-
«Йегъовӕ... стыр тыхы хицау у»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
4 СӔР
«Йегъовӕ... стыр тыхы хицау у»
1, 2. Илийа йӕ царды цавӕр диссӕгтӕ федта, фӕлӕ Хоривы хохыл куы уыд, уӕд цы федта?
ИЛИЙА йӕ царды бирӕ диссӕгтӕ федта. Зӕгъӕм, йе знӕгтӕй куы ӕмбӕхст, уӕд ын халӕттӕ бон дыууӕ хатты хӕринаг хастой. Ӕххормаг заман бирӕ рӕстӕг куы ахаста, уӕд та федта, стыр дурыны ссад кӕй нӕ фӕуд кодта, гыццыл дурыны та – сой. Уыди афтӕ дӕр, ӕмӕ куы скуывта, уӕд уӕларвӕй арт ӕрцыд (1 Паддзӕхты, 17, 18 сӕртӕ). Фӕлӕ ныр Илийа федта ноджы стырдӕр диссаг.
2 Хоривы хохыл лӕгӕты бахизӕны куы лӕууыд, уӕд федта, ферох кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабӕрттӕ. Фыццаг уал дымгӕ сыстад. Бӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, гыбар-гыбур сси. Дымгӕ ахӕм тыхджын уыд, ӕмӕ хӕхтӕ скъуыдтӕ кодтой ӕмӕ къӕдзӕхтӕ згъӕлдысты. Стӕй та уыди тыхджын зӕххӕнкъуыст. Уый фӕстӕ та уыд арт. Бӕстӕ судзын куы райдыдта, уӕд Илийа, ӕвӕццӕгӕн, арты тӕвдӕй фӕцӕйсыгъд (1 Паддзӕхты 19:8–12).
3. Илийа Йегъовӕйы миниуджытӕй кӕцы федта ӕмӕ мах та уыцы миниуӕг йе сконд хъуыддӕгтӕй кӕцыты уынӕм?
3 Уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау стыр тыхы хицау у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн диссӕгтӕ ӕвдисын нӕ хъӕуы, цӕмӕй бамбарӕм, Хуыцауы тыхӕн ӕмбал кӕй нӕй. Йӕ тых ын уынӕм алы ран дӕр. Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, йе сконд хъуыддӕгты ирдӕй зынынц «йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый» (Ромӕгтӕм 1:20). Ахъуыды-ма кӕн, тӕрккъӕвдайы рӕстӕг арв куыд ферттивы ӕмӕ куыд фӕнӕры, ууыл кӕнӕ рӕсугъд ӕхсӕрдзӕнтыл ӕмӕ стъалыджын арвыл. Уыдӕттӕ иууылдӕр Хуыцауы тыхыл дзурӕг не сты?! Фӕлӕ, Хуыцау тыхджын кӕй у, уый чи ӕмбары, уыдон тынг гыццыл сты. Ноджы къаддӕр та сты, Хуыцауы тыхмӕ раст цӕстӕй чи кӕсы, уыдон. Мах ӕмбарӕм, Хуыцау тыхджын кӕй у, уый ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахсдӕр кӕнӕм. Ацы хайы Йегъовӕйы ӕгӕрон хъаруйы тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм.
«Йегъовӕ йӕ рӕзты... фӕцӕйцыд»
Йегъовӕйы тых
4, 5. а) Библийы Йегъовӕйы номы тыххӕй цы фыст ис? б) Йегъовӕ, куыд тыхджын у, уый равдисыны тыххӕй галы цӕвиттонӕн цӕмӕн ӕрхаста?
4 Йегъовӕ ахӕм стыр тыхы хицау у, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Йеремийы 10:6 стихы фыст ис: «О Йегъовӕ, дӕуӕн ӕмбал нӕй. Ды дӕ кадджын Хуыцау, ӕмӕ дӕ ном у кадджын ӕмӕ хъомысджын». Дӕ хъус-ма ӕрдар, ам афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном у хъомысджын. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕйы ном, ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Йегъовӕ цӕй фӕрцы сфӕлдисы, цы йӕ бафӕнды, уый? Ӕмӕ йӕ цы бафӕнды, уый цӕй фӕрцы свӕййы? Йӕ тыхы фӕрцы. Тых у йӕ сӕйраг миниуджытӕй иу.
5 Цӕстуынгӕ цӕвиттонты фӕрцы нын Йегъовӕ бамбарын кодта, цы стыр тыхы хицау у, уый. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Библийы гал амоны Хуыцауы тыхмӕ (Йезекил 1:4–10). Йегъовӕ, куыд тыхджын у, уый равдисыны тыххӕй цӕвиттонӕн галы уымӕн ӕрхаста, ӕмӕ гал стыр ӕмӕ тыхджын вӕййы, суанг хӕдзарон гал дӕр. Библи куы фыстой, уыцы заман Палестинӕйы цӕрӕг адӕм уымӕй тыхджындӕр цӕрӕгой, ӕвӕццӕгӕн, никуы федтой. Фӕлӕ зыдтой, уымӕй тыхджындӕр хъӕддаг гал кӕй у (Иов 39:9–12). Ныр уыцы галы мыггаг нал ис. Ромы император Юлий Цезарь иухатт загъта, зӕгъгӕ, дам, уыцы галтӕ пылтӕй зына-нӕзына къаддӕр сты. Уый ныффыста: «Уыцы галтӕ сты тынг тыхджын ӕмӕ тынг тагъд лидзынц». Ахӕм цӕрӕгойы раз нӕхимӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг гыццыл ӕмӕ тынг лӕмӕгъ кӕсиккам!
6. «Ӕппӕтхъомысджын» ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ цӕмӕн хуыйны?
6 Хуыцауимӕ абаргӕйӕ дӕр адӕймаг гыццыл ӕмӕ лӕмӕгъ у. Йегъовӕйӕн цыфӕнды хъомысджын адӕмтӕ дӕр сты, барӕн къустыл чи сбады, уыцы рыджы хуызӕн (Исай 40:15). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у ӕгӕрон тыхы хицау, ӕмӕ Библи дӕр «Ӕппӕтхъомысджын»a ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы уый тыххӕй хоны (Раргомад 15:3). Йегъовӕмӕ ис стыр хъару ӕмӕ стыр тых (Исай 40:26). Ахӕм тыхы хицау у, ӕмӕ афтӕ никуы уыдзӕн, цӕмӕй йӕм цыдӕр саразынӕн тых мауал уа. Искӕй кӕнӕ йӕ истӕй тых никуы бахъӕуы, уымӕн ӕмӕ «хъару Хуыцаумӕ... ис» (Псалом 62:11). Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы?
Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы
7. Йегъовӕйы сыгъдӕг тых цы у ӕмӕ «тых»-ӕй цы дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдон цӕмӕ амонынц?
7 Йегъовӕйы сыгъдӕг тых у ӕгӕрон. Сыгъдӕг тых у Хуыцауы архайгӕ тых. Библи йӕ афтӕ хоны Райдианы 1:2 стихы. Дзырд «тых»-ӕй цы дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдон ма кӕцыдӕр рӕтты ратӕлмац кӕнынц дзырдтӕй «дымгӕ», «улӕфт» ӕмӕ «комулӕфт». Библи иртасджытӕй иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы дзырдтӕ амонынц ӕнӕуынгӕ архайгӕ тыхмӕ. Дымгӕ куыд нӕ уынӕм, афтӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых дӕр нӕ уынӕм, фӕлӕ, цы аразы, уый нӕ бон у фенын.
8. Библи Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд хоны ӕмӕ уыцы абарстытӕ раст цӕмӕн сты?
8 Йегъовӕйӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон у саразын, цыдӕриддӕр ӕй фӕнды, уый. Ӕмӕ Библи иуӕй-иу рӕтты Хуыцауы сыгъдӕг тых уый тыххӕй хоны Хуыцауы «ӕнгуылдз», йӕ «фидар къух» кӕнӕ йӕ «тыхджын цонг» (Лукайы 11:20, фиппаинаг; Дыккаг закъон 5:15; Йезекил 20:33). Адӕймаг йӕ къухтӕй алыхуызон куыстытӕ фӕкӕны. Йегъовӕ та алцыдӕр аразы йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы, зӕгъӕм, уыцы тыхы фӕрцы скодта гыццыл атом, Сырх денджызы дӕттӕ адих кодта ӕмӕ фыццаг чырыстӕтты ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиатӕй схайджын кодта.
9. Йегъовӕйӕн ма йӕ тых цӕмӕй бӕрӕг у?
9 Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ тых бӕрӕг у, йӕ бартӕй куыд пайда кӕны, уымӕй дӕр. Ахъуыды-ма кӕн: Йегъовӕйӕн йӕ дӕлбар сты милуангай лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ цӕттӕ сты, цыдӕриддӕр сын зӕгъа, уый саразынмӕ. Зӕххыл ын цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдоны Библи бирӕ рӕтты бары ӕфсадимӕ (Псалом 68:11; Рацыд 7:4). Фӕлӕ зӕдимӕ абаргӕйӕ адӕймаг лӕмӕгъ у. Зӕгъӕм, Ассирийы ӕфсад Хуыцауы адӕмимӕ схӕцынмӕ куы хъавыд, уӕд ӕрмӕст иу зӕд иу ӕхсӕвмӕ ныццагъта 185 мин ассириаг ӕфсӕддоны (2 Паддзӕхты 19:35). Уӕдӕ Хуыцауы зӕдтӕ «хъомысджынтӕ» сты (Псалом 103:19, 20).
10. а) Йегъовӕ ӕфсӕдты Хуыцау цӕмӕн хуыйны? б) Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй ӕппӕты хъомысджындӕр чи у?
10 Зӕдтӕ цас сты? Пехуымпар Данел цӕстылуайӕны федта, Йегъовӕйы паддзахбадӕны раз кӕй уыд 100 милуан зӕдӕй фылдӕр. Фӕлӕ дзы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ зӕдты се ’ппӕты дӕр федта (Данел 7:10). Чи зоны, сӕдӕгай милуантӕ дӕр сты. Йегъовӕ ӕфсӕдты Хуыцау дӕр уымӕн хуыйны. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ разамынд дӕтты хъомысджын зӕдты стыр ӕфсадӕн. Ӕппӕт уыцы зӕдты сӕргъы Йегъовӕ сӕвӕрдта йӕ уарзон Фырты. Уый у, Хуыцау «цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колоссӕгтӕм 1:15). Йесо у хистӕр зӕд, ома у ӕппӕт зӕдты, серафимты ӕмӕ херувимты хистӕр ӕмӕ у, Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй ӕппӕты хъомысджындӕр.
11, 12. а) Хуыцауы Ныхасы стыр тых кӕй ис, уый цӕмӕй бӕрӕг у? б) Йегъовӕмӕ цы тых ис, уый тыххӕй Йесо цы загъта?
11 Йегъовӕйӕн ма йе стыр тых бӕрӕг у ноджыдӕр иу хъуыддагӕй. Дзуттӕгтӕм 4:12 стихы фыст ис: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых». Дӕ хъус никуы ӕрдардтай, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Библийы цы ныффыссын кодта, уымӕн цы стыр тых ис, уымӕ? Хуыцауы Ныхасӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын нӕ хъарутыл хъару бафтауа, нӕ уырнындзинад нын бафидар кӕна ӕмӕ нын хуыздӕрырдӕм аивынӕн баххуыс кӕна. Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи ӕнӕгъдау адӕмӕй хызтаиккой. Стӕй ма загъта: «Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11). Ӕцӕгдӕр, «Хуыцауы ныхасы» цы стыр тых ис, уый сын баххуыс кодта, цӕмӕй аивтаиккой.
12 Йегъовӕ ахӕм стыр тыхы хицау у, ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардзӕн, цы сфӕнд кӕна, уый саразын. Йесо загъта: «Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон» (Матфейы 19:26). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?
Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы ӕххӕст кӕны йӕ фӕндтӕ
13, 14. а) Афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ Йегъовӕ цавӕрдӕр ӕбӕрӕг тых у? б) Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы?
13 Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхимӕ ницавӕр тых ис абарӕн. Йегъовӕ цавӕрдӕр ӕбӕрӕг тых кӕнӕ, алцӕмӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр тых чи дӕтты, ахӕм чидӕр нӕу. Уый у удӕгас Хуыцау ӕмӕ йӕ тыхыл йӕ бар цӕуы. Фӕлӕ йӕ тыхӕй цӕмӕн фӕархайы?
14 Дарддӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы аразгӕ дӕр кӕны, сафгӕ дӕр, хъахъхъӕнгӕ дӕр ӕмӕ алцыдӕр ногӕй йӕ къахыл слӕууын кӕны. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ тыхы фӕрцы аразы, йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый (Исай 46:10). Хатт Йегъовӕ йӕ тыхӕй фӕархайы ӕндӕр хуызы дӕр: цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй нын ахсджиаг хъуыддӕгтӕ раргом кӕны ӕмӕ нын бамбарын кӕны, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ йӕ тыхы фӕрцы ӕххӕст кӕны йӕ фӕндон. Йӕ фӕндон та у, цӕмӕй йӕ Паддзахады фӕрцы йӕ сыгъдӕг ном срухс кӕна ӕмӕ, ӕппӕты хуыздӕр Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд кӕна. Ӕмӕ йӕ уый саразын ницы бакъуылымпы кӕндзӕн.
15. Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ уый Илийайы хабарӕй куыд зыны?
15 Йегъовӕ ма йӕ тыхы фӕрцы ӕххуыс кӕны махӕй алкӕмӕн дӕр. Дӕ хъус-ма ӕрдар, 2 Азфыстыты 16:9 стихы цы фыст ис, уымӕ: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса». Уый афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, райдианы цы хабары кой ракодтам, уымӕй, ома Илийайы хабарӕй. Йегъовӕ йын йӕ тых ахӕм хуызы цӕмӕн равдыста? Уымӕн ӕмӕ фыдзӕрдӕ ус-паддзах Йезавел расомы кодта, Илийайы удӕгасӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн. Пехуымпар фӕтарст ӕмӕ алыгъд, цӕмӕй йӕ сӕр бафснайдтаид. Афтӕ йӕм фӕкаст, ӕмӕ иунӕгӕй баззад, тас дзы бацыд ӕмӕ йӕ ныфс асаст. Хъуыды кодта, йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй уыди. Йегъовӕ йын йӕ тых равдыста ӕмӕ йӕ афтӕмӕй бафидар кодта. Дымгӕйы, зӕххӕнкъуысты ӕмӕ арты фӕрцы Йегъовӕ Илийайӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр чи у, уый йемӕ кӕй ис. Уӕдӕ ма Йезавелӕй куыд хъуамӕ тарстаид?! (1 Паддзӕхты 19:1–12)b.
16. Йегъовӕ цы стыр тыхы хицау у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый куыд бафидар кӕны?
16 Абон Йегъовӕ диссӕгтӕ нӕ аразы. Фӕлӕ уӕддӕр Илийайы заманӕй нырмӕ нӕ аивта (1 Коринфӕгтӕм 13:8). Ныр дӕр ӕй тынг фӕнды, чи йӕ уарзы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Йегъовӕ цӕры уӕлӕрвты, фӕлӕ махӕй дард нӕу. Йӕ тых ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын йӕ бон у баххуыс кӕнын, кӕмфӕнды ма уӕм, уӕддӕр. «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ» (Псалом 145:18). Иухатт пехуымпар Данел Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ куы куывта, уӕд ӕм зӕд фӕзынд, куывд нӕма фӕци, афтӕ! (Данел 9:20–23). Йегъовӕ кӕй уарзы, уыдонӕн цыфӕнды уавӕры дӕр баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ бафидар кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардзӕн! (Псалом 118:6).
Кӕд Хуыцау ӕгӕрон тыхы хицау у, уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм
17. Хуыцауӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм? Кӕд Хуыцау тыхджын у, уӕддӕр уый цӕуыл дзурӕг нӕу?
17 Хуыцау стыр тыхы хицау кӕй у, уый тыххӕй дзы хъуамӕ тӕрсгӕ кӕнӕм? Зӕгъӕн ис «о» дӕр ӕмӕ «нӕ» дӕр. «О» уымӕн, ӕмӕ, Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд ӕй нымайдзыстӕм ӕмӕ йын аргъ кӕндзыстӕм (ууыл цыбыртӕй ныхас кодтам ӕртыккаг сӕры). Библийы фыст ис, Хуыцауӕй тӕрсын «зонды райдайӕн» кӕй у (Псалом 111:10). «Нӕ» та уымӕн, ӕмӕ, кӕд тыхджын у, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы хъуамӕ ӕмризӕджы ризӕм кӕнӕ, йӕ хӕлӕрттӕ суӕм, уымӕй тӕрсӕм.
18. а) Бартӕ кӕй къухы сты, уыдоныл бирӕтӕ цӕуылнӕ ӕууӕндынц? б) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ йӕ бартӕй алкӕддӕр раст кӕй фӕпайда кӕны?
18 100 азӕй фылдӕры размӕ иу историк загъта, зӕгъгӕ, дам, адӕймагмӕ цас фылдӕр бартӕ уа, уыйас тӕссагдӕр у, раст сӕ кӕй нӕ пайда кӕндзӕн, уымӕй. Ацы ныхӕстӕ бирӕтӕ фӕзӕгъынц, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй уынынц, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ӕнӕххӕст адӕм арӕх сӕ бартӕй раст нӕ фӕпайда кӕнынц (Екклесиаст 4:1; 8:9). Уый тыххӕй бирӕтӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдоныл нал ӕууӕндынц ӕмӕ сӕ сӕхи дард ласынц. Йегъовӕйӕн та йӕ къухы сты ӕппӕт бартӕ дӕр. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ раст нӕ пайда кӕны. Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ у алцӕмӕй дӕр сыгъдӕг ӕмӕ ӕвзӕрӕй никуы ницы сараздзӕн. Йегъовӕйы ӕппындӕр нӕй абарӕн, ацы дунейы бартӕ кӕй къухы сты, уыцы ӕнӕххӕст нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ. Афтӕ никуы уыд, ӕмӕ Хуыцау йӕ тыхӕй раст не спайда кодта, ӕмӕ никуы дӕр уыдзӕн.
19, 20. а) Йегъовӕ йӕ тыхӕй куы фӕархайы, уӕд ма ноджыдӕр цавӕр миниуджытӕ февдисы ӕмӕ нын уый ныфсы хос цӕмӕн у? б) Йегъовӕ хиуылхӕцгӕ кӕй у, уымӕн цавӕр цӕвиттон ӕрхӕссис ӕмӕ уыцы миниуӕг дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы?
19 Стӕй дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ ӕрмӕст тыхджын кӕй нӕу, фӕлӕ ма йӕм кӕй ис ӕндӕр миниуджытӕ дӕр. Ацы чиныгӕй ма базондзыстӕм Йегъовӕйӕн йӕ рӕстдзинад, йе стыр зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй. Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Йегъовӕ уыцы миниуджытӕй алкӕцы дӕр хицӕнӕй ӕвдисы. Иннӕ сӕртӕй базондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ тыхӕй куы фӕархайы, уӕд алкӕддӕр бӕрӕг кӕй вӕййынц йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинад дӕр. Ахъуыды-ма кӕнӕм Хуыцауӕн ноджыдӕр йӕ иу миниуӕгыл – хиуылхӕцгӕ кӕй у, ууыл. Уыцы миниуӕг ацы дунейы хицӕуттӕй ӕрмӕст иуӕй-иутӕм ис.
20 Зӕгъӕм, тынг стыр ӕмӕ тынг тыхджын адӕймаг федтай ӕмӕ дзы фыццаг фӕтарстӕ. Фӕлӕ йӕ хуыздӕр куы базыдтай, уӕд бамбӕрстай, тынг фӕлмӕн адӕймаг кӕй у. Уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы иннӕтӕн, уӕлдайдӕр та, лӕмӕгъ чи у ӕмӕ, йӕ сӕрыл рахӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн баххуыс кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕнынмӕ. Кӕд тынг тыхджын у, уӕддӕр ӕвзӕрӕй никуы ницы саразы. Мӕнг ныхӕстӕ дзы куы фӕкӕнынц, уӕд дӕр вӕййы сабыр ӕмӕ ма суанг хӕларзӕрдӕ дӕр. Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Цымӕ ӕз уый хуызӕн тыхджын куы уаин, уӕд ӕз дӕр уыйау сабыр ӕмӕ хиуылхӕцгӕ уаин?» Ахӕм адӕймаджы хуыздӕр куы базонай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ хӕлар суа. Уӕдӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа, уый та нӕ ноджы тынгдӕр хъуамӕ фӕнда. Ахъуыды-ма кӕн, ацы сӕрӕн йӕ ном цы стихӕй ист у, ууыл: «Йегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны ӕмӕ стыр тыхы хицау у» (Наум 1:3). Кӕд Йегъовӕ тынг тыхджын у, уӕддӕр адӕмы бафхӕрыныл нӕ тагъд кӕны, суанг фыдгӕнджыты бафхӕрыныл дӕр. Уый у фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Кӕд-иу ын адӕм йӕ зӕрдӕ бирӕ хӕттыты фӕриссын кодтой, уӕддӕр мӕсты кӕнынмӕ тагъд никуы кодта (Псалом 78:37–41).
21. Йегъовӕ адӕмы йӕхицӕн тыххӕй цӕуылнӕ лӕггад кӕнын кӕны ӕмӕ нын уый Йегъовӕйы тыххӕй цӕуыл дзурӕг у?
21 Ноджыдӕр-ма ахъуыды кӕн: Йегъовӕйы хуызӕн тыхджын куы уаис, уӕд-иу дӕ цымӕ нӕ бафӕндид, цӕмӕй-иу иннӕтӕн, дӕу цы фӕнды, уый саразын кӕнай? Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ та адӕмы йӕхицӕн тыххӕй нӕ лӕггад кӕнын кӕны. Кӕд ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм, Хуыцауӕн куы лӕггад кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ йӕхицӕн тыххӕй нӕ лӕггад кӕнын кӕны. Уый алы адӕймагӕн дӕр бар дӕтты, цӕмӕй йӕхӕдӕг равзара, лӕггад ын кӕндзӕн ӕви нӕ. Дзуры нын, раст уынаффӕ чи нӕ рахӕсса, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ, раст уынаффӕ чи рахӕсса, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, уый. Фӕлӕ куыд бакӕндзыстӕм, уый хъуамӕ нӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнӕм (Дыккаг закъон 30:19, 20). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын адӕм лӕггад кӕной, сӕхи кӕй фӕнды, уый тыххӕй, тӕрсгӕ дзы кӕй кӕнынц, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Уый агуры, чи йӕ уарздзӕн ӕмӕ йын зӕрдиагӕй чи лӕггад кӕндзӕн, ахӕм адӕмы (2 Коринфӕгтӕм 9:7).
22, 23. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй уарзы иннӕтӕн бартӕ ӕмӕ хъарутӕ дӕттын? б) Иннӕ сӕрӕй цы базондзыстӕм?
22 Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕй ма цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм? Бартӕ кӕй къухы сты, уыдон фӕтӕрсынц сӕ бартӕй иннӕтӕн хай кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕ уарзы йе ’нувыд лӕггадгӕнджытӕн бартӕ дӕттын. Йе стыр бартӕй хай кӕны иннӕтӕн, зӕгъӕм, йӕ Фыртӕн (Матфейы 28:18). Йегъовӕ ма йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕтты хъарутӕ дӕр. Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «О Йегъовӕ, ды дӕ стыр Хуыцау, хъомысджын, диссаджы Хуыцау, дӕуӕн ӕмбал нӕй, ды дӕ кадджын Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕу у, уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый. [...] Дӕ къухы ис тых ӕмӕ хъомыс, дӕ бон у адӕймаджы сбӕрзонд кӕнын ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр хъару раттын» (1 Азфыстыты 29:11, 12).
23 Йегъовӕ дӕуӕн дӕр хъарутӕ дӕтдзӕн. Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Нӕ хъомысджын Хуыцау йӕ тыхӕй алкӕддӕр раст фӕархайы ӕмӕ йӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг у, бирӕ нӕ кӕй уарзы. Куыннӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлар уай! Иннӕ сӕрӕй базондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд фӕархайы, цӕмӕй, цы сфӕнд кӕны, уый-иу сараза.
a «Ӕппӕтхъомысджын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «ӕппӕтӕн дӕр Хицау чи у, уый; ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй къухы сты, уый».
b Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ нӕ уыд нӕдӕр дымгӕйы, нӕдӕр зӕххӕнкъуысты, нӕдӕр арты. Ӕрдзы тыхтӕн чи табу кӕны, уыцы адӕмӕй уӕлдай Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау ӕрдзы тыхты мидӕг ис. Уыдон зонынц, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй бирӕ хъомысджындӕр кӕй у (1 Паддзӕхты 8:27).
-
-
Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы алцыдӕр аразы. «Уый скодта арв ӕмӕ зӕхх»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
5 СӔР
Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы алцыдӕр аразы. «Уый скодта арв ӕмӕ зӕхх»
1, 2. Хур Йегъовӕйы стыр тыхӕн ӕвдисӕн куыд у?
ИСКУЫ уазал ӕхсӕв арты фарсмӕ лӕууыдтӕ? Цӕмӕй схъарм уыдаис, уый тыххӕй йӕм, ӕвӕццӕгӕн, дӕ къухтӕ дӕр дардтай. Фӕлӕ йӕм ӕгӕр хӕстӕг куы бацыдаис, уӕд дын тынг тӕвд уыдаид. Ӕгӕр дард дзы куы алӕууыдаис, уӕд та дын уазал уыдаид.
2 Хур абарӕн ис, Зӕхх чи тавы, ахӕм артимӕ. Уыцы «арт» судзы Зӕххӕй 150 милуан километры дарддӕр!a Ахъуыды-ма кӕн, цас тых ис Хуры, кӕд нӕ афтӕ дардӕй тавы, уӕд! Фӕлӕ Зӕхх Хурмӕ нӕдӕр ӕгӕр хӕстӕг у, нӕдӕр дзы ӕгӕр дард у. Иу гыццыл ӕм хӕстӕгдӕр куы уыдаид, уӕд Зӕххыл дӕттӕ басур уыдаиккой. Иу гыццыл дзы дарддӕр куы уыдаид, уӕд та их фестадаиккой. Афтӕ куы уыдаид, уӕд Зӕххыл цард нӕ уаид. Хуры фӕрцы Зӕххыл ис цард. Цы энерги дзы цӕуы, уый ӕрдзӕн зиан нӕ хӕссы. Ӕмӕ Хур куы ракӕсы, уӕд нын куыд ӕхсызгон вӕййы, уымӕн та зӕгъӕн дӕр нӕй (Екклесиаст 11:7).
3. Хур нын цӕуыл дзурӕг у?
3 Адӕмӕн сӕ фылдӕр Хурыл хъуыды дӕр нӕ кӕнынц, кӕд ӕнӕ Хурӕй цӕрӕн нӕй, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ йӕ не ’мбарынц, Хур нын цӕуыл дзурӕг у, уый. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Ды скодтай рухсгӕнӕн – хур» (Псалом 74:16). О, Хур кад хӕссы, арв ӕмӕ зӕхх чи скодта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн (Псалом 19:1; 146:6). Хурӕй уӕлдай ма Йегъовӕ сфӕлдыста бирӕ ӕндӕр стъалытӕ. Ӕмӕ нын уыдон дӕр йе стыр тыхыл дзурӕг сты. Уӕдӕ ’ркӕсӕм, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдонӕй цалдӕрмӕ, цӕмӕй фылдӕр базонӕм, цы стыр тыхы хицау у, уый тыххӕй.
Йегъовӕ скодта «рухсгӕнӕн – хур»
«Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут»
4, 5. Хуры цас тых ис ӕмӕ цӕйас у, фӕлӕ иннӕ стъалытимӕ абаргӕйӕ Хурӕй цы зӕгъӕн ис?
4 Куыд зонӕм, афтӕмӕй Хур у стъалы. Ӕхсӕвыгон цы стъалытӕ фӕуынӕм, уыдонимӕ абаргӕйӕ Хур бирӕ стырдӕр зыны, уымӕн ӕмӕ нӕм иннӕ стъалытӕй бирӕ хӕстӕгдӕр у. Йӕ аппы (ядро) тӕвд хӕццӕ кӕны 15 милуан градусы онг. Ӕмӕ йын, зӕгъгӕ, йӕ аппӕй булавкӕйы сӕры йас къӕртт Зӕххыл ӕрӕвӕрдтай, уӕд ӕм 140 километрӕй хӕстӕгдӕр бацӕуӕн нӕ уаид! Хурӕй алы секунд дӕр рацӕуы, сӕдӕгай милуан атомон бомбӕйы иумӕ куы срӕмудзиккой, уӕд сӕ цас энерги рацӕуид, уыйбӕрц энерги.
5 Хур ахӕм стыр у, ӕмӕ дзы Зӕххы йас планетӕтӕ бацӕуид 1 300 000 фылдӕр. Цымӕ Хур ӕппӕты стырдӕр стъалы у? Нӕу. Астрономтӕ йӕ хонынц бур карлик. Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «стъалытӕн... сӕ кад иу нӕу» (1 Коринфӕгтӕм 15:41). Павел уыцы ныхӕстӕ ныффыста Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй. Иу стъалы ахӕм стыр у, ӕмӕ Хуры бынаты куы фестид, уӕд нӕ Зӕхх йӕ мидӕг фӕуид. Иннӕ стыр стъалы та Хуры бынаты куы уаид, уӕд, Сатурны онг цыдӕриддӕр бынат ис, уый бацахсид. Афтӕмӕй та Сатурн Зӕххӕй тынг дард у. Зӕгъӕм, космосон нау дамбацайы нӕмыгӕй 40 хатты тагъддӕг куы тӕхид, уӕд ӕй бахъӕуид цыппар азы, цӕмӕй уыцы планетӕмӕ бахӕццӕ уа.
6. Стъалытӕн банымайӕн дӕр кӕй нӕй, уый Библийӕ куыд зыны?
6 Стъалытӕ цӕйас сты, уый диссаг куыннӕ у. Фӕлӕ уымӕй диссагдӕр та у, цас сты, уый. Библийы фыст ис, стъалытӕ уыйбӕрц кӕй сты, ӕмӕ сын «денджызы змисау» банымайӕн дӕр нӕй (Йереми 33:22). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ стъалытӕ бирӕ фылдӕр сты, ӕнӕ телескопӕй дзы цас ис фенӕн, уымӕй. Библи фысджытӕй исчи, зӕгъӕм, Йереми, ӕхсӕвы арвыл цы стъалытӕ уыдта, уыдон банымайын куы сфӕнд кодтаид, уӕд дзы банымадтаид ӕрмӕстдӕр иу-3 мины, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн ӕнӕ телескопӕй йӕ бон фылдӕр фенын нӕу. Уыцы нымӕц абарӕн ис, иу армыдзаджы цал змисы муры цӕуы, уыимӕ. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та стъалытӕн денджызы змисау банымайӕн дӕр нӕйb. Чи сӕ банымайдзӕн?!
«Алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй»
7. Нӕ галактикӕйы цал стъалыйы ис ӕмӕ Дун-дунейы цал галактикӕйы ис?
7 Исайы 40:26 стихы фыст ис: «Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста? Сфӕлдыста сӕ, стъалыты ӕфсад чи ракӕны, уый – алкӕцы дӕр йӕхи нымӕцмӕ гӕсгӕ, алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй». Псалом 147:4 стихы та ахӕм ныхӕстӕ ис: «Стъалытӕ йын иууылдӕр нымад сты». Ӕмӕ стъалытӕ цал сты? Уый зын зӕгъӕн у. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕрмӕст нӕ галактикӕ Ӕрфӕныфӕды ис 100 миллиард стъалыйӕ фылдӕрc. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ зӕгъынц, бирӕ фылдӕр кӕй сты. Фӕлӕ ма ис ӕндӕр галактикӕтӕ дӕр. Ӕмӕ уыдонӕй бирӕты, Ӕрфӕныфӕды цал стъалыйы ис, уымӕй фылдӕр стъалытӕ ис. Цал сты галактикӕтӕ та? Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ сты цалдӕр сӕдӕ миллиарды кӕнӕ суанг триллионтӕ дӕр. Бӕрӕг у, адӕймагӕн йӕ бон кӕй нӕу галактикӕтӕ банымайын. Ӕмӕ уӕд куыд хъуамӕ банымайа, уыцы галатикӕты цал стъалыйы ис, уый? Фӕлӕ Йегъовӕ зоны, цал сты, уый. Уый нӕ, фӕлӕ ма дзы алы стъалыйӕн дӕр радта ном!
8. а) Галактикӕ Ӕрфӕныфӕд цӕйас у? б) Стъалытӕ ӕмӕ галактикӕтӕ куыд зилдух кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн?
8 Йегъовӕ цы стыр тыхы хицау у, уый ноджы хуыздӕр бамбарӕм, галактикӕтӕ цӕйас сты, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд. Рухс куыд тагъд тӕхы, афтӕ куы тӕхиккам, уӕд нӕ бахӕуид 100 000 азы бӕрц, цӕмӕй галактикӕ Ӕрфӕныфӕдӕн йӕ иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уӕм. Ӕмӕ иуӕй-иу галактикӕтӕ та нӕ галактикӕйӕ бирӕ стырдӕр сты. Библийы фыст ис, Йегъовӕ «арв» ӕмбӕрзӕнау кӕй айтындзы (Псалом 104:2). Стӕй ма йӕ хъус дары, галактикӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ куыд зилдух кӕнынц, уымӕ. Дун-дунейы алцыдӕр зилдух кӕны, Йегъовӕ сын цы фӕтк скодта, уымӕ гӕсгӕ – стъалыты рыджы мурӕй райдай ӕмӕ ӕппӕты стырдӕр галактикӕйӕ фӕу (Иов 38:31–33). Стъалытӕ ӕмӕ галактикӕтӕ куыд зилдух кӕнынц, уый ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ абарстой рӕсугъд кафтимӕ. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, уыдӕттӕ чи сфӕлдыста, ууыл. Йӕ ӕгӕрон тых дӕ дисы не ’фтауы?
«Зӕхх скодта йӕ тыхӕй»
9, 10. Йегъовӕйы тых куыд зыны, Зӕхх кӕм ӕмӕ куыд сӕвӕрдта, уымӕй?
9 Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы алы диссӕгтӕ кӕй аразы, уымӕн ӕвдисӕн у Зӕхх дӕр. Хуыцау ӕгӕрон Дун-дунейы Зӕхх сӕвӕрдта ӕппӕты хуыздӕр ран. Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй иннӕ галактикӕты цард уа. Нӕ галактикӕ Ӕрфӕныфӕды дӕр бирӕ рӕтты уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй дзы цард уа. Йӕ астӕу радиаци тынг тыхджын у ӕмӕ дзы тынг бирӕ стъалытӕ ис. Уыцы стъалытӕ арӕх кӕрӕдзимӕ тынг хӕстӕг бацӕуынц, ӕмӕ уый та тӕссаг у. Галактикӕйӕн йӕ кӕрӕтты та, цардӕн ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, уыцы элементтӕ нӕй. Нӕ Хуры системӕ та ис ӕппӕты хуыздӕр ран.
10 Нӕ планетӕ нын хъахъхъӕны планетӕ Юпитер, кӕд дзы дард у, уӕддӕр. Юпитер Зӕххӕй у мин хатты стырдӕр. Афтӕ стыр кӕй у, уый фӕрцы йӕхимӕ ӕрбалвасы, космосы цы стыр дурты къӕрттытӕ фӕтӕхы, уыдонӕн сӕ фылдӕр. Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Юпитер куы нӕ уаид, уӕд Зӕхмӕ космосӕй стыр дуры къӕрттытӕ хауид 10 000 хаттӕй фылдӕр. Мӕй Зӕхмӕ Юпитерӕй бирӕ ӕввахсдӕр у, ӕмӕ йын уый дӕр стыр пайда у. Мӕй тынг рӕсугъд у ӕмӕ ӕхсӕвыгон рухс кӕны. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай йӕ фӕрцы Зӕхх ӕдзух у иуырдӕм гыццыл къул. Уый фӕрцы азы афонтӕ кӕрӕдзи ивынц ӕмӕ цард рӕсугъддӕр кӕнынц.
11. Зӕххы атмосферӕ нӕ куыд хъахъхъӕны?
11 Зӕхх куыд конд у, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд алцӕмӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕ цы стыр тыхы хицау у, уый. Зӕгъӕм, скодта атмосферӕ, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕна. Хурӕй, пайда чи у, ӕрмӕст ахӕм тынтӕ нӕ цӕуы, фӕлӕ, зиан чи хӕссы, ахӕм тынтӕ дӕр. Зианхӕссӕг тынтӕ атмосферӕйы уӕллаг цъары куы ахизынц, уӕд хуымӕтӕг туаггуырӕй (кислородӕй) рауайы газ – озон. Уый фӕрцы Зӕххы алыварс ис озоны цъар, ӕмӕ нӕм уый зианхӕссӕг тынтӕн сӕ фылдӕр нӕ уадзы. Озоны цъар абарӕн ис, Зӕхх чи хъахъхъӕны, ахӕм зонтикимӕ.
12. Ӕрдзы мидӕг дон куыд зилдух кӕны, уый Йегъовӕйы тыхӕн ӕвдисӕн куыд у?
12 Зӕххы алыварс цы атмосферӕ ис, уый фӕрцы ис уӕлдӕф, стӕй ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ, цӕмӕй зӕххыл цӕрӕн уа. Атмосферӕйы фӕрцы зӕххыл цы диссӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй иу у доны зилдух. Алы аз дӕр Хуры тӕвдӕй океантӕй ӕмӕ денджызтӕй байсысы 400 000 кубон километры кӕнӕ уымӕй фылдӕр дон. Уыцы дон хӕрдмӕ ссӕуы сыгъдӕгӕй ӕмӕ дзы сӕвзӕры мигътӕ, ӕмӕ сӕ дымгӕтӕ алырдӕмты ахӕссынц. Уый фӕстӕ уыцы дон рауары къӕвдайы, миты кӕнӕ ихы хуызы. Ӕмӕ та океантӕ ӕмӕ денджызтӕ ногӕй донӕй байдзаг вӕййынц. Екклесиасты 1:7 стихы дӕр фыст ис: «Цӕугӕдӕттӕ иууылдӕр кӕлынц денджызмӕ, фӕлӕ денджыз йӕ былтӕй нӕ акӕлы. Кӕцӕй рацӕуынц, уырдӕм фӕстӕмӕ раздӕхынц, цӕмӕй та ногӕй згъорой сӕ фӕндагыл». Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн уыди йӕ бон ахӕм диссаг саразын.
13. Зайӕгойтӕ ӕмӕ мӕр Йегъовӕйы тыхӕн ӕвдисӕн куыд сты?
13 Цард кӕмдӕриддӕр ис, уым алкӕм дӕр зыны Сфӕлдисӕджы тых. Йӕ тых ын уынӕм 100 метры бӕрзӕндӕн бӕлӕсты дӕр, океанты цы гыццылмур донгӕрдӕджытӕ зайы, уыдоны дӕр. Цы туаггуыр улӕфӕм, уымӕн йӕ фылдӕр хай уыцы донгӕрдӕджытӕ ӕвзӕрын кӕнынц. Мӕр дӕр йедзаг у алыхуызон гыццылмур организмтӕй, ӕмӕ зайӕгойтӕ уыдоны фӕрцы рӕзынц.
14. Цавӕр тых ис суанг гыццылмур атомы дӕр?
14 Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ «зӕхх скодта йӕ тыхӕй» (Йереми 10:12). Хуыцауы тых зыны, цы гыццылмур цыдӕртӕ сфӕлдыста, суанг уыдоны дӕр. Зӕгъӕм, милуан атомы рӕгъ-рӕгъ куы равӕриккам, уӕд уыцы рӕгъ адӕймаджы сӕрыхъуынӕй лыстӕгдӕр уаид. Ӕмӕ атом 14-уӕладзыгон хӕдзары йас куы уаид, уӕд йӕ апп та уаид ӕвдӕм уӕладзыджы ӕмӕ уаид цӕххы муры йас. Фӕлӕ уыцы гыццылмур аппӕй рацӕуы ӕгӕрон тых атомон срӕмыгъды рӕстӕг.
«Алы цӕрӕг уд»
15. Йегъовӕ Иовӕн алыхуызон хъӕддаг сырдты тыххӕй цӕмӕн радзырдта?
15 Йегъовӕйы тыхӕн ма ӕвдисӕн сты, зӕххыл цы бирӕ алыхуызон цӕрӕгойтӕ ис, уыдон дӕр. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ йӕ кадджын кӕнынц. Ӕмӕ дзы бирӕты кой ис 148-ӕм псаломы. 10-ӕм стихы фыст ис, кӕй йӕ кадджын кӕнынц «хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ хӕдзарон фос». Йегъовӕ Иовӕн радзырдта цалдӕр цӕрӕгойы тыххӕй. Уыдон уыдысты домбай, зебрӕ, хъӕддаг гал, бегемот ӕмӕ левиафан (ӕвӕццӕгӕн, крокодил). Уымӕй йӕ Иовӕн цы фӕндыд бамбарын кӕнын? Кӕд уыцы тыхджын цӕрӕгойтӕ адӕймаджы дисы ӕфтауынц, уӕд сӕ чи сфӕлдыста, уый та сӕ хъуамӕ ноджы тынгдӕр ӕфтауа дисы! (Иов, 38–41 сӕртӕ).
16. Йегъовӕ цы мӕргътӕ сфӕлдыста, уыдонӕй дӕ иуӕй-иутӕ дисы цӕмӕн ӕфтауынц?
16 Псалом 148:10 стихы ма ис «базырджын мӕргъты» кой дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, цас алыхуызон мӕргътӕ ис! Йегъовӕ Иовӕн йӕ хъус ӕрдардта страусмӕ, зӕгъгӕ, страус «бӕхыл ӕмӕ барӕгыл фӕхуды». Страусӕн йӕ бӕрзӕнд у дыууӕ метры ӕмӕ ’рдӕг. Ӕмӕ кӕд йӕ бон тӕхын нӕу, уӕддӕр иу сахатмӕ згъоры 65 километры, йӕ гӕпп та у цыппар метры ӕмӕ ’рдӕджы бӕрц! (Иов 39:13, 18). Ӕндӕр маргъ та, альбатрос, зӕгъӕн ис, цӕрӕнбонты вӕййы уӕлдӕфы, денджызы сӕрмӕ. Йӕ базыртӕ фӕйнӕрдӕм куы айтынг кӕны, уӕд йӕ иу базыры кӕронӕй иннӕ базыры кӕронмӕ вӕййы ӕртӕ метрмӕ ’ввахс. Альбатрос сахатгай фӕтӕхы, йӕ базыртӕ иу хатт дӕр нӕ батилы, афтӕмӕй. Колибри та у бынтон ӕндӕрхуызон. Зӕххыл уымӕй къаддӕр маргъ нӕй. Йӕ дӕргъ у ӕрмӕстдӕр 5 сантиметры, ӕмӕ йӕ гыццыл базыртӕ иу секундмӕ батилы иу-80 хатты! Колибрийӕн йӕ бон у вертолётау уӕлдӕфы уыцы иу ран лӕууын ӕмӕ ма фӕстӕрдӕм тӕхын дӕр. Стӕй тынг рӕсугъд у, зынаргъ дурау ӕрттывдтытӕ калы.
17. Ӕрвхуыз кит цӕйас у? Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыцы цӕрӕгойтыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны?
17 Псалом 148:7 стихы фыст ис, Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕнынц суанг «денджызы цӕрӕг стыр цӕрӕгойтӕ» дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм, зӕххыл ӕппӕты стырдӕр цӕрӕгойыл – ӕрвхуыз китыл. Уый ленк кӕны «арф дӕтты». Ӕрвхуыз китӕн йӕ дӕргъ вӕййы 30 метры йе та уымӕй фылдӕр. Йӕ уӕз та у 30 стыр пылы уӕзы бӕрц. Ӕрмӕст йе ’взаджы уӕз у иу пылы уӕзы бӕрц. Йӕ зӕрдӕ та у гыццыл машинӕйы йас. Уыцы стыр зӕрдӕ иу минутмӕ 9 гуыппы йеддӕмӕ нӕ кӕны. Колибрийы зӕрдӕ та иу минутмӕ кӕны 1 200 гуыппы бӕрц! Ӕрвхуыз китӕн йӕ иу тугдадзин ахӕм фӕтӕн у, ӕмӕ дзы гыццыл сывӕллон сӕрибарӕй абырид. Уӕдӕ куыннӕ стӕм разы Псаломты чиныджы фӕстаг ныхӕстимӕ: «Алы цӕрӕг уд дӕр кадджын кӕнӕд Йагъы»! (Псалом 150:6).
Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы цы аразы, уымӕй цы ис базонӕн?
18, 19. Йегъовӕ зӕххыл цас алыхуызон цӕрӕг удтӕ сфӕлдыста ӕмӕ уымӕй нӕ бон куыд у базонын, уый бар ын кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа?
18 Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы, уый нын цӕуыл дзурӕг у? Стыр дисы нӕ ’фтауы, Йегъовӕ цас цӕрӕг удтӕ сфӕлдыста, уый. Псаломзарӕггӕнджытӕй иу загъта: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ! [...] Зӕхх нӕ зыны де сконд хъуыддӕгтӕй» (Псалом 104:24). Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у! Ахуыргӕндтӕ зӕххыл цӕрӕг удтӕ ссардтой милуан хуызӕй фылдӕр. Фӕлӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, бирӕ фылдӕр кӕй сты. Хатт нывгӕнджытӕ нал фӕзонынц, ногӕй ма цы сныв кӕной, уый. Фӕлӕ афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ мауал зона, ногӕй ма цы сфӕлдиса, уый. Йегъовӕйы тыхӕн, алцыдӕр кӕй фӕрцы аразы, уымӕн, кӕрон нӕй!
19 Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы, уымӕй бӕрӕг у, уый бар ын кӕй ис, цӕмӕй Хицау уа. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы ис схонӕн «Сфӕлдисӕг», уымӕн ӕмӕ алцыдӕр уый сфӕлдыста. Ӕмӕ йын кӕд йӕ иунӕггуырд Фырт ӕххуыс кодта, уӕддӕр Библи Фырты Сфӕлдисӕг нӕ хоны, фӕлӕ «дӕсны кусӕг» (Ӕмбисӕндтӕ 8:30; Матфейы 19:4). Хоны йӕ «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колоссӕгтӕм 1:15). Уӕдӕ алцыдӕр Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн ис бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа (Ромӕгтӕм 1:20; Раргомад 4:11).
20. Куыд ӕмбаргӕ сты ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ улӕфын райдыдта, зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр?
20 Цымӕ Йегъовӕ ницыуал аразы? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ ӕхсӕзӕм бон йӕ хъуыддӕгтӕ куы фӕци, уӕд «ӕвдӕм бон улӕфын райдыдта, цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр» (Райдиан 2:2). Апостол Павел цард, Йегъовӕ улӕфын куы райдыдта, уымӕй мингай азтӕ фӕстӕдӕр. Ӕмӕ йӕ фыстӕгӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыцы «ӕвдӕм бон» уӕд нӕма фӕци (Дзуттӕгтӕм 4:3–6). Фӕлӕ, Йегъовӕ улӕфын кӕй райдыдта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕппындӕр ницыуал аразы? Нӕ, Йегъовӕ ӕдзух фыдӕбон кӕны (Псалом 92:4; Иоанны 5:17). Улӕфгӕ уыцы хуызы кӕны, ӕмӕ зӕххыл ногӕй ницыуал фӕлдисы. Фӕлӕ уӕддӕр абоны онг дӕр фыдӕбон кӕны, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна. Зӕгъӕм, йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ныффыссын кодта Библи. Стӕй ма Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сфӕлдыста «ног адӕймаг» дӕр. Уый тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм 19-ӕм сӕрӕй (2 Коринфӕгтӕм 5:17).
21. Ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд ныл куыд ӕндавдзӕн, Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайдзӕн, уый?
21 Йегъовӕйы улӕфты бон куы фӕуа, уӕд зӕххыл йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй дӕр йӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Тынг хорз». Афтӕ-иу загъта алы сфӕлдыстадон боны фӕстӕ дӕр (Райдиан 1:31). Йӕ тыхӕй фидӕны куыд архайдзӕн, уый нӕ зонӕм. Уый рӕстӕг равдисдзӕн. Фӕлӕ фидарӕй зонӕм, йӕ тыхӕй куыд архайдзӕн, уый нӕ алкӕддӕр дисы кӕй ӕфтаудзӕн. Мах цӕрдзыстӕм ӕнустӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕйы тыххӕй ног цыдӕртӕ базондзыстӕм, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ (Екклесиаст 3:11). Не Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы цас хуыздӕр базонӕм, уыйас нӕ ноджы тынгдӕр дисы ӕфтаудзӕн ӕмӕ йын тынгдӕр кад кӕндзыстӕм, стӕй йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм.
a Хур Зӕххӕй куыд тынг дард у, уый цӕмӕй хуыздӕр бамбарай, уый тыххӕй ахъуыды кӕн: 150 милуан километры машинӕйыл ацӕуын куы сфӕнд кӕнис ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрлӕугӕйӕ сахатмӕ 160 километры куы цӕуис, уӕд дӕ бахъӕуид сӕдӕ азӕй фылдӕр.
b Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Библи куы фыстой, уӕды заман дӕр хуымӕтӕг телескоптӕ уыди. Ӕндӕр, дам, адӕм кӕцӕй зыдтой, стъалытӕ афтӕ бирӕ кӕй сты, уый. Фӕлӕ Библийы фысджытӕн уый Библийы Автор Йегъовӕ кӕй раргом кодта, ууыл нӕ хъуыды кӕнынц (2 Тимофеймӕ 3:16).
c 100 миллиард стъалыйы банымайынӕн дӕ цас рӕстӕг бахъӕуид? Ӕхсӕвӕй-бонӕй алы секунд дӕр иу стъалы куы нымаис, уӕд дӕ бахъӕуид 3 171 азы!
-
-
Йӕ тыхы фӕрцы фыдгӕнджыты фесафы. «Йегъовӕ у хъӕбатыр хӕстон»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
6 СӔР
Йӕ тыхы фӕрцы фыдгӕнджыты фесафы. «Йегъовӕ у хъӕбатыр хӕстон»
1–3. а) Израилӕгтӕ цавӕр тӕссаг уавӕры бахаудысты? б) Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕрыл куыд тох кодта?
ИЗРАИЛӔГТӔ къӕппӕджы бахаудысты: сӕ рахиз ӕмӕ сӕ галиу фарс – айнӕг къӕдзӕхтӕ, разӕй – арф денджыз. Фӕстейӕ та сӕ ӕрбасуры Египеты ӕгъатыр ӕфсадa. Куы сӕм бахӕццӕ уа, уӕд сӕ ныццӕгъддзӕн! Фӕлӕ Моисей Хуыцауы адӕмӕн загъта, цӕмӕй ма тарстаиккой ӕмӕ сын сӕ ныфс бафидар кодта: «Йегъовӕ йӕхӕдӕг тохы бацӕудзӕн сымах тыххӕй» (Рацыд 14:14).
2 Фӕлӕ уӕддӕр Моисей, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕмӕ сдзынӕзта, ӕмӕ йын уый дзуапп радта: «Цы мӕм дзыназыс? [...] Дӕ лӕдзӕгыл схӕц, денджызмӕ йӕ адар ӕмӕ денджыз фӕдих кӕн» (Рацыд 14:15, 16). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, дарддӕр цы ’рцыди, уый. Йегъовӕ йӕ зӕдӕн загъта, ӕмӕ израилӕгты ӕмӕ египетӕгты ’хсӕн мигъы цӕджындз слӕууыд. Ӕмӕ египетӕгтӕн сӕ бон израилӕгтӕм хӕстӕг бацӕуын нал уыди (Рацыд 14:19, 20; Псалом 105:39). Моисей денджызмӕ йӕ къух адардта. Гъемӕ тыхджын дымгӕ дымын райдыдта, ӕмӕ дон дыууӕ дихы фӕци ӕмӕ дыууӕрдыгӕй къултау слӕууыд. Израилы адӕмӕн денджызы уӕрӕх фӕндаг фегом! (Рацыд 14:21; 15:8).
3 Хуыцаумӕ цы стыр тых ис, уый фенгӕйӕ фараон хъуамӕ йе ’фсадӕн загътаид, цӕмӕй фӕстӕмӕ аздӕхтаиккой. Фӕлӕ сӕрбӕрзонд фараон бардзырд радта, цӕмӕй сӕ фӕстейӕ асырдтаиккой (Рацыд 14:23). Египетӕгтӕ сӕ фӕстӕ ныййарц сты, фӕлӕ дард нӕ ацыдысты: сӕ бӕхуӕрдӕтты цӕлхытӕ хауын райдыдтой, ӕмӕ схъомпал сты. Куыддӕр израилӕгтӕ денджызы иннӕ фарсмӕ сӕрӕгасӕй бахызтысты, афтӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух денджызмӕ адар, цӕмӕй дон йӕ бынатмӕ раздӕха ӕмӕ египетӕгтӕ, сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ дӕр ӕмӕ сӕ барджытӕ дӕр, доны бын фӕуой». Моисей йӕ къух денджызмӕ куы адардта, уӕд доны къултӕ ӕркалдысты, ӕмӕ фараон ӕмӕ йе ’фсад фӕдӕлдон сты! (Рацыд 14:24–28; Псалом 136:15).
4. а) Сырх денджызы цур Йегъовӕ йӕхи куыд равдыста? б) Йегъовӕ иуӕй-иу хатт кӕйдӕрты ныхмӕ тохы кӕй рацӕуы, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ цы хъуыды кӕнынц?
4 Йегъовӕйы тыххӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын, израилӕгты Сырх денджызы цур куыд фервӕзын кодта, уымӕй. Йегъовӕ йӕхи равдыста «хъӕбатыр хӕстонӕй» (Рацыд 15:3). Йегъовӕ иуӕй-иу хатт кӕйдӕрты ныхмӕ тохы кӕй рацӕуы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕстытӕ адӕмӕн бирӕ рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кӕнынц. Чи зоны, хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы адӕмы фесафы, уӕд дзы цас дарддӕр уон, уыйас хуыздӕр.
Сырх денджызы цур Йегъовӕ йӕхи равдыста «хъӕбатыр хӕстонӕй»
Хуыцауы хӕстытӕ ӕмӕ адӕмы хӕстытӕ
5, 6. а) Библи Хуыцауы «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» кӕй хоны, уый раст цӕмӕн у? б) Хуыцауы хӕстытӕ адӕмы хӕстытӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
5 Дзуттаг Фыстыты титул «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» ӕмбӕлы 260 хатты бӕрц, Грекъаг Чырыстон Фыстыты та – дыууӕ хатты (1 Самуилы 1:11). Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ дӕлбар ис ӕнӕнымӕц зӕдты ӕфсад (Йесо Навин 5:13–15; 1 Паддзӕхты 22:19). Уыцы зӕдтӕ сты тынг тыхджын, ӕмӕ сын Хуыцауы знӕгты фесафын зын нӕу (Исай 37:36). Адӕм хӕстыты кӕй фӕцагъды вӕййынц, ууыл хъуыды кӕнын ӕхсызгон нӕу. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцауы хӕстытӕ адӕмы хӕстытӕй тынг кӕй хицӕн кӕнынц. Ӕфсады разамонджытӕ ӕмӕ политиктӕ сӕхи фӕрӕстытӕ кӕнынц, зӕгъгӕ, хорз хъуыддаджы сӕрыл тох кӕнӕм. Фӕлӕ хӕстытӕ алы хатт дӕр райдайынц, адӕм зыд ӕмӕ хиуарзон кӕй сты, уый тыххӕй.
6 Адӕмӕй уӕлдай Йегъовӕ йӕ масты фӕдыл никуы ацӕуы. Дыккаг закъоны 32:4 стихы фыст ис: «Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау». Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау йе сӕфт кӕй уыны мӕстыгӕр, ӕгъатыр ӕмӕ фыдгӕнӕг адӕмӕй (Райдиан 49:7; Псалом 11:5). Йегъовӕ дзӕгъӕлы никуы ницы фӕаразы. Йӕ тыхы фӕрцы искӕй фесафы, ӕндӕр гӕнӕн куы нал вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Пехуымпар Йезекилы уылты афтӕ дӕр уымӕн загъта: «„Ау, мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт ӕхсызгон у? Ӕви мын уый у ӕхсызгон, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра?“ – зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ» (Йезекил 18:23).
7, 8. а) Иов цы хъуыды кодта, уыйбӕрц бӕллӕхтӕ йыл цӕмӕн ӕрцыд, уый тыххӕй? б) Елиуй Иовӕн куыд бамбарын кодта, раст кӕй нӕ хъуыды кодта? в) Иовы хабарӕй цы ис зондӕн райсӕн?
7 Уӕдӕ Йегъовӕ кӕйдӕрты цӕмӕн фесафы? Дзуапп раттыны размӕ ӕрхъуыды кӕнӕм рӕстгӕнӕг Иовы. Хӕйрӕг Иовӕй цы загъта, уымӕй афтӕ уади, ӕмӕ иу адӕймаг дӕр фӕлварӕнты Хуыцауыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Уыцы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй Йегъовӕ Хӕйрӕджы бауагъта, цӕмӕй Иовы бафӕлвӕрдтаид. Иов уӕззау низӕй фӕрынчын, ӕнӕ мулкӕй баззад ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр фӕмард сты (Иов 1:1–2:8). Иов нӕ зыдта, уыцы бӕллӕхтӕ йыл цӕмӕн ӕрцыдысты, уый ӕмӕ хъуыды кодта, Хуыцау ӕй ӕнаххосӕй кӕй бафхӕрдта. Иов Хуыцауы фарста, «мӕнмӕ цӕмӕн ныхъхъавыдтӕ», «знаджы цӕстӕй» мӕм цӕмӕн кӕсыс, зӕгъгӕ (Иов 7:20; 13:24).
8 Иу ӕрыгон нӕлгоймаг, Елиуй, Иовӕн бамбарын кодта, раст кӕй нӕ хъуыды кодта. Загъта йын: «Ды уый рӕстдзинадыл нымайыс? Ды зӕгъыс: „Ӕз Хуыцауӕй растдӕр дӕн“» (Иов 35:2). Ӕцӕгдӕр, раст нӕу афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ мах хабӕрттӕ Хуыцауӕй хуыздӕр зонӕм кӕнӕ Хуыцау хӕрам хъуыддаг сарӕзта. Елиуй загъта: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» Фӕстӕдӕр та загъта: «Мах Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы кӕронмӕ нӕ базыдтам. Уымӕн йӕ тыхӕн ӕмбал нӕй, уый раст тӕрхонмӕ ӕмӕ ӕнӕкӕрон рӕстдзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн» (Иов 34:10; 36:22, 23; 37:23). Уӕдӕ хъуамӕ фидарӕй зонӕм: Хуыцау искӕй ныхмӕ тохы дзӕгъӕлы никуы рацӕуы. Уый нӕ зӕрдыл дарӕм, афтӕмӕй аныхас кӕнӕм ахӕм фарстайыл: «Кӕд Йегъовӕ фарны Хуыцау у, уӕд иуӕй-иу хатт искӕй ныхмӕ тохы цӕмӕн рацӕуы?» (1 Коринфӕгтӕм 14:33).
Фарны Хуыцауы тох кӕнын цӕмӕн бахъӕуы?
9. Сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы тох кӕнын цӕмӕн бахъӕуы?
9 Моисей Хуыцауы «хъӕбатыр хӕстон» куы схуыдта, уӕд ма загъта: «О Йегъовӕ, хуыцӕутты ’хсӕн дӕу хуызӕн чи у? Чи у дӕу хуызӕн сыгъдӕг?» (Рацыд 15:11). Пехуымпар Аввакум дӕр ныффыста: «Дӕ цӕстытӕ фыддзинадмӕ кӕсынӕн ӕгӕр сыгъдӕг сты, фыдхъуыддӕгтӕм кӕсын дӕ бон нӕу» (Аввакум 1:13). Йегъовӕ у уарзондзинады Хуыцау, фӕлӕ ма уыимӕ у сыгъдӕгдзинады ӕмӕ рӕстдзинады Хуыцау дӕр. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хатт бахъӕуы кӕйдӕрты фесафын (Исай 59:15–19; Лукайы 18:7). Уӕдӕ Хуыцау тохы кӕй бацӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сыгъдӕг нал вӕййы. Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, тох дӕр уый тыххӕй фӕкӕны (Рацыд 39:30).
10. Райдианы 3:15 стихы цы тохы кой ис, уый кӕд фӕуыдзӕн ӕмӕ уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн?
10 Ӕркӕсӕм-ма, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг, Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд цы ’рцыди, уымӕ (Райдиан 3:1–6). Йегъовӕ у Дунедарӕг Хуыцау, ӕмӕ сын сӕ фыдракӕнд куы ницӕмӕ ӕрдардтаид, уӕд йӕ кад дӕлӕмӕ ӕрхаудаид. Рӕстаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын мӕлӕты тӕрхон рахаста (Ромӕгтӕм 6:23). Йегъовӕ Библийы фыццаг пехуымпарады загъта, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ «калмы», ома Хӕйрӕджы, фӕдылдзӕуджытӕ знӕгтӕ кӕй уыдзысты (Раргомад 12:9; Райдиан 3:15). Йегъовӕ зыдта, се ’хсӕн цы тох цӕудзӕн, уый кӕй фӕуыдзӕн, Хӕйрӕг сӕфт куы ’рцӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Ромӕгтӕм 16:20). Уый стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн. Хӕйрӕг адӕмы нал сайдзӕн ӕмӕ зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт (Матфейы 19:28). Цалынмӕ уыцы хабар не ’рцыд, уӕдмӕ та Хӕйрӕджы фӕдылдзӕуджытӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цӕудзысты, сӕ фӕдыл зилдзысты ӕмӕ архайдзысты, цӕмӕй сӕ фесафой. Уымӕ гӕсгӕ кӕцыдӕр уавӕрты Йегъовӕйы бахъӕуы йӕ адӕмы сӕрыл тох кӕнын.
Хуыцау-иу фыдгӕнджыты фесӕфта
11. Хуыцауы Доны хъаймӕт рауадзын цӕмӕн бахъуыд?
11 Йегъовӕйы-иу тох кӕнын цӕмӕн бахъуыд, уымӕн иу цӕвиттон у, Нойы заман чи ӕрцыд, уыцы Доны хъаймӕт. Райдианы 6:11 ӕмӕ 12 стихты фыст ис: «Зӕхх та ӕцӕг Хуыцауы цӕсты бынысӕфт фӕци, фыдмитӕй байдзаг. О, Хуыцау федта, зӕхх бынысӕфт кӕй фӕци, уымӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл». Цымӕ Хуыцау бауагътаид, цӕмӕй уыцы фыдгӕнджытӕ, зӕххыл ма цы хорз адӕймӕгтӕ цард, уыдоны ныццагътаиккой? Нӕ. Йегъовӕйы бахъуыди Доны хъаймӕт рауадзын, цӕмӕй, фыдхъуыддӕгтӕ чи арӕзта ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ чи кодта, уыцы адӕмы фесӕфтаид.
12. а) Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? б) Йегъовӕ аморейты фесафынвӕнд цӕмӕн скодта?
12 Хуыцау ханаайнӕгты дӕр фесафынвӕнд уый тыххӕй скодта. Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты. Ӕмӕ цӕмӕй йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй сфӕнд кодта Авраамы байзӕддӕгтӕн Ханааны бӕстӕ раттын. Уӕды рӕстӕг Ханааны чи цард, уыцы адӕмы хуыдтой аморейтӕ. Фӕлӕ сӕ Хуыцау фесафынмӕ кӕй хъавыд, уый цымӕ раст уыди? Йегъовӕ загъта, уыцы хабар 400 азӕй раздӕр кӕй не ’рцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ «уыцы рӕстӕг нӕма ӕрцыд, цӕмӕй аморейтӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрд баййӕфтаиккой»b (Райдиан 12:1–3; 13:14, 15; 15:13, 16; 22:18). Уыцы 400 азы дӕргъы аморейтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой. Ханааны цӕрджытӕ мӕнгхуыцӕуттӕн куывтой, адӕмы мардтой ӕмӕ ӕлгъаг, хӕлд митӕ кодтой (Рацыд 23:24; 34:12, 13; Нымӕцтӕ 33:52). Суанг ма сӕ сывӕллӕтты дӕр сӕ хуыцӕуттӕн нывондӕн хастой – арты-иу сӕ басыгътой. Сыгъдӕг Хуыцау куыд хъуамӕ бауагътаид, цӕмӕй йӕ адӕм ахӕм фыдгӕнджыты ’хсӕн цардаиккой?! Йегъовӕ загъта: «Зӕхх... счъизи, ӕмӕ йӕ ӕз бафхӕрдзынӕн, цы тӕригъӕдтӕ йыл фӕкодтой, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты йӕхицӕй раппардзӕн» (Левит 18:21–25). Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы адӕмы се ’ппӕты нӕ ныццагъта. Ханааны цӕрджытӕй хорз зӕрдӕ кӕмӕн уыд, уыдон фервӕзтысты, зӕгъӕм, Раав ӕмӕ гаваойнӕгтӕ (Йесо Навин 6:25; 9:3–27).
Тох кӕны йӕ номы тыххӕй
13, 14. а) Йегъовӕ йӕ ном цӕмӕн хъуамӕ ссыгъдӕг кодтаид? б) Йегъовӕ йӕ ном куыд ссыгъдӕг кодта?
13 Йегъовӕ сыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ ном дӕр у сыгъдӕг (Левит 22:32). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты афтӕ ахуыр кодта кувын: «Срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауӕй мӕнг ныхӕстӕ куы фӕкодта, уӕд ын йӕ номыл цъыф бакалдта ӕмӕ, хорз Хицау кӕй у, уый сдзырддаг кодта. Йегъовӕ уыцы мӕнг ныхӕстӕн ӕмӕ, йӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уымӕн нӕ быхстаид. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ ном ссыгъдӕг кодтаид (Исай 48:11).
14 Ногӕй-ма израилӕгты хабармӕ ӕркӕсӕм. Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. Ӕмӕ, израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой, Хуыцау кӕй никуы сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ куы ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ йӕхицӕн адӕм куы скодта, уӕд йӕ ном ссыгъдӕг кодта. Ӕмӕ пехуымпар Данел Хуыцаумӕ кувгӕйӕ уый тыххӕй загъта афтӕ: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ фидар къухӕй дӕ адӕмы Египеты зӕххӕй ракодтай ӕмӕ дӕ ном скадджын кодтай» (Данел 9:15).
15. Йегъовӕ дзуттӕгты Вавилоны уацарӕй цӕмӕн ссӕрибар кодта?
15 Диссаг уый у, ӕмӕ Данел куывта, Йегъовӕйы та ногӕй йӕ ном ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй дзуттӕгты ссӕрибар кӕнын куы хъуыди, уӕд. Ацы хатт дзуттӕгтӕ се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй уыдысты Вавилоны уацары. Сӕ сӕйраг горӕт Иерусалим пырхытӕй лӕууыд. Данел зыдта, Йегъовӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы ’ркӕна, уӕд йӕ ном кӕй скадджын уыдзӕн. Ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ куывта: «О Йегъовӕ, ныххатыр нын кӕн. О Йегъовӕ, дӕ хъус ӕрдар ӕмӕ архайын райдай. Фӕстиат ма кӕн, мӕ Хуыцау, дӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ горӕт ӕмӕ дӕ адӕм дӕ ном хӕссынц» (Данел 9:18, 19).
Тох кӕны йӕ адӕмы сӕрыл
16. Бамбарын кӕн, Йегъовӕ йӕ номы тыххӕй кӕй тох кӕны, уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл тыхсы.
16 Йегъовӕ йӕ номы тыххӕй кӕй тох кӕны, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл тыхсы? Нӕ. Йегъовӕ у сыгъдӕг ӕмӕ уарзы рӕстдзинад, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕмы хъахъхъӕны. Ӕркӕсӕм Райдианы чиныджы 14-ӕм сӕрмӕ. Уым дзырд цӕуы, цыппар паддзахы Авраамӕн йе ’фсымӕры лӕппу Лоты ӕд бинонтӕ уацары кӕй акодтой, ууыл. Хуыцауы ӕххуысӕй Авраам знӕгты ныддӕрӕн кодта, кӕд йӕхицӕй бирӕ тыхджындӕр уыдысты, уӕддӕр. Ӕвӕццӕгӕн, фыццаг уыцы уӕлахизы тыххӕй ныффыстой «Йегъовӕйы хӕстыты чиныджы» (Нымӕцтӕ 21:14). Уыцы чиныджы фыстой, Библийы кӕй кой нӕй, уыцы хӕстыты тыххӕй. Авраам йе знӕгтыл куы фӕуӕлахиз, уӕдӕй фӕстӕмӕ ма бирӕ уӕлахизтӕ уыди.
17. Израилӕгтӕ Ханааны зӕхмӕ куы бацыдысты, уый фӕстӕ дӕр Йегъовӕ сӕ сӕрыл кӕй тох кодта, уый кӕцӕй зонӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.
17 Ханааны зӕхмӕ бацӕуыны хӕдразмӕ Моисей израилӕгтӕн ныфс бавӕрдта: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕуы уӕ разӕй. Уый йӕхӕдӕг тохы бацӕудзӕн сымах тыххӕй, уӕ цӕстыты раз Египеты зӕххыл куыд кодта, [афтӕ]» (Дыккаг закъон 1:30; 20:1). Йегъовӕ-иу йӕ адӕмы сӕрыл тох кодта ӕмӕ йӕ фӕрцы бирӕ хӕттыты фӕуӕлахиз сты се знӕгтыл, кӕд-иу сӕхицӕй тыхджындӕр ӕмӕ фылдӕр уыдысты, уӕддӕр. Афтӕ уыди, Моисейы фӕстӕ Израилы адӕмы разамонӕг Йесо Навин куы сси, уӕд дӕр ӕмӕ тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ Иудӕйы иузӕрдион паддзӕхты рӕстӕг дӕр (Йесо Навин 10:1–14; Тӕрхонгӕнджыты 4:12–17; 2 Самуилы 5:17–21).
18. а) Йегъовӕ кӕй нӕ фӕивта, уый нын цины хос цӕмӕн у? б) Райдианы 3:15 стихы цы тохы кой цӕуы, уый йӕ тӕмӕны куы бацӕуа, уӕд цы ’рцӕудзӕн?
18 Йегъовӕ нӕ фӕивта. Нӕ фӕивта йӕ фӕнд дӕр, ома Зӕххӕй дзӕнӕт саразын (Райдиан 1:27, 28). Хуыцау ныронг дӕр фыддзинадӕй йе сӕфт уыны. Йегъовӕ тынг уарзы йӕ адӕмы ӕмӕ тагъд архайын райдайдзӕн, цӕмӕй сӕ фервӕзын кӕна (Псалом 11:7). Райдианы 3:15 стихы цы тохы кой цӕуы, уый тагъд йӕ тӕмӕны бацӕудзӕн – Хуыцауы адӕмыл се знӕгтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы сӕхи ныццӕвдзысты. Йегъовӕ та ногӕй суыдзӕн «хъӕбатыр хӕстон», цӕмӕй йӕ ном срухс кӕна ӕмӕ йӕ адӕмы бахъахъхъӕна (Захари 14:3; Раргомад 16:14, 16).
19. а) Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы фыдгӕнджыты кӕй фесафы, уый тыххӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕй хъуамӕ кӕнӕм, уый цавӕр цӕвиттоны фӕрцы ис бамбарын кӕнӕн? б) Хуыцау нӕ сӕрыл тох кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый ныл куыд хъуамӕ фӕзына?
19 Зӕгъӕм, бинонтыл тугдзых сырд йӕхи ныццавта. Ӕмӕ бинонты хистӕр сырды амардта, цӕмӕй сӕ бахъахъхъӕдтаид. Куыд хъуыды кӕныс, уый тыххӕй дзы йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ сӕхи хиздзысты? Нӕ, бузныг дзы уыдзысты, тынг сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сӕ кӕй бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй. Уӕдӕ Хуыцау дӕр йӕ тыхы фӕрцы фыдгӕнджыты кӕй фесафы, уый тыххӕй дзы хъуамӕ нӕхи ма хизӕм. Хъуамӕ йӕ тынгдӕр уарзӕм, мах бахъахъхъӕныны тыххӕй тохы бацӕуынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый тыххӕй. Стӕй йын хъуамӕ ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм, ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у, уый тыххӕй. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауӕн, «йӕ фӕндон куыд у, афтӕ лӕггад кӕнӕм... тӕрсгӕйӕ ӕмӕ йӕ нымайгӕйӕ» (Дзуттӕгтӕм 12:28).
Баввахс у «хъӕбатыр хӕстонмӕ»
20. Библийӕ нын искӕцы хабар зын бамбарӕн куы уа, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?
20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи алы хатт бӕстон нӕ фембарын кӕны, Йегъовӕ-иу тохы цӕмӕн бацыд, уый. Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырдӕй зонӕм: Йегъовӕ йӕ тыхӕй афтӕ никуы фӕархайы, цӕмӕй хӕрам, ӕнӕрхъуыды кӕнӕ ӕгъатыр ми бакӕна. Арӕх Библийӕ кӕцыдӕр хабар хуыздӕр бамбарӕм, контекст куы бакӕсӕм кӕнӕ уыцы хабары фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг куы бацагурӕм, уӕд (Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Фӕлӕ, Йегъовӕ кӕцыдӕр уавӕры куыд бакодта, уый нын уӕддӕр зын бамбарӕн куы уа, уӕд та? Уӕд хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йын йӕ диссаджы миниуджытыл арф хъуыды кӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, нӕ Хуыцау Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы (Иов 34:12).
21. Кӕд хатт Йегъовӕ «хъӕбатыр хӕстон» свӕййы, уӕддӕр цавӕр Хуыцау у?
21 Кӕд Йегъовӕ бахъуаджы сахат «хъӕбатыр хӕстон» свӕййы, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хӕстмондаг Хуыцау у. Йезекил уӕларвон уӕрдоны тыххӕй цы цӕстылуайӕн федта, уым Йегъовӕ афтӕ ӕвдыст у, цыма цӕттӕ у йе знӕгтимӕ схӕцынмӕ. Фӕлӕ Йезекил федта, Хуыцауы алыварс кӕй уыд арвӕрдын – фарн ӕмӕ сабырдзинады нысан (Райдиан 9:13; Йезекил 1:28; Раргомад 4:3). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у фарнуарзаг Хуыцау. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Йегъовӕйӕн йӕ миниуджытӕ иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ хорз фидауынц. Ахӕм хъомысджын ӕмӕ уарзӕгой Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын ӕцӕгдӕр стыр кад у!
a Иудейаг историк Иосиф Флавий куыд ныффыста, афтӕмӕй израилӕгты «фӕстейӕ сырдтой 600 бӕхуӕрдоны, 50 000 барӕджы ӕмӕ 200 000 гӕрзифтонг фистӕг ӕфсӕддоны» («Иудейские древности», 2 чиныг, 15 сӕр, 3 абзац).
b Ӕвӕццӕгӕн, ам дзырд «аморейтӕ» амоны Ханааны цӕрӕг адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр (Дыккаг закъон 1:6–8, 19–21, 27; Йесо Навин 24:15, 18).
-
-
Йӕ тыхы фӕрцы йӕ адӕмы хъахъхъӕны. «Хуыцау у не ’мбӕхсӕн»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
7 СӔР
Йӕ тыхы фӕрцы йӕ адӕмы хъахъхъӕны. «Хуыцау у не ’мбӕхсӕн»
1, 2. Н. э. размӕ 1513 азы израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд сын тӕссаг цӕмӕй уыд ӕмӕ сӕ Йегъовӕ куыд бафидар кодта?
НӔ ЭРӔЙЫ размӕ 1513 азы израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд сӕ цӕуын хъуыди «маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ скорпионтӕ кӕм ис, уыцы ӕнӕдон ӕмӕ хус зӕххыл» (Дыккаг закъон 8:15). Стӕй ма сын тӕссаг уыди се знаг адӕмтӕй дӕр. Сӕ Хуыцау Йегъовӕ сӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодта уырдӕм. Цымӕ сӕ йӕ бон хъахъхъӕнын уыдзӕн?
2 Йегъовӕйы ныхӕстӕ сӕ стыр ныфс бауагътой: «Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, ӕз египетӕгтӕн цы бакуыстон, цӕмӕй уӕ цӕргӕсау мӕ базыртыл рахастаин ӕмӕ уӕ мӕхимӕ ӕрхастаин» (Рацыд 19:4). Йегъовӕ йӕ адӕмы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, египетӕгтӕй сӕ куыд фервӕзын кодта, уый – цыма сӕ цӕргӕстӕ сӕ базыртыл систой ӕмӕ сӕ ӕдас бынатмӕ ахастой, уый хуызӕн. Уый хорз абарст у, Хуыцау йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, уый равдисынӕн.
3. Хуыцау йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, уый цӕмӕн ис абарӕн, цӕргӕс йӕ лӕппынты куыд фӕхъахъхъӕны, уыимӕ?
3 Цӕргӕс йе стыр фидар базырты фӕрцы ӕрмӕст тӕхгӕ нӕ кӕны. Куы сӕ айтынг кӕны, уӕд ын вӕййынц дыууӕ метрӕй даргъдӕр. Тӕвд куы вӕййы, уӕд мадӕл цӕргӕс йӕ базыртӕ йӕ лӕппынты сӕрмӕ айтындзы, цӕмӕй сӕ хуры судзгӕ тынтӕй бамбӕхса. Уазал куы вӕййы, уӕд та сӕ йӕ базырты бын бакӕны, цӕмӕй ма суазал уой. Йегъовӕ дӕр Израилы адӕмы мадӕл цӕргӕсау ӕмбӕхста ӕмӕ сӕ хъахъхъӕдта, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕм дӕр ӕрӕджы фӕзындысты ӕмӕ нырма ӕвӕлтӕрд уыдысты. Израилӕгтӕн ӕдзӕрӕг быдыры йӕ фидар базырты аууон тӕссаг ницӕмӕй уыдаид, цалынмӕ йыл иузӕрдион уыдаиккой, уӕдмӕ (Дыккаг закъон 32:9–11; Псалом 36:7). Фӕлӕ цымӕ Хуыцау абон дӕр йӕ адӕмы хъахъхъӕны?
Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй хъахъхъӕндзӕн
4, 5. Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй хъахъхъӕны, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?
4 Дзырд дӕр ыл нӕй: Йегъовӕйӕн йӕ бон у йӕ лӕггадгӕнджыты хъахъхъӕнын. Уый у «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм тыхджын у, ӕмӕ йӕ бон у цыфӕнды дӕр саразын – никӕй бон ӕй у бауромын (Райдиан 17:1). Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм: «Цымӕ йӕ фӕнды йӕ адӕмы хъахъхъӕнын?»
5 Бӕгуыдӕр! Йегъовӕ зӕгъы, йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕндзӕн. Псалом 46:1 стихы фыст ис: «Хуыцау у не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару, зын сахат нӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны». Йегъовӕ у, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау», ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй уырны, кӕй нӕ хъахъхъӕндзӕн (Титмӕ 1:2). Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ цавӕр абарстӕй спайда кодта, йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, уый равдисынӕн.
6, 7. а) Рагзаманты-иу фыййау йӕ фысты куыд хъахъхъӕдта? б) Йегъовӕ йӕ фысты куыд хъахъхъӕны, уый цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг?
6 Йегъовӕ у нӕ Фыййау, мах та стӕм «йӕ адӕм, кӕй хизы, уыцы фыстӕ» (Псалом 23:1; 100:3). Фысты хъӕуы хъахъхъӕнын. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй фыййауы хъуыди стыр хъӕбатырдзинад, цӕмӕй сӕ домбӕйттӕй, бирӕгътӕй, ӕрсытӕй ӕмӕ давджытӕй хъахъхъӕдтаид (1 Самуилы 17:34, 35; Иоанны 10:12, 13). Фӕлӕ-иу хатт цӕмӕй фыййау фысты бахъахъхъӕдтаид, уый тыххӕй-иу хъуамӕ уыдаид фӕлмӕн. Фыс-иу уӕтӕрӕй дард кӕмдӕр куы ныззад, уӕд-иу цалынмӕ йӕ бон сыстын нӕ баци, уӕдмӕ-иу фыййау йӕ цуры лӕууыд. Стӕй-иу ногзад уӕрыччы систа ӕмӕ-иу ӕй суанг уӕтӕрмӕ йӕ хъӕбысы фӕхаста.
«Йӕ хъӕбысы [сӕ] хӕсдзӕн»
7 Йегъовӕ йӕхи фыййауимӕ кӕй абарста, уымӕй бӕрӕг у, йӕ адӕмы хъахъхъӕнын ӕй кӕй фӕнды (Йезекил 34:11–16). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Исайы 40:11 стихы (дзырд ыл цыди ацы чиныджы 2-аг сӕры) Йегъовӕйы тыххӕй цы фыст ис, уый: «Фыййау дзуг куыд фӕхизы, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг. Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн». Фӕлӕ-иу гыццыл уӕрыкк фыййауӕн йӕ хъӕбысы куыд февзӕрд? Ӕвӕццӕгӕн-иу фыййауы цурмӕ бацыд ӕмӕ ма-иу ын йӕ къах дӕр бакъуырдта, цӕмӕй йӕ федтаид. Куыдфӕнды ма уыдаид, фыййау хъуамӕ уӕрыкмӕ ӕргуыбыр кодтаид, систаид ӕй ӕмӕ йӕ йӕ хъӕбысы ӕрбатыхтаид. Ацы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, нӕ Фыййау Йегъовӕйы куыд тынг фӕнды, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕна.
8. а) Хуыцау кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ уый Ӕмбисӕндты 18:10 стихӕй куыд у бӕрӕг? б) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы ном не ’мбӕхсӕн бынат уа?
8 Фӕлӕ Йегъовӕ зӕгъы, йӕ хӕлар уа, уый кӕй фӕнды, ӕрмӕстдӕр уыдоны кӕй хъахъхъӕндзӕн. Ӕмбисӕндты 18:10 стихы ахӕм ныхӕстӕ ис: «Йегъовӕйы ном у фидар мӕсыг. Рӕстгӕнӕг уырдӕм балидзы ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы». Рагзаманты-иу мӕсгуытӕ амадтой ӕдзӕрӕг ран, цӕмӕй-иу дзы бамбӕхсӕн уыдаид. Фӕлӕ тӕссаг кӕмӕн уыд, уый-иу мӕсыгмӕ куы нӕ балыгъдаид, уӕд ӕй мӕсыг йӕхӕдӕг нӕ бахъахъхъӕдтаид. Афтӕ хъуамӕ кӕной, Хуыцауы ном йе ’мбӕхсӕн бынат уа, уый кӕй фӕнды, уыдон дӕр. Йӕ номӕн цавӕрдӕр диссаджы тых нӕй. Ома афтӕ хъуыды кӕнын раст нӕу, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн йӕ ном дзур, ӕмӕ дӕ хъахъхъӕндзӕн. Уыцы ном чи хӕссы, уыцы Хуыцауы хъуамӕ хорз зонӕм, нӕ ныфс ыл дарӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, куы йыл ӕууӕндӕм, уӕд нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ нӕ фидар мӕсыг кӕй уыдзӕн.
«Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна»
9. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ ӕрмӕст дзургӕ кӕй нӕ кӕны, хъахъхъӕндзынӕн уӕ, зӕгъгӕ?
9 Йегъовӕ ӕрмӕст дзургӕ нӕ кӕны, хъахъхъӕндзынӕн уӕ, зӕгъгӕ. Йӕ бон йӕ адӕмы хъахъхъӕнын кӕй у, уый раджы заманты бирӕ диссӕгты фӕрцы равдыста. Зӕгъӕм, арӕх-иу Израилы адӕмы сӕ хъомысджын знӕгтӕй йӕ тыхджын «къухӕй» бахъахъхъӕдта (Рацыд 7:4). Уымӕй уӕлдай ма-иу Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы бахъахъхъӕдта хицӕн адӕймӕгты дӕр.
10, 11. Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы хицӕн адӕймӕгты куыд хъахъхъӕдта, уымӕн Библийы цавӕр цӕвиттонтӕ ис?
10 Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго паддзах Навуходоносоры сызгъӕрин гуымирыйӕн куы нӕ бакуывтой, уӕд сӕм паддзах мӕстӕй рафыхт. Ӕмӕ сӕм бартхъирӕн кодта, судзгӕ пецы уӕ баппардзынӕн, зӕгъгӕ. Загъта сын: «Мӕ къухӕй [уӕ] кӕцы хуыцау фервӕзын кӕндзӕн?» (Данел 3:15). Уӕды рӕстӕджы Навуходоносорӕй хъомысджындӕр паддзах нӕ уыд. Уыцы ӕртӕ лӕппуйы ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Хуыцауӕн сӕ йӕ бон бахъахъхъӕнын кӕй у. Фӕлӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг бахъахъхъӕна. Уымӕ гӕсгӕ загътой: «Афтӕ куы уа, уӕд, мах кӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уыцы Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна» (Данел 3:17). Ӕмӕ кӕд пец авд хатты тынгдӕр стӕвд кодтой, уӕддӕр Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн зын нӕ уыд уыцы ӕртӕ лӕппуйы фервӕзын кӕнын. Ӕмӕ сӕ куы фервӕзын кодта, уӕд паддзах загъта: «Нӕй ӕндӕр ахӕм хуыцау, афтӕ ирвӕзын кӕнын йӕ бон кӕмӕн у!» (Данел 3:29).
11 Йегъовӕ ма йӕ тых равдыста, йӕ иунӕггуырд Фырты цард дзуттаг чызг Марийӕйы хуылфмӕ куы рахаста, уӕд дӕр. Зӕд Марийӕйӕн загъта: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу». Ӕмӕ йын бамбарын кодта: «Иунӕг Стыр Хуыцау дыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруадздзӕн ӕмӕ дӕ йӕ хъаруйы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн» (Лукайы 1:31, 35). Уыцы рӕстӕг Хуыцауы Фырты цардӕн тынг тӕссаг уыди. Цымӕ Марийӕ йӕ туджы цы тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад рахаста, уый, йӕ гуыбыны цы сывӕллон уыд, ууыл нӕ фӕзындзӕн? Цалынмӕ сывӕллон нӕ райгуыра, уӕдмӕ йын Хӕйрӕг ницы зиан ракӕндзӕн кӕнӕ йӕ нӕ амардзӕн? Нӕ! Йегъовӕ Марийӕйы хъахъхъӕдта, цӕмӕй сывӕллонӕн тӕссаг мацӕмӕй ӕмӕ макӕмӕй уыдаид. Йегъовӕ Йесойы хъахъхъӕдта йӕ сабибонты дӕр (Матфейы 2:1–15). Йегъовӕ Йесойы хъахъхъӕдта, цалынмӕ йӕ цард раттыны рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ.
12. Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕныны тыххӕй хатт диссаг цӕмӕн сарӕзта?
12 Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕныны тыххӕй хатт диссаг цӕмӕн сарӕзта? Арӕх-иу кӕйдӕрты бахъахъхъӕдта йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй. Уый та кӕйфӕнды цардӕй дӕр бирӕ ахсджиагдӕр у. Зӕгъӕм, Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цӕрой. Ӕмӕ сын цӕмӕй ӕнусон цардӕй ныфс фӕзындаид, уый тыххӕй тынг ахсджиаг уыди Йесойы бахъахъхъӕнын, цалынмӕ гыццыл уыди, уӕдмӕ. Библийы фыст ис, Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджыты куыд бахъахъхъӕдта, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ. Уыдон фыст ӕрцыдысты Йегъовӕйы фӕндӕй «махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ромӕгтӕм 15:4). Уыцы цӕвиттонты фӕрцы ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауыл. Фӕлӕ нӕ абон та Хуыцау куыд хъахъхъӕны?
Цымӕ нӕ Хуыцау алы зындзинадӕй дӕр хъахъхъӕндзӕн?
13. Йегъовӕ мах тыххӕй хъуамӕ диссӕгтӕ араза? Бамбарын ӕй кӕн.
13 Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нӕ хъахъхъӕндзӕн, уымӕй. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй диссӕгтӕ араздзӕн. Хуыцау афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ абон ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр хызт уыдзыстӕм. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕмбӕлынц алыхуызон зындзинӕдтыл, зӕгъӕм, мӕгуыр цӕрынц, бирӕ рӕтты цӕуы хӕстытӕ, стӕй низтӕй дӕр ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр хызт не сты. Йесо загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй йын кӕйдӕрты сӕ уырнындзинады тыххӕй маргӕ дӕр кӕй акӕндзысты. Ӕмӕ сын уый тыххӕй загъта, кӕронмӕ фидар фӕлӕууын кӕй хъӕуы (Матфейы 24:9, 13). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты алы хатт дӕр диссаджы хуызы куы ирвӕзын кӕнид, уӕд Хӕйрӕг зӕгъид, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй йын кӕй нӕ лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй (Иов 1:9, 10).
14. Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуты куыд бахъахъхъӕны, иннӕты афтӕ кӕй нӕ бахъахъхъӕны?
14 Раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй мӕлӕтӕй нӕ фервӕзын кодта. Зӕгъӕм, н. э. 44 азмӕ ’ввахс Ирод апостол Иаковы амарын кодта. Фӕлӕ уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр та зӕд апостол Петры «Ироды къухӕй» фервӕзын кодта (Хъуыддӕгтӕ 12:1–11). Иоанн та йе ’фсымӕр Иаковӕй дӕр ӕмӕ Петрӕй дӕр фылдӕр фӕцард. Уӕдӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр иухуызон хъахъхъӕндзӕн. Уымӕй уӕлдай ма, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11). Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ абон куыд хъахъхъӕны?
Йегъовӕ нын нӕ цард куыд хъахъхъӕны?
15, 16. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ кӕй никуы бауадздзӕн, цӕмӕй йын йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр фесафой? б) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ныр дӕр ӕмӕ «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг дӕр кӕй бахъахъхъӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?
15 Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Хуыцау нын нӕ цард куыд хъахъхъӕны, уымӕ. Йегъовӕ никуы бауадздзӕн, цӕмӕй йын йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр зӕххы цъарӕй фесафой. Ахъуыды-ма кӕн: Хӕйрӕджы, «ацы дунейы хицауы», тынг фӕнды, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафын (Иоанны 12:31). Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ куы нӕ хъахъхъӕнид, уӕд уый йӕ къухы ӕнцонтӕй бафтид (Раргомад 12:17). Иуӕй-иу хъомысджын хицауӕдтӕ-иу архайдтой, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг сӕхгӕдтаиккой ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр зӕххы цъарӕй фесӕфтаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм никуы фӕтарстысты ӕмӕ-иу дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодтой. Кӕмӕдӕрты-иу, чи зоны, афтӕ каст, ӕмӕ уыцы чырыстӕтты гыццыл къордӕн нӕй, сӕ сӕрыл чи рахӕца, уый. Фӕлӕ сын уӕд сӕ хъуыддаг бауромын цӕуылнӕ искӕй бон баци? Уымӕн, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ йӕ фидар базырты аууоны дары (Псалом 17:7, 8).
16 Цымӕ нӕ Йегъовӕ «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг дӕр бахъахъхъӕндзӕн? Мах Хуыцауы тӕрхоны бонӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын, фыдгӕнджыты та сӕ фесафыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ дарын» (Раргомад 7:14; 2 Петры 2:9). Ныр та уал фидарӕй зонӕм дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг, Йегъовӕ никуы бауадздзӕн, цӕмӕй йын йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты зӕххы цъарӕй фӕсафой. Дыккаг, кӕронмӕ йыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдон ӕнустӕм йӕ ног дунейы цӕрдзысты, чи нал ис, уыдоны та ӕгас ракӕндзӕн. Уӕдӕ, чи амард, уыдон сты ӕппӕты ӕдасдӕр бынаты – Хуыцауы хъуыдыйы (Иоанны 5:28, 29).
17. Йегъовӕ нӕ йӕ Ныхасы фӕрцы куыд хъахъхъӕны?
17 Йегъовӕ ма нӕ абон хъахъхъӕны йӕ «ныхасы» фӕрцы дӕр. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ цард аивӕм ӕмӕ амондджын уӕм (Дзуттӕгтӕм 4:12). Йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзыстӕм. «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны» (Исай 48:17). Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕнӕниздӕр уӕм ӕмӕ фылдӕр фӕцӕрӕм. Зӕгъӕм, Библийы уынаффӕтӕм кӕй хъусӕм, уый тыххӕй нӕхи хизӕм хӕтындзинадӕй, наркотиктӕй ӕмӕ тамакойӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕ стыр зиан ӕрхӕссынц, Хуыцауы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй бирӕтӕн (Хъуыддӕгтӕ 15:29; 2 Коринфӕгтӕм 7:1). Мах бузныг стӕм Хуыцауӕй, йӕ Ныхасы фӕрцы нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй!
Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад куыд хъахъхъӕны?
18. Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад куыд хъахъхъӕны?
18 Ӕппӕты сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны. Уый тыххӕй нын дӕтты, цыдӕриддӕр нӕ хъӕуы, уый, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ дзы ма адард уӕм. Уӕдӕ нын Йегъовӕ ӕрмӕст нӕ абоны цардыл нӕ хъуыды кӕны, фӕлӕ не ’нусон фидӕныл дӕр. Аныхас кӕнӕм, Хуыцау нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа.
19. Йегъовӕйы сыгъдӕг тых нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр сфӕразӕм?
19 Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» (Псалом 65:2). Хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕм нӕ зындзинӕдтӕ фӕразынӕн тыхтӕ нал ис. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн куы радзурӕм, уӕд нын фенцондӕр вӕййы (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Чи зоны, диссаг нӕ сараздзӕн ӕмӕ нӕ нӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ нын зонд ратдзӕн, цӕмӕй сӕ нӕ бон сфӕразын уа (Иаковы 1:5, 6). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ дӕтты сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн (Лукайы 11:13). Уыцы хъомысджын тыхы фӕрцы цыфӕнды фӕлварӕны ӕмӕ цыфӕнды зындзинады сӕрты дӕр ахиздзыстӕм. Уый нӕ схайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Тагъд ног дуне ралӕудзӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн.
20. Йегъовӕ нӕ не ’мчырыстӕтты уылты куыд бахъахъхъӕны?
20 Иуӕй-иу хатт нӕ Йегъовӕ бахъахъхъӕны не ’мчырыстӕтты уылты дӕр. Йегъовӕ нӕ ’рбакодта, ӕгас дунейы дӕр иу бинонтау ӕнгом чи сты, уыцы адӕмы ’хсӕнмӕ (1 Петры 2:17; Иоанны 6:44). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уымӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг тых нӕ хорз хъуыддӕгтӕм кӕй разӕнгард кӕны. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕм фӕзыны хорз миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ хорздзинад (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Ӕмӕ нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нын нӕ хотӕй кӕнӕ не ’фсымӕртӕй исчи хорз уынаффӕ ратты кӕнӕ нӕ ныхасӕй бафидар кӕны. Ахӕм рӕстӕг Йегъовӕйӕ бузныг вӕййӕм, не ’мчырыстӕтты уылты нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй.
21. а) Йегъовӕ нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты цы дӕтты? б) Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕттӕй дӕуӕн цы баххуыс кодта?
21 Йегъовӕ ма нӕ хъахъхъӕны, афоныл нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй дӕтты, уый фӕрцы. Цӕмӕй нын Хуыцауы Ныхас хъарутӕ дӕтта, уый тыххӕй Йегъовӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» бахӕс кодта, цӕмӕй нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтта. Мах исӕм журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!», ис нын сайт jw.org, стӕй нын вӕййы ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгресстӕ. Уыдоны фӕрцы нын ӕууӕнкджын цагъар дӕтты «хӕринаг афоныл», ома нӕ цы хъӕуы, уый, ӕмӕ нӕ кӕд хъӕуы, уӕд (Матфейы 24:45). Никуы дын уыди афтӕ, ӕмӕ ӕмбырды, зӕгъӕм, раныхасы, искӕй дзуаппы кӕнӕ куывды, фехъуыстай, стыр ӕххуыс дын чи фӕци, ахӕм хъуыды? Йе та нӕ журналты ахӕм статья никуы бакастӕ, ӕмӕ дын дӕ цард фӕивта? Уӕдӕ йӕ зон: уыдӕттӕ нын иууылдӕр Йегъовӕ дӕтты нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй.
22. Йегъовӕ алы хатт дӕр йӕ тыхӕй куыд фӕархайы ӕмӕ уый махӕн цы пайда у?
22 Йегъовӕ ӕцӕгдӕр у уарт, «йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдонӕн» (Псалом 18:30). Мах ӕй ӕмбарӕм, Йегъовӕ нӕ ныртӕккӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр кӕй нӕ ирвӕзын кӕны. Фӕлӕ алкӕддӕр йӕ тыхы фӕрцы фӕархайы, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст уа. Ӕмӕ уый аразы йӕ адӕмы амондджын фидӕны тыххӕй. Йегъовӕмӕ куы ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕ уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай куы нӕ фӕкӕнӕм, уӕд нын балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард! Уыцы цардимӕ абаргӕйӕ нӕ абоны зындзинӕдтӕ «рӕстӕгмӕ сты ӕмӕ афтӕ уӕззау не сты» (2 Коринфӕгтӕм 4:17).
-
-
Йӕ тыхы фӕрцы алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕны. Йегъовӕ «цыдӕриддӕр аразы,– ӕппӕт дӕр у ног»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
8 СӔР
Йӕ тыхы фӕрцы алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕны. Йегъовӕ «цыдӕриддӕр аразы,– ӕппӕт дӕр у ног»
1, 2. Цавӕр бӕллӕхтӕ ныл ӕрцӕуы ӕмӕ ныл уый куыд фӕзыны?
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: сывӕллонӕн йӕ хъазӕн фесӕфт кӕнӕ асаст, ӕмӕ кӕуын райдыдта. Йӕ кӕуынмӕ зӕрдӕ уынгӕг кӕны. Фӕлӕ йын йӕ ныййарджытӕ йӕ хъазӕн ссардтой кӕнӕ йын ӕй сарӕзтой ӕмӕ йын ӕй фӕстӕмӕ радтой. Сывӕллоны цӕсгом фырцинӕй ныррухс. Ныййарджытӕн, чи зоны, зын нӕ уыд хъазӕн ссарын йе та йӕ саразын. Фӕлӕ сывӕллонмӕ уый диссаг фӕкаст. Афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ ӕнӕ хъазӕнӕй баззад, фӕлӕ та дзы ныр ногӕй хъазы!
2 Йегъовӕ у ӕппӕты хуыздӕр Фыд. Ахӕм тых ӕм ис, ӕмӕ йӕ бон у фӕстӕмӕ раздахын, раздӕхӕн ӕнхъӕл цӕмӕн нал стӕм, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дзырд хъазӕнтыл нӕ цӕуы. Ацы «тынг уӕззау рӕстӕг» мах фесафӕм, хъазӕнтӕй бирӕ зынаргъдӕр цы у, ахӕм цыдӕртӕ (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Гӕнӕн ис, баззайӕм ӕнӕ хӕдзарӕй, ӕнӕ исбонӕй, ӕнӕ куыстӕй ӕмӕ ма суанг рынчын дӕр фӕуӕм. Стӕй ма, чи зоны, мӕт кӕнӕм, адӕм ӕрдз кӕй чъизи кӕнынц ӕмӕ бирӕ алыхуызон цӕрӕгойты ӕмӕ зайӕгойты мыггӕгтӕ кӕй сӕфынц, уый тыххӕй дӕр. Фӕлӕ нын исчи куы амӕлы, уӕд нын уымӕй стырдӕр маст ницы бавзарын кӕны. Фембарӕм ӕй, нӕ бон кӕй ницы у бакӕнын, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ фӕкӕны (2 Самуилы 18:33).
3. Йегъовӕ нын Хъуыддӕгты 3:21 стихы зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст кӕндзӕн?
3 Уӕдӕ адӕймаг куы базоны, Йегъовӕмӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй алцыдӕр ногӕй сараза, уӕд ӕй уый стыр ныфс бауадзы. Ацы сӕрӕй базондзыстӕм, Хуыцау йӕ адӕмӕн фӕстӕмӕ кӕй ратдзӕн, ӕнӕхай цӕмӕй фесты, уыдӕттӕ. Библийӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ «къахыл слӕууын кӕна» (Хъуыддӕгтӕ 3:21). Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн Мессийӕйы Паддзахады фӕрцы. Уыцы Паддзахадӕн йӕ сӕргъы лӕууы йӕ Фырт Йесо Чырысти. Дунейы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста 1914 азыa (Матфейы 24:3–14). Аныхас кӕнӕм, Йегъовӕ цы диссаджы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдонӕй цалдӕрыл. Иу дзы абон нӕхи цӕстӕй уынӕм ӕмӕ ма дзы архайгӕ дӕр кӕнӕм. Иннӕтӕ та Йегъовӕ сараздзӕн фидӕны ӕппӕт адӕмӕн дӕр.
Раст дин йӕ къахыл слӕууыд
4, 5. Н. э. размӕ 607 азы Хуыцауы адӕмыл цы ’рцыд ӕмӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?
4 Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл цы слӕууын кодта, уыдонӕй иу у раст дин. Уый цы нысан кӕны, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм Иудӕйы паддзахады историмӕ. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ йе стыр тыхы фӕрцы алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл куыд слӕууын кӕны (Ромӕгтӕм 15:4).
5 Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ тынг маст кодтой, н. э. размӕ 607 азы знӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд. Сӕ уарзон горӕт пырхытӕй лӕууыд, йӕ къултӕ уыдысты калд. Уымӕй фыддӕр та уый уыди, ӕмӕ-иу адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн бакувынмӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы рӕсугъд кувӕндонӕй дур-дурыл нал баззад (Псалом 79:1). Удӕгасӕй чи аирвӕзт, уыдоны Вавилонмӕ уацары акодтой, ӕмӕ горӕт хъӕддаг сырдты цӕрӕнбынат сси (Йереми 9:11). Уыцы дзуттӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой, ӕмӕ фӕстӕмӕ никуыуал ӕрыздӕхдзысты (Псалом 137:1). Йегъовӕ сын рагацау загъта, ахӕм бӕллӕх сыл кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ ма сын зӕрдӕ бавӕрдта, фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты.
6–8. а) Пехуымпартӕй бирӕтӕ цавӕр зӕрдӕвӕрдты тыххӕй фыстой ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ фыццаг хатт куыд сӕххӕст сты? б) Уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ нӕ рӕстӕджы куыд сӕххӕст сты?
6 Уыцы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй пехуымпартӕй бирӕтӕ фыстойb. Пехуымпарты уылты Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, Израилы зӕхх та хъӕздыг тыллӕг кӕй дӕтдзӕн, адӕмӕй та кӕй байдзаг уыдзӕн ӕмӕ сын хъӕддаг сырдтӕй ӕмӕ се знӕгтӕй тӕссаг кӕй нӕ уыдзӕн, стӕй сӕ бӕстӕ дзӕнӕты хуызӕн кӕй суыдзӕн (Исай 65:25; Йезекил 34:25; 36:35). Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый уыди, ӕмӕ та дзуттӕгтӕ Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕндзысты ӕмӕ кувӕндон ногӕй амад ӕрцӕудзӕн (Михей 4:1–5). Уыцы пехуымпарӕдтӕ дзуттӕгтӕн ныфсы хос уыдысты, 70 азы Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд.
7 Йегъовӕ цы рӕстӕг снысан кодта, уый куы ’рцыд, уӕд дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй ссӕрибар сты, Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ кувӕндон ногӕй сарӕзтой (Ездрӕ 1:1, 2). Цалынмӕ Йегъовӕйӕн, куыд ӕй фӕндыд, афтӕ куывтой, уӕдмӕ сын арфӕ кодта, хъӕздыг тыллӕг сын лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ ницы цух уагъта. Хъахъхъӕдта сӕ се знӕгтӕй ӕмӕ, 70 азы дӕргъы сӕ бӕстӕ кӕмӕй байдзаг, уыцы хъӕддаг сырдтӕй. Куыд тынг цин кодтаиккой, Йегъовӕ алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл куы слӕууын кодта, уӕд! Фӕлӕ, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый уӕд фыццаг хатт сӕххӕст ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй ӕрмӕстдӕр иу бӕстӕйы цӕрджытӕ схайджын сты. Ӕнӕхъӕн зӕххыл та хъуамӕ сӕххӕст уыдаид «фӕстаг бонты», ома нӕ рӕстӕджы, Йесо, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг, Паддзах куы сси, уӕд (Исай 2:2–4; 9:6, 7).
8 1914 азы Йесо уӕларвон Паддзахады Паддзах куы сси, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын райдыдта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ лӕггад кӕной. Н. э. размӕ 537 азы Персы паддзах Кир дзуттӕгты Вавилоны уацарӕй куыд ссӕрибар кодта, афтӕ Йесо дӕр йӕ фӕдылдзӕуджыты ссӕрибар кодта «Стыр Вавилонӕй», ома мӕнг динты уацарӕй (Раргомад 18:1–5; Ромӕгтӕм 2:29). 1919 азӕй фӕстӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц, куыд ӕй фӕнды, афтӕ (Малахи 3:1–5). Кувынц ын, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны. Уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндон амоны, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ бон цӕй фӕрцы у, уымӕ. Абон ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй Йегъовӕйӕн йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны лӕггад кӕнӕм?
Раст дин йӕ къахыл кӕй слӕууыд, уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?
9. Апостолты мӕлӕты фӕстӕ раст диныл цы ’рцыд, фӕлӕ Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы цы сарӕзта?
9 Ахъуыды-ма кӕнӕм иу цӕуылдӕр. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн куывтой, куыд ӕй фӕндыд, афтӕ ӕмӕ сын арфӕ кодта. Фӕлӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ дзырдтой, цасдӕры фӕстӕ адӕм Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нал лӕггад кӕндзысты (Матфейы 13:24–30; Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30). Апостолты мӕлӕты фӕстӕ мӕнг чырыстӕттӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Сауджынтӕ адӕмӕн амонын райдыдтой мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ. Дзырдтой сын, Хуыцау Троицӕ кӕй у, кӕд, Троицӕ цы у, уый ӕмбаргӕ дӕр ничи кодта, уӕддӕр. Афтӕмӕй сын Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн не ’ххуыс кодтой, фӕлӕ сӕ Хуыцауӕй адард кодтой. Стӕй сын дзырдтой, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сауджынтӕн кӕй хъуамӕ дзурой, цӕмӕй сын хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ Йегъовӕмӕ нӕ, фӕлӕ Мадымайрӕммӕ ӕмӕ «сыгъдӕджытӕм» кӕй хъуамӕ кувой. Ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. Нӕ рӕстӕджы цас мӕнг ахуырӕдтӕ ис ӕмӕ адӕм цас фыдхъуыддӕгтӕ аразынц, уыйбӕрц никуы. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ йӕ диссаджы тыхы фӕрцы раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кодта. Уый у, нӕ рӕстӕджы цы ахсджиагдӕр хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй иу.
10, 11. а) Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый цавӕр дыууӕ хайӕ конд у ӕмӕ дӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй ды дӕр уыцы «дзӕнӕты» уай? б) Йегъовӕ «дзӕнӕтмӕ» цавӕр адӕмы ӕмбырд кӕны ӕмӕ уыцы адӕм сӕхи цӕстӕй цы фендзысты?
10 Йегъовӕ цы сарӕзта, уый фӕрцы ӕцӕг чырыстӕттӕ абон цӕрынц «дзӕнӕты», ӕмӕ уыцы «дзӕнӕт» рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кӕны. Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый конд у дыууӕ хайӕ. Йӕ иу хай у ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы раст дин. Йегъовӕ нӕ мӕнг дины ахуырӕдтӕй кӕй ссӕрибар кодта, уый фӕрцы йын нӕ бон у, куыд ӕй фӕнды, афтӕ лӕггад кӕнын. Йегъовӕ нын дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды хуыздӕр базонӕм, йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм (Иоанны 4:24). Уыцы «дзӕнӕтӕн» йӕ иннӕ хай та сты адӕм. Пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕмӕй «фӕстаг бонты» Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕны алкӕимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрыныл. Ахуыр нӕ кӕны, цӕмӕй нӕ къухмӕ хӕцӕнгарз ма исӕм. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «нӕ удыхъӕд ногмӕ» раивӕм. Ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕны – йӕ сыгъдӕг тыхӕй нӕ хайджын кӕны, цӕмӕй нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм, сыгъдӕг тыхӕй чи цӕуы, уыцы рӕсугъд миниуджытӕ (Ефесӕгтӕм 4:22–24; Галатӕгтӕм 5:22, 23). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ куы хъусай, уӕд ды дӕр уыцы «дзӕнӕты» уыдзынӕ.
11 Йегъовӕ уыцы «дзӕнӕтмӕ» ӕмбырд кӕны, кӕй уарзы, уыцы адӕмы. Уыдон сты, йӕхи йын чи уарзы ӕмӕ фарн чи уарзы, стӕй, «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары», уыцы адӕм (Матфейы 5:3). Уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, Йегъовӕ ноджы стырдӕр диссаг куыд сараздзӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр арфӕгонд куыд ӕрцӕудзысты, уый.
«Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»
12, 13. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕцӕгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты? б) Йегъовӕмӕ райдианы зӕххы тыххӕй цавӕр фӕнд уыд ӕмӕ нын уый цавӕр ныфс дӕтты?
12 Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕй бирӕтӕ комкоммӕ ӕмбарын хъӕуы. Зӕгъӕм, Исай ныффыста, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ нал уыдзӕн рынчынтӕ, къуылыхтӕ, куырмытӕ ӕмӕ къуырматӕ, стӕй ма суанг мӕлӕт дӕр ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзӕн (Исай 25:8; 35:1–7). Ацы зӕрдӕвӕрдтӕ рагон Израилы нӕ сӕххӕст сты. Бирӕтӕ дзы сӕххӕст сты, абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уым. Фӕлӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, фидӕны ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр ӕцӕгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты. Уый кӕцӕй зонӕм?
13 Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны раргом кодта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй зӕххыл адӕм амондджынӕй ӕмӕ ӕнӕнизӕй ӕнгом бинонтау цӕрой. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн сӕ бар бакодта зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ уыди, уыдон. Йӕ фӕнд уыди, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой (Райдиан 1:28). Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй цард уыдаид, абон цавӕр у, ахӕм. Ӕмӕ йӕ мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕйы йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнын кӕй ницы бахъыгдардзӕн (Исай 55:10, 11). Йегъовӕйы Паддзахады Паддзах Йесо ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сараздзӕн (Лукайы 23:43).
14, 15. а) Куыд ӕмбаргӕ сты Йегъовӕйы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног»? б) Дзӕнӕты цавӕр цард уыдзӕн ӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?
14 Ахъуыды-ма кӕн: ӕгас зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт! Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Йегъовӕ зӕгъы: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» (Раргомад 21:5). Уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ ацы зӕронд фыддуне куы фесафа, уӕд ма баззайдзысты ӕрмӕст «ног арв ӕмӕ ног зӕхх». Уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ ног хицауад уӕларвӕй разамынд дӕтдзӕн, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдонӕн. Цӕргӕ та йыл кӕндзысты, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕм (2 Петры 3:13). Хӕйрӕгмӕ ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕм ахӕм тых нал уыдзӕн, цӕмӕй адӕмӕн зиан хӕссой (Раргомад 20:3). Адӕм фервӕздзысты, миназты дӕргъы сын Хӕйрӕг сӕ зонд кӕмӕй хъӕстӕ кодта, уыцы чъизи ӕмӕ хӕлд зондахастӕй. Куыд сулӕфдзыстӕм уӕд, ӕвӕдза!
15 Уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ рӕсугъд зӕхмӕ зилын, ӕппӕты райдианы Йегъовӕйы куыд фӕндыд, афтӕ. Йегъовӕ зӕхх афтӕ скодта, ӕмӕ йӕ бон у йӕхи ног кӕнын. Чъизи цадтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ ссыгъдӕг уыдзысты, адӕм сӕ куы нал чъизи кӕной, уӕд. Куы ничиуал хӕца, уӕд, хӕстытӕ цы рӕсугъд бынӕттӕ ныффыдынд кодтой, уыдон фӕстӕмӕ сӕ хуыз скалдзысты. Куыд цин кӕндзыстӕм, ӕнӕхъӕн зӕххӕй Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн дзӕнӕт куы аразӕм, уӕд! Уым уыдзӕн тынг бирӕ алыхуызон зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ. Адӕмы аххосӕй зайӕгойты ӕмӕ цӕрӕгойты хуызтӕй иу дӕр нал фесӕфдзӕн. Адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ нал тӕрсдзысты. Суанг ма сывӕллӕттӕн дӕр хъӕддаг сырдтӕй тӕссаг нал уыдзӕн (Исай 9:6, 7; 11:1–9).
16. Хуыцауыл иузӕрдион адӕмӕй алкӕмӕ дӕр дзӕнӕты цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?
16 Йӕ хуыз ӕрмӕст ӕрдз не скалдзӕн, фӕлӕ мах нӕхӕдӕг дӕр. Армагеддоны удӕгасӕй чи баззайа, уыцы адӕм иууылдӕр сӕ низтӕй диссаджы хуызы фервӕздзысты. Йесо сӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн, зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмы куыд дзӕбӕх кодта, афтӕ. Хуыцау ын цы тых радта, уый фӕрцы сдзӕбӕх кӕндзӕн куырмыты, къуырматы, къуылыхты ӕмӕ низӕфхӕрд адӕмы (Матфейы 15:30). Ацӕргӕтӕ се ’взонджы бонтӕм раздӕхдзысты ӕмӕ та уыдзысты хъаруджын, ӕнӕниз ӕмӕ цӕрдӕг (Иов 33:25). Сӕ цӕсгӕмтты ӕнцъылдтӕ слӕгъз уыдзысты, сӕ къӕхты ӕмӕ сӕ къухты ногӕй тых бацӕудзӕн. Хуыцауыл иузӕрдион адӕм сабыргай фервӕздзысты тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинады фӕстиуджытӕй. Куыд бузныг уыдзыстӕм Йегъовӕйӕ, йӕ хъаруйы фӕрцы алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл куы слӕууын кӕна, уӕд! Ныр та аныхас кӕнӕм, уыцы рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд нӕ зӕрдӕтӕн уӕлдай ӕхсызгондӕр цы уыдзӕн, ууыл.
Мӕрдтӕ цардмӕ раздӕхдзысты
17, 18. а) Йесо дины разамонджытӕн цӕмӕн бауайдзӕф кодта? б) Илийа Йегъовӕмӕ цӕмӕн скуывта, цӕмӕй марды райгас кодтаид?
17 Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы дины разамонджытӕй иуӕй-иуты нӕ уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Уый тыххӕй сын Йесо бауайдзӕф кодта: «Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Фыстад зонут, нӕдӕр, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый» (Матфейы 22:29). Фыстадӕй бӕрӕг у, Йегъовӕмӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй мӕрдты фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
18 Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм: пехуымпар Илийа цасдӕр рӕстӕг кӕмӕ цард, уыцы идӕдз усӕн йӕ иунӕг лӕппу амард. Илийа лӕппуйы мардӕй куы федта, уӕд арвы цӕфау куыннӕ фӕуыдаид. Уый размӕ сывӕллоны мӕлӕтӕй фервӕзын кодта – ӕххормагӕй амӕлын ӕй нӕ бауагъта. Ӕвӕццӕгӕн ӕй уарзгӕ дӕр бирӕ кодта. Мады зӕрдӕ фыррыстӕй куыннӕ скъуыдтӕ кодта. Йӕ лӕджы мӕлӕты фӕстӕ ма йӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр йӕ иунӕг хъӕбулыл лӕууыди. Ӕвӕццӕгӕн-иу йӕхицӕн ныфсытӕ йӕ лӕппуйӕ авӕрдта, мӕ зӕронды бонты мӕм фӕкӕсдзӕн, зӕгъгӕ. Сылгоймаг ма фырадӕргӕй, чи зоны, афтӕ дӕр хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ Хуыцау цавӕрдӕр тӕригъӕды тыххӕй бафхӕрдта. Илийайӕн йӕ бон нӕ уыд йӕ мӕгуырдзинадмӕ кӕсын. Мады хъӕбысӕй лӕппуйы райста, йӕ уатмӕ йӕ ахаста ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй сывӕллоны райгас кодтаид (1 Паддзӕхты 17:8–21).
19, 20. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Авраамы кӕй уырныдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у марды райгас кӕнын? Уый йӕ цӕмӕн уырныдта? б) Йегъовӕ Илийайӕн йӕ уырнындзинады тыххӕй куыд раарфӕ кодта?
19 Хуыцауӕн йӕ бон марды райгас кӕнын кӕй у, уый ӕрмӕст Илийайы нӕ уырныдта. Уый уырныдта Авраамы дӕр (цард Илийайӕ цалдӕр ӕнусы раздӕр). Авраамыл сӕдӕ азы куы цыди, Саррӕйыл та – нӕуӕдз, уӕд сын Йегъовӕ диссаджы хуызы ногӕй зӕнӕг уадзыны хъомыс радта, ӕмӕ сын лӕппу райгуырд (Райдиан 17:17; 21:2, 3). Лӕппу куы сыстыр, уӕд Йегъовӕ Авраамӕн загъта, дӕ фырты нывондӕн ӕрхӕсс, зӕгъгӕ. Авраам уырнындзинад равдыста, уымӕн ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын йӕ фырт Исахъы мӕрдтӕй кӕй райгас кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 11:17–19). Ӕмӕ хохмӕ ссӕуыны размӕ, Авраам йӕ лӕггадгӕнджытӕн, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй загъта, Исахъимӕ уӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстӕм, зӕгъгӕ (Райдиан 22:5).
«Уыныс, дӕ лӕппу ӕгас у!»
20 Йегъовӕ Исахъӕн йӕ цард бахъахъхъӕдта, ӕмӕ йӕ ӕгас кӕнын дӕр нӕ бахъуыд. Фӕлӕ идӕдз усы лӕппу мард уыди, кӕд йӕ мӕлӕтыл бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, уӕддӕр. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн йӕ уырнындзинады тыххӕй раарфӕ кодта – сывӕллоны райгас кодта! Уый фӕстӕ Илийа лӕппуйы йӕ мадмӕ радта ӕмӕ йын загъта: «Уыныс, дӕ лӕппу ӕгас у!» (1 Паддзӕхты 17:22–24). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы ныхӕстӕ мадӕй никуы ферох сты.
21, 22. а) Хуыцау-иу мӕрдты кӕй райгас кодта, уыцы хабӕрттӕ Библийы цӕмӕн ӕрцыдысты фыст? б) Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй Иоанны 5:28, 29 стихты цы фыст ис?
21 Библийы фыст ис, Йегъовӕ-иу йӕ тыхы фӕрцы марды кӕй райгас кодта, цалдӕр ахӕм хабары. Ӕмӕ уыдонӕй ацы хабар у фыццаг. Фӕстӕдӕр ма Йегъовӕ мӕрдты ӕгас кӕныны хъару радта Елисейӕн, Йесойӕн, Павелӕн ӕмӕ Петрӕн дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕй райгас кодтой, уыдон та фӕстӕдӕр амардысты. Фӕлӕ уыцы хабӕрттӕ Библийы фыст кӕй ӕрцыдысты, уый фӕрцы зонӕм, Йегъовӕ фидӕны цы сараздзӕн, уый.
22 Дзӕнӕты Йесо ӕцӕгдӕр уыдзӕн «райгасдзинад ӕмӕ цард» (Иоанны 11:25). Уый райгас кӕндзӕн милуангай адӕмы, ӕмӕ сын уыдзӕн фадат, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрой (Иоанны 5:28, 29). Ахъуыды-ма кӕн, куыд цин кӕндзыстӕм, не ’мбӕлттӕ ӕмӕ нӕ хиуӕттӕ куы райгас уой ӕмӕ та кӕрӕдзийӕн куы ныхъхъӕбыс кӕнӕм, уӕд! Ӕппӕт адӕм дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕндзысты, ахӕм диссаджы тых ӕм кӕй ис, уый тыххӕй.
23. Йегъовӕ йӕ тых диссаджы хуызы куыд равдыста ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй цы уырны?
23 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ цы сарӕзта, уый фӕрцы: йӕ Фырт Йесойы райгас кодта ӕмӕ йӕ зӕдтӕй се ’ппӕтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта. Йегъовӕ йӕ тых ахӕм диссаджы хуызы никуы равдыста. Йесо куы райгас, уӕд ӕй уый фӕстӕ федтой сӕдӕгай адӕймӕгтӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:5, 6). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл чи не ’ууӕнды, уыдоны дӕр уый хъуамӕ ацы хабары фӕрцы бауырна. Йегъовӕмӕ ис ахӕм тых, цӕмӕй мӕрдты цардмӕ раздаха.
24. Йегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны ӕмӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
24 Йегъовӕйӕн йӕ бон у мӕрдты райгас кӕнын ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны. Иузӕрдион нӕлгоймаг Иов загъта, Йегъовӕ кӕй бӕллы мӕрдты райгас кӕнынмӕ (Иов 14:15). Ӕвӕццӕгӕн, дӕу дӕр фӕнды, цӕмӕй, йӕ тыхы фӕрцы ахӕм диссӕгтӕ чи аразы, уыцы уарзӕгой Хуыцау дӕ Хӕлар уа. Фӕлӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый у ӕрмӕстдӕр иу диссаг, Йегъовӕ цы бирӕ диссӕгтӕ сараздзӕн, уыдонӕй. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ, дзӕнӕты кӕй уыдзынӕ, уыцы ныфсыл алкӕддӕр хъуыды кӕн. Уым нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, Йегъовӕйы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый (Раргомад 21:5).
a Алцыдӕр «фӕстӕмӕ... [йӕ] къахыл слӕууын кӕныны рӕстӕг» ралӕууыд, Мессийӕйы Паддзахад уӕлӕрвты куы сфидар ӕмӕ паддзах Давиды байзӕддаг йӕ Паддзах куы сси, уӕд. Йегъовӕ Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаг паддзах ӕнустӕм кӕй уыдзӕн (Псалом 89:35–37). Фӕлӕ н. э. размӕ 607 азы, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ Давиды байзӕддӕгтӕй иу дӕр Хуыцауы паддзахбадӕныл нал ӕрбадт. Йесо уыд Давиды хӕдзарвӕндагӕй ӕмӕ уӕлӕрвты паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уӕд зӕрдӕвӕрд Паддзах сси.
b Уый тыххӕй фыстой, зӕгъӕм, Моисей, Исай, Йереми, Йезекил, Оси, Иоил, Амос, Авди, Михей ӕмӕ Софони.
-
-
«Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых»Баввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
9 СӔР
«Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых»
1–3. а) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейӕйы денджызы цӕмӕй фӕтарстысты ӕмӕ Йесо цы сарӕзта? б) Апостол Павел афтӕ цӕмӕн загъта, Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых, зӕгъгӕ?
АХУЫРГӔНИНӔГТЫ стыр тас бацыд. Галилейӕйы денджызӕн йӕ иннӕ фарсмӕ бӕлӕгъыл куы ленк кодтой, уӕд ӕвиппайды тыхджын дымгӕ сыстад. Уыцы денджызы тыхдымгӕ фыццаг хатт нӕ федтой, уымӕн ӕмӕ сӕ чидӕртӕ кӕсагахсджытӕ уыдыстыa (Матфейы 4:18, 19). Фӕлӕ ацы хатт тыхдымгӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ денджыз абухгӕ знӕт уылӕнтӕ фестын кодта. Лӕгтӕ сӕ тых, сӕ бонӕй архайдтой бӕлӕгъ былмӕ тӕрыныл, фӕлӕ сыл дымгӕ тых кодта. Бӕрзонд «уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл цавтой», ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын райдыдта. Йесо та уыцы рӕстӕг бӕлӕгъы фӕстӕрдыгӕй тарф фынӕй кодта, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон адӕмы ахуыр кодта ӕмӕ тынг бафӕллад. Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ цардӕн фӕтарстысты, ӕмӕ Йесойы райхъал кодтой ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодтой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!» (Марчы 4:35–38; Матфейы 8:23–25).
2 Йесо нӕ фӕтарст, уымӕн ӕмӕ зыдта, йӕ бон кӕй у тыхдымгӕ ныссабыр кӕнын. Библийы фыст ис: «Дымгӕйӕн бауайдзӕф кодта, стӕй денджызӕн дӕр загъта: „Банцай! Ныссабыр у!“» Ӕмӕ дымгӕ уайтагъд банцад, ӕмӕ «бӕстӕ ныссабыр». Ахуыргӕнинӕгты стыр тас бацыд ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ай чи у?» Уыдон дис кодтой, фыдуаг сывӕллонӕн куы бауайдзӕф кӕнай ӕмӕ куыд ныссабыр уа, афтӕ Йесо денджызӕн ӕмӕ дымгӕйӕн кӕй бауайдзӕф кодта ӕмӕ кӕй ныссабыр сты, ууыл (Марчы 4:39–41; Матфейы 8:26, 27).
3 Фӕлӕ Йесо хуымӕтӕг адӕймаг нӕ уыд. Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы диссаджы хуызы ӕххуыс кодта Йесойӕн ӕмӕ Йесойы уылты та иннӕтӕн. Апостол Павел дӕр афтӕ уый тыххӕй загъта: «Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых» (1 Коринфӕгтӕм 1:24). Хуыцау йӕ тых Йесойы уылты куыд ӕвдыста? Йесо уыцы тыхӕй куыд архайы, уый нӕ цардыл хуыздӕрырдӕм куыд фӕзыны?
Хуыцауы иунӕггуырд Фырты тых
4, 5. а) Йегъовӕ йӕ иунӕггуырд Фыртӕн цавӕр тых ӕмӕ бартӕ радта? б) Йегъовӕ Йесойы цӕмӕй схайджын кодта, цӕмӕй «дӕсны кусӕг» уыдаид?
4 Ахъуыды-ма кӕн, Йесомӕ цавӕр тых уыд, зӕхмӕ куы нӕма ӕрцыди, уӕд. Йегъовӕ «йе ’нусон тыхы» фӕрцы сфӕлдыста йӕ иунӕггуырд Фырты, фӕстӕдӕр ӕй хуыдтой Йесо Чырысти (Ромӕгтӕм 1:20; Колоссӕгтӕм 1:15). Уый фӕстӕ Йегъовӕ йӕ Фыртӕн стыр тых ӕмӕ бартӕ радта, ӕппӕт дӕр уый фӕрцы куы арӕзта, уӕд. Библийы Хуыцауы Фырты тыххӕй фыст ис: «Ӕппӕт дӕр уый фӕрцы фӕзынд, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй ницы фӕзынд» (Иоанны 1:3).
5 Хъомысджын зӕдтӕ, ӕнӕнымӕц бирӕ стъалытӕ ӕмӕ, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ сфӕлдисынӕн цы стыр тых хъуыди, уый адӕймагӕн тынг зын бамбарӕн у. Уыдӕттӕ сфӕлдисыны тыххӕй Йегъовӕ йӕ Фырты схайджын кодта Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тыхӕй – йӕ сыгъдӕг тыхӕй. Уыцы Фырт тынг цин кодта, «дӕсны кусӕг» кӕй уыди ӕмӕ йӕ Фыдӕн кӕй ӕххуыс кодта, ууыл (Ӕмбисӕндтӕ 8:22–31).
6. Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд ын Хуыцау цавӕр тых ӕмӕ бартӕ радта?
6 Цымӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ уыд йӕ Фыртӕн ноджы стырдӕр тых ӕмӕ бартӕ раттын? Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Матфейы 28:18). Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ахӕм курдиатӕй ӕмӕ бартӕй схайджын кодта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид иннӕтӕн разамынд дӕттын. Йегъовӕ йӕ сӕвӕрдта «Паддзӕхты Паддзахӕй ӕмӕ хицӕутты Хицауӕй» ӕмӕ йын бар радта, цӕмӕй фесафа, уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр йӕ ныхмӕ чи цӕуы, ӕппӕт уыцы «хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты» (Раргомад 19:16; 1 Коринфӕгтӕм 15:24–26). Йегъовӕ йын «йӕ бар цы нӕ бакодта, ахӕмӕй ницыуал ныууагъта». Йесойӕн йӕ бар Йегъовӕйы йеддӕмӕ алкӕуыл дӕр ӕмӕ алцӕуыл дӕр цӕуы (Дзуттӕгтӕм 2:8; 1 Коринфӕгтӕм 15:27).
7. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо алкӕддӕр раст кӕй архайдзӕн, Йегъовӕ йын цы тых радта, уымӕй?
7 Фӕлӕ Йесо йӕ тыхӕй раст кӕй нӕ архайдзӕн, уый нӕ хъуамӕ мӕты ма ’фтауа. Йесо йӕ Фыды тынг уарзы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ никуы ницӕмӕй фӕриссын кӕндзӕн (Иоанны 8:29; 14:31). Йесо тынг хорз зоны, Йегъовӕ йӕ ӕгӕрон тыхӕй алкӕддӕр раст кӕй фӕархайы. Уый уыдта, Йегъовӕ-иу фадат кӕй агуырдта, «цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Азфыстыты 16:9). Ӕмӕ уый дӕр йӕ Фыдау адӕмы уарзы. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фидарӕй зонӕм, Йесо йӕ тыхы фӕрцы алкӕддӕр хорз хъуыддӕгтӕ кӕй араздзӕн (Иоанны 13:1). Ӕмӕ уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесо зӕххыл куы цард, уӕд йӕ тыхӕй куыд архайдта ӕмӕ цӕмӕн.
«Ныхасӕй... тыхджын»
8. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд цавӕр тыхӕй схайджын ӕмӕ уыцы тыхӕй куыд архайдта?
8 Йесо цалынмӕ гыццыл уыд ӕмӕ Назареты цард, уӕдмӕ иу диссаг дӕр нӕ сарӕзта. Фӕлӕ алцыдӕр фӕивта н. э. 29 азы, 30-аздзыдӕй донаргъуыд куы райста, уӕд (Лукайы 3:21–23). Библийы фыст ис: «Хуыцау ӕй байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ хъаруйӕ, ӕмӕ уый зылди ӕгас бӕстӕйыл ӕмӕ адӕмӕн хорздзинӕдтӕ арӕзта, Хӕйрӕг тухӕнӕй кӕй мардта, уыдоны се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта» (Хъуыддӕгтӕ 10:38). Ацы ныхӕстӕй, «хорздзинӕдтӕ арӕзта», зӕгъгӕ, бӕрӕг у, Йесо йӕ тыхы фӕрцы иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кодта. Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцыди, уӕд «хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр сси тыхджын пехуымпар» (Лукайы 24:19).
9–11. а) Йесо адӕмы сӕйраджыдӕр кӕм ахуыр кодта ӕмӕ уӕды заман адӕмы ахуыр кӕнын зын цӕмӕн уыди? б) Йесо куыд ахуыр кодта, уый адӕмы дисы цӕмӕн ӕфтыдта?
9 Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йесо уыди ныхасӕй тыхджын? Йесо-иу адӕмы ахуыр кодта, зӕгъӕм, цады был, хохы фахсыл, стӕй уынгты ӕмӕ базарты (Марчы 6:53–56; Лукайы 5:1–3; 13:26). Цы дзырдта, уый адӕмы зӕрдӕмӕ куы нӕ цыдаид, уӕд-иу ӕм нӕ хъуыстаиккой. Йӕ ныхӕстӕ кӕй зӕрдӕмӕ цыдысты, уыдон-иу сӕ хъуамӕ бахъуыды кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ, цы дзырдта, уыдӕттӕ бирӕ фӕстӕдӕр ныффыстой. Уӕдӕ Йесо адӕмы хъуамӕ афтӕ ахуыр кодтаид, цӕмӕй йӕм хъуыстаиккой, ӕнцонтӕй йӕ ӕмбӕрстаиккой ӕмӕ сын цы дзырдта, уый-иу бахъуыды кодтаиккой. Йесойӕн уый ӕппындӕр зын нӕ уыд, ӕмӕ уый бӕрӕг у, адӕмы хохыл куыд ахуыр кодта, уымӕй.
10 Н. э. 31 азы иу бон райсомӕй раджы Галилейӕйы денджызмӕ ’ввахс хохы фахсыл ӕрӕмбырд дуне адӕм. Бирӕтӕ сӕ фӕцыдысты 100–110 километры бӕрц Иудейӕйӕ ӕмӕ Иерусалимӕй. Иннӕтӕ та ӕрцыдысты Тирӕй ӕмӕ Сидонӕй – Галилейӕйы денджызӕн йӕ цӕгат фарс цы горӕттӕ уыд, уырдыгӕй. Рынчынтӕй бирӕты фӕндыд Йесойыл андзӕвын, цӕмӕй сдзӕбӕх уыдаиккой. Йесо се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ ахуыр кӕнын райдыдта (Лукайы 6:17–19). Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕм дисӕй мардысты, цы фехъуыстой, ууыл. Цӕмӕн?
11 Чи йӕм хъуыста, уыдонӕй сӕ иу цалдӕр азы фӕстӕ ныффыста: «Адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ уый чиныджыдӕснытау нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас» (Матфейы 7:28, 29). Йесойӕн йӕ ныхасы уыд стыр тых. Ӕмӕ уый адӕм дӕр ӕмбӕрстой. Йесо сын амыдта, Хуыцауы цы фӕндыд, уый ӕмӕ сӕ цӕуыл ахуыр кодта, уымӕн йӕ бындур уыди Хуыцауы Ныхас (Иоанны 7:16). Йӕ ныхас уыд ӕнцонӕмбарӕн, адӕмы-иу бафӕндыд, цы сын дзырдта, уымӕ гӕсгӕ архайын. Иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд зӕгъын, цы дзуры, уый раст нӕу, зӕгъгӕ. Йесо сын ӕмбарын кодта, зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц, уый ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу сӕ зӕрдӕтӕм ныккастаиккой. Амыдта сын, амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, кувын куыд хъӕуы, куыд ис Хуыцауы Паддзахад агурӕн ӕмӕ сӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй сын фидӕнӕй ныфс уа (Матфейы 5:3–7:27). Рӕстдзинад чи агуырдта, уыдон-иу ӕм куы байхъуыстой, уӕд-иу йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрын райдыдтой. Сӕхи тыххӕй-иу нал цардысты ӕмӕ-иу цӕттӕ уыдысты ӕппӕт дӕр ныууадзынмӕ, цӕмӕй йӕ фӕдыл цыдаиккой (Матфейы 16:24; Лукайы 5:10, 11). Уымӕй бӕрӕг у, Йесойы ныхасы стыр тых кӕй уыди, уый.
«Хъуыддагӕй... тыхджын»
12, 13. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо «хъуыддагӕй... тыхджын» кӕй уыди, уый ӕмӕ цавӕр диссӕгтӕ арӕзта?
12 Йесо ма тыхджын уыди хъуыддагӕй дӕр (Лукайы 24:19). Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй Евангелиты фыст ис 30 диссагӕй фылдӕры тыххӕйb. Уыдон иууылдӕр сарӕзта Йегъовӕйы тыхы фӕрцы (Лукайы 5:17). Уыцы диссӕгтӕ пайда ӕрхастой мингай адӕмӕн. Зӕгъӕм, Йесо иу хатт бафсӕста 5 000 адӕймаджы, иннӕ хатт та – 4 000 адӕймаджы, сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ сывӕллӕттимӕ та, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты бирӕ фылдӕр! (Матфейы 14:13–21; 15:32–38).
13 Йесо бирӕ алыхуызон диссӕгтӕ арӕзта. Йӕ бар цыди хӕйрӕджытыл ӕмӕ-иу сӕ адӕмӕй ӕнцонтӕй расырдта (Лукайы 9:37–43). Йӕ бон уыди дон сӕн фестын кӕнын (Иоанны 2:1–11). Ахъуыды-ма кӕн, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд дис кодтаиккой, денджызыл ӕй ӕрбацӕйцӕугӕ куы федтой, уӕд (Иоанны 6:18, 19). Йӕ бон уыди цыфӕнды уӕззау низ дӕр сдзӕбӕх кӕнын (Марчы 3:1–5; Иоанны 4:46–54). Рынчынты-иу дзӕбӕх кодта алыхуызӕтты: иуты-иу сдзӕбӕх кодта, сӕ разы-иу нӕ уыд, афтӕмӕй, иннӕтыл та-иу андзӕвыд, афтӕмӕй (Матфейы 8:2, 3, 5–13). Кӕйдӕр-иу цӕстыфӕныкъуылдмӕ адзӕбӕх кодта, кӕйдӕр та – сабыргай (Марчы 8:22–25; Лукайы 8:43, 44).
«Федтой Йесойы – уый денджызыл ӕрбацӕйцыд»
14. Цавӕр хабӕрттӕй у бӕрӕг, Йесомӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй мӕрдты ӕгас кӕна?
14 Ӕппӕты диссагдӕр та уый у, ӕмӕ Йесомӕ ахӕм тых уыди, ӕмӕ мӕрдты ӕгас кодта. Евангелиты фыст ис ӕртӕ ахӕм хабары тыххӕй: ныййарджытӕн райгас кодта сӕ 12-аздзыд чызджы, идӕдз усӕн райгас кодта йӕ иунӕг фырты, хотӕн та – сӕ уарзон ӕфсымӕры (Лукайы 7:11–15; 8:49–56; Иоанны 11:38–44). Йесойӕн уыцы адӕмӕй иуы дӕр зын нӕ уыд райгас кӕнын. 12-аздзыд чызджы райгас кодта, куыддӕр амард, афтӕ. Идӕдз усы лӕппуйы райгас кодта, ныгӕнынмӕ йӕ куы фӕцӕйхастой, уӕд, ома, цы бон амарди, уыцы бон. Лазӕры та райгас кодта, куы амард, уымӕй цыппар боны фӕстӕ.
Йесо йӕ тыхӕй алкӕддӕр архайдта раст ӕмӕ адӕмы пайдайӕн
15, 16. Йесо йӕ тыхӕй йӕхи пайдайӕн кӕй никуы ницы сарӕзта, уый кӕцӕй зонӕм?
15 Ӕнӕххӕст хицӕуттӕй искӕмӕ, Йесомӕ цы тых уыд, ахӕм тых куы уаид, уӕд тӕссаг уаид, раст дзы кӕй нӕ архайдзӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ цард кӕй фӕфыддӕр уыдзӕн, уымӕй. Ӕнӕххӕст хицӕуттӕй бирӕтӕ вӕййынц хиуарзон, сӕрбӕрзонд, зыдгӕнаг ӕмӕ иннӕты бартӕ фессӕндынц. Фӕлӕ Йесо ахӕм нӕ уыд. Уый иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта (1 Петры 2:22).
16 Йесо йӕ тыхӕй архайдта иннӕты пайдайӕн, йӕхи пайдайӕн никуы ницы сарӕзта. Ӕххормаг куы уыд, уӕд дуртӕ дзул нӕ фестын кодта (Матфейы 4:1–4). Хъӕздыг кӕй нӕ уыд, уымӕй та бӕрӕг у, йӕ тыхы фӕрцы мулк ӕмбырд кӕныныл кӕй нӕ архайдта (Матфейы 8:20). Йесо-иу диссӕгтӕ куы арӕзта, уӕд-иу дзы тых рацыд. Иу адӕймаджы дӕр-иу куы сдзӕбӕх кодта, уӕд дӕр-иу бамбӕрста, тых дзы кӕй рацыд (Марчы 5:25–34). Фӕлӕ уӕддӕр адӕмы йӕхиуыл андзӕвын уагъта, ӕмӕ-иу се ’ппӕт дӕр сдзӕбӕх сты (Лукайы 6:19). Уымӕй дӕр бӕрӕг у, Йесо иннӕтыл тынг кӕй тыхсти ӕмӕ сын йӕ тыхы фӕрцы кӕй ӕххуыс кодта.
17. Цӕмӕй бӕрӕг уыд, Йесо йӕ тыхӕй афтӕ кӕй никуы архайдта, цӕмӕй иннӕты дисы бафтыдтаид?
17 Уымӕй уӕлдай, Йесо йӕ тыхӕй афтӕ никуы архайдта, цӕмӕй иннӕты дисы бафтыдтаид кӕнӕ сын се ’ргом йӕхимӕ раздӕхтаид (Матфейы 4:5–7). Зӕгъӕм, Ироды фӕндыд, цӕмӕй йӕ разы исты диссаг сарӕзтаид. Фӕлӕ Йесо не сразы (Лукайы 23:8, 9). Йесо йӕ тыхӕй никуы ӕппӕлыди, стӕй-иу кӕй сдзӕбӕх кодта, уыдонӕй дӕр-иу бирӕты бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ӕй макӕмӕн загътаиккой (Марчы 5:43; 7:36). Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йыл адӕм баууӕндыдаиккой, диссӕгтӕ кӕй арӕзта, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй (Матфейы 12:15–19).
18–20. а) Йесо йӕ тыхы фӕрцы хорз хъуыддӕгтӕ цӕмӕн арӕзта? б) Йесо къуырма лӕджы куыд сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
18 Кӕд Йесо тынг хъомысджын уыди, уӕддӕр, адӕмы рыст кӕмӕ нӕ хъары ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕ нымады дӕр кӕмӕ не сты, уыцы хицӕутты хуызӕн нӕ уыд. Йесо адӕмыл мӕт кодта. Куыд хъизӕмар кӕнынц, уымӕ кӕсгӕйӕ-иу йӕ зӕрдӕ фӕрыст, ӕмӕ-иу ӕй фӕндыд, цӕмӕй сын сӕ зын фӕрог кодтаид (Матфейы 14:14). Адӕм цӕмӕй тыхстысты ӕмӕ цы хъуаг уыдысты, уымӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дардта ӕмӕ йӕ тыхӕй афтӕ пайда кодта, цӕмӕй-иу сын баххуыс кодтаид. Иу ахӕм хабары тыххӕй фыст ис Марчы 7:31–37 стихты.
19 Йесомӕ ӕрбацыд дуне адӕм. Семӕ ӕрбакодтой алыхуызон рынчынты, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта (Матфейы 15:29, 30). Фӕлӕ дзы иу нӕлгоймагмӕ уӕлдай тынгдӕр ӕрдардта йӕ хъус. Нӕлгоймаг уыди къуырма ӕмӕ дзургӕ дӕр ӕвзӕр кодта. Ӕвӕццӕгӕн, Йесо бамбӕрста, уыцы нӕлгоймаг ӕфсӕрмы кӕй кӕны, йӕхимидӕг кӕй тыхсы. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ иуварс акодта. Уый фӕстӕ йын «йе ’нгуылдзтӕ... йӕ хъусты бавӕрдта, ӕрту кодта ӕмӕ йын йе ’взагыл андзӕвыд»c, цӕмӕй йын бамбарын кодтаид, цы саразинаг у, уый (Марчы 7:33). Стӕй уӕларвмӕ скаст ӕмӕ арф ныуулӕфыд. Уымӕй йӕ цыма афтӕ зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, цы саразинаг дӕн, уый Хуыцауы тыхы фӕрцы сараздзынӕн. Ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Байгом у» (Марчы 7:34). Уыцы тӕккӕ лӕг хъусӕй хъусын дӕр райдыдта ӕмӕ дзӕбӕх дзурын дӕр.
20 Йесо Хуыцауы тыхы фӕрцы кӕй дзӕбӕх кодта, уыдоныл куыд тынг тыхсти, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ куыннӕ барухс вӕййы! Йегъовӕ йӕ Паддзахады сӕргъы ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой Хицауы кӕй сӕвӕрдта, уый нын стыр ныфсы хос у!
Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон амонынц, фидӕны цы сараздзӕн, уымӕ
21, 22. а) Йесо фидӕны цавӕр диссӕгтӕ сараздзӕн? б) Йесойӕн йӕ бар ӕрдзы тыхтыл кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ Паддзахады рӕстӕг цавӕр цард уыдзӕн?
21 Йесо зӕххыл цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдоны фӕрцы ӕмбарӕм, зӕххӕн Паддзах куы уа, уӕд адӕмы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн. Ног дунейы та Йесо ногӕй диссӕгтӕ араздзӕн, ӕрмӕст ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Уыцы диссӕгтӕй цалдӕрыл аныхас кӕнӕм.
22 Йесо фӕд дӕр нал ныууадздзӕн, адӕм зӕххӕн цы зиан ӕрхастой, уымӕй. Хъуыды-ма кӕныс, тыхдымгӕ куыд ныссабыр кодта, уый? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ бар цӕуы ӕрдзы тыхтыл. Уӕдӕ Чырыстийы Паддзахады рӕстӕг адӕмӕн тыхдымгӕтӕй, зӕххӕнкъуыстытӕй, вулкантӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бӕллӕхтӕй тӕссаг нал уыдзӕн. Йегъовӕ, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый куы арӕзта, уӕд Йесо йӕ фарсмӕ уыди куыд дӕсны кусӕг. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг хорз зоны, зӕхх куыд конд у, уый. Стӕй зоны, цы йыл ис, уыдӕттӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй йын мацы зиан хӕссӕм. Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт суыдзӕн, Йесо йын разамынд куы дӕтта, уӕд (Лукайы 23:43).
23. Нӕ Паддзах Йесо цы сараздзӕн, цӕмӕй адӕм ӕппындӕр мацӕмӕйуал тыхсой?
23 Цымӕ Йесойӕн йӕ бон уыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй адӕм мацы хъуаг ӕййафой? Ӕрхъуыды-ма кӕн, гыццыл хӕринагӕй цалдӕр мин адӕймаджы куыд бафсӕста, уый. Уымӕ гӕсгӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, зӕххӕн Хицау куы уа, уӕд, ӕххормаг цы у, уый зонгӕ дӕр кӕй ничиуал кӕндзӕн. Зӕххыл хӕринаг алкӕддӕр уыдзӕн фагӕй фылдӕр (Псалом 72:16). Йесойӕн йӕ бон алы низ дӕр сдзӕбӕх кӕнын кӕй уыд, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иу низӕй дӕр никуыуал ничи схъӕрздзӕн (Исай 33:24; 35:5, 6). Йесо ма ӕгас кодта мӕрдты дӕр. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъомысджын уӕларвон Паддзах райгас кӕндзӕн, йӕ Фыд йӕ зӕрдыл кӕй дары, уыцы адӕмы. Ӕмӕ уыдон та сты милуантӕ! (Иоанны 5:28, 29).
24. Йесомӕ цы тых ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цӕмӕн?
24 Йесомӕ цы тых ис, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ-иу нӕ зӕрдыл дарӕм, алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн кӕй у (Иоанны 14:9). Йесо йӕ тыхӕй куыд архайы, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы, уый. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо иу хъотырджыны куыд сдзӕбӕх кодта, ууыл. Йесо йын тынг фӕтӕригъӕд кодта, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у» (Марчы 1:40–42). Библийы ахӕм хабӕртты тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нын цыма Йегъовӕ афтӕ фӕдзуры: «Гъе афтӕ архайын мӕ тыхӕй!» Нӕ дӕ фӕнды не ’ппӕтхъомысджын Хуыцауы кадджын кӕнын ӕмӕ йын бузныг дзурын, йӕ тыхӕй куыд архайы, уый тыххӕй?
a Галилейӕйы денджызы ахӕм тыхджын дымгӕтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы арӕх сысты, уымӕн ӕмӕ денджызы ӕмвӕзадӕй дзӕвгар дӕлдӕр у (200 метры бӕрц дӕлдӕр), ӕмӕ иннӕ рӕттимӕ абаргӕйӕ йӕ сӕрмӕ уӕлдӕф бирӕ хъармдӕр у. Ӕмӕ боныхъӕд уый тыххӕй фехӕлы. Тыхджын дымгӕтӕ Иорданы цӕугӕдоны дӕлвӕзмӕ рацӕуынц Ермоны хохӕй (ис Галилейӕйы денджызӕн йӕ цӕгат фарс). Гӕнӕн ис, бӕстӕ сабыр уа, фӕлӕ ӕвиппайды тыхдымгӕ сыста.
b Уымӕй уӕлдай ма, Евангелиты иуӕй-иу рӕтты цыбыртӕй фыст ис ӕрмӕстдӕр иу цавӕрдӕр диссаджы тыххӕй. Афтӕмӕй та-иу Йесо уыцы рӕстӕг ӕрмӕст иу диссаг нӕ, фӕлӕ бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта. Зӕгъӕм, иу хатт ӕм «ӕнӕхъӕн горӕт» ӕрбацыд ӕмӕ «бирӕ адӕмы» сдзӕбӕх кодта (Марчы 1:32–34).
c Уӕды заман бирӕты уырныдта, низтӕ сӕтӕй дзӕбӕх кӕнӕн кӕй ис. Йесо кӕй ӕрту кодта, уымӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы лӕгӕн фӕндыд бамбарын кӕнын, кӕй йӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн. Фӕлӕ йӕ йӕ сӕтӕй не сдзӕбӕх кодта.
-
-
«Хуыцауы фӕзмут», уӕ тыхӕй куыд архайут, уымӕйБаввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
10 СӔР
«Хуыцауы фӕзмут», уӕ тыхӕй куыд архайут, уымӕй
1. Ӕнӕххӕст адӕм цавӕр къӕппӕджы бахауынц?
ИУХАТТ иу фыссӕг загъта: «Адӕймагмӕ бартӕ куы вӕййы, уӕд уый алы хатт дӕр тӕссаг вӕййы». Цымӕ цӕмӕй? Уымӕн ӕмӕ арӕхдӕр йӕ бартӕй раст нӕ фӕпайда кӕны. Хъыгагӕн, ӕнӕххӕст адӕм уыцы къӕппӕджы ӕнцонтӕй бахауынц. Дунейы равзӕрдӕй фӕстӕмӕ «адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Адӕймаг иннӕты куы нӕ фӕуарзы, уӕд йӕ тыхӕй ӕмӕ йӕ бартӕй раст нӕ фӕпайда кӕны, ӕмӕ бирӕтӕн стыр зындзинӕдтӕ бавзарын кӕны.
2, 3. а) Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы, уымӕй адӕмӕй куыд хицӕн кӕны? б) Цавӕр тых нӕм ис ӕмӕ дзы куыд хъуамӕ архайӕм?
2 Йегъовӕ Хуыцау ахӕм нӕу. Уымӕй тыхджындӕр ничи ис, фӕлӕ йӕ тыхӕй афтӕ никуы фӕархайы, цӕмӕй искӕмӕн исты зиан ракӕна. Раздӕры сӕртӕй базыдтам, йӕ тыхӕй алкӕддӕр хорз хъуыддӕгтӕ кӕй фӕаразы, уымӕн ӕмӕ нӕ тынг уарзы. Ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды, цӕмӕй йӕм тынгдӕр баввахс уӕм. Ӕмӕ йӕм цас ӕввахсдӕр фӕкӕнӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕфӕнды, цӕмӕй мах дӕр нӕ тыхӕй уыйау архайӕм (Ефесӕгтӕм 5:1). Фӕлӕ кӕд Хуыцауимӕ абаргӕйӕ адӕймаг гыццыл ӕмӕ лӕмӕгъ у, уӕд ӕм цавӕр тых ис?
3 Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ» ӕмӕ стӕм уый хуызӕн (Райдиан 1:26, 27). Уӕдӕ махмӕ дӕр тых ис. Зӕгъӕм, нӕ тыхы руаджы кусӕм ӕмӕ цыдӕртӕ аразӕм. Уымӕй уӕлдай, нӕ бар кӕуылдӕр фӕцӕуы, стӕй нӕ бон вӕййы иннӕтыл бандавын, уӕлдайдӕр та нӕ чи уарзы, уыдоныл. Чи зоны, стӕм хъаруджын ӕмӕ нӕм мулк ис. Йегъовӕйы тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Дӕумӕ ис царды суадон» (Псалом 36:9). Уӕдӕ нӕм цы тых ис, уый нӕм Йегъовӕйы фӕрцы ис. Ӕмӕ нӕ уымӕн фӕнды нӕ тыхӕй ӕмӕ нӕ бартӕй афтӕ архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?
Сӕйрагдӕр у уарзондзинад
4, 5. а) Цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм, уый тыххӕй нӕм сӕйраджыдӕр цавӕр миниуӕг хъуамӕ уа ӕмӕ уый Хуыцауӕн йӕхи цӕвиттонӕй куыд у бӕрӕг? б) Уарзондзинад нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм?
4 Цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты уарзӕм. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Хуыцау йӕхӕдӕг куыд фӕархайы, уымӕй. 1-аг сӕры дзырд цыди Хуыцауы цыппар сӕйраг миниуӕгыл. Уыдон сты тых, рӕстдзинад, зонд ӕмӕ уарзондзинад. Уыцы цыппар миниуӕгӕй сӕйрагдӕр кӕцы у? Уарзондзинад. 1 Иоанны 4:8 стихы фыст ис: «Хуыцау у уарзондзинад». Йегъовӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр у уарзондзинад, ӕмӕ йӕ алцы аразынмӕ дӕр уыцы миниуӕг разӕнгард кӕны. Уӕдӕ исты куы фӕаразы, уӕд ӕй фӕаразы, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдоны пайдайӕн.
5 Уарзондзинад махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уарзондзинад у «хӕларзӕрдӕ» ӕмӕ «йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5). Уӕдӕ нӕм уарзондзинад куы уа, уӕд тызмӕг кӕнӕ ӕгъатыр нӕ уыдзыстӕм. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ бар кӕуыл цӕуы, уыдонимӕ нӕхи куыд дардзыстӕм, уымӕй. Мах фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ дарӕм, нымайӕм сӕ ӕмӕ сыл нӕхицӕй тынгдӕр тыхсӕм (Филиппӕгтӕм 2:3, 4).
6, 7. а) Хуыцауӕй тӕрсын цы нысан кӕны ӕмӕ нын уыцы миниуӕг куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм? б) Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй тӕрсын ӕмӕ Хуыцауы уарзын кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
6 Уарзондзинады фӕрцы ма сахуыр вӕййӕм Хуыцауӕй тӕрсын дӕр. Ӕмӕ Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм. Куыд? Ӕмбисӕндты 16:6 стихы фыст ис: «Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй». Адӕймаг йӕ тыхӕй раст куы нӕ архайа, уӕд уый дӕр ӕвзӕрдзинадыл нымад у, ӕмӕ уымӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм. Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд, нӕ бар кӕуыл цӕуы, уыдонӕн ӕвзӕр нӕ уыдзыстӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд стӕм, уый тыххӕй дзуапп дӕттӕм Хуыцауы раз (Нееми 5:1–7, 15). Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр уый нӕу. Библи кӕуыл фыст ӕрцыд, уыцы ӕвзӕгтӕй дзырд «тӕрсын»-ӕй цы дзырдбӕстытӕ ратӕлмац кодтой, уыдон арӕх фӕамонынц Хуыцауӕн кад ӕмӕ аргъ кӕнынмӕ. Библийӕ бӕрӕг у, цӕмӕй Хуыцауӕй тӕрсӕм, уый тыххӕй йӕ уарзгӕ кӕй хъуамӕ кӕнӕм (Дыккаг закъон 10:12, 13). Хуыцауӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй йӕ зӕрдӕхудты ма бацӕуӕм. Ӕмӕ афтӕ кӕндзыстӕм, кӕй нӕ бафхӕрдзӕн, уымӕй кӕй тӕрсӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй.
7 Зӕгъӕм, гыццыл лӕппу зоны, йӕ фыд ӕй тынг кӕй уарзы ӕмӕ йыл кӕй тыхсы. Стӕй ма зоны, йӕ фыды кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕхи хорз дара ӕмӕ, исты куы рафыдуаг кӕна, уӕд ын уайдзӕф дӕр кӕй бакӕндзӕн. Фӕлӕ дзы ӕмризӕджы нӕ ризы. Лӕппу йӕ фыды тынг уарзы. Ӕхсызгон ын у, йӕ фыды зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын. Ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын дӕр афтӕ у. Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй тӕрсӕм, йӕ зӕрдӕ йын цы фӕриссын кӕндзӕн, ахӕм исты саразынӕй (Райдиан 6:6). Мах фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ӕмӕ нӕ нӕ тыхӕй дӕр раст архайын уый тыххӕй фӕнды. Цӕй ӕмӕ бӕстондӕр аныхас кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у аразын, ууыл.
Бинонты ’хсӕн
8. а) Лӕгӕн цавӕр бартӕ ис ӕмӕ уыцы бартӕй куыд хъуамӕ пайда кӕна? б) Лӕг йӕ усӕн кӕй аргъ кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
8 Фыццаг уал аныхас кӕнӕм бинонтыл. Ефесӕгтӕм 5:23 стихы фыст ис: «Лӕг у усӕн йӕ сӕрыхицау». Уӕдӕ Хуыцау лӕгӕн цавӕр бартӕ радта, уыдонӕй куыд хъуамӕ пайда кӕна? Библи лӕгтӕн фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, уӕ устыты ӕмбарут ӕмӕ «сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут» (1 Петры 3:7). «Кад кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды у «аргъ кӕнын, нымайын». Ацы дзырдӕн йӕ иннӕ формӕтӕ та тӕлмац ӕрцыдысты дзырдтӕй «лӕвар» ӕмӕ «зынаргъ» (Хъуыддӕгтӕ 28:10; 1 Петры 2:7). Лӕг йӕ бинойнагӕн куы аргъ кӕна, уӕд ӕм йӕ къух никуы сисдзӕн, стӕй йӕ ныхасӕй дӕр не ’фхӕрдзӕн, кӕннод сылгоймаг йӕхимӕ ницӕйаг кӕсдзӕн. Ахӕм лӕгӕн йӕ бинойнаг зынаргъ вӕййы ӕмӕ йын кад фӕкӕны. Ӕмӕ иунӕгӕй уой ӕви иннӕты ’хсӕн, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг вӕййы, кӕй йын аргъ кӕны, уый (Ӕмбисӕндтӕ 31:28). Уӕд усӕн ӕнцон вӕййы йӕ сӕрыхицауы уарзын ӕмӕ йын кад кӕнын. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ ахӕм лӕг Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн.
Лӕг ӕмӕ ус сӕ бартӕй раст пайда кӕндзысты, кӕрӕдзийы куы уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куы кад кӕной, уӕд
9. а) Сылгоймагӕн бинонты ’хсӕн цавӕр бартӕ ис? б) Усӕн цы ’ххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, йӕ бон цӕмӕй у, уымӕй йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕна ӕмӕ уый хорз цӕмӕн у?
9 Сылгоймагӕн дӕр бинонты ’хсӕн цавӕрдӕр бартӕ ис. Библийы фыст ис, Хуыцауы зӕрдӕ чи рухс кодта ӕмӕ йӕ сӕрыхицауӕн чи аргъ кодта, ахӕм сылгоймӕгты тыххӕй. Фӕлӕ-иу уыцы сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгтӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй-иу раст уынаффӕтӕ хастаиккой кӕнӕ-иу рӕдыд къахдзӕф ма сарӕзтаиккой (Райдиан 21:9–12; 27:46–28:2). Гӕнӕн ис, ӕмӕ ус йӕ сӕрыхицауӕй ӕмбаргӕдӕр уа кӕнӕ йӕм уа, йӕ лӕгмӕ чи нӕй, ахӕм курдиӕттӕ. Фӕлӕ уӕддӕр ус хъуамӕ «йӕ лӕджы нымайа» ӕмӕ йӕ «коммӕ кӕса», «Хицауы коммӕ куыд кӕсы, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 5:22, 33). Усы Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын куы фӕнда, уӕд йӕ сӕрыхицауы кад дӕлӕмӕ нӕ кӕндзӕн кӕнӕ йын йӕхи хицау нӕ кӕндзӕн. Уый бӕсты йын, йӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕндзӕн. «Зондджын сылгоймаг» йӕ сӕрыхицауимӕ иумӕ архайдзӕн, цӕмӕй сӕ бинонтӕ ӕнгом уой. Ӕмӕ афтӕ куы кӕна, уӕд дзы Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 14:1).
10. а) Хуыцау ныййарджытӕн цавӕр бартӕ радта? б) Дзырдбаст «зондыл аразын», кӕнӕ «зонд амонын», цы нысан кӕны ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куыд хъуамӕ амоной? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)
10 Хуыцау бартӕ радта ныййарджытӕн дӕр. Библийы ис ахӕм фӕдзӕхст: «Фыдӕлтӕ... уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Ефесӕгтӕм 6:4). Дзырдбаст «зондыл аразын», кӕнӕ «зонд амонын», Библийы нысан кӕны раст фӕндагыл аразын ӕмӕ зондахаст раст кӕнын. Сывӕллӕтты ӕнӕмӕнг хъӕуы ахуыр кӕнын. Уыдон хъуамӕ зоной, сӕ ныййарджытӕ сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, стӕй сын бар цӕмӕн ис ӕмӕ цӕмӕн нӕй, уый. Библимӕ гӕсгӕ, ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд амоной, уарзгӕ сӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй (Ӕмбисӕндтӕ 13:24). Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ «зондамонӕн уисӕй» хъуамӕ афтӕ ма пайда кӕной, цӕмӕй сывӕллӕттӕн исты зиан ӕрхӕссой кӕнӕ сын сӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнойa (Ӕмбисӕндтӕ 22:15; 29:15). Ныййарджытӕн уый бар нӕй, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты фыднад кӕной кӕнӕ сын зонд куы амоной, уӕд семӕ тызмӕгӕй ныхас кӕной. Афтӕ куы кӕной, уӕд сывӕллӕттӕн сӕ ныфс асӕтдзӕн ӕмӕ сӕхимӕ ныхъхъусдзысты (Колоссӕгтӕм 3:21). Фӕлӕ сӕ раст куы хъомыл кӕной, уӕд ӕмбардзысты, сӕ ныййарджытӕ сӕ кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа.
11. Сывӕллӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ тыхӕй раст архайын?
11 Цы зӕгъӕн ис сывӕллӕттӕй та? Уыдонӕн та сӕ бон куыд у сӕ тыхӕй раст архайын? Ӕмбисӕндты 20:29 стихы фыст ис: «Лӕппуты фидауц – сӕ тых». Ӕрыгӕттӕн ӕппӕты хуыздӕр у, цӕмӕй сӕ хъарутӕ саразой се Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ (Екклесиаст 12:1). Стӕй ма хъуамӕ ӕрыгӕттӕ сӕ зӕрдыл дарой, сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ ныййарджытӕн кӕнӕ цины хос кӕй уыдзысты, кӕнӕ та масты хос (Ӕмбисӕндтӕ 23:24, 25). Ныййарджытӕ амондджын вӕййынц, сӕ сывӕллӕттӕ сӕм куы фӕхъусынц ӕмӕ, раст цы у, уый куы фӕаразынц, уӕд (Ефесӕгтӕм 6:1). Сывӕллон коммӕгӕс куы уа, уӕд «уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ» (Колоссӕгтӕм 3:20).
Ӕмбырды
12, 13. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ бартӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? б) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фыстыл зӕрдиагӕй кӕй хъуамӕ тыхсой, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
12 Йегъовӕ ӕмбырды сӕвӕрдта цӕстдарджыты, цӕмӕй нын разамынд дӕттой (Дзуттӕгтӕм 13:17). Уыцы нӕлгоймӕгтӕн Хуыцау цы бартӕ радта, уыдонӕй хъуамӕ афтӕ пайда кӕной, цӕмӕй хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕной. Стӕй ма сын ӕххуыс кӕной Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн дӕр. Фӕлӕ сын цымӕ уый бар ис, цӕмӕй сын сӕхи хицау кӕной? Нӕй! Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбарой, ӕмбырды раз сыл цы хӕстӕ ис, уый (1 Петры 5:2, 3). Библи цӕстдарджыты фӕдзӕхсы: «Хизут Хуыцауы дзуг, йӕ Фырты тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы дзуг» (Хъуыддӕгтӕ 20:28). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕмбырды алкӕй дӕр уарзой ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ дарой.
13 Зӕгъӕм, дӕ хорз ӕмбал дын дӕ бар бакодта, тынг зынаргъ ын чи у, ахӕм дзаума. Зоныс ӕй, стыр аргъӕй йӕ кӕй балхӕдта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕстыгагуыйау ӕй хъахъхъӕндзынӕ. Афтӕ Хуыцау дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бар бакодта стыр хӕзна – Библи фыстимӕ кӕй бары, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты (Иоанны 21:16, 17). Йегъовӕ йӕ фысты афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ сӕ йӕ иунӕггуырд Фырт Йесо Чырыстийы зынаргъ тугӕй балхӕдта. Уымӕй стырдӕр аргъ бафидӕн нӕ уыд. Сӕрныллӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уый сӕ зӕрдыл дарынц ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй тыхсынц.
Ӕвзагӕн стыр тых ис
14. Ӕвзагӕн цавӕр тых ис?
14 Библийы фыст ис: «Мӕлӕт дӕр ӕмӕ цард дӕр ӕвзаджы къухы сты» (Ӕмбисӕндтӕ 18:21). Цы дзурӕм, уый, гӕнӕн ис, искӕмӕн стыр зиан ӕрхӕсса. Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм адӕймаг нӕй, йӕ зӕрдӕ ныхасӕй кӕмӕн нӕ фӕриссын кодтой. Фӕлӕ ныхасӕн йӕ бон у адӕймагыл базыртӕ басадзын дӕр. Ӕмбисӕндты 12:18 стихы фыст ис: «Зондджыны ӕвзаг... у ӕвдадзы хос». Ныфсы ныхӕстӕ ӕмӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ хосӕй уӕлдай не сты. Ахӕм ныхас фехъусгӕйӕ зӕрдӕйӕн фенцондӕр вӕййы. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
15, 16. Нӕ бон куыд у нӕ ныхӕстӕй иннӕты фидар кӕнын?
15 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14 стихы кӕсӕм: «Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут». Хатт Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ ныфс асӕтты. Нӕ бон сын куыд вӕййы баххуыс кӕнын? Йӕ ныфс кӕмӕн асаст, ахӕм адӕймагӕн-иу зӕгъ, цы хорз миниуджытӕ йӕм ис, уый тыххӕй. Уый йын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕна, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй у, ууыл. Библийӕ йын ахӕм стихтӕ бакӕс, цӕмӕй фена, «зӕрдӕсаст чи у» ӕмӕ «ныфссаст чи у», уыдоны Йегъовӕ кӕй уарзы ӕмӕ сыл кӕй тыхсы (Псалом 34:18). Нӕ ныхӕстӕй иннӕты куы фидар кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, нӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцауы хуызӕн кӕй стӕм. Уый, «зӕрдӕсаст чи у, уыдоны ныфс... уадзы» (2 Коринфӕгтӕм 7:6).
16 Нӕ ныхӕстӕй ма нӕ бон у иннӕты фидар кӕнын дӕр. Мыййаг, хотӕй кӕнӕ ’фсымӕртӕй искӕмӕн йӕ хиуӕттӕй исчи фӕзиан? Цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕйы рыст фӕкъаддӕр кӕнӕм, уый тыххӕй йын нӕ бон у зӕгъын, йемӕ кӕй хъыг кӕнӕм. Чи зоны, ацӕргӕ ’фсымӕр кӕнӕ хомӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуы. Цы сын зӕгъдзыстӕм, ууыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм. Уӕд сын нӕ ныхӕстӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй мауал дызӕрдыг кӕной, иннӕтӕ сӕ кӕй нымайынц ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнынц, ууыл. Йе та, чи зоны, чидӕр уӕззау низимӕ тох кӕны. Нӕ бон ӕм у телефонӕй бадзурын, абӕрӕг ӕй кӕнын кӕнӕ та йӕм ныфсы ныхӕстӕ афыссын. «Адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн», ахӕм ныхӕстӕ куы фӕдзурӕм, уӕд уый не Сфӕлдисӕгӕн тынг ӕхсызгон вӕййы (Ефесӕгтӕм 4:29).
17. Иннӕты ӕппӕты тынгдӕр цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн ӕмӕ афтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?
17 Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмбисӕндты 3:27 стихы фыст ис: «Дӕ къух куы амона, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн». Цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы хорз хабар адӕмӕн дзурын нӕ хӕс у. Йегъовӕ нын цӕстуарзонӕй цы ахсджиаг хабар раргом кодта, уый иннӕтӕй куы сусӕг кӕниккам, уӕд уый раст нӕ уаид (1 Коринфӕгтӕм 9:16, 22). Уӕдӕ нӕм Йегъовӕ ацы хъуыддаджы цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
Хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ тыхтӕй раст архайдзыстӕм
Йегъовӕйӕн «ӕппӕт хъаруйӕ» лӕггад кӕнӕм
18. Йегъовӕйы цы фӕнды?
18 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды нӕ лӕггады, нӕ бон цы у, уый аразын. Уыцы хъуыддаджы нӕм Йегъовӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Библийы фыст ис: «Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй, цыма йӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн аразут, афтӕ» (Колоссӕгтӕм 3:23). Уӕдӕ нӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр уый алкӕмӕн дӕр йӕ бон у. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст у: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Марчы 12:30). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йын ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнӕм.
19, 20. а) Кӕд «уд» адӕймаг йӕхӕдӕг у, уӕд Марчы 12:30 стихы Йесо адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ хъару хицӕнтӕй цӕмӕн ранымадта? б) Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, Хуыцауӕн «ӕппӕт удӕй» лӕггад кӕн, зӕгъгӕ?
19 Фӕлӕ куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, Хуыцауӕн «ӕппӕт удӕй» лӕггад кӕн, зӕгъгӕ? «Уд» у адӕймаг йӕхӕдӕг, йӕ зӕрдӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ хъаруимӕ. Ӕмӕ сӕ уӕд Марчы 12:30 стихы Йесо хицӕнтӕй цӕмӕн ранымадта? Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Рагзаманты адӕймагӕн йӕ бон уыд йӕхи (йӕ уд) ауӕй кӕнын, ома-иу кӕйдӕр цагъар сси. Фӕлӕ, гӕнӕн уыд, ӕмӕ цагъар йӕ хицауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ ма лӕггад кодтаид (Колоссӕгтӕм 3:22). Уӕдӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕхиуыл ма ауӕрдӕм, фӕлӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм.
20 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иу цас лӕггад кӕны, иннӕ дӕр уыйбӕрц хъуамӕ лӕггад кӕна? Уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ уавӕртӕ иухуызон не сты. Зӕгъӕм, ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕниз чи у, уыдонӕн сӕ бон цас у хъусын кӕнын, уыйбӕрц хъусын кӕнын сӕ бон нӕу, азтӕ сӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой ӕмӕ фаг хъарутӕ кӕмӕ нал ис, уыдонӕн. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн дӕр сӕ бон фылдӕр аразын у, бинонтӕ даринаг кӕмӕн ис, уыдонимӕ абаргӕйӕ. Уӕдӕ кӕд нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ амонынц, цӕмӕй Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнӕм, уӕд дзы хъуамӕ бузныг уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхи иннӕтимӕ макуы барӕм ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, сӕ бон цы у, уый нӕ аразынц, зӕгъгӕ (Ромӕгтӕм 14:10–12). Уый бӕсты, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм.
21. Нӕ тыхӕй раст кӕд архайдзыстӕм?
21 Йегъовӕ нын фӕзминаг у, йӕ тыхӕй куыд архайы, уымӕй. Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау нӕ тыхӕй раст архайӕм. Цы бартӕ нӕм ис, уыдонӕй раст пайда кӕндзыстӕм ӕмӕ, нӕ бар кӕуыл цӕуы, уыдонмӕ хӕларзӕрдӕ дардзыстӕм ӕмӕ сӕ нымайдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма ӕппӕт удӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нын нӕ бӕрны кӕй бакодта, уыцы хъуыддаг – хъусын кӕндзыстӕм, цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы хорз хабар (Ромӕгтӕм 10:13, 14). Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразыс, ома йын ӕппӕт удӕй куы фӕлӕггад кӕныс. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕу фӕнды, цӕмӕй нӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразай. Дӕ тыхӕй раст архайдзынӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ куы саразай, уӕд.
a Дзырд «уис»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый амыдта, фыййау-иу йӕ фысты кӕмӕй тардта, ахӕм хъил кӕнӕ лӕдзӕгмӕ (Псалом 23:4). Уӕдӕ, Библийы афтӕ фыст кӕй ис, ӕмӕ ныййарджытӕм ис «уис», уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты раст зондыл аразой ӕмӕ сӕ карзӕй ма ’фхӕрой.
-