йӕ пехуымпар Йеремийы дӕр арвыста ӕмӕ сын лӕгъстӕ кодта: «Раздӕх, мӕнгард Израил... Мӕстыйӕ уӕм нӕ кӕсдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз иузӕрдион дӕн» (Йереми 3:12). Фӕлӕ 25-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй израилӕгтӕн сӕ фылдӕрмӕ йӕ ныхӕстӕ нӕ бахъардтой. «Уыдон ӕцӕг Хуыцауы минӕвӕрттӕй хынджылӕг кодтой ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой, йӕ пехуымпартыл ын худтысты». Уый сӕ цӕмӕ ’ркодта? Ӕппынфӕстаг «Йегъовӕйы маст йӕ адӕммӕ ссыгъд, ӕмӕ сын сдзӕбӕх кӕнӕн нал уыди» (2 Азфыстыты 36:15, 16).
17 Израилӕгты хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, адӕм цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдон ницӕмӕ дары кӕнӕ йӕ асайӕн ис. Йегъовӕйӕн «йе ’нувыд уарзт» ӕцӕгдӕр «ӕгӕрон у», ӕмӕ, гӕнӕн куы вӕййы, уӕд, чи фӕрӕдыд, уымӕн ныххатыр кӕны. Фӕлӕ фыдгӕнӕгӕн срастгӕнӕн куы нал вӕййы, уӕд та куыд бакӕны? Уӕд ӕй Йегъовӕ йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ бафхӕры. Моисей куыд загъта, афтӕмӕй Йегъовӕ, «аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн» (Рацыд 34:6, 7).
18, 19. а) Йегъовӕ фыдгӕнджыты кӕй бафхӕры, уый йӕ иузӕрдиондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у? б) Йегъовӕ куыд равдисдзӕн, йӕ лӕггадгӕнджытӕй йын кӕй амардтой, уыдоныл иузӕрдион кӕй у, уый?
18 Йегъовӕ фыдгӕнджыты кӕй бафхӕры, уый йӕ иузӕрдиондзинадыл дзурӕг у. Куыд? Уый ӕмбарын кӕны Раргомады чиныг. Ам кӕсӕм, Йегъовӕ авд зӕдӕн цы бахӕс кодта, уый: «Ацӕут ӕмӕ Хуыцауы масты авд къусы зӕххыл акалут». Ӕртыккаг зӕд йӕ нуазӕн «цӕугӕдӕттыл ӕмӕ суадӕттыл» куы акалдта, уӕд туг фестадысты. Уый фӕстӕ зӕд Йегъовӕйӕн загъта: «Раст дӕ ды, чи уыд ӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау, иузӕрдион Хуыцау, ахӕм тӕрхӕттӕ кӕй рахастай, уымӕн ӕмӕ уыдон сыгъдӕджыты ӕмӕ пехуымпарты туг ныккалдтой, ӕмӕ сын ды туг бануазын кодтай. Уыдон уый аккаг сты» (Раргомад 16:1–6).
19 Зӕд тӕрхоны хабар куы хъусын кодта, уӕд Йегъовӕйы «иузӕрдион Хуыцау» цӕмӕн схуыдта? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ фыдгӕнджыты кӕй фесафдзӕн, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл иузӕрдион у. Уыдонӕй бирӕты амардтой, сӕ фӕдыл чи зылди, уыдон. Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уыцы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр йӕ зӕрдыл дары. Уый бӕллы сӕ фенынмӕ, ӕмӕ Библийы фыст ис, кӕй сӕ схорзӕхджын кӕндзӕн, ома сӕ райгас кӕндзӕн (Иов 14:14, 15). Йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕд удӕгас нал сты, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы ферох сты. Йегъовӕйӕн «иууылдӕр удӕгас сты» (Лукайы 20:37, 38). Йӕ хъуыдыйы чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн, уый йӕ иузӕрдиондзинадыл дзурӕг у.
Иузӕрдион Хуыцау Йегъовӕйӕ рох не сты, мӕлӕты онг ыл иузӕрдионӕй чи баззад, уыдон ӕмӕ сӕ райгас кӕндзӕн
Бернард Леймис (уӕлейӕ) ӕмӕ Вольфганг Куссеров (астӕуӕй) амардысты нацистты къухӕй
Мозес Ниамусуайы амардтой иу политикон къорды уӕнгтӕ
Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы нӕ бон у ӕнустӕм цӕрын
20. Чи сты, «фӕтӕригъӕд кӕныны аккаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕ» ӕмӕ сыл Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
20 Йегъовӕ йе ’нувыд лӕггадгӕнджытыл алкӕддӕр тынг иузӕрдион вӕййы. Миназты дӕргъы Йегъовӕ «быхсы ӕмӕ бирӕ фӕразы, йӕ маст ныккалинаг кӕуыл у ӕмӕ сафинаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕн». Цӕмӕн? «Цӕмӕй йе стыр кад равдиса, фӕтӕригъӕд кӕныны аккаг чи у, уыцы мигӕнӕнтыл – ӕмӕ уыдоны бирӕ раздӕр равзӕрста, цӕмӕй сӕ скадджын кӕна» (Ромӕгтӕм 9:22, 23). «Фӕтӕригъӕд кӕныны аккаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕ» сты, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ’рцыд ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы чырыстӕттӕ (Матфейы 19:28). Йегъовӕ сын фервӕзыны фадат кӕй радта, уымӕй равдыста, Авраамыл иузӕрдион кӕй у. Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй» (Райдиан 22:18).
Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уый фӕрцы йе ’нувыд лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр фидӕнӕй фидар ныфс ис
21. а) Йегъовӕ куыд ӕвдисы, «стыр бӕллӕхы» чи фервӕздзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕмыл» иузӕрдион кӕй у, уый? б) Йегъовӕ афтӕ иузӕрдион кӕй у, уый тыххӕй дӕ цы фӕнды аразын?
21 Йегъовӕ афтӕ иузӕрдион у «тынг бирӕ адӕмыл» дӕр. Уыдон сты, «стыр бӕллӕхы» чи фервӕздзӕн ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм (Раргомад 7:9, 10, 14). Кӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы ӕмӕ сын уый тыххӕй ӕнустӕм цӕрыны фадат дӕтты. Уымӕн гӕнӕн цӕй фӕрцы ис? Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы. Уымӕй хуыздӕр ницы ӕвдисы, Йегъовӕ куыд иузӕрдион у, уый (Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 5:8). Рӕстдзинад чи агуры, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы фӕнды Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын, иузӕрдион кӕй у, уый тыххӕй (Йереми 31:3). Йегъовӕ йӕ иузӕрдиондзинад куыд ӕвдисы ӕмӕ ма йӕ ноджыдӕр куыд равдисдзӕн, уый тыххӕй фылдӕр куы базыдтай, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарзын нӕ райдыдтай? Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый тыххӕй дзы бузныг уӕм ӕмӕ йын ноджы иузӕрдиондӕрӕй лӕггад кӕнӕм. Уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм.
a 2 Самуилы 22:26 стихы дзырд «иузӕрдион»-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзырд ма ратӕлмац кӕнӕн ис «ӕнувыд уарзт»-ӕй дӕр.
-
-
«Чырыстийы уарзт» базонБаввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
29 СӔР
«Чырыстийы уарзт» базон
1–3. а) Йесойы цӕмӕн фӕндыди, цӕмӕй йӕ Фыды хуызӕн уыдаид? б) Ацы сӕры цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
ӔВӔЦЦӔГӔН, алы гыццыл лӕппуйы дӕр фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ фыды хуызӕн уа. Фӕархайы, цӕмӕй йӕ фыды хуызӕн цӕуа, ныхас кӕна ӕмӕ, уый цы фӕаразы, уыдӕттӕ араза. Куыд фестырдӕр кӕны, афтӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уыдӕттӕм йӕ фыды цӕстӕй кӕсын райдайы ӕмӕ, йӕ фыд цӕуыл феууӕнды, уый дӕр ууыл феууӕнды. Ӕцӕгдӕр, фырт йӕ фыды кӕй фӕуарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнымайы, уый тыххӕй йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уый хуызӕн уа.
2 Цы зӕгъӕн ис Йесойӕ ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыдӕй та? Иухатт Йесо загъта: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын» (Иоанны 14:31). Йегъовӕйы уыцы Фыртӕй фылдӕр ничи уарзы, уымӕн ӕмӕ йемӕ уыди, цалынмӕ иннӕ зӕдты ӕмӕ адӕмы не сфӕлдыста, уымӕй бирӕ раздӕр. Фырт йӕ Фыды кӕй уарзта, уый тыххӕй йӕ фӕндыд, цӕмӕй уый хуызӕн уыдаид (Иоанны 14:9).
3 Ацы чиныджы раздӕры сӕрты ныхас кодтам, Йесо алцӕмӕй дӕр Йегъовӕйы хуызӕн кӕй у – йӕ тыхӕй куыд архайы, рӕстдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй ӕмӕ зондӕй дӕр. Ӕмӕ уарзондзинадӕй та цы зӕгъӕн ис? Уымӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн у? Ӕркӕсӕм, Йесо уарзондзинад куыд ӕвдыста, уымӕ: иннӕтыл йӕхицӕй тынгдӕр тыхсти; зындзинӕдтӕ чи ӕвзӕрста, уыдонӕн тӕригъӕд кодта; хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ уыди.
«Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй»
4. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойӕ стырдӕр уарзондзинад иу адӕймаг дӕр никуы равдыста?
4 Адӕймаг иннӕты куы фӕуарзы, уӕд сыл йӕхицӕй тынгдӕр фӕтыхсы ӕмӕ йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Йесо ахӕм уарзондзинад куыд равдыста? Уый йӕхӕдӕг афтӕ бамбарын кодта: «Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта» (Иоанны 15:13). Йесо мах тыххӕй йе ’ххӕст цард нӕ бавгъау кодта. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад иу адӕймаг дӕр никуы равдыста. Фӕлӕ ма Йесойы удуӕлдай уарзт бӕрӕг у ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр.
5. Хуыцауы Фырт уӕлӕрвты цы ныууагъта, зӕхмӕ куы ӕрцыд, уӕд?
5 Хуыцауы иунӕггуырд Фырт цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ йын уӕлӕрвты стыр кад уыди. Йесо тынг ӕнгом уыди Йегъовӕимӕ ӕмӕ зӕдтимӕ. Ӕмӕ кӕд Хуыцауы зынаргъ Фыртӕн уӕлӕрвты ахӕм диссаджы цард уыди, уӕддӕр «йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта ӕмӕ сси цагъары хуызӕн, сси адӕймаг» (Филиппӕгтӕм 2:7). Уый барвӕндӕй ӕрцыд, «Фыдбылызы къухы» чи ис, уыцы дунемӕ ӕмӕ цард тӕригъӕдджын адӕмы ’хсӕн (1 Иоанны 5:19). Уый ӕцӕгдӕр уыд удуӕлдай уарзт!
6, 7. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо иннӕтыл йӕхицӕй тынгдӕр кӕй тыхсти? б) Иоанны 19:25–27 стихты цавӕр удуӕлдай уарзондзинады кой ис?
6 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕддӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты равдыста, адӕмы куыд тынг уарзы, уый. Цӕмӕй-иу сын баххуыс кодтаид, уый тыххӕй-иу йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта. Иннӕтыл йӕхицӕй тынгдӕр хъуыды кодта. Йесо цӕттӕ уыди хуымӕтӕг цард кӕнынмӕ, цӕмӕй йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ сарӕзтаид. Йесо загъта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, ӕмӕ мӕргътӕн – ахстӕттӕ, Адӕймаджы Фыртӕн та, йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй» (Матфейы 8:20). Йесо уыди хорз хъӕддӕсны ӕмӕ йӕ бон уыди йӕхицӕн дзӕбӕх хӕдзар саразын. Кӕнӕ йӕ бон уыди хӕдзары дзауматӕ аразын, цӕмӕй сӕ уӕй кодтаид, ӕмӕ ӕхца куыстаид. Фӕлӕ Йесойӕн уыдӕттӕ сӕйраг нӕ уыдысты.
7 Ӕркӕс-ма Иоанны 19:25–27 стихтӕм. Йесо цы удуӕлдай уарзондзинад равдыста, уый зӕрдӕ агайы. Йесо йӕ мӕлӕты бон, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ цӕуылдӕрты хъуыды кодта. Хъизӕмӕртты хъӕдыл куы уыд, уӕд мӕт кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтыл, хъусын кӕныны хъуыддагыл. Уӕлдай тынгдӕр та мӕт кодта, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид ӕмӕ йын йӕ ном скадджын кодтаид. Йесойӕ кӕнгӕ уыди, адӕмӕн ӕнустӕм цӕрыны ныфс уыдзӕн ӕви нӕ, уый. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ мӕлӕты размӕ Йесо йӕ мад Марийӕйыл батыхст. Уӕдмӕ Марийӕйӕн йӕ сӕрыхицау, ӕвӕццӕгӕн, ӕгас нал уыд. Ӕмӕ Йесо апостол Иоаннӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕм йӕхи мадау кастаид, ӕмӕ йӕ Иоанн йӕхимӕ акодта. Йесойӕн йӕ мадмӕ йӕ зӕрдӕ нал ӕхсайдта, уымӕн ӕмӕ зыдта, чи йӕм кӕса ӕмӕ йын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн чи ӕххуыс кӕна, уый кӕй ис. Йесо диссаджы уарзондзинад равдыста!
Адӕмӕн тӕригъӕд кодта
8. «Фӕтӕригъӕд кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды цы у?
8 Йесо дӕр йӕ Фыдау уыд тынг тӕригъӕдгӕнаг. Библийы фыст ис, Йесо тынг кӕй тӕригъӕд кодта, зындзинӕдтӕ чи ӕвзӕрста, уыцы адӕмӕн ӕмӕ кӕй архайдта, цӕмӕй-иу сын баххуыс кодтаид. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо адӕмӕн «фӕтӕригъӕд кодта». Ацы ран «фӕтӕригъӕд кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый тыххӕй иу ахуыргонд загъта: «[Ацы дзырд] ӕвдисы... адӕймагӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ чи сриссын кӕны, ахӕм тыхджын ӕнкъарӕн. Искӕй тӕригъӕдӕй зӕрдӕ куыд фӕриссы, уый равдисынӕн грекъаг ӕвзаджы амӕй тыхджындӕр дзырд нӕй». Йесо-иу адӕмӕн баххуыс кодта, кӕй-иу сын фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
9, 10. а) Йесойы ӕмӕ йӕ апостолты хибар ранмӕ ацӕуын цӕмӕн фӕндыд? б) Йесо цы цӕстӕй ракаст, адӕм сӕ баулӕфын кӕй нӕ бауагътой, уымӕ ӕмӕ цӕмӕн?
9 Йесо адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы базыдтаиккой. Марчы 6:30–34 стихтӕй базонӕн ис, Йесо адӕмӕн сӕйраджыдӕр цӕмӕн тӕригъӕд кодта ӕмӕ сын цӕмӕн ӕххуыс кодта, уый тыххӕй. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: апостолтӕ уацамындӕй ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йесойӕн цингӕнгӕйӕ дзурынц, цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой, уыдӕттӕ. Йесо-иу алы хатт дӕр бамбӕрста, иннӕты-иу цы хъуыди, уый, ӕмӕ ныр дӕр уыдта, йӕ апостолтӕ фӕллад кӕй уыдысты ӕмӕ сӕ баулӕфын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ сын загъта: «Ацӕуӕм хибар ранмӕ, цӕмӕй уым иу гыццыл уӕ фӕллад суадзат». Уыдон дӕр бӕлӕгъы абадтысты ӕмӕ Галилейӕйы денджызы цӕгат фарсмӕ хибар ранмӕ ацыдысты. Фӕлӕ сӕ адӕм федтой. Уый иннӕ адӕм дӕр базыдтой. Ӕмӕ иууылдӕр агуылф кодтой ӕмӕ уым сӕ разӕй балӕууыдысты.
10 Цымӕ Йесо смӕсты, баулӕфын сӕ кӕй нӕ бауагътой, уый тыххӕй? Нӕ! Цалдӕр мин адӕймаджы йӕм куыд ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый куы федта, уӕд сыл йӕ зӕрдӕ фӕрыст. Марк йӕ Евангелийы ныффыста: «Йесо... уыйбӕрц адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Гъемӕ сын райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын». Йесо ӕмбӕрста, алкӕй дӕр сӕ Хуыцауы разамынд кӕй хъуыди. Уыдон уыдысты дзӕгъӕл фысты хуызӕн – чи сӕ хызтаид ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕдтаид, уый сын нӕ уыд. Йесо зыдта, адӕмыл хорз фыййӕуттау чи хъуамӕ тыхстаид, уыцы дины разамонджытӕ сӕ кӕй нӕ уарзтой ӕмӕ сӕ кӕй ницӕмӕ дардтой (Иоанны 7:47–49). Гъемӕ сын афтӕ тынг фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ сын райдыдта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй дзурын» (Лукайы 9:11). Дӕ хъус-ма ӕрдар: Йесо сын фӕтӕригъӕд кодта, цы зӕгъинаг сын уыд, уый сӕ зӕрдӕмӕ айсдзысты ӕви нӕ, уый куы нӕма зыдта, уӕд. Ӕндӕр ныхасӕй, Йесо адӕмӕн уый тыххӕй нӕ фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ сын цы дзырдта, уымӕ байхъуыстой. Фӕлӕ сын кӕй фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй сӕ райдыдта ахуыр кӕнын.
«Йӕ къух [ӕм] бадардта, андзӕвыд ыл»
11, 12. а) Раджы заманты хъотырджынтӕм цы цӕстӕй кастысты, фӕлӕ Йесо куыд бакодта, хъотырджын ӕм куы бацыд, уӕд? б) Хъотырджын куыд фӕуыдаид, Йесо йыл куы андзӕвыд, уӕд ӕмӕ уый цавӕр хабары фӕрцы ис бамбарӕн?
11 Йесо адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй ӕххуыс кодта, зындзинӕдтӕ чи ӕвзӕрста ӕмӕ чи хъизӕмар кодта, уыдонӕн. Рынчынтӕ уыдтой, Йесо сын кӕй тӕригъӕд кӕны ӕмӕ йӕм цыдысты, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Уый хорз зыны иу хабарӕй. Иухатт Йесомӕ бацыд, «йӕ буар хъотыры хъӕдгӕмттӕй кӕмӕн нал зынд, иу ахӕм лӕг» (Лукайы 5:12). Уыцы рӕстӕг Йесойы алыварс тынг бирӕ адӕм уыди. Йегъовӕ израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ хъотырджынӕн иннӕтӕм хӕстӕг цӕуӕн нӕ уыд, цӕмӕй сыл йӕ низ ма бахӕцыдаид (Нымӕцтӕ 5:1–4). Фӕлӕ фӕстӕдӕр дурзӕрдӕ дины разамонджытӕ уыцы закъонмӕ цыдӕртӕ бафтыдтой, ӕмӕ хъотырджынтӕн ӕппындӕр ничиуал тӕригъӕд кодтаa. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, Йесо хъотырджынмӕ цы цӕстӕй ракаст, уымӕ: «Иухатт ӕм ӕрбацыд иу хъотырджын лӕг. Йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: „Ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ“. Йесо йын тынг фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ йӕм йӕ къух бадардта, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: „Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у“. Ӕмӕ лӕгӕн йӕ хъотыр уайтагъд ӕрбайсӕфт, ӕмӕ сдзӕбӕх» (Марчы 1:40–42). Йесо зыдта, хъотырджынтӕн адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуӕн кӕй нӕ уыд, уый, фӕлӕ йӕ нӕ атардта. Афтӕ тынг ын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ йыл андзӕвыд! Уый ӕнхъӕл ничи уыд!
12 Ахъуыды-ма кӕн, уыцы хъотырджын куыд фӕуыдаид, Йесо йыл куы андзӕвыд, уӕд? Уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Хъотырӕй рынчынты чи дзӕбӕх кодта, иу ахӕм дохтыр, Пол Брэнд, радзырдта, Индийы йыл цы хабар ӕрцыд, уый. Дохтыр хъотырӕй рынчынӕн тӕлмацгӕнӕджы ӕххуысӕй ӕмбарын кодта, куыд ӕй дзӕбӕх кӕндзӕн, уый ӕмӕ дзургӕ-дзурын рынчыны уӕхскыл йӕ къух ӕрӕвӕрдта. Ӕвиппайды нӕлгоймаг ныккуыдта. Дохтыр бафарста: «Мыййаг, ӕвзӕрӕй исты загътон?» Тӕлмацгӕнӕг ын йӕ фарста рынчынӕн бамбарын кодта ӕмӕ стӕй дохтырӕн загъта: «Нӕ, ӕвзӕрӕй ницы загътай. Афтӕ зӕгъы, дӕ къух ын йе уӕхскыл кӕй ӕрӕвӕрдтай, уый тыххӕй кӕй кӕуы. Бирӕ азты дӕргъы йыл иу адӕймаг дӕр нӕ андзӕвыд». Уӕдӕ Йесомӕ чи бацыд, уыцы хъотырджын дӕр куыннӕ бацин кодтаид, Йесо йыл куы андзӕвыд, уӕд. Фӕлӕ хъуыддаг ууыл нӕ ахицӕн. Куыддӕр ыл андзӕвыд, афтӕ нӕлгоймагӕн йӕ удхайраг низ ӕрбайсӕфт, ӕмӕ йӕ бон сси фӕстӕмӕ йӕ бинонтимӕ цӕрын ӕмӕ семӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.
13, 14. а) Горӕт Наинмӕ хӕстӕг Йесо кӕуыл сӕмбӕлд ӕмӕ, цы ’рцыд, ууыл афтӕ тынг цӕмӕн маст кодтой? б) Йесойӕн идӕдз усы тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ кӕй фӕрыст, уый тыххӕй цы сарӕзта?
13 Йесо адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй ӕххуыс кодта, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн. Йесойӕн-иу йӕ зӕрдӕ фӕрыст, зианджын адӕмы-иу куы федта, уӕд. Ӕркӕсӕм-ма, Лукайы 7:11–15 стихты цы хабар фыст ис, уымӕ. Уый ӕрцыд, галилейаг горӕт Наинмӕ хӕстӕг. Йесо горӕты кулдуармӕ куы бахӕццӕ, уӕд сӕмбӕлд мӕрддзыгой адӕмыл. Амард иу ӕрыгон лӕппу, идӕдз сылгоймагӕн йӕ иунӕг хъӕбул. Фыццаг хатт ыл не ’рцыд зиан – уымӕй размӕ та йӕ сӕрыхицау амард. Фӕлӕ ныр амард йӕ иунӕг фырт, йӕ иунӕг ныфс. Ӕвӕццӕгӕн, мӕрддзыгой адӕмӕй чидӕртӕ, хъарджытӕ кодтой, музыканттӕ та ӕнкъард музыкӕ цагътой (Йереми 9:17, 18; Матфейы 9:23). Фӕлӕ Йесойы цӕст ӕрхӕцыд лӕппуйы мадыл. Ӕвӕццӕгӕн, сылгоймаг йӕ цӕссыг калгӕ фӕцӕйцыд, йӕ лӕппуйы йын цы сынтыл хастой, уый фарсмӕ.
14 Йесойӕн мады «тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст», ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Ма ку». Уый фӕстӕ сынтмӕ бацыд ӕмӕ йӕм бавнӕлдта. Марды чи хаста, уыдон, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, иннӕтӕ дӕр ӕрлӕууыдысты ӕмӕ ныссабыр сты. Ӕмӕ уӕд Йесо барджын хъӕлӕсӕй мардӕн загъта: «Лӕппу, дӕумӕ дзурын: сыст!» Ӕмӕ дарддӕр цы уыд? «Мард рабадт ӕмӕ дзурын райдыдта», цыма йӕ тарф фынӕйӕ райхъал, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Йесо «мадӕн загъта, мӕнӕ дӕ фырт», зӕгъгӕ.
15. а) Йесо адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уымӕй куыд зыны, адӕймаг искӕмӕн куы фӕтӕригъӕд кӕны, уӕд ын ӕххуыс дӕр кӕй бакӕны? б) Уыцы хъуыддаджы нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?
15 Ацы хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Адӕймаг искӕмӕн куы фӕтӕригъӕд кӕны, уыд ын ӕххуыс дӕр бакӕны. Йесо-иу искӕй зын куы федта, уӕд-иу ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ-иу ын баххуыс кодта. Нӕ бон ӕй куыд у фӕзмын? Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕс у хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Уый сӕйраджыдӕр аразӕм, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Фӕлӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, уый кӕй аразӕм, адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уый тыххӕй дӕр. Йесойау сын куы тӕригъӕд кӕнӕм, уӕд, нӕ бон цы у, уый араздзыстӕм, цӕмӕй сын хорз хабар хъусын кӕнӕм (Матфейы 22:37–39). Ӕмӕ нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй рынчын чи у кӕнӕ зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн та нӕ бон куыд у равдисын, нӕ зӕрдӕ сыл кӕй риссы, уый? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах сӕ не сдзӕбӕх кӕндзыстӕм кӕнӕ сын чи амард, уый фӕстӕмӕ цардмӕ нӕ раздахдзыстӕм. Фӕлӕ нӕ бон у фадӕттӕ агурын, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕнӕм кӕнӕ сын дзурӕм, тынг сӕ кӕй уарзӕм (Ефесӕгтӕм 4:32).
«Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн»
16. Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл куы удхар кодта, суанг уӕд дӕр цӕмӕй бӕрӕг уыди, хатыргӕнаг кӕй уыд, уый?
16 Йесо ма йӕ уарзӕгой Фыды хуызӕн уыди, хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыди, уымӕй дӕр (Псалом 86:5). Уый бӕрӕг уыд, хъизӕмӕртты хъӕдыл куы удхар кодта, суанг уӕд дӕр. Кӕд Йесомӕ худинаджы мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕдмӕ зӕгӕлтӕй кӕй ныххуыдтой, уый тыххӕй стыр рыст ӕвзӕрста, уӕддӕр йӕ мӕлӕты размӕ цы загъта? Мыййаг, Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йын йӕ марджыты бафхӕрдтаид? Нӕ, Йесо загъта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц»b (Лукайы 23:34). Уыдон уыдысты йӕ фӕстаг ныхӕстӕй иутӕ.
17–19. Йесо куыд равдыста, апостол Петрӕн кӕй ныххатыр кодта, уый?
17 Ноджы тынгдӕр та зӕрдӕ агайы, Йесо апостол Петрӕн йӕ рӕдыд кӕй ныххатыр кодта, уый. Петр Йесойы тынг кӕй уарзта, ууыл дзырд дӕр нӕй. 14 нисаны, Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд, Петрӕн загъта: «Хицау, ӕз цӕттӕ дӕн демӕ ахӕстонмӕ ацӕуынмӕ дӕр ӕмӕ амӕлынмӕ дӕр». Фӕлӕ цалдӕр сахаты фӕстӕ Петр Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Уыцы ныхас ӕртыккаг хатт куы загъта, уӕд «Йесо Петрмӕ фӕстӕмӕ ракаст». Петр бамбӕрста, цы сарӕзта, уый ӕмӕ «ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта». Уыцы бон фӕстӕдӕр Йесо куы амард, уӕд Петрӕн, ӕвӕццӕгӕн, иу фарста ӕнцой нӕ лӕвӕрдта: «Цымӕ мын мӕ Хицау ныххатыр кодта?» (Лукайы 22:33, 61, 62).
18 Фӕлӕ йӕ дзуапмӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бахъуыд. Йесо райгас 16 нисаны райсомӕй ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы бон бацыд Петрмӕ ӕмӕ йемӕ аныхас кодта (Лукайы 24:34; 1 Коринфӕгтӕм 15:4–8). Цымӕ Йесо Петримӕ хицӕнӕй цӕмӕн ныхас кодта? Зыдта йӕ, Петр йӕхи фӕсмонӕй кӕй хӕры, ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй йын загътаид, раздӕрау ӕй кӕй уарзы ӕмӕ йын раздӕрау зынаргъ кӕй у. Фӕлӕ йын кӕй ныххатыр кодта, уый ӕрмӕст уымӕй нӕ равдыста.
19 Фӕстӕдӕр Йесо йӕ апостолтӕм фӕзынд, Галилейӕйы денджызы был куы уыдысты, уӕд. Йесо Петры ӕртӕ хатты бафарста, уарзыс мӕ, зӕгъгӕ. Ӕртыккаг хатт ӕй куы бафарста, уӕд Петр загъта: «Хицау, ды алцыдӕр зоныс. Зоныс ӕй, кӕй дӕ уарзын». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо уыдта, Петры зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмӕ зыдта, тынг ӕй кӕй уарзы. Ӕмӕ уӕд Йесо афтӕ цӕмӕн бакодта? Ӕртӕ хатты дзы, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, чи загъта, уымӕн фадат радта, цӕмӕй йын ӕртӕ хатты загътаид, уарзын дӕ, зӕгъгӕ. Уымӕй уӕлдай ма Йесо Петрӕн йӕ бӕрны стыр хӕс бакодта. Загъта йын: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм» (Иоанны 21:15–17). Уымӕй размӕ йын бахӕс кодта хорз хабар хъусын кӕнын (Лукайы 5:10). Фӕлӕ ныр Йесо Петрӕн ноджы стырдӕр хъуыддаг бахӕс кодта: хъуамӕ ӕххуыс кодтаид, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ чи суыдаид, уыдонӕн. Афтӕмӕй Петр бамбӕрста, Йесо йыл тынг кӕй ӕууӕнды. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йесо Петрӕн чырыстон ӕмбырды ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта (Хъуыддӕгтӕ 2:1–41). Петр куы бамбӕрста, Йесо йын кӕй ныххатыр кодта ӕмӕ йыл раздӕрау кӕй ӕууӕнды, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ риуыдзаг сулӕфыд.
«Чырыстийы уарзт» базыдтай?
20, 21. «Чырыстийы уарзт» кӕронмӕ базонӕн куыд ис?
20 Чырысти адӕмы куыд уарзы, уый Хуыцауы Ныхасы тынг хорз ӕвдыст у. Фӕлӕ уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, базонут «Чырыстийы уарзт, цыфӕнды зонындзинӕдтӕй дӕр уӕлдӕр чи у, уый» (Ефесӕгтӕм 3:19). Куыд федтам, афтӕмӕй Чырыстийы уарзондзинады тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Евангелиты йӕ царды ӕмӕ йӕ лӕггады тыххӕй цы фыст ис, уымӕй. Фӕлӕ цӕмӕй «Чырыстийы уарзт» кӕронмӕ базонӕм, уый тыххӕй фаг нӕу, Библийы Чырыстийы тыххӕй цы фыст ис, уый зонын.
21 «Базонын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды у, цыдӕр базонын, «нӕхӕдӕг цы аразӕм, уый фӕрцы». Йесо куыд уарзта, афтӕ куы уарзӕм, ома иннӕтыл нӕхицӕй фылдӕр куы хъуыды кӕнӕм, бахъуаджы сахат-иу сӕ фарсмӕ куы балӕууӕм, зӕрдӕйӕ сын куы хатыр кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд бамбардзыстӕм, Йесо цы ӕнкъардта, уый. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм «Чырыстийы уарзт, цыфӕнды зонындзинӕдтӕй дӕр уӕлдӕр чи у», уыцы уарз. Ӕмӕ нӕ рох макуы уӕд: Чырыстийы хуызӕн цас тынгдӕр уӕм, уыйас ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, Йесо алцӕмӕй дӕр кӕй хуызӕн у, уымӕ – нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕмӕ.
a Дины разамонджыты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, хъотырджынтӕм цыппар ӕлмӕринӕй (дыууӕ метры бӕрц) хӕстӕгдӕр цӕуӕн нӕ уыд. Дымгӕ-иу куы кодта, уӕд та-иу хъотырджын иннӕтӕм 100 ӕлмӕринӕй (45 метры бӕрц) хӕстӕгдӕр хъуамӕ ма цыдаид. Дзуттаг дины чингуытӕй иуы фыст ис дыууӕ раввины тыххӕй. Уыдонӕй иу хъотырджынтӕй ӕмбӕхсгӕ кодта, иннӕ та-иу сыл дуртӕ ӕхста, цӕмӕй-иу ӕм хӕстӕг ма бацыдаиккой. Уӕдӕ хъотырджытӕ сӕхицӕй зыдтой, куыд зын вӕййы, иннӕтӕ дыл сӕхи ракъуыр-бакъуыр кӕной ӕмӕ ма дӕ суанг се сӕфт уыной, уый.
b Ацы ныхӕстӕ, «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц», зӕгъгӕ, кӕцыдӕр къухфыстытӕй айстой. Фӕлӕ, ӕууӕнчы аккаг чи у, ахӕм къухфыстытӕй бирӕты сты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныффыстой «Ног дунейы тӕлмацы» дӕр ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр тӕлмацты дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Йесо кодта, хъӕдыл ӕй чи байтыгъта, уыцы ромаг ӕфсӕддонты кой. Уыдон, цы арӕзтой, уый не ’мбӕрстой, уымӕн ӕмӕ нӕ зыдтой, Йесо ӕцӕгӕй чи уыди, уый. Чи зоны ма Йесо кодта, дзуттӕгтӕй афтӕ чи дзырдта, амарут ӕй, зӕгъгӕ, фӕлӕ йыл фӕстӕдӕр чи баууӕндыд, уыдоны кой дӕр (Хъуыддӕгтӕ 2:36–38). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы мӕлӕты сӕйраджыдӕр аххосджын уыдысты дины разамонджытӕ. Уыдон зыдтой, Хуыцауы Фырт кӕй уыди, фӕлӕ йӕ уӕддӕр ромӕгтӕн амарын кодтой. Уыцы дины разамонджытӕй бирӕтӕн сӕ тӕригъӕд хатыргонд не ’рцыд (Иоанны 11:45–53).
-
-
«Цӕрут уарзгӕйӕ»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
30 СӔР
«Цӕрут уарзгӕйӕ»
1–3. Йегъовӕ куыд уарзы, иннӕты афтӕ уарзыныл куы архайӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?
«РАЙСЫНӔЙ раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Ацы ныхӕсты фӕрцы нӕ Йесо ахуыр кӕны иу ахсджиаг хъуыддагыл: иннӕты куы уарзӕм, уӕд уый нӕхицӕн уыдзӕн пайда. Иннӕтӕ нӕ куы фӕуарзынц, уӕд амондджын вӕййӕм, фӕлӕ ноджы амондджындӕр вӕййӕм, нӕхӕдӕг иннӕты куы фӕуарзӕм, уӕд.
2 Уый нӕ уӕларвон Фыдӕй хуыздӕр ничи зоны. Ацы хайы раздӕры сӕртӕй базыдтам, Йегъовӕ куыд уарзы, афтӕ ничи. Ӕмӕ уымӕй фылдӕр кӕй ничи цӕры, уымӕ гӕсгӕ уымӕй фылдӕр рӕстӕг уарзондзинад ничи ӕвдисы. Уӕдӕ Библи Йегъовӕйы «амондджын Хуыцау» кӕй хоны, уым диссагӕй ницы ис (1 Тимофеймӕ 1:11).
3 Нӕ уарзӕгой Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй архайӕм, алцӕмӕй дӕр уый хуызӕн куыд уӕм, ууыл, уӕлдайдӕр та, иннӕты куыд уарзӕм, уымӕй. Ефесӕгтӕм 5:1, 2 стихты фыст ис: «Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут, ӕмӕ... цӕрут уарзгӕйӕ». Йегъовӕ куыд уарзы, иннӕты афтӕ уарзыныл куы архайӕм, уӕд амондджындӕр уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у. Йегъовӕ ма нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй «кӕрӕдзи уарзӕм» (Ромӕгтӕм 13:8). Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр нӕ циныл цин ӕфтаудзӕн, уымӕн ӕмӕ зондзыстӕм, Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй у, уый. Фӕлӕ иннӕты ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма уарзӕм.
Иннӕты цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?
Нӕ хотыл ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзӕм
4, 5. Нӕ чырыстон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзын ахсджиаг цӕмӕн у?
4 Нӕ чырыстон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзын ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕм ацы миниуӕг ӕнӕмӕнг хъуамӕ уа. Не ’мчырыстӕтты куы нӕ уарзӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн семӕ хӕларӕй цӕрын. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Йегъовӕйы цӕсты ницы уыдзыстӕм. Библийы фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, иннӕты цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм, уый.
5 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:34, 35). Йесойы ныхӕстӕ, «ӕз уӕ куыд бауарзтон», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ иннӕты Йесойау уарзӕм. 29-ӕм сӕрӕй базыдтам, Йесо нын фӕзминаг кӕй у, иннӕты куыд уарзта, уымӕй. Уый, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл. Мах дӕр иннӕты хъуамӕ афтӕ уарзӕм. Ӕмӕ уӕд, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон дӕр уындзысты, кӕрӕдзийы ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзӕм. Йесо мах куыд уарзы, кӕрӕдзи афтӕ куы уарзӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм.
6, 7. а) Иннӕты уарзын тынг ахсджиаг кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм? б) 1 Коринфӕгтӕм 13:4–8 стихты Павел сӕйраджыдӕр цӕй кой кӕны?
6 Ӕмӕ иннӕты куы нӕ уарзӕм, уӕд та? Апостол Павел загъта: «Уарзондзинад [мӕм] куы нӕ уа, уӕд ӕз зӕлланггӕнаг ӕрхуыйӕ кӕнӕ дзыгъал-мыгъулгӕнаг ӕрхуы тӕбӕгътӕй уӕлдай нӕ уыдзынӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:1). Зӕлланггӕнаг ӕрхуы ӕмӕ дзыгъал-мыгъулгӕнаг ӕрхуы тӕбӕгъы зӕллангӕй хъустӕ къуырма кӕнынц. Уый хорз абарст у. Иннӕты чи нӕ уарзы, ахӕм адӕймаг у, йӕ цагъдмӕ хъусын кӕмӕн нӕ фӕцӕуы, ахӕм музыкалон инструменты хуызӕн. Ахӕм адӕймагӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарын тынг зын вӕййы. Павел ма загъта: «Ахӕм уырнындзинад мӕм куы уа, ӕмӕ мӕ бон уыдзӕн хӕхтӕ дӕр иу ранӕй сисын ӕмӕ сӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд ӕз ницы дӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:2). Иннӕты чи нӕ уарзы, уый цыфӕнды хорз хъуыддӕгтӕ куы араза, уӕддӕр Йегъовӕйы цӕсты ницы уыдзӕн. Уӕдӕ Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй иннӕты уарзӕм.
7 Фӕлӕ нӕ бон куыд у ацы миниуӕг ӕвдисын? Уый базондзыстӕм апостол Павелы ныхӕстӕй, фыст сты 1 Коринфӕгтӕм 13:4–8 стихты. Ацы стихты сӕйраджыдӕр дзырд цӕуы, кӕрӕдзи куыд хъуамӕ уарзӕм, ууыл, Хуыцау нӕ куыд уарзы кӕнӕ йӕ мах куыд уарзӕм, ууыл нӕ, фӕлӕ. Павел дзуры, иннӕты куы уарзӕм, уӕд цы араздзыстӕм ӕмӕ цы нӕ араздзыстӕм, уый тыххӕй.
Уарзондзинад цы у?
8. Фӕразондзинад нын куыд ӕххуыс кӕны?
8 «Уарзондзинад бирӕ фӕразы». Уӕдӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд семӕ фӕразон уыдзыстӕм (Колоссӕгтӕм 3:13). Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр сразы уыдзынӕ, алкӕй дӕр нӕ фӕразондзинад кӕй хъӕуы, ууыл. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу хатт нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕхъыг кӕндзыстӕм кӕнӕ та-иу нӕ уыдон фӕхъыг кӕндзысты. Фӕлӕ фӕразон куы уӕм, уӕд кӕрӕдзийы рӕдыдтытӕ ницӕмӕ дардзыстӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырды фарн хъахъхъӕндзыстӕм.
9. Иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ кӕй дарӕм, уый ӕвдисынӕн нын цавӕр фадӕттӕ ис?
9 «Уарзондзинад... у хӕларзӕрдӕ». Хӕларзӕрдӕ кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ-иу семӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд. Иннӕты куы уарзӕм, уӕд сӕм хӕларзӕрдӕ дардзыстӕм ӕмӕ цӕттӕ уыдзыстӕм сӕ фарсмӕ балӕууынмӕ, уӕлдайдӕр та, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны фарсмӕ. Зӕгъӕм, ӕмбырды ацӕргӕтӕй чидӕр иунӕг у, ӕмӕ йӕ хъӕуы абӕрӕг кӕнын ӕмӕ йӕ бафидар кӕнын. Йе та, йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны кӕнӕ, йӕ бинонтӕ Йегъовӕйӕн кӕмӕн нӕ лӕггад кӕнынц, ахӕм хойы хъӕуы цавӕрдӕр ӕххуыс кӕнӕ та йын хъӕуы йӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Рынчын чи у кӕнӕ стыр зындзинӕдтыл чи сӕмбӕлд, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн фӕлмӕн ныхас фехъусын ӕхсызгон куыннӕ уыдзӕн! (Ӕмбисӕндтӕ 12:25; 17:17). Иннӕтӕн афтӕ ӕххуыс кӕныныл куы архайӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, не ’фсымӕрты ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзӕм (2 Коринфӕгтӕм 8:8).
10. Иннӕты кӕй уарзӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй рӕстдзинады фарс лӕууӕм ӕмӕ, раст цы у, уый дзурӕм, уый нын зын куы уа, уӕд дӕр?
10 «Уарзондзинад... цин кӕны рӕстдзинадыл». Ӕндӕр тӕлмацы ацы ныхӕстӕ сты афтӕ: «Уарзондзинад... цингӕнгӕ слӕууы рӕстдзинады фарс». Иннӕты кӕй уарзӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды рӕстдзинады фарс лӕууын ӕмӕ «кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурын» (Захари 8:16). Зӕгъӕм, бирӕ кӕй уарзӕм, ахӕм адӕймаг стыр тӕригъӕд ракодта. Йегъовӕйы ӕмӕ уыцы адӕймаджы куы уарзӕм, уӕд, Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ бакӕндзыстӕм. Цы сарӕзта, уый басусӕг кӕныныл нӕ архайдзыстӕм ӕмӕ афтӕ нӕ дзурдзыстӕм, стыр тӕригъӕд нӕ ракодта, зӕгъгӕ, ӕмӕ сайгӕ дӕр нӕ кӕндзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ кӕй уарзӕм, уыцы адӕймаг ӕвзӕр хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый нӕ уырнгӕ дӕр нӕ фӕкӕны. Фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм ӕмӕ йӕ хорзмӕ кӕй бӕллӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕндзӕн, цӕмӕй йын Хуыцау зонд бацамона ӕмӕ йӕ рӕдыд бамбара (Ӕмбисӕндтӕ 3:11, 12). Чырыстӕттӕ кӕй стӕм ӕмӕ кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ ма нӕ фӕнды, «алы хъуыддаджы дӕр... ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзуттӕгтӕм 13:18).
11. Уарзондзинад алцӕмӕн дӕр кӕй быхсы, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ ма аразӕм, иннӕтӕ куы фӕрӕдийынц, уӕд?
11 «Уарзондзинад... алцӕмӕн дӕр быхсы». Ацы ныхӕстӕн, «алцӕмӕн дӕр быхсы», зӕгъгӕ, комкоммӕ сӕ хъуыды у «алцыдӕр ӕмбӕрзы». 1 Петры 4:8 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны». Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты куы уарзӕм, уӕд сӕ хъӕндзинӕдты ӕмӕ сӕ рӕдыдтыты кой нӕ кӕндзыстӕм. Сӕ рӕдыдтытӕн сӕ фылдӕр сӕ койы аккаг дӕр нӕ вӕййынц. Ӕмӕ-иу сӕ куы ницӕмӕ ӕрдарӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый (Ӕмбисӕндтӕ 10:12; 17:9).
12. Апостол Павел куыд равдыста, Филимон раст кӕй бакӕндзӕн, уый йӕ фидарӕй кӕй уырныдта ӕмӕ Павелӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
12 «Уарзондзинад... алцӕуыл дӕр ӕууӕнды». Ӕндӕр тӕлмац та зӕгъы, зӕгъгӕ, уарзондзинады «алкӕддӕр фӕнды хуыздӕрыл ӕууӕндын». Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ хотыл ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕнӕууӕнк кӕнӕм ӕмӕ, алцыдӕр сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй аразынц, ууыл дызӕрдыг кӕнӕм. Не ’фсымӕрты куы уарзӕм, уӕд сыл ӕууӕнддзыстӕмa. Уымӕн хорз цӕвиттон у, Павел Филимонмӕ кӕй ныффыста, уыцы фыстӕг. Филимонӕй йӕ цагъар Онисим алыгъд, фӕлӕ фӕстӕдӕр чырыстон сси. Павел Филимонмӕ ныффыста, цӕмӕй Онисимыл бацин кӕна, фӕстӕмӕ йӕм куы ӕрбаздӕха, уӕд. Павел ын уый тыххӕй нӕ аразын кодта, фӕлӕ йын фӕлмӕнӕй загъта, цӕмӕй йӕм хорз цӕстӕй ракӕса. Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, фидарӕй йӕ кӕй уырныдта, Филимон раст кӕй бакӕндзӕн: «Фыссын дӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй зонын, „нӕ“ мын кӕй нӕ зӕгъдзынӕ, стӕй зонын, цы дӕ курын, уымӕй дӕр фылдӕр кӕй сараздзынӕ» (21 стих). Мах дӕр не ’фсымӕрты куы уарзӕм ӕмӕ сыл куы ӕууӕндӕм, уӕд сын ӕххуыс кӕндзыстӕм сӕ хорз миниуджытӕ ӕвдисынӕн.
13. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, ныфс нӕ кӕй ис, не ’фсымӕртӕ-иу, растдӕр куыд у, афтӕ кӕй бакӕндзысты?
13 «Уарзондзинад... алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары». Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый тыххӕй сыл ӕрмӕст ӕууӕндгӕ нӕ кӕнӕм. Фӕлӕ ма нӕ ныфс ис, алкӕддӕр-иу, растдӕр куыд у, афтӕ кӕй бакӕндзысты, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ не ’фсымӕр «ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй рӕдыд къахдзӕф сараза». Уӕд нӕ ныфс дардзыстӕм, баххуыс кӕнынмӕ йын чи хъава, уыдонмӕ кӕй байхъусдзӕн (Галатӕгтӕм 6:1). Кӕнӕ, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн сӕ уырнындзинад ногӕй кӕй сфидар уыдзӕн. Ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы фӕразонӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй (Ромӕгтӕм 15:1; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). Бирӕ кӕй уарзӕм, суанг уыдонӕй дӕр исчи Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕна, уӕддӕр нӕ ныфс уыдзӕн, иубон йӕ рӕдыд кӕй бамбардзӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзӕн, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕй кой ракодта, уыцы сӕфт фыртау (Лукайы 15:17, 18).
14. Ӕмбырды нӕ фидар фӕлӕууын цӕмӕн фӕхъӕуы ӕмӕ нын ахӕм уавӕрты уарзондзинад куыд баххуыс кӕндзӕн?
14 «Уарзондзинад... алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы». Фидар куы лӕууӕм, уӕд Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзыстӕм, искӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл уӕм кӕнӕ зындзинӕдтӕ куы ’взарӕм, суанг уӕд дӕр. Арӕх зындзинӕдтӕ февзарӕм, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны аххосӕй, хатт та, нӕ хотӕй кӕнӕ не ’фсымӕртӕй чидӕр цыдӕр кӕй загъта кӕнӕ кӕй сарӕзта, уый тыххӕй. Иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ иуӕй-иу хатт фӕфыдӕнхъӕл кӕнынц. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын сӕ ныхӕстӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕной (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Чи зоны нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цыдӕр раст нӕ аразынц. Йе та, ӕмбырды тынг кӕмӕн аргъ кӕнынц, ахӕм ӕфсымӕр йӕхи афтӕ дары, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, чырыстон афтӕ куыд хъуамӕ кӕна, зӕгъгӕ? Уыдӕтты тыххӕй ӕмбырд ныууадздзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзыстӕм? Кӕд сӕ уарзӕм, уӕд нӕ! Куы сӕ уарзӕм, уӕд ӕфсымӕры рӕдыдтыты тыххӕй афтӕ не смӕсты уыдзыстӕм, цӕмӕй ӕрмӕст уымӕ нӕ, фӕлӕ ма суанг иннӕ хотӕм ӕмӕ ’фсымӕртӕм дӕр хорзӕй мацыуал уынӕм. Уарзондзинад нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнӕм, сӕ ныхӕстӕй кӕнӕ-иу нӕ сӕ хъуыддӕгтӕй куы фӕхъыг кӕной, уӕддӕр (Псалом 119:165).
Уарзондзинад цы нӕ аразы?
15. Иннӕтӕм цӕуылнӕ хъуамӕ хӕлӕг кӕнӕм ӕмӕ нын уарзондзинад куыд ӕххуыс кӕндзӕн?
15 «Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны». Иннӕтӕм хъуамӕ ма хӕлӕг кӕнӕм, зӕгъӕм, сӕ исбоны, сӕ арфӕдзинӕдты кӕнӕ сӕ курдиӕтты тыххӕй. Кӕд хӕлӕггӕнаг стӕм, уӕд стӕм хиуарзон, ӕмӕ уый зиан хӕссы нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Уыцы миниуӕгӕн йӕ рохтыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмбырды фарн фехӕла. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕм ма хӕлӕг кӕнӕм? (Иаковы 4:5). Уарзондзинад! Ацы рӕсугъд миниуӕг нӕм куы уа, уӕд цин кӕндзыстӕм, махӕй фылдӕр кӕмӕн ӕнтысы, уыдонимӕ (Ромӕгтӕм 12:15). Стӕй нӕ хӕлӕг кӕндзыстӕм, йӕ курдиӕтты тыххӕй кӕнӕ цыдӕр хорз кӕй сарӕзта, уый тыххӕй кӕмӕй ӕппӕлой, уыдонмӕ.
16. Кӕд нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕцӕг уарзтӕй уарзӕм, уӕд нын нӕ лӕггады цы ӕнтысы, уымӕй цӕуылнӕ ӕппӕлдзыстӕм?
16 «Уарзондзинад... йӕхицӕй не ’ппӕлы, йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы». Уарзондзинад нӕм куы уа, уӕд нӕ курдиӕттӕй кӕнӕ нын цы ӕнтысы, уыдӕттӕй не ’ппӕлдзыстӕм. Уацамынды нын цы ӕнтысы кӕнӕ ныл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, ӕдзух уыдӕттӕй куы ӕппӕлӕм, уӕд, гӕнӕн ис, иннӕтӕн сӕ ныфс асӕтта. Чи зоны сӕм афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ уыдонӕн Йегъовӕ къаддӕр аргъ кӕны. Кӕй сӕ уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕй не ’ппӕлдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын цы ӕнтысы – уый ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы (1 Коринфӕгтӕм 3:5–9). Павел куыд загъта, афтӕмӕй уарзондзинад «йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы» кӕнӕ, ӕндӕр тӕлмацы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «йӕхицӕй, цы у, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл нӕу». Уӕдӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ уыдонӕй хуыздӕр стӕм (Ромӕгтӕм 12:3).
17. Иннӕты куы уарзӕм, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хиздзыстӕм?
17 «Уарзондзинад... чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны». Чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ чи кӕны, уымӕн йӕ митӕ вӕййынц ӕнӕфсарм ӕмӕ бӕрӕг вӕййы, иннӕтӕн кӕй нӕ аргъ кӕны. Йӕхи афтӕ кӕй фӕдары, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ никӕй уарзы, иннӕты мӕт ӕй нӕй ӕмӕ сыл йӕ митӕ куыд фӕзындзысты, уый йӕм нымады дӕр нӕу. Фӕлӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд хӕларзӕрдӕ уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сыл тыхсӕм. Уыдзыстӕм уӕздан, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, нӕхи афтӕ дардзыстӕм ӕмӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн аргъ кӕндзыстӕм. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты куы уарзӕм, уӕд ахӕмӕй ницы араздзыстӕм, цӕмӕй-иу смӕсты уой кӕнӕ-иу нӕм фӕхъыг уой (Ефесӕгтӕм 5:3, 4).
18. Иннӕты чи уарзы, ахӕм адӕймаг цӕуылнӕ фӕдомы, цӕмӕй алцыдӕр, уый куыд фӕнды, афтӕ уа?
18 «Уарзондзинад... йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны». Ӕндӕр тӕлмацы та ацы ныхӕстӕ сты афтӕ: «Уарзондзинад йӕхи ныхасыл нӕ ныллӕууы». Иннӕты чи уарзы, ахӕм адӕймаг афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ уымӕй растдӕр ничи у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алцыдӕр уа, уый куыд фӕнды, афтӕ. Иннӕтӕ ӕндӕрхуызон куы хъуыды кӕной, уӕд-иу нӕ ныттыххӕй уыдзӕн, цӕмӕй йӕ хъуыдыйыл сразы уой. Адӕймаг йӕхи афтӕ куы фӕдары, уӕд уый йӕ сӕрбӕрзонддзинадыл дзурӕг вӕййы. Библийы фыст ис: «Адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт» (Ӕмбисӕндтӕ 16:18). Кӕд не ’мчырыстӕтты ӕцӕгдӕр уарзӕм, уӕд сын сӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕндзыстӕм, ӕмӕ-иу гӕнӕн куы уа, уӕд-иу сын сӕ ныхасыл сразы уыдзыстӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд архайдзыстӕм апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:24).
19. Иннӕты куы уарзӕм, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм, исчи-иу нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд?
19 «Уарзондзинад... уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы. Ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы». Уарзондзинад иннӕты ныхӕстӕм кӕнӕ митӕм уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зын вӕййы. Фӕлӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд сӕм нӕ зӕрдӕйы маст нӕ хӕсдзыстӕм, куы-иу нӕ смӕсты кӕной, уӕд дӕр (Ефесӕгтӕм 4:26, 27). Ӕвзӕрӕй нын чи цы загъта кӕнӕ ракодта, уыдӕттӕ нӕ зӕрдыл нӕ дардзыстӕм, цыма сӕ искуы нӕхицӕн фысгӕ ныккодтам, уыйау. Иннӕты куы уарзӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн нӕ уарзӕгой Хуыцауы фӕзмын. 26-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕ ныххатыр кӕны, уымӕн гӕнӕн куы вӕййы, уӕд. Цы нын ныххатыр кӕны, уый та ферох кӕны, ома нын нӕ рӕдыд нӕ цӕстмӕ никуыуал бадары ӕмӕ нӕ уый тыххӕй нал бафхӕры. Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ кӕй нӕ нымайы, уый тыххӕй дзы бузныг не стӕм?
20. Нӕ хотӕй кӕнӕ не ’фсымӕртӕй исчи тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ уый тыххӕй зындзинӕдтӕ куы ӕвзара, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм?
20 «Уарзондзинад... раст цы нӕу, ууыл нӕ цин кӕны». Библийы ӕндӕр тӕлмацты ацы хъуыды у афтӕ: «Уарзондзинад нӕ фӕцин кӕны, исчи куы фӕрӕдийы, уӕд». Уӕдӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд, ӕвзӕр цы у, ууыл нӕ цин кӕндзыстӕм, ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадмӕ дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм. Фӕлӕ нӕ хотӕй кӕнӕ не ’фсымӕртӕй исчи тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ уый тыххӕй зындзинӕдтӕ куы ӕвзара, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм? Куы сӕ уарзӕм, уӕд нӕ цин кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, афтӕ йын хъӕуы, зӕгъгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 17:5). Цин кӕндзыстӕм, чи фӕрӕдыд, уый куы архайа, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уа.
«Ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг»
21–23. а) Павел афтӕ куы загъта, «уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн», зӕгъгӕ, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд? б) Ацы чиныджы фӕстаг сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
21 «Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн». Ацы ныхӕстӕй Павелы цы зӕгъын фӕндыд? Ацы стихы контекстӕй бӕрӕг у, Павел кӕй кодта, фыццаг чырыстӕттӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы диссаджы курдиӕттӕй схайджын сты, уыдоны кой. Уыцы курдиӕттӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Хуыцау райгонд уыд, ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы чырыстон ӕмбырдӕй. Фӕлӕ чырыстӕттӕй алкӕй бон нӕ уыд иннӕты дзӕбӕх кӕнын, пехуымпариуӕг кӕнын кӕнӕ ӕвзӕгтыл дзурын. Уӕвгӕ, уый афтӕ ахсджиаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы диссаджы курдиӕттӕ ӕппынфӕстаг хъуамӕ мауал уыдаиккой. Фӕлӕ хъуамӕ баззадаид иу цыдӕр, ӕмӕ уый алы чырыстонӕн дӕр йӕ бон уыд йӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Уый уыцы курдиӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр уыд ӕмӕ хъуамӕ «алкӕддӕр уыдаид». Павел ӕй схуыдта «ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг» (1 Коринфӕгтӕм 12:31). Цымӕ цы уыд уыцы «ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг»? Уарзондзинады фӕндаг.
22 Ӕцӕгдӕр, Павел афтӕ кӕмӕй загъта, «алкӕддӕр уыдзӕн», зӕгъгӕ, уыцы чырыстон уарзондзинадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн. Ӕмӕ абон дӕр Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты базонӕн ис, кӕрӕдзи удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзынц, уымӕй. Ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийы ахӕм уарзтӕй уарзынц. Уыцы уарзт уыдзӕн ӕнустӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты (Псалом 37:9–11, 29). Цӕй уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй «цӕрӕм уарзгӕйӕ». Уӕд нӕхиуыл бавзардзыстӕм, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у, уый. Уымӕй диссагдӕр та уый у, ӕмӕ уӕд мах дӕр нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйау ӕнустӕм цӕрдзыстӕм ӕмӕ алкӕй дӕр ӕнустӕм уарздзыстӕм.
Йегъовӕйы адӕмы базонӕн ис, сӕ кӕрӕдзийы кӕй уарзынц, уымӕй
23 Ацы чиныджы мах бирӕ цыдӕртӕ базыдтам Йегъовӕйы диссаджы миниуджыты тыххӕй. Базыдтам, йӕ тых, йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уый. Мах аныхас кодтам, кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын, ууыл. Ныр та ахъуыды кӕнӕм: «Йегъовӕйӕн куыд равдисон, кӕй йӕ уарзын, уый?» Ууыл дзырд цӕудзӕн фӕстаг сӕры.
a «Уарзондзинад... алцӕуыл дӕр [кӕй] ӕууӕнды», уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ нӕхи иннӕтӕн сайын уадзӕм. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕ хъус дарут, иуты иннӕты ныхмӕ чи кӕны ӕмӕ уӕ чи рӕдийын кӕны, уыдонмӕ ӕмӕ сӕм хӕстӕг ма цӕут» (Ромӕгтӕм 16:17).
-