Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «О, куыд ӕнӕкӕрон... [у] Хуыцауы... зонд!»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • Хъазтӕ фӕтӕхынц.

      17 СӔР

      «О, куыд ӕнӕкӕрон... [у] Хуыцауы... зонд!»

      1, 2. Йегъовӕмӕ ӕвдӕм боны тыххӕй цы фӕнд уыд, фӕлӕ уыцы боны райдианы цы ’рцыд?

      ӔХСӔЗӔМ сфӕлдыстадон боны кӕрон Йегъовӕ Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд «йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райдиан 1:31). Фӕлӕ ӕвдӕм боны райдианы Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕджы зондыл ацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты. Хуыцау зӕххыл цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдоны фидауц – адӕймаг – тӕригъӕд ракодта. Уый тыххӕй ӕххӕст нал уыд ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард. Уымӕй фыддӕр ма цы хъуамӕ уыдаид!

      2 Ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕнӕн уыдаид, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕвдӕм боны тыххӕй цы фӕнд уыд, уый никуы сӕххӕст уыдзӕн. Уыцы бон дӕр иннӕ ӕхсӕз сфӕлдыстадон бонау хъуамӕ миназтӕ ахастаид. Йегъовӕ ӕвдӕм бон иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта, ӕмӕ уыцы боны кӕронмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ дзӕнӕт суыдаид ӕмӕ ӕххӕст адӕмӕй байдзаг уыдаид (Райдиан 1:28; 2:3). Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд ма уымӕн гӕнӕн уыд? Цымӕ Хуыцау куыд бакӕндзӕн? Йегъовӕ хъуамӕ йе стыр зонд равдыстаид, ӕнхъӕл дӕр куыд ничи уыд, афтӕ.

      3, 4. а) Йегъовӕ змӕнтджыты тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уымӕй йӕ зонды тыххӕй цы ис базонӕн? б) Йегъовӕйы зонды тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд цы бамбардзыстӕм?

      3 Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн, ууыл ӕй рахъуыды-бахъуыды кӕнын нӕ хъуыди. Уайтагъд загъта, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны кӕй бафхӕрдзӕн ӕмӕ, сӕ хивӕнд ми цы бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Райдиан 3:15). Уымӕн рӕстӕг хъуыди. Йегъовӕ йӕ фӕнд сабыргай ӕххӕст кӕнын райдыдта Едемы цӕхӕрадоны. Ӕмӕ йӕ кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн фидӕны – змӕнтджыты хивӕнд ми цы бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕй фӕд дӕр куы нал ныууадза, уӕд. Йегъовӕ уыцы хъуыддаг куы скъуыддзаг кодта, уӕд хуымӕтӕг уынаффӕ рахаста, фӕлӕ уымӕй бӕрӕг уыд йе стыр зонд. Ӕмӕ йӕ уынаффӕйыл цӕрӕнбонты куы хъуыды кӕнӕм, уӕддӕр-иу алы хатт дӕр ногӕй цыдӕр базондзыстӕм. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйы фӕнд ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн: фыддзинад, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзӕн. Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдон суыдзысты ӕххӕст. Ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст уыдзысты, ӕвдӕм бон нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ. Йегъовӕмӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый сӕххӕст уыдзӕн йӕ афоныл!

      4 Хуыцауы зонд нӕ ӕцӕгдӕр дисы ӕфтауы. Апостол Павел ныффыста: «О, куыд ӕнӕкӕрон... [у] Хуыцауы... зонд» (Ромӕгтӕм 11:33). Йегъовӕйы зонды тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд иу хъуыддаг бӕлвырдӕй бамбардзыстӕм: цасфӕнды куы базонӕм, уӕддӕр уыцы зонындзинӕдтӕ Йегъовӕйы стыр зондимӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр ницы уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Хуыцау махӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй у, уый (Иов 26:14). Уӕдӕ Йегъовӕйы стыр зонды тыххӕй фылдӕр базонӕм.

      Цы у ӕцӕг зонд?

      5, 6. Цӕмӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ уӕм, уый тыххӕй нӕм зонындзинӕдтӕ цӕмӕн хъуамӕ уа ӕмӕ Йегъовӕ цас зоны?

      5 Адӕймаг бирӕ куы зона, уӕд уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ у. Компьютеры тынг бирӕ информаци ис, фӕлӕ компьютер зондджын схонӕн нӕй. Иннӕмӕй та, адӕймаг куы ницы зона, уӕд зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ нӕ уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 10:14). Зӕгъӕм, тынг рынчын дӕ ӕмӕ дӕ хъӕуы, де ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр кӕнынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм хорз уынаффӕ. Цымӕ медицинӕйы гыццыл цыдӕртӕ кӕнӕ та дзы ӕппындӕр чи ницы ӕмбары, ахӕм адӕймаджы бафӕрсдзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уӕдӕ цӕмӕй ӕцӕг зондджын уай, уый тыххӕй дӕм хъуамӕ бӕлвырд зонындзинӕдтӕ уа.

      6 Йегъовӕ алцыдӕр зоны. Уый у «ӕнусты Паддзах», ӕрмӕстдӕр уымӕн нӕй райдиан ӕмӕ кӕрон (Раргомад 15:3). Ӕмӕ бирӕ миназты дӕргъы цыдӕриддӕр ӕрцыд, уыдӕттӕ иууылдӕр зоны. Библийы фыст ис: «Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй ахӕм ницы ис, ӕмӕ йӕ ма уына – дзуапп кӕй разы дӕттӕм, уымӕй ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом» (Дзуттӕгтӕм 4:13; Ӕмбисӕндтӕ 15:3). Алцыдӕр Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ, кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй алцыдӕр зоны. Адӕмы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ цыдӕриддӕр аразынц, уыдӕттӕ дӕр иууылдӕр зоны. Стӕй дзы ӕмбӕхст нӕу, алы адӕймагӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цӕуыл хъуыды кӕны, уый (1 Азфыстыты 28:9). Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Ӕмӕ раст уынаффӕтӕ куы фӕхӕссӕм, уӕд ын уый тынг ӕхсызгон вӕййы. Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау», ӕмӕ йӕм уыцы иу рӕстӕг цасфӕнды адӕм ма кува – се ’ппӕты дӕр хъусы (Псалом 65:2). Стӕй дызӕрдыггаг нӕу, ӕппындӕр дзы кӕй ницы рох кӕны, уый.

      7, 8. Йегъовӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

      7 Йегъовӕмӕ ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ нӕй. Йегъовӕ ма ӕмбары, хабӕрттӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый. Йегъовӕйӕн зын нӕу хорз ӕвзӕрӕй раиртасын, стӕй, ахсджиаг цы у, уый, ахсджиаг цы нӕу, уымӕй. Ӕмӕ, адӕймаг ӕддейӕ бакӕсгӕйӕ цыхуызӕн у, ӕрмӕст уый нӕ уыны, фӕлӕ цавӕр адӕймаг у, уый дӕр (1 Самуилы 16:7). Уӕдӕ ӕмбаргӕдзинад зонындзинӕдтӕй ахсджиагдӕр у. Фӕлӕ уыдонӕй ахсджиагдӕр та у зонд.

      8 Адӕймаг зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй у, уый уымӕй бӕрӕг вӕййы, ӕмӕ цӕйдӕр фӕдыл хабӕрттӕ иууылдӕр базоны. Уый фӕстӕ бацархайы, цӕмӕй сӕ хорз бамбара, ӕмӕ стӕй, цы базыдта ӕмӕ цы бамбӕрста, уый фӕрцы хъуыддаг хорз саразы. Уымӕ гӕсгӕ, Библийы дзырд «зонд» кӕм ӕмбӕлы, уым йӕ хъуыды вӕййы «ӕнтыстджынӕй кусын». Уӕдӕ Йегъовӕ йӕ зонындзинӕдты ӕмӕ йе ’мбаргӕдзинады фӕрцы ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кӕны, цы сфӕнд кӕны, уый. Ӕмӕ уый ӕцӕг зонд куыннӕ у! Йегъовӕмӕ ахӕссӕн ис, Йесо цы загъта, уый: «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй» (Матфейы 11:19). Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр йе стыр зондыл дзурӕг сты.

      Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдон йе стыр зондыл дзурӕг сты

      9, 10. а) Йегъовӕ цавӕр зонды хицау у ӕмӕ дзы куыд архайы? б) Кълеткӕ куыд конд у, уымӕй Йегъовӕйы зонд куыд зыны?

      9 Никуы дис кодтай, дӕсны кусӕг цавӕрдӕр дзаума куыд диссаджы хорз скодта, ууыл? Адӕймагӕн ахӕм зонд Йегъовӕ радта (Рацыд 31:1–3). Зонд Йегъовӕйӕ цӕуы, ӕмӕ йӕ зондимӕ никӕй зонд ис абарӕн. Паддзах Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Кадджын дӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ, куыд диссаджы конд дӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ хъуын арц сбады. Дӕ хъуыддӕгтӕ сты диссаг, ӕмӕ уый мӕ уд хорз зоны» (Псалом 139:14). Ӕцӕгдӕр, адӕймаджы буар куыд диссаджы конд у, уый тыххӕй цас фылдӕр зонӕм, уыйас нӕ Йегъовӕйы зонд тынгдӕр ӕфтауы дисы.

      10 Ахъуыды-ма кӕн: дӕ цард райдыдта иу гыццылмур кълеткӕйӕ – дӕ мады яйцеклеткӕйӕ, дӕ фыды мыггаг йемӕ кӕй баиу, уый фӕрцы. Уыцы кълеткӕ уайтагъд дих кӕнын райдыдта: фыццаг дзы рауад дыууӕ кълеткӕйы, стӕй уыдонӕй дӕр фӕйнӕ дыууӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ӕмӕ ныр дӕ буар конд у иу-100 триллион кълеткӕйӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр ахӕм гыццылмуртӕ сты, ӕмӕ дзы булавкӕйы къоппайыл бацӕуид 10 мины бӕрц! Фӕлӕ кълеткӕтӕй алкӕцы дӕр афтӕ вазыгджын конд у, ӕмӕ адӕймаг цы диссаджы вазыгджын механизмтӕ ӕмӕ заводтӕ скодта, уыдон йемӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр ницы сты. Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, кълеткӕ кӕй у, къултӕ ӕмӕ кулдуӕрттӕ кӕмӕн ис, ахӕм фидар горӕты хуызӕн. Уыцы горӕты ис фӕндӕгтӕ ӕмӕ транспорт, бастдзинады системӕ, энерги аразӕн ӕмӕ бырӕттӕ сыгъдӕг кӕнӕн фӕрӕзтӕ, хи хъахъхъӕнӕн мадзӕлттӕ, астӕуӕй та дзы ис, разамынд ын чи дӕтты, ахӕм хицауад. Уымӕй уӕлдай ма кълеткӕ цалдӕр сахатмӕ ацаразы йӕхи хуызӕн ног кълеткӕ.

      11, 12. а) Алыхуызон кълеткӕтӕ куыд арӕзт фӕцӕуынц, уый тыххӕй информаци кӕм ис ӕмӕ уыцы хъуыды Псалом 139:16 стихӕй куыд зыны? б) Нӕ сӕрымагъз куыд конд у, уымӕй Йегъовӕйы зонд куыд зыны?

      11 Кълеткӕтӕ иууылдӕр иухуызон не сты. Сывӕллон мады гуыбыны иу кълеткӕйӕ сӕвзӕры, ӕмӕ куыд фӕрӕзы, афтӕ уыцы кълеткӕйӕ равзӕры алыхуызон кълеткӕтӕ. Иутӕ дзы свӕййынц нервыты кълеткӕтӕ, иннӕтӕ – стджыты, хӕцъӕфты, туджы ӕмӕ цӕстыты кълеткӕтӕ. Ӕппӕт уыцы алыхуызон кълеткӕтӕ куыд арӕзт цӕуынц, уый тыххӕй цы информаци хъӕуы, уый ис алы кълеткӕйӕн дӕр йӕхи мидӕг кӕцыдӕр хайы. Уыцы хай у тынг стыр библиотекӕйы хуызӕн. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕндӕй Давид Йегъовӕйӕн загъта: «Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд. Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты», уый (Псалом 139:16).

      12 Нӕ буары уӕнгтӕй иутӕ тынг вазыгджын конд сты. Зӕгъӕм, нӕ сӕрымагъз. Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, сӕрымагъз куыд вазыгджын конд у, уыимӕ Дун-дунейы кӕй ницы ис абарӕн. Нӕ магъзы нервыты кълеткӕты нымӕц у иу-100 миллиард – нӕ галактикӕйы стъалытӕ цас ис, уыйбӕрц. Уыцы кълеткӕтӕй алкӕцы дӕр баст у мингай ӕндӕр кълеткӕтимӕ. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕймаджы магъзы бацӕудзӕн, дунейы ӕппӕт библиотекӕты цы чингуытӕ ис, уыдоны цы информаци ис, уый иууылдӕр ӕмӕ ма, чи зоны, уымӕй фылдӕр. Ӕмӕ магъз куыд конд у, уый кӕд бирӕ азты дӕргъы иртасынц, уӕддӕр зӕгъынц, зӕгъгӕ, магъз куыд кусы, уый, ӕвӕццӕгӕн, кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм.

      13, 14. а) Мӕлдзыджытӕ ӕмӕ ма Йегъовӕ ноджыдӕр цы цӕрӕгойтӕ сфӕлдыста, уыдон «ӕрдзӕй зондджын» кӕй сты, уый цӕмӕй у бӕрӕг ӕмӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон цы у се Сфӕлдисӕджы тыххӕй базонын? б) Хӕлуарӕджы тын куыд конд у, уымӕй Йегъовӕйы зонд куыд зыны?

      13 Фӕлӕ, адӕймаг куыд конд у, ӕрмӕст уымӕй нӕ зыны, Йегъовӕ цы стыр зонды хицау у, уый. Псалом 104:24 стихы фыст ис: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ! Иууылдӕр сӕ скодтай де стыр зондӕй. Зӕхх нӕ зыны де сконд хъуыддӕгтӕй». Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр йе стыр зондыл дзурӕг сты. Зӕгъӕм, мӕлдзыджытӕ сты «ӕрдзӕй зондджын» (Ӕмбисӕндтӕ 30:24). Уый бӕрӕг у, мӕлдзыджыты губаччы алцыдӕр бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ арӕзт кӕй у, уымӕй. Мӕлдзыджытӕй иутӕ кӕнынц «фосы куыст», ома бӕласы сыстытӕм зилынц, хӕдзарон фосмӕ куыд зилай, афтӕ – хъахъхъӕнынц сӕ ӕмӕ сӕ «дуцынц». Иннӕтӕ та кӕнынц «зӕххы куыст» – цӕхӕрадӕттӕ скӕнынц ӕмӕ дзы зокъотӕ зайын кӕнынц. Бирӕ ӕндӕр цӕрӕгойты та Йегъовӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ цы фӕаразынц, уый стыр диссаг у. Зӕгъӕм, ӕнӕуи бындзӕн йӕ бон у сыдз-мыдзы тӕхын. Уый та хӕдтӕхджытӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон нӕу. Мӕргътӕ дард рӕттӕм фӕтӕхынц стъалытӕм гӕсгӕ, «магнитное поле», зӕгъгӕ, кӕй хонынц, уымӕ гӕсгӕ кӕнӕ та сын Хуыцау сӕ мидӕг цы «картӕ» бавӕрдта, уымӕ гӕсгӕ. Уыцы цӕрӕгойтӕн уыдӕттӕ сӕ бон куыд у аразын, уый раиртасыныл ахуыргӕндтӕ бирӕ азты дӕргъы архайынц. Ӕмӕ сӕ чи сфӕлдыста, уый та уӕд цавӕр зонды хицау хъуамӕ уа!

      14 Ахуыргӕндтӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтой, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй. Арӕх цыдӕртӕ саразынц, ӕрдзы мидӕг цы диссӕгтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Чи зоны, искуы хӕлуарӕджы тынмӕ кӕсгӕйӕ бадис кодтай, куыд рӕсугъд у, ууыл. Фӕлӕ инженер та тынгдӕр бадис кӕны, куыд диссаджы конд у, ууыл. Уыцы тын кӕд тынг лыстӕг у, уӕддӕр фидар у. Цас фидар? Хӕлуарӕджы тын кӕсагахсӕн хызыйас куы скӕнай, уӕд стыр хӕдтӕхӕг тӕхгӕ-тӕхын ӕнцонтӕй бауромдзӕн. Йегъовӕ уыдӕттӕ иууылдӕр скодта «йе стыр зондӕй».

      Нывтӕ: Йегъовӕйы стыр зонд зыны, цы сфӕлдыста, уыдӕтты. 1. Хӕлуарӕджы тын. 2. Мӕлдзыджытӕ ныххал сты, афтӕмӕй сыфтӕрты гӕбӕзтӕ фӕхӕссынц. 3. Хъазтӕ фӕтӕхынц.

      Цӕрӕгойтӕ цы фӕаразынц, уый стыр диссаг у. Афтӕ сӕ чи сфӕлдыста?

      Хуыцау зӕххыл цы сфӕлдыста, йӕ зонд ӕрмӕст уыдӕтты нӕ зыны

      15, 16. а) Стъалытӕй ӕмӕ галактикӕтӕй нӕ бон цы у Йегъовӕйы зонды тыххӕй базонын? б) Зӕдтӕн алкӕддӕр, цы аразой, уый кӕй вӕййы, уымӕй Йегъовӕйы зонд куыд зыны?

      15 Дун-дунейы алцыдӕр Йегъовӕйы стыр зондыл дзурӕг у. Стъалытӕ космосы куыдфӕнды пырхытӕ не сты. 5-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ зилынц арвы закъӕттӕм гӕсгӕ (Иов 38:33). Йегъовӕ стъалытӕй галактикӕтӕ куыд сарӕзта, галактикӕтӕй – къордтӕ, уыцы къордтӕй та ноджы стырдӕр къордтӕ, уымӕй зыны йе стыр зонд. Уый фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ стъалытӕ «ӕфсадимӕ» цӕмӕн бары, уый (Исай 40:26). Фӕлӕ ма ис ӕндӕр ӕфсад дӕр, ӕмӕ уыцы ӕфсад ноджы хуыздӕр ӕвдисы, Йегъовӕ цы стыр зонды хицау у, уый.

      16 4-ӕм сӕрӕй базыдтам, Библи Хуыцауы кӕй хоны «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ», уымӕн ӕмӕ сӕдӕгай милуан зӕдтӕн разамынд дӕтты. Уымӕй бӕрӕг у Йегъовӕйӕн йе стыр тых. Фӕлӕ ма уымӕй бӕрӕг у йе стыр зонд дӕр. Куыд? Ахъуыды-ма кӕн: Йегъовӕ ӕмӕ Йесо ӕдзух фыдӕбон кӕнынц (Иоанны 5:17). Ӕмӕ уый фидарӕй зӕгъӕн ис, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыцы зӕдтӕй дӕр. Зӕдтӕ адӕмӕй бирӕ зондджындӕр ӕмӕ тыхджындӕр сты. Уыдонӕн алкӕддӕр вӕййы, цы аразой, уый (Дзуттӕгтӕм 1:7; 2:7). Зӕдтӕ ӕхсызгонӕй хъусынц Йегъовӕйы ныхасмӕ ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынц (Псалом 103:20, 21). Уӕдӕ Йегъовӕ зӕдты куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ сын алкӕддӕр вӕййы, цы аразой, уый. Уый йе стыр зондыл дзурӕг куыннӕ у!

      Йегъовӕ у «иунӕг зондджын Хуыцау»

      17, 18. Библи Йегъовӕйы «иунӕг зондджын Хуыцау» цӕмӕн хоны ӕмӕ апостол Павел Йегъовӕйы стыр зонды тыххӕй цы ныффыста, уымӕй нӕ бон цы у базонын?

      17 Зын бамбарӕн нӕу, Библи Йегъовӕйы йе стыр зонды тыххӕй цӕмӕн кадджын кӕны, уый. Зӕгъӕм, хоны йӕ «иунӕг зондджын Хуыцау» (Ромӕгтӕм 16:27). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы зонд ӕххӕссы алцӕуыл дӕр. Ӕцӕг зонд Йегъовӕ дӕтты (Ӕмбисӕндтӕ 2:6). Ӕмӕ Йесо дӕр уый тыххӕй нӕ уыд йӕхи зондӕй ныфсджын, кӕд, Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй се ’ппӕтӕй зондджындӕр уыди, уӕддӕр. Йесо дзырдта, йӕ Фыд ын цы бафӕдзӕхста, ӕрмӕстдӕр уый (Иоанны 12:48–50).

      18 Апостол Павел ӕмбӕрста, Йегъовӕйы зондӕн ӕмбал кӕй нӕй. Уый ныффыста: «О, куыд арф сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ тӕрхӕттыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ!» (Ромӕгтӕм 11:33, фиппаинаг). Павел ацы ран цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый фехъусгӕйӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, йӕ бын зынгӕ дӕр кӕмӕн нӕ кӕны, ахӕм арф дзыхъхъыл. Йегъовӕйы зонд дӕр афтӕ арф у, ӕмӕ нӕ тынг куы фӕнда, уӕддӕр кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм, куыд зондджын у, уый. Ӕмӕ, Йегъовӕ цы зоны, уыдӕттӕ мах никуы базондзыстӕм (Псалом 92:5). Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, Хуыцауимӕ абаргӕйӕ куыд гыццыл стӕм, уый.

      19, 20. а) Йегъовӕ цӕргӕсы цӕмӕн равзӕрста, цы стыр зонды хицау у, уый равдисынӕн? б) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй зоны, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый?

      19 Йегъовӕ ма «иунӕг зондджын» ноджыдӕр уымӕн у, ӕмӕ уый йеддӕмӕ никӕй бон у зонын, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, йӕ зонд равдисынӕн Йегъовӕ цӕргӕсы кӕй равзӕрста, уымӕн ӕмӕ цӕргӕс дардмӕ тынг хорз уыны. Зӕгъӕм, беркутӕн йӕ уӕз фондз килӕйӕ фылдӕр нӕу, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ адӕймаджы цӕстытӕй стырдӕр сты. Цӕргӕс цуан кӕнгӕйӕ бӕрзонд фӕтӕхы, фӕлӕ зӕххыл суанг тынг гыццыл цӕрӕгойы дӕр ауыны. Йегъовӕ цӕргӕсы тыххӕй загъта: «Йӕ цӕстытӕ кӕсынц дардмӕ» (Иов 39:29). Афтӕ Йегъовӕ дӕр дардмӕ уыны, ома, фидӕны цы уыдзӕн, уый зоны.

      20 Библийӕ сӕдӕгай пехуымпарӕдтӕ бӕлвырд кӕнынц, Йегъовӕ кӕй зоны, фидӕны чи ’рцӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ. Уыцы пехуымпарӕдтӕ фыст ӕрцыдысты, куы сӕххӕст сты, уымӕй бирӕ раздӕр. Йегъовӕ-иу рагацау загъта, кӕцыдӕр хӕстыты чи фӕуӕлахиз уыдзӕн, кӕцы адӕмтӕ суыдзысты хъомысджын ӕмӕ кӕцы адӕм фӕхӕрд уыдзысты, уый, стӕй ма ӕфсады хистӕртӕ кӕцыдӕр тохты куыд рамбулдзысты, суанг уый дӕр. Уыцы хабӕрттӕй кӕцыдӕртӕ Йегъовӕ загъта, куы ӕрцыдысты, уымӕй сӕдӕгай азтӕ раздӕр (Исай 44:25–45:4; Данел 8:2–8, 20–22).

      21, 22. а) Афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у, зӕгъгӕ, Йегъовӕ рагацау фӕзоны, царды цыдӕриддӕр араздзыстӕм, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон. б) Кӕд Йегъовӕ стыр зонды хицау у, уӕддӕр адӕмы кӕй уарзы, уый кӕцӕй зонӕм?

      21 Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ рагацау зоны, царды цыдӕриддӕр араздзынӕ, уый? Кӕцыдӕр динтӕ афтӕ дзурынц. Фӕлӕ уый ӕцӕг куы уаид, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уаид, ӕмӕ Хуыцау стыр зонды хицау у. Цӕуылнӕ? Уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уый зоныны курдиатӕй хъӕуа-нӕ хъӕуа пайда кӕны. Ӕрхӕссӕм цӕвиттон: зӕгъӕм, хорз хъӕлӕс дын ис ӕмӕ тынг рӕсугъд зарыс. Цымӕ уӕд хъуамӕ ӕдзух заргӕ кӕнай? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уӕдӕ кӕд Йегъовӕйӕн дӕр йӕ бон у зонын, фидӕны цы уыдзӕн, уый, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы курдиатӕй ӕппынӕдзух фӕпайда кӕны. Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр йӕ цард йӕ ныхыл куы ныффыстаид, уӕд нӕхицӕн нӕ бон нӕ уаид уынаффӕтӕ хӕссын. Нӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын кӕй у, уый нын у Йегъовӕйы лӕвар ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ никуы байсдзӕн (Дыккаг закъон 30:19, 20).

      22 Афтӕ чи зӕгъы, ӕмӕ Йегъовӕ рагацау аскъуыддзаг кӕны, цыдӕриддӕр ӕрцӕудзӕн, уый, уыдон ӕппӕт ӕвзӕр хабӕртты дӕр Йегъовӕйы аххосджын кӕнынц. Ӕмӕ уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ кӕд Йегъовӕ стыр зонды хицау у, уӕддӕр адӕмы нӕ уарзы. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу! Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй у «зӕрдӕйӕ зондджын» (Иов 9:4). Йегъовӕйӕн адӕймаджы зӕрдӕйы хуызӕн зӕрдӕ нӕй. Фӕлӕ Библийы дзырд «зӕрдӕ» арӕхдӕр фӕамоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ. Уымӕ хауы, цыдӕр цӕмӕн сарӕзта, уый ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад. Уӕдӕ Йегъовӕ йӕ зонд дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ миниуджытӕ дӕр куыд ӕвдисы, уымӕй бӕрӕг у, уарзӕгой Хуыцау кӕй у, уый (1 Иоанны 4:8).

      23. Нӕ бон цӕмӕн у нӕ ныфс Йегъовӕйы зондыл дарын ӕмӕ йыл нӕ ныфс кӕй дарӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

      23 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй нӕ бон у нӕ ныфс Йегъовӕйы зондыл дарын. Йегъовӕ махӕй бирӕ зондджындӕр у. Уымӕ гӕсгӕ нӕ йӕ Ныхасы уарзӕгой фыдау фӕдзӕхсы: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Цӕй уӕдӕ ноджы фылдӕр базонӕм Йегъовӕйы зонды тыххӕй ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уӕм!

      Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

      • Иов 28:11–28. Йегъовӕ цы зонд дӕтты, уый цас зынаргъ у ӕмӕ ууыл хъуыды кӕнын цы пайда у?

      • Псалом 104:1–25. Йегъовӕйы зонд йе сконд хъуыддӕгтӕй куыд зыны ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны?

      • Ӕмбисӕндтӕ 3:19–26. Йегъовӕйы зондыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йӕ зондмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уый нӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?

      • Данел 2:19–28. Йегъовӕ сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау цӕмӕн хуыйны? Йӕ пехуымпарӕдты цы арф зонд ис, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд цы араздзыстӕм?

  • «Хуыцауы ныхасы» ис стыр зонд
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • Библи фысджытӕй иу тыхтоны цыдӕр фыссы.

      18 СӔР

      «Хуыцауы ныхасы» ис стыр зонд

      1, 2. Йегъовӕ нӕм цавӕр «писмо» ныффыста ӕмӕ цӕмӕн?

      БИРӔ кӕй уарзыс, фӕлӕ дард ран чи цӕры, ахӕм адӕймагӕй искуы писмо райстай? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, зоныс, уый куыд ӕхсызгон вӕййы. Писмойӕ базонӕн ис, куыд у, цытӕ аразы ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уыдӕттӕ. Ӕмӕ кӕд кӕрӕдзийӕ дард стут, уӕддӕр кӕрӕдзийы кӕй нӕ рох кӕнут, уый уӕ кӕрӕдзийыл тынгдӕр бӕтты.

      2 Фӕлӕ, бирӕ кӕй уарзӕм, уыцы Хуыцауӕй писмо райсынӕй ӕхсызгондӕр ницы ис! Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕм Йегъовӕ ныффыста писмо. Уый у йӕ Ныхас, Библи. Уым нын дзуры, чи у, цы сарӕзта, цы фӕндтӕ йӕм ис ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Йегъовӕ нын йӕ Ныхас уымӕн радта, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Хуыцау стыр зонды хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ немӕ ныхас кӕнынӕн равзӕрста ӕппӕты хуыздӕр мадзал. Библи куыд фыст у ӕмӕ дзы цӕй кой цӕуы, уымӕй бӕрӕг у йе стыр зонд.

      Хуыцау йӕ ныхӕстӕ цӕмӕн ныффыссын кодта?

      3. Йегъовӕ Моисейӕн Закъон куыд радта?

      3 Чи зоны, исчи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, Йегъовӕ адӕмимӕ уӕлӕрвтӕй куы дзурид, уӕд ӕм тынгдӕр хъусиккой. Ӕмӕ-иу хатт Йегъовӕ адӕмимӕ зӕдты уылты дзырдта. Зӕгъӕм, афтӕ уыди, Израилы адӕмӕн Закъон куы радта, уӕд (Галатӕгтӕм 3:19). Израилӕгтӕ уӕларвӕй тыхджын хӕлӕс куы фехъуыстой, уӕд тынг фӕтарстысты. Ӕмӕ Моисейӕн загътой, цӕмӕй семӕ Хуыцау ма дзырдтаид, фӕлӕ йӕхӕдӕг. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ Моисей радзырдта, Йегъовӕ йын цы загъта, уый (Рацыд 20:18–20). Йегъовӕ Моисейӕн бӕстон радзырдта, Закъоны цы 600 закъоны бӕрц уыди, уыдон иууылдӕр.

      4. Моисей Хуыцауы закъӕттӕ куы нӕ ныффыстаид, уӕд цы ’рцыдаид?

      4 Фӕлӕ Моисей уыцы закъӕттӕ иууылдӕр куы нӕ ныффыстаид, уӕд куыд уыдаид? Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уыдӕттӕй ницы ферох кодтаид ӕмӕ сӕ адӕмӕн иууылдӕр бӕстон радзырдтаид? Ӕмӕ адӕм та? Моисейы ныхӕстӕ иууылдӕр бахъуыды кодтаиккой, цӕмӕй сӕ сӕ цотӕн, уыдон та сӕ сӕ цотӕн ӕмӕ сӕ цоты цотӕн дзырдтаиккой ӕмӕ афтӕ дарддӕр? Уӕд фидарӕй зӕгъӕн нӕ уыдаид, Хуыцауы закъӕтты кӕй ницы фӕивта. Зӕгъӕм, адӕм кӕрӕдзийы фӕдыл лӕууынц, ӕмӕ дӕ уыцы адӕмӕн фӕнды цыдӕр радзурын. Разӕй чи лӕууы, уымӕн ӕй радзырдтай, уый та йӕ радзырдта, йӕ фӕстӕ чи лӕууы, уымӕн, уый та иннӕмӕн ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Афтӕмӕй хабар иууылдӕр фехъуыстой. Фӕстейӕ чи лӕууы, уымӕ дӕ ныхӕстӕ куыдӕй бахӕццӕ сты, уый, ӕвӕццӕгӕн, тынг хицӕн кӕндзӕн, фыццаг адӕймагӕн цы радзырдтай, уымӕй. Фӕлӕ Хуыцау адӕмӕн цы Закъон радта, уымӕн йӕ хабар афтӕ никуы рауайдзӕн.

      5, 6. Йегъовӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй Моисейӕн цы бафӕдзӕхста ӕмӕ Библи зынаргъ лӕвар цӕмӕн у?

      5 Йегъовӕ йӕ ныхӕстӕ ныффыссын кодта, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у йе стыр зонд. Моисейӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ дӕхицӕн ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ аразын бадзырд демӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ» (Рацыд 34:27). Моисей уыд, Библи чи фыста, уыдонӕй фыццаг. Уый уыди нӕ эрӕйы размӕ 1513 азы. Уый фӕстӕ 1 610 азы дӕргъы Йегъовӕ «бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы ӕгъдауӕй ныхас кодта» иу-40 адӕймагимӕ (Дзуттӕгтӕм 1:1). Уыдон уыдысты, Библи чи фыста, уыцы нӕлгоймӕгтӕ. Уыцы рӕстӕджы дӕргъы ӕндӕр иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ уыцы къухфыстытӕн къопитӕ кодтой. Уыдон сӕ куыст тынг бӕстон кодтой, ӕмӕ дзы ӕппындӕр ницы фӕивтой. Уый фӕрцы нӕм Хуыцауы ныхӕстӕ ӕрхӕццӕ сты, куыддӕриддӕр сӕ загъта, афтӕмӕй (Ездрӕ 7:6; Псалом 45:1).

      6 Библи ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы зынаргъ лӕвар у. Афтӕ никуы уыди, ӕмӕ дын цавӕрдӕр писмо дӕ зӕрдӕ афтӕ тынг бацагайдта, ӕмӕ йӕ бафснайдтай ӕмӕ ма йӕ уый фӕстӕ дӕр бирӕ хӕттыты бакастӕ? Ӕвӕццӕгӕн дын уыцы писмо стыр удӕнцой ӕрхаста. Библи абарӕн ис ахӕм писмоимӕ. Йегъовӕ йӕ ныхӕстӕ кӕй ныффыссын кодта, уымӕ гӕсгӕ сӕ нӕ бон у ӕдзух кӕсын ӕмӕ сыл хъуыды кӕнын (Псалом 1:2). Уый фӕрцы зын рӕстӕг ссарӕм, «Фыстад цы удӕнцой дӕтты», уый (Ромӕгтӕм 15:4).

      Йегъовӕ Библи адӕймӕгтӕн цӕмӕн ныффыссы кодта?

      7. Йегъовӕ йӕ Ныхас ныффыссынӕн адӕймӕгты кӕй равзӕрста, уый йе стыр зондыл дзурӕг цӕмӕн у?

      7 Йегъовӕ йӕ Ныхас ныффыссынӕн адӕймӕгты кӕй равзӕрста, уый йе стыр зондыл дзурӕг у. Цымӕ Йегъовӕ Библи зӕдтӕн куы ныффыссын кодтаид, уӕд дӕр нын нӕ зӕрдӕ афтӕ агайдтаид? Зӕдтӕ Йегъовӕйы хорз зонынц ӕмӕ нын бирӕ цыдӕртӕ радзырдтаиккой. Сӕ бон уыдаид радзурын, цӕмӕн ӕй уарзынц ӕмӕ йын цӕмӕн лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй, стӕй йӕ иузӕрдион зӕххон лӕггадгӕнджыты тыххӕй. Фӕлӕ зӕдты адӕмимӕ абарӕн нӕй. Уыдон сты ӕххӕст ӕмӕ махӕй бирӕ фылдӕр зонынц, бирӕ фылдӕр федтой ӕмӕ бирӕ тыхджындӕр сты. Цы нын радзырдтаиккой, уыдӕттӕ цымӕ нӕ бон бамбарын уыдаид? (Дзуттӕгтӕм 2:6, 7).

      8. Йегъовӕ Библи фысджытӕн цавӕр бар радта? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

      8 Йегъовӕ Библи ныффыссынӕн адӕймӕгты кӕй равзӕрста, уый фӕрцы нӕм ис, цы нӕ хъӕуы, уый – Хуыцауы хъуыдытӕ фыст кӕм сты ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ чи агайы, ахӕм чиныг (2 Тимофеймӕ 3:16). Уый йын цӕй фӕрцы рауад? Арӕхдӕр-иу, ӕвӕццӕгӕн, Библи фысджытӕн бар радта, цӕмӕй-иу сӕхӕдӕг ссардтаиккой, «зӕрдӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм ныхӕстӕ» ӕмӕ-иу, «ӕцӕг цы у, уый раст ныффыстаиккой» (Екклесиаст 12:10, 11). Библийы чингуытӕ куыд фыст сты, уымӕй кӕрӕдзийӕ уый тыххӕй хицӕн кӕнынц. Уый фӕрцы бамбарӕн ис, чи йӕ ныффыста, уый цавӕр адӕймаг уыд ӕмӕ йыл царды цытӕ ӕрцыд, уыйa. Фӕлӕ цы хъуыдытӕ фӕстой, уыдон сӕхи хъуыдытӕ нӕ уыдысты. Уыдон «дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 Петры 1:21). Уымӕ гӕсгӕ Библи ӕцӕгдӕр у «Хуыцауы ныхас» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

      «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст»

      9, 10. Библи нын нӕ зӕрдӕ афтӕ тынг цӕмӕн агайы?

      9 Библи адӕймӕгтӕ кӕй ныффыстой, уый фӕрцы нын нӕ зӕрдӕ ӕцӕгдӕр тынг агайы. Чи йӕ фыста, уыдон дӕр мах хуызӕн ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ уыдысты ӕмӕ, мах кӕуыл ӕмбӕлӕм, ахӕм зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты. Хатт-иу Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындӕй ныффыстой се ’нкъарӕнты ӕмӕ сӕ зындзинӕдты тыххӕй (2 Коринфӕгтӕм 12:7–10). Уыдон сӕ царды тыххӕй фыстой сӕхи ныхӕстӕй. Ахӕм ныхӕстӕ зӕдтӕ никуы ныффыстаиккой.

      10 Уымӕн хорз цӕвиттон у Израилы паддзах Давид. Стыр тӕригъӕдтӕ куы ракодта, уӕд уый фӕстӕ цы псалом ныффыста, уым кӕсӕм, куыд фӕсмон кӕны ӕмӕ Хуыцауӕн куыд лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна. Давид ныффыста: «Ссыгъдӕг [мӕ] кӕн мӕ тӕригъӕдӕй. Ӕз зонын мӕ фыдракӕндтӕ, мӕ тӕригъӕд ӕдзухдӕр мӕ разы ис. Ӕз тухитимӕ райгуырдтӕн тӕригъӕды. Тӕригъӕды мидӕг сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны. Дӕхицӕй мӕ ма аппар ӕмӕ мӕ дӕ сыгъдӕг тых ма айс. Хуыцау нывондӕн исы рыст уд. О Хуыцау, ды зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст адӕймагыл дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ» (Псалом 51:2, 3, 5, 11, 17). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Давид тынг кӕй маст кодта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ тынг кӕй рысти. Ӕрмӕстдӕр ӕнӕххӕст адӕймагӕн уыд йӕ бон йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ ахӕм ныхӕсты фӕрцы бамбарын кӕнын!

      Библийы адӕмы кой цӕмӕн ис?

      11. Йегъовӕ Библийы адӕмы тыххӕй бирӕ хабӕрттӕ цӕмӕн ныффыссын кодта?

      11 Библи ма нын нӕ зӕрдӕ агайы иу цӕйдӕр тыххӕй. Адӕмы тыххӕй дзы бирӕ ис фыст. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауӕн лӕггад кодтой, иуӕй-иутӕ та – нӕ. Уым кӕсӕм сӕ царды хабӕртты тыххӕй, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ сын циндзинад цы хаста, уый тыххӕй. Нӕ бон дзы у базонын, цавӕр уынаффӕтӕ хастой ӕмӕ-иу уыцы уынаффӕтӕ сӕ цардыл куыд фӕзындысты, уый тыххӕй. Уыцы хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «махӕн зонд бацамонынӕн» (Ромӕгтӕм 15:4). Йегъовӕ уыцы адӕмы хабӕрттӕ ныффыссын кодта, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕ бацагайой. Цалдӕрмӕ дзы ӕркӕсӕм.

      12. Библийы мӕнгард адӕймӕгты тыххӕй фыст кӕй ис, уый нын цы пайда у?

      12 Библийы фыст ис мӕнгард адӕймӕгты ӕмӕ фыдгӕнджыты тыххӕй дӕр ӕмӕ-иу сыл цы ’рцыд, уый тыххӕй дӕр. Сӕ хабӕрттӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй бамбарӕм, цы миниуджытӕ сӕм уыд, уыдон афтӕ ӕвзӕр цӕмӕн уыдысты, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд Библийы ныффыссын кӕнын, ӕмбӕлттыл гадзрахатӕй цӕуын ӕвзӕр кӕй у. Фӕлӕ Иудӕ Йесойыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, уый тыххӕй куы фӕкӕсыс, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны? (Матфейы 26:14–16, 46–50; 27:3–10). Ахӕм хабӕрттӕ тынгдӕр хъарынц нӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ нын уыдоны фӕрцы ӕнцондӕр вӕййы, цы ӕвзӕр миниуджытӕ нӕм ис, уый бамбарын ӕмӕ семӕ тох кӕнын.

      13. Библи нын куыд ӕххуыс кӕны, хорз миниуджытӕ цавӕртӕ сты, уый бамбарынӕн ӕмӕ сӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнынӕн?

      13 Библийы ма фыст ис, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕты тыххӕй. Бакӕсӕн дзы ис, Хуыцауыл куыд тынг ӕнувыд уыдысты, уый тыххӕй. Нӕ бон дзы у базонын сӕ хорз миниуджыты тыххӕй. Ӕмӕ уыцы миниуджытӕ хъуамӕ махмӕ дӕр уой, цӕмӕй Хуыцаумӕ ноджы тынгдӕр баввахс уӕм. Уыдонӕй иу у уырнындзинад. Библи нын ӕмбарын кӕны, цы у уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Хуыцауы зӕрдӕ ссарӕн кӕй нӕй, уый (Дзуттӕгтӕм 11:1, 6). Фӕлӕ Библийӕ ӕрмӕст уый нӕй базонӕн. Фыст ма дзы ис, адӕм-иу диссаджы уырнындзинад куыд равдыстой, уый тыххӕй дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, Авраам цы фидар уырнындзинад равдыста, Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ куы хъавыд, уӕд (Райдиан, 22 сӕр; Дзуттӕгтӕм 11:17–19). Ахӕм хабӕртты фӕрцы хуыздӕр бамбарӕм, уырнындзинад цы у, уый. Уӕдӕ нын Йегъовӕ ӕрмӕст уый нӕ дзуры, цӕмӕй нӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнӕм. Фӕлӕ ма нын цӕвиттонты фӕрцы ӕмбарын кӕны, уый нӕ бон куыд у аразын, уый дӕр. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у йе стыр зонд.

      14, 15. Кувӕндонмӕ цы мӕгуыр идӕдз ус ӕрбацыд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис ӕмӕ уыцы хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

      14 Библийы цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм-ма, Йесо кувӕндоны кӕй федта, уыцы мӕгуыр идӕдз усы хабармӕ. Йесо бадт ӕхцавӕрӕнты акомкоммӕ ӕмӕ каст, адӕм дзы ӕхца куыд ӕппӕрстой, уымӕ. Бирӕтӕ дзы ӕппӕрстой, «фагӕй фылдӕр» сӕм кӕй уыди, уый тыххӕй. Фӕлӕ Йесойы цӕст ӕрхӕцыд иу мӕгуыр идӕдз усыл. Уый ӕхцавӕрӕны ныппӕрста «дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы»b. Уыдон уыдысты йӕ фӕстаг ӕхцатӕ. Уый фенгӕйӕ Йесо цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ мӕгуыр идӕдз сылгоймагмӕ цы цӕстӕй каст уый. Йесо загъта: «Уыцы мӕгуыр идӕдз ус ӕхцавӕрӕны се ’ппӕтӕй фылдӕр ныппӕрста». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты йӕ мысайнаг уыди, иннӕтӕ иумӕ цас ныппӕрстой, уымӕй фылдӕр (Марчы 12:41–44; Лукайы 21:1–4; Иоанны 8:28).

      15 Ахъуыды-ма кӕн: кувӕндонмӕ цы бирӕ адӕм ӕрбацыд, уыдоны ’хсӕн Йесо федта уыцы мӕгуыр идӕдз усы, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ хабар Библийы ныффыссын кодта. Уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй зонӕм, йӕ номы тыххӕй цы аразӕм, уымӕн кӕй аргъ кӕны. Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын куы фӕдӕттӕм, уӕд ӕй ӕхсызгонӕй айсы, иннӕтӕ цы раттынц, уымӕй къаддӕр куы вӕййы, уӕд дӕр. Уый диссаг куыннӕ у! Ӕмӕ уыцы хъуыды бамбарын кӕныны тыххӕй Йегъовӕ спайда кодта мӕгуыр идӕдз усы хабарӕй.

      Библийы цӕй кой нӕй?

      16, 17. Йегъовӕ йӕ Ныхасы цавӕрдӕр хабӕртты кой кӕй нӕ ракодта, уый дӕр йе стыр зондыл дзурӕг цӕмӕн у?

      16 Бирӕ кӕй уарзыс, ахӕм адӕймагмӕ писмойы алцы лыстӕг хабӕртты онг нӕ ныффыссыс. Цы йӕм ныффысдзынӕ, ууыл ахъуыды кӕныс. Йегъовӕ дӕр ахъуыды кодта, йӕ Ныхасы цавӕр адӕймӕгты ӕмӕ цавӕр хабӕртты кой ракӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ уыдонӕй алкӕй ӕмӕ алцӕй тыххӕй Библийы алцы лыстӕг хабӕртты онг фыст нӕй (Иоанны 21:25). Зӕгъӕм, Библийы Хуыцауы тӕрхӕтты тыххӕй цы фыст ис, уым, гӕнӕн ис, ӕмӕ дзуапп нӕй, цы фарстатӕ нӕм фӕзыны, уыдонӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ Ныхасы цавӕрдӕр хабӕртты кой кӕй нӕ ракодта, уый дӕр йе стыр зондыл дзурӕг у. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

      17 Библи куыд фыст у, уый нын ӕххуыс кӕны, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый бамбарынӕн. Дзуттӕгтӕм 4:12 стихы кӕсӕм: «Хуыцауы ныхас [кӕнӕ хабар] у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый... ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ». Библийы цы фыст ис, уый нӕ зӕрдӕйы арф ахизы ӕмӕ фенӕм, нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Иуӕй-иутӕ Библи уый тыххӕй фӕкӕсынц, цӕмӕй йӕм исты фау ӕрхӕссой. Уыдонӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, цавӕрдӕр хабары тыххӕй дзы, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фаг информаци кӕй нӕй, уый. Ахӕм адӕм, чи зоны, дызӕрдыг дӕр кӕной, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр уарзӕгой, зондджын ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, ууыл.

      18, 19. а) Библи кӕсгӕйӕ нӕм цы фарстатӕ фӕзына, уыдонӕн уайтагъд дзуапп куы нӕ ссарӕм, уӕд цӕуылнӕ хъуамӕ фӕтыхсӕм? б) Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн цы хъӕуы ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы стыр зонд куыд зыны?

      18 Фӕлӕ Библи уый тыххӕй куы иртасӕм, цӕмӕй Хуыцауы базонӕм, уӕд-иу нӕ фӕтыхсдзыстӕм, цавӕрдӕр хабары тыххӕй нӕм цы фарстатӕ фӕзына, уыдонӕн дзы уайтагъд дзуапп куы нӕ ссарӕм, уӕд. Цӕуылнӕ? Библи уый тыххӕй куы фӕиртасӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм, уӕд гыццылгай базонӕм, цавӕр Хуыцау у, уый. Уӕдӕ Библи кӕсгӕйӕ цыдӕр куы нӕ бамбарӕм кӕнӕ нӕм афтӕ куы фӕкӕса, ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ никуы бакодтаид, уӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй фаг базыдтам, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, уарзӕгой ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, ууыл.

      19 Уӕдӕ нӕ бон Библи ӕмбарын уыдзӕн, Хуыцауы базоныны тыххӕй йӕ куы кӕсӕм ӕмӕ куы иртасӕм, уӕд. Цымӕ уый Йегъовӕйы стыр зондыл дзурӕг нӕу? Зондджын адӕм цы чингуытӕ ныффыссынц, уыдон сӕ бон бамбарын у ӕрмӕстдӕр «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕн». Фӕлӕ раст зӕрдӕйы уаг кӕмӕн ис, ӕрмӕст уыдоны бон кӕй у ӕмбарын, ахӕм чиныг нӕ зондджын Хуыцауы йеддӕмӕ никӕй бон у ныффыссын! (Матфейы 11:25).

      «Куырыхон зонды» чиныг

      20. Ӕрмӕстдӕр нын Йегъовӕйы бон цӕмӕн у бацамонын, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ нын уымӕн Библи куыд ӕххуыс кӕны?

      20 Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы дзуры, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм. Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ цы хъӕуы, уый нӕхицӕй хуыздӕр зоны. Алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзой, амондджын уа, хорз бинонтӕ ӕмӕ йын хорз ӕмбӕлттӕ уа. Афтӕ уыд, Библи куы фыстой, уӕд дӕр ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. Библи у «куырыхон зонды» чиныг (Ӕмбисӕндтӕ 2:7). Цы хорз уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын уӕм. Ацы чиныджы алы хайы фӕстаг сӕры дӕр фыст ис, Библийы уынаффӕтӕй куыд спайда кӕнӕн ис, уый тыххӕй. Фӕлӕ дзы ныр ӕркӕсдзыстӕм ӕрмӕстдӕр иу цӕвиттонмӕ.

      21–23. Цавӕр зондджын уынаффӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕм нӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссӕм?

      21 Никуы бафиппайдтай, хатыр кӕнын чи нӕ зоны, уыдон арӕх куыд ӕнамонд вӕййынц, уый? Искӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст куы фӕхӕссӕм, уӕд нӕхицӕн вӕййы зындӕр. Нӕ бон ӕндӕр ницӕуыл вӕййы хъуыды кӕнын, ӕнцой нал фӕзонӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал фӕкӕлы. Дохтыртӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй адӕймаг йӕ зӕрдӕйы маст куы хӕсса, уӕд, гӕнӕн ис, тынг фӕрынчын уа. Фӕлӕ уымӕй бирӕ раздӕр Библийы фыст ӕрцыд: «Ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх» (Псалом 37:8). Уый нӕ бон куыд у аразын?

      22 Хуыцауы Ныхасы ис ахӕм хорз уынаффӕ: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы, ӕмӕ иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 19:11). Кӕй ис ӕмбаргӕ адӕймаг схонӕн? Исчи исты куы фӕзӕгъы кӕнӕ исты куы саразы, уӕд ӕмбаргӕ адӕймагӕн йӕ бон вӕййы бамбарын, афтӕ цӕмӕн загъта кӕнӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый. Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу бамбарӕм, чидӕр цыдӕр цӕмӕн загъта кӕнӕ цӕмӕн сарӕзта, йӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цы уавӕры ис, уый. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕм ма мӕсты кӕнӕм кӕнӕ дзы ӕвзӕрӕй мацы хъуыды кӕнӕм.

      23 Библийы ма ис ахӕм хорз уынаффӕ: «Кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Колоссӕгтӕм 3:13). Дзырдбаст «кӕрӕдзийӕн барут» нысан кӕны, иннӕтӕ цы фӕзӕгъынц кӕнӕ цы саразынц, уый нӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуа, уӕд фӕразон кӕй хъуамӕ уӕм ӕмӕ сӕм кӕй хъуамӕ ма мӕсты кӕнӕм. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дзы нӕхи дард ласын ма райдайӕм. Дзырдбаст «ныххатыр кӕнынӕн» та йӕ хъуыды у, цӕмӕй мауал хъуыды кӕнӕм, адӕймаг цы сарӕзта, ууыл. Нӕ зондджын Хуыцау зоны, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд уый ӕрмӕст уыдонӕн нӕ уыдзӕн пайда, фӕлӕ нӕхицӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ уӕд нӕ мӕсты кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн (Лукайы 17:3, 4). Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгдӕр диссаджы уынаффӕтӕ ис!

      24. Нӕ цард Хуыцауы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

      24 Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уый тыххӕй йӕ бафӕндыд немӕ ныхас кӕнын. Ӕмӕ уымӕн равзӕрста ӕппӕты хуыздӕр мадзал: йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕмӕн Библийы ныффыссын кодта, махӕн ӕй цы зӕгъын фӕндыд, уый. Уӕдӕ Библийы фыст сты Йегъовӕйы хъуыдытӕ, ӕмӕ сыл «ис ӕууӕндӕн» (Псалом 93:5). Нӕ зондджын Хуыцау Йегъовӕйы уынаффӕтӕм куы хъусӕм ӕмӕ сӕ иннӕтӕн дӕр куы дзурӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Иннӕ сӕрӕй базондзыстӕм, Йегъовӕйы диссаджы зонд ма ноджыдӕр цӕмӕй бӕрӕг у, уый: фидӕны цы уыдзӕн, уый зоны ӕмӕ йӕ бон у йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнын.

      a Зӕгъӕм, Давид уыд фыййау ӕмӕ-иу арӕх цӕвиттонӕн ӕрхаста, фыййау йӕ фыстыл куыд фӕтыхсы, уый (23-ӕм псалом). Матфей та уыди хъалонисӕг ӕмӕ йӕ чиныджы арӕх кӕны нымӕцты ӕмӕ ӕхцаты кой (Матфейы 17:27; 26:15; 27:3). Лука та дохтыр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу низты тыххӕй цавӕрдӕр лыстӕг хабӕрттӕ ныффыста (Лукайы 4:38; 14:2; 16:20).

      b Уӕды заман уыцы дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы бакусӕн уыди иу-15 минутмӕ. Уыдонӕй иу сырддонцъиу дӕр нӕ уыди балхӕнӕн. Сырддонцъиу та уыд мӕргътӕй ӕппӕты асламдӕр ӕмӕ уыд мӕгуырты хӕринаг.

      Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

      • Ӕмбисӕндтӕ 2:1–6. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй хайджын уӕм, Хуыцауы Ныхасы цы зонд ис, уымӕй?

      • Ӕмбисӕндтӕ 2:10–22. Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

      • Ромӕгтӕм 7:15–25. Хуыцау йӕ Ныхас ныффыссынӕн адӕймӕгты кӕй равзӕрста, уый йе стыр зондыл дзурӕг кӕй у, уый ацы стихтӕй куыд зыны?

      • 1 Коринфӕгтӕм 10:6–12. Библийы израилӕгты ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй фыст кӕй ис, уымӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын?

  • Хуыцау йӕ зонд равдыста «сусӕгдзинады»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • Авраам стъалытӕм кӕсы.

      19 СӔР

      Хуыцау йӕ зонд равдыста «сусӕгдзинады»

      1, 2. Цавӕр «сусӕгдзинад» у ахсджиаг базонын ӕмӕ цӕмӕн?

      АДӔЙМАГ куы фӕзоны, иннӕтӕ цы нӕ зонынц кӕнӕ цы не ’мбарынц, ахӕм исты, уӕд ын уый басусӕг кӕнын зын вӕййы. Фӕлӕ Библийы фыст ис: «Хуыцауӕн кад хӕссы, хъуыддаг ӕмбӕхстӕй кӕй дары, уый» (Ӕмбисӕндтӕ 25:2). Йегъовӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын бар ис, цӕмӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ ӕмбӕхстӕй дара, цалынмӕ сӕ раргом кӕнынӕн рӕстӕг не ’рцӕуа, уӕдмӕ.

      2 Фӕлӕ ис, Йегъовӕ йӕ Ныхасы кӕй раргом кодта, иу ахӕм диссаджы сусӕгдзинад. Библи йӕ хоны, «[Хуыцауы] фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад» (Ефесӕгтӕм 1:9). Уыцы сусӕгдзинад цы у, уый базонын ахсджиаг у. Фӕлӕ ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йӕ куы базонӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын. Уымӕй уӕлдай ма уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ цы стыр зонды хицау у, уый.

      Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинад ӕргом кодта сабыргай

      3, 4. Райдианы 3:15 стихы фыст пехуымпарад Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн цавӕр ныфс лӕвӕрдта ӕмӕ «сусӕгдзинад» цы уыд?

      3 Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй ахъуыды кӕнӕн уыдаид, ӕмӕ, Йегъовӕмӕ цы фӕнд уыд, уый никуы сӕххӕст уыдзӕн. Йӕ фӕнд та уыд, цӕмӕй зӕхх ӕххӕст адӕмӕй байдзаг уыдаид. Фӕлӕ Хуыцау уайтагъд аскъуыддзаг кодта, куыд бакӕндзӕн, уый. Уый загъта: «Ӕз дӕу [калмы] ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Райдиан 3:15).

      4 Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Чи у уыцы сылгоймаг? Чи у калм? Чи у, калмы сӕр чи хъуамӕ ныцъцъӕл кодтаид, уыцы «байзӕддаг»? Адам ӕмӕ Евӕ уый нӕ зыдтой. Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ ныфс лӕвӕрдтой, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыдонӕн. Уыцы пехуымпарады фӕрцы зыдтой, Йегъовӕ фыддзинадӕн, тӕригъӕдӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Фӕлӕ уый куыд хъуамӕ сарӕзтаид? Уый уыд сусӕгдзинад. Библи йӕ хоны Хуыцауы «ӕмбӕхст зонд» (1 Коринфӕгтӕм 2:7).

      5. Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинад сындӕггай цӕмӕн ӕргом кодта, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис бамбарын кӕнӕн?

      5 Йегъовӕ у «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау», ӕмӕ, рӕстӕг куыд цыди, афтӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн уыцы сусӕгдзинад раргом кодта (Данел 2:28). Ӕрмӕст ӕй раргом кодта сындӕггай. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Гыццыл лӕппу йӕ фыды бафарста: «Па, ӕз та уын кӕм уыдтӕн?» Ӕмбаргӕ фыд ын радзурдзӕн, йӕ бон бамбарын цас у, ӕрмӕст уыйбӕрц. Лӕппу куы фестырдӕр уа, уӕд та йын фылдӕр цыдӕртӕ радзурдзӕн. Афтӕ Йегъовӕ дӕр фӕзоны, цы саразынмӕ хъавы, уый йӕ адӕмӕн раргом кӕнын кӕд хъӕуы, уый (Ӕмбисӕндтӕ 4:18; Данел 12:4).

      6. а) Бадзырд цӕй тыххӕй скӕнынц? б) Йегъовӕ-иу адӕмимӕ бадзырдтӕ цӕмӕн скодта?

      6 Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинад куыд ӕргом кодта? Уый тыххӕй сарӕзта цалдӕр бадзырды. Уыдон уыдысты зӕрдӕвӕрдты хуызӕн. Чи зоны, искуы хӕдзар ӕлхӕдтай, йе та искӕмӕй ӕхца ӕфстау истай кӕнӕ искӕмӕн ӕфстау лӕвӕрдтай. Уыцы адӕймагимӕ цӕуыл баныхас кодтат, уый фӕдыл скодтат документ, кӕнӕ бадзырд. Афтӕ кӕй бакодтат, уымӕ гӕсгӕ уӕ дыууӕ дӕр фидарӕй зыдтат, цӕуыл баныхас кодтат, уый ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст кӕндзыстут. Фӕлӕ Йегъовӕйы та адӕмимӕ бадзырд скӕнын цӕмӕн бахъуыди? Йегъовӕ цыдӕр саразынӕй зӕрдӕ куы бавӕра, уӕд уый дӕр фаг у, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, ӕнӕмӕнг ӕй кӕй сараздзӕн, ууыл. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ бадзырдтӕ скодта, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕм фидарӕй ӕууӕндой, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, ууыл (Дзуттӕгтӕм 6:16–18).

      Бадзырд Авраамимӕ

      7, 8. а) Йегъовӕ Авраамимӕ цавӕр бадзырд скодта ӕмӕ уымӕй йӕ сусӕгдзинады тыххӕй цы ис базонӕн? б) Йегъовӕ сабыргай куыд ӕргом кодта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕй хӕдзарвӕндагӕй рацӕудзӕн, уый?

      7 Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы дзӕнӕтӕй куы расырдта, уымӕй дыууӕ мин азы фӕстӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамӕн загъта: «Арвыл стъалытӕ... куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй» (Райдиан 22:17, 18). Йегъовӕ Авраамӕн уымӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд уый фӕстӕ йемӕ бадзырд скодта ӕмӕ ма йын сомы дӕр ракодта (Райдиан 17:1, 2; Дзуттӕгтӕм 6:13–15). Дунедарӕг Стыр Хуыцау адӕмӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн, уый фӕдыл бадзырд скодта. Уый диссаг куыннӕ у!

      «Арвыл стъалытӕ... куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты»

      8 Йегъовӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уымӕй бамбарын кодта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг зӕххон адӕймаг кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдзӕн Авраамы байзӕддаг. Фӕлӕ бӕлвырдӕй чи уыдзӕн? Фӕстӕдӕр Йегъовӕ раргом кодта, байзӕддаг кӕй рацӕудзӕн Авраамы фырт Исахъӕй, Исахъы дыууӕ фыртӕй та – Иаковӕй (Райдиан 21:12; 28:13, 14). Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Иаковы 12 фыртӕй сӕ иуы тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ зӕгъын кодта: «Иудӕйы къухы уыдзӕн паддзахы лӕдзӕг, ӕмӕ хицауы лӕдзӕг – йӕ дыууӕ къахы ’хсӕн, цалынмӕ Шило [нысан кӕны «кӕй у, уый», фиппаинаг] не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый коммӕ кӕсдзысты адӕмтӕ» (Райдиан 49:10). Афтӕ рабӕрӕг, байзӕддаг кӕй уыдзӕн паддзах, ӕмӕ уыдзӕн Иудӕйы байзӕддӕгтӕй чидӕр.

      Бадзырд Израилы адӕмимӕ

      9, 10. а) Йегъовӕ Израилы адӕмимӕ цавӕр бадзырд скодта ӕмӕ сӕ уыцы бадзырд куыд хъахъхъӕдта? б) Закъонӕй куыд уыди бӕрӕг, адӕмы тӕригъӕдӕй балхӕнын кӕй хъӕуы, уый?

      9 Нӕ эрӕйы размӕ 1513 азы Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинады тыххӕй ноджы цыдӕр раргом кодта, Авраамы байзӕддӕгтимӕ, ома Израилы адӕмимӕ, цы бадзырд скодта, уый фӕрцы. Абон Моисейы закъоны бадзырд йӕ тыхы нал ис. Фӕлӕ дзы Йегъовӕ спайда кодта, цӕмӕй зӕрдӕвӕрд байзӕддаг фӕзындаид. Куыд? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг, Закъон дзуттӕгты хъахъхъӕдта (Ефесӕгтӕм 2:14). Уый фӕрцы дзуттӕгтӕ сӕхи хызтой, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, уыцы адӕмтӕй. Афтӕмӕй Закъон бахъахъхъӕдта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы хӕдзарвӕндаг, ома Иудӕйы хӕдзарвӕндаг. Уыцы Закъон куы нӕ уыдаид, уӕд бӕрӕг нӕу, Мессийӕ куы хъуамӕ фӕзындаид, уыцы рӕстӕгмӕ ма израилӕгтӕ уыдаиккой ӕви нӕ, уый.

      10 Дыккаг, Закъонӕй бӕрӕг уыди, адӕмы тӕригъӕдӕй балхӕнын кӕй хъуыди. Закъон ӕххӕст кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй нӕу, цыдӕриддӕр дзы фыст уыд, уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Афтӕмӕй Закъон «адӕмы фыдракӕндтӕ раргом кодта», «Хуыцау... зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыцы байзӕддаг цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ» (Галатӕгтӕм 3:19). Закъонмӕ гӕсгӕ цы фосы нывӕндтӕ хастой, уыдонӕн сӕ бон нӕ уыд адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссыгъдӕг кӕнын. Апостол Павел ныффыста: «Галты ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕггӕнӕн нӕй». Уӕдӕ уыцы нывӕндтӕ адӕмӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, тӕригъӕдӕй балхӕнын сӕ кӕй хъӕуы. Ома хъуыди, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ бынтондӕр чи ссыгъдӕг кодтаид, ахӕм нывонд (Дзуттӕгтӕм 10:1–4). Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн Закъоны бадзырд сси «сывӕллонгӕсы хуызӕн» ӕмӕ сӕ «кодта Чырыстимӕ» (Галатӕгтӕм 3:24).

      11. Закъоны бадзырд Израилӕн цавӕр диссаджы фадат лӕвӕрдта, фӕлӕ дзы израилӕгтӕ ӕнӕхай цӕмӕн фесты?

      11 Ӕртыккаг, уыцы бадзырд Израилы адӕмӕн лӕвӕрдта диссаджы фадат. Йегъовӕ сын загъта, Закъон куы ӕххӕст кӕной, уӕд кӕй суыдзысты «сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (Рацыд 19:5, 6). Ӕмӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕй лӕггад кӕнынӕн кӕй равзӕрста, уыдонӕй фыццӕгтӕ уыдысты израилӕгтӕ. Фӕлӕ Израилы адӕм Закъоны бадзырды ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ Мессийӕйыл нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй сыл Йегъовӕ йӕ къух систа. Уӕдӕ Йегъовӕ сӕ бӕсты кӕй хъуамӕ равзӕрстаид? Уыцы сауджынты паддзахад ӕмӕ, Йегъовӕ зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы байзӕддаг кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты? Ацы фарстатӕн Хуыцау дзуапп хъуамӕ фӕстӕдӕр радтаид.

      Давидимӕ арӕзт бадзырд Паддзахады тыххӕй

      12. Йегъовӕ Давидимӕ цавӕр бадзырд скодта ӕмӕ уыцы бадзырдӕй йӕ сусӕгдзинады тыххӕй ноджыдӕр цы рабӕрӕг?

      12 Паддзах Давиды заман Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинады тыххӕй ноджыдӕр иу цыдӕр раргом кодта, иу бадзырд ма куы скодта, уӕд. Иузӕрдион паддзах Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ фӕстӕ сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы... ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн... Ӕмӕ йын ӕз йӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм» (2 Самуилы 7:12, 13; Псалом 89:3). Уымӕй рабӕрӕг, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй зӕххон адӕймаг ӕнустӕм паддзах уа? (Псалом 89:20, 29, 34–36). Кӕнӕ адӕмы тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна?

      13, 14. а) 110-ӕм псаломмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ йӕ сӕрст Паддзахӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? б) Йегъовӕйы пехуымпартӕ ма зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы тыххӕй ноджыдӕр цы загътой?

      13 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй Давид ныффыста: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ мӕ Хицауӕн: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“. Йегъовӕ расомы кодта,– ӕмӕ фӕсмон нӕ фӕкӕндзӕн: „Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм!“» (Псалом 110:1, 4). Давиды ныхӕстӕ комкоммӕ амыдтой зӕрдӕвӕрд байзӕддагмӕ, ома Мессийӕмӕ (Хъуыддӕгтӕ 2:35, 36). Уыцы Паддзахӕн йӕ паддзахбадӕн хъуамӕ Иерусалимы ма уыдаид, фӕлӕ уӕлӕрвты, Йегъовӕйы «рахиз фарс». Ӕмӕ йӕ бар хъуамӕ цыдаид ӕрмӕст Израилы зӕххыл нӕ, фӕлӕ ӕгас зӕххыл дӕр (Псалом 2:6–8). Ацы стихтӕй ма базонӕн ис ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаг. Йегъовӕ расомы кодта, Мессийӕ кӕй уыдзӕн «Мелхиседекы хуызӕн сауджын». Мелхиседек царди Авраамы заман ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг паддзах дӕр уыди ӕмӕ сауджын дӕр. Ӕмӕ зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы дӕр Хуыцау хъуамӕ сӕвӕрдтаид Паддзахӕй ӕмӕ Сауджынӕй (Райдиан 14:17–20).

      14 Уый фӕстӕ бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинады тыххӕй йӕ пехуымпарты уылты ноджы цыдӕртӕ раргом кодта. Зӕгъӕм, Исай бамбарын кодта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн (Исай 53:3–12). Михей бирӕ раздӕр загъта, Мессийӕ кӕм райгуырдзӕн, уый (Михей 5:2). Данел та ма загъта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг бӕлвырдӕй кӕд фӕзындзӕн ӕмӕ кӕд амӕлдзӕн, уый (Данел 9:24–27).

      Сусӕгдзинад раргом!

      15, 16. а) Йегъовӕйы Фырт сылгоймагӕй куыд райгуырд? б) Йесо йӕ зӕххон ныййарджытӕй бынӕн цы райста ӕмӕ зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕд сси?

      15 Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ куыд хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой, уый ничи зыдта, цалынмӕ Мессийӕ йӕхӕдӕг нӕ фӕзынд, уӕдмӕ. Фӕлӕ Галатӕгтӕм 4:4 стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй, «афон куы ’рцыд, уӕд Хуыцау йӕ Фырты рарвыста – уый райгуырд сылгоймагӕй». Нӕ эрӕйы размӕ 2-ӕм азы зӕд иудейаг чызг Марийӕйӕн загъта: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Йесо. Уый уыдзӕн номдзыд адӕймаг ӕмӕ йӕ хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт. Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн... Иунӕг Стыр Хуыцау дыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруадздзӕн ӕмӕ дӕ йӕ хъаруйы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн. Гъе уый тыххӕй, цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст, Хуыцауы Фырт» (Лукайы 1:31, 32, 35).

      16 Йегъовӕ йӕ Фырты цард рахаста уӕларвӕй зӕхмӕ, Марийӕйы гуыбынмӕ, цӕмӕй сылгоймагӕй райгуырдаид. Марийӕ уыд ӕнӕххӕст адӕймаг. Фӕлӕ Йесо уыди «Хуыцауы Фырт» ӕмӕ йӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад нӕ рахаста. Фӕлӕ йӕ зӕххон ныййарджытӕй бынӕн цыдӕр райста. Сӕ дыууӕ дӕр паддзах Давиды байзӕддӕгтӕ кӕй уыдысты, уый Йесойӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй Давиды паддзахбадӕныл ӕрбадтаид ӕмӕ Паддзах суыдаид (Хъуыддӕгтӕ 13:22, 23). Нӕ эрӕйы 29 азы Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕй Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста ӕмӕ загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт» (Матфейы 3:16, 17). Байзӕддаг фӕзынд! (Галатӕгтӕм 3:16). Рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинады тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ раргом кодтаид (2 Тимофеймӕ 1:10).

      17. Райдианы 3:15 стихы кӕй кой цӕуы, уыдоны тыххӕй цы раргом?

      17 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд раргом кодта, Райдианы 3:15 стихы цы калмы кой цӕуы, уый Хӕйрӕг кӕй у, калмы байзӕддаг та – Хӕйрӕджы зондыл чи цӕуы, уыдон (Матфейы 23:33; Иоанны 8:44). Фӕстӕдӕр раргом, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕнустӕм сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты (Раргомад 20:1–3, 10, 15). Раргом ма, уыцы пехуымпарады цы сылгоймаджы кой цӕуы, уый кӕй у «уӕларвон Иерусалим», кӕнӕ Хуыцауы ус. «Уӕларвон Иерусалим» у Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай – йӕ иузӕрдион зӕдтӕa (Галатӕгтӕм 4:26; Раргомад 12:1–6).

      Ног бадзырд

      18. «Ног бадзырд» цӕй тыххӕй ӕрцыд арӕзт?

      18 Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, сусӕгдзинады тыххӕй ӕппӕты диссагдӕр хабӕрттӕ Йесо раргом кодта йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв: йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта «ног бадзырды» тыххӕй (Лукайы 22:20). Моисейы Закъоны бадзырдау ног бадзырд дӕр арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй фӕзындаид «сауджынты паддзахад» (Рацыд 19:6; 1 Петры 2:9). Уыцы бадзырды нысан уыд, цӕмӕй ӕнӕуи цавӕрдӕр адӕм ма фӕзындаид, фӕлӕ «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 6:16). «Хуыцауы Израилмӕ» хауынц ӕрмӕстдӕр Йесо Чырыстийы иузӕрдион сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ. Уыдон Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты, ӕмӕ сӕ фӕрцы зӕххыл цӕрӕг иузӕрдион адӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты.

      19. а) Уый гӕнӕн куыд уыд, цӕмӕй ног бадзырды фӕрцы «сауджынты паддзахад» фӕзындаид? б) Сӕрст чырыстӕттӕ, «Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ахӕм ног адӕймӕгтӕ» цӕмӕн хуыйнынц ӕмӕ, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ чи лӕггад кӕндзӕн, уыдон цас уыдзысты?

      19 Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн куыд уыд, цӕмӕй ног бадзырды фӕрцы фӕзындаид, адӕмӕн стыр арфӕдзинӕдтӕ чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм «сауджынты паддзахад»? Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуынц Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы (Йереми 31:31–34). Уый фӕстӕ Йегъовӕйы цӕсты свӕййынц рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ йӕ уӕларвон бинонтыл банымайы ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрды (Ромӕгтӕм 8:15–17; 2 Коринфӕгтӕм 1:21). Афтӕмӕй сӕ «ногӕй райгуырын кӕны ӕмӕ сын ратты удӕгас ныфс» – уӕлӕрвты цӕрыны ныфс (1 Петры 1:3, 4). Адӕмӕй ахӕм кады аккаг кӕй никуы ничи уыд, уымӕ гӕсгӕ Библи сӕрст чырыстӕтты хоны, «Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ахӕм ног адӕймӕгтӕ» (2 Коринфӕгтӕм 5:17). Библи нын ӕргом кӕны, зӕххӕн уӕлӕрвтӕй разамынд чи дӕтдзӕн, уыдон кӕй уыдзысты 144 000 (Раргомад 5:9, 10; 14:1–4).

      20. а) Нӕ эрӕйы 36 азы сусӕгдзинады тыххӕй ноджыдӕр цы раргом? б) Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй хай кӕмӕн уыдзӕн?

      20 Йесоимӕ уыцы сӕрст чырыстӕттӕ дӕр систы «Авраамы байзӕддӕгтӕ»b (Галатӕгтӕм 3:29). Фыццаг ӕвзӕрст чи ’рцыд, уыдон уыдысты дзуттӕгтӕ. Фӕлӕ нӕ эрӕйы 36 азы Йегъовӕ сусӕгдзинады тыххӕй ноджыдӕр иу хабар раргом кодта. Йесоимӕ уӕлӕрвтӕй зӕххӕн разамынд чи дӕтдзӕн, уыдоны ӕвзарын райдыдта, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕй дӕр (Ромӕгтӕм 9:6–8; 11:25, 26; Ефесӕгтӕм 3:5, 6). Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй хай ӕрмӕстдӕр сӕрст чырыстӕттӕн уыдзӕн? Нӕ. Йесо йӕ цард алкӕй тыххӕй дӕр радта (1 Иоанны 2:2). Фӕстӕдӕр Йегъовӕ раргом кодта, «тынг бирӕ адӕм» кӕй фервӕздзысты, Хӕйрӕджы дуне сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд (Раргомад 7:9, 14). Ноджы фылдӕр адӕм та райгас уыдзысты ӕмӕ сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрой (Лукайы 23:43; Иоанны 5:28, 29; Раргомад 20:11–15; 21:3, 4).

      Хуыцауы стыр зонд ӕмӕ сусӕгдзинад

      21, 22. Йегъовӕйӕн йӕ сусӕгдзинадӕй йе стыр зонд куыд зыны?

      21 Сусӕгдзинад диссаджы хуызы ӕвдисы, «алы ӕмӕ алыхуызӕтты чи зыны, Хуыцауы уыцы зонд» (Ефесӕгтӕм 3:8–10). Йе стыр зонд бӕрӕг у, сусӕгдзинады тыххӕй уайтагъд кӕй фехъусын кодта ӕмӕ йӕ стӕй сабыргай кӕй ӕргом кодта, уымӕй. Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зыдта, ахӕм арф хъуыдытӕ адӕмӕн сӕ бон уайтагъд бамбарын кӕй нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы сусӕгдзинад сабыргай кӕй ӕргом кодта, уымӕй сын фадат радта, цӕмӕй равдыстаиккой, кӕй йыл ӕууӕндынц, уый (Псалом 103:14).

      22 Йегъовӕйы ӕгӕрон зонд ма хорз зыны, Паддзахӕй Йесойы кӕй равзӕрста, уымӕй дӕр. Зӕдтӕй дӕр ӕмӕ адӕмӕй дӕр Йегъовӕйы Фыртӕй тынгдӕр ӕууӕндӕн никӕуыл ис. Йесо адӕймаг куы уыди ӕмӕ зӕххыл куы цард, уӕд бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Уымӕ гӕсгӕ адӕмы тынг хорз ӕмбары (Дзуттӕгтӕм 5:7–9). Уый зӕгъӕн ис, Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонӕй дӕр. Ӕнусты дӕргъы Йегъовӕ ӕвзӕрста нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты алы адӕмтӕй, алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ адӕмыхӕттытӕй. Ӕмӕ цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, се ’хсӕн кӕй ис, мах зындзинады хуызӕн зындзинадыл чи сӕмбӕлд ӕмӕ йӕ бон йӕ сӕрты ахизын кӕмӕн баци, ахӕмтӕ (Ефесӕгтӕм 4:22–24). Цы хорз у, ӕцӕгдӕр нӕ чи ӕмбары ӕмӕ нын баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм паддзӕхтӕ ӕмӕ нын сауджынтӕ кӕй уыдзӕн!

      23. Йегъовӕйы сусӕгдзинад зонын стыр кад цӕмӕн у ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм?

      23 Апостол Павел ныффыста: «Ивгъуыд заманты ӕмӕ раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом чи нӕ уыд, уыцы сусӕгдзинад... ныр [Хуыцау] раргом кодта йӕ сыгъдӕг лӕггадгӕнджытӕн» (Колоссӕгтӕм 1:26). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы сӕрст сыгъдӕджытӕ бирӕ цыдӕртӕ бамбӕрстой уыцы сусӕгдзинады тыххӕй ӕмӕ, цы базыдтой, уый милуантӕн радзырдтой. Уыцы сусӕгдзинад зонын стыр кад у! Йегъовӕ нын «раргом... кодта, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад» (Ефесӕгтӕм 1:9). Уӕдӕ уыцы диссаджы сусӕгдзинад иннӕтӕн дӕр дзурӕм, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйы стыр зонды тыххӕй базоной.

      a Раргом ма ноджыдӕр иу сусӕгдзинад – «Хуыцауыл алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион чи уыдзӕн», уый чи хъуамӕ уыдаид, уый (1 Тимофеймӕ 3:16). Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уый уыди Йесо. Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй исчи баззайдзӕн ӕви нӕ, уый ӕнусты дӕргъы уыди сусӕгдзинад. Йесо йӕ цардӕй равдыста, уымӕн гӕнӕн кӕй уыд. Кӕд ӕй Хӕйрӕг фӕлвӕрдта, уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад (Матфейы 4:1–11; 27:26–50).

      b Йесо дӕр сӕрст чырыстӕттимӕ скодта «бадзырд паддзахады тыххӕй» (Лукайы 22:29, 30). Афтӕмӕй Йесо «гыццыл дзугӕн» ныфс бавӕрдта, йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр Авраамы байзӕддагмӕ хауынц (Лукайы 12:32).

      Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

      • Иоанны 16:7–12. Йесо дӕр йӕ Фыдау адӕмӕн рӕстдзинад сабыргай куыд ӕргом кодта?

      • 1 Коринфӕгтӕм 2:6–16. Бирӕтӕн сӕ бон цӕуылнӕ у Йегъовӕйы сусӕгдзинӕдтӕ бамбарын ӕмӕ сӕ махӕн нӕ бон цӕй фӕрцы у ӕмбарын?

      • Ефесӕгтӕм 3:10. Йегъовӕйы сусӕгдзинад зонын стыр кад цӕмӕн у?

      • Дзуттӕгтӕм 11:8–10. Кӕд ивгъуыд заманты Хуыцауӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ сусӕгдзинады тыххӕй алцы нӕ зыдтой, уӕддӕр, цы зыдтой, уый сын сӕ уырнындзинад куыд фидар кодта?

  • Йегъовӕ у тынг зондджын, фӕлӕ у сӕрныллӕг
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • Фыд йӕ гыццыл лӕппуйы раз дзуццӕджы ӕрбадт ӕмӕ йӕм йӕ мидбылты худгӕйӕ кӕсы.

      20 СӔР

      Йегъовӕ у тынг зондджын, фӕлӕ у сӕрныллӕг

      1–3. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ сӕрныллӕг у?

      ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: фыды фӕнды йӕ гыццыл сывӕллонӕн ахсджиаг цыдӕр бамбарын кӕнын. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йын цы дзуры, уый йын йӕ зӕрдӕ бацагайа. Куыд ныхас кӕндзӕн йемӕ? Сывӕллоны раз слӕудзӕн ӕмӕ йӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсдзӕн ӕмӕ йемӕ тызмӕгӕй ныхас кӕндзӕн? Ӕви йӕм ӕргуыбыр кӕндзӕн ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕндзӕн? Зондджын ӕмӕ сӕрныллӕг фыд йӕ сывӕллонимӕ ныхас кӕндзӕн сабырӕй.

      2 Йегъовӕ та цавӕр Фыд у? Сӕрбӕрзонд у ӕви сӕрныллӕг, тызмӕг ӕви фӕлмӕн? Йегъовӕ алцыдӕр зоны, уымӕй зондджындӕр нӕй. Бирӕ цыдӕртӕ чи фӕзоны ӕмӕ ахуыргонд чи вӕййы, ахӕм адӕм арӕхдӕр сӕрбӕрзонд вӕййынц. Библийы фыст ис: «Зонындзинӕдтӕй адӕймаг йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдайы» (1 Коринфӕгтӕм 3:19; 8:1). Фӕлӕ кӕд Йегъовӕ «зӕрдӕйӕ зондджын», ома тынг зондджын у, уӕддӕр сӕрныллӕг у (Иов 9:4). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ кӕмӕйдӕр дӕлдӕр у кӕнӕ кадджын Хуыцау нӕу. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ сӕрбӕрзонд нӕу. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?

      3 Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕм ӕвзӕр миниуджытӕ нӕй, зӕгъӕм, сӕрбӕрзонддзинад (Марчы 7:20–22). Стӕй-ма ахъуыды кӕн, пехуымпар Йереми Йегъовӕйӕн цы загъта, ууыл: «Уыдӕттӕ ӕнӕмӕнг дӕ зӕрдыл ӕрлӕудзысты ӕмӕ мӕм дӕхи ӕркъул кӕндзынӕ»a (Йеремийы хъарӕг 3:20). Уый диссаг нӕу? Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ цӕттӕ уыди ӕнӕххӕст адӕймагмӕ йӕхи «ӕркъул кӕнынмӕ», ома ӕргуыбыр кӕнынмӕ, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид (Псалом 113:7). Йегъовӕ ӕцӕгдӕр у сӕрныллӕг. Фӕлӕ уый цӕмӕй бӕрӕг у? Йӕ сӕрныллӕгдзинад йе стыр зондыл дзурӕг куыд у? Ӕмӕ, сӕрныллӕг кӕй у, уый нын цы пайда у?

      Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

      4, 5. а) Цы у сӕрныллӕгдзинад? Йегъовӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдисы ӕмӕ, сӕрныллӕг кӕй у, уый цӕуыл дзурӕг нӕу? б) Йегъовӕ-иу Давидмӕ куыд ӕргуыбыр кодта ӕмӕ, Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый махӕн цы пайда у?

      4 Сӕрныллӕг адӕймаг йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл нӕ вӕййы, стӕй сӕрбӕрзонд дӕр нӕ вӕййы. Уый вӕййы фӕлмӕн, фӕразон ӕмӕ ӕмбаргӕ (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хӕрам хъуыддӕгтӕм никуы фӕмӕсты кӕны. Стӕй ууыл дзурӕг дӕр нӕу, ӕмӕ лӕмӕгъ Хуыцау у, стӕй йӕм фаг хъӕбатырдзинад нӕй, цӕмӕй сӕфты хай бакӕна, фесафын цы хъӕуы, уый. Фӕлӕ сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕн кӕй у, уымӕй бӕрӕг у, йӕ бон кӕй у йӕхиуыл хӕцын ӕмӕ йе стыр тыхӕй алкӕддӕр раст кӕй фӕархайы (Исай 42:14). Сӕрныллӕг кӕй у, уый ма йе стыр зондыл дзурӕг дӕр у. Уый куыд ӕмбарын хъӕуы? Иу библииртасӕг загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг сӕрныллӕг вӕййы, хиуарзон куы нӕ вӕййы, уӕд ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймаг вӕййы ӕцӕг зондджын. Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый махӕн цы пайда у?

      Ӕмбаргӕ фыд вӕййы фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг

      5 Паддзах Давид Йегъовӕйы тыххӕй ныффыста: «Ды мын ратдзынӕ дӕ ирвӕзындзинады уарт, дӕ рахиз къух мыл хӕцдзӕн, ӕмӕ мӕ дӕ сӕрныллӕгдзинад сбӕрзонд кӕндзӕн» (Псалом 18:35). Давид зыдта, кӕд ӕнӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр-иу ӕм Йегъовӕ кӕй ӕргуыбыр кодта, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕдтаид ӕмӕ йын ӕххуыс кодтаид. Зыдта, Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй уыд ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодта, ӕрмӕстдӕр-иу уый фӕрцы кӕй фервӕзт йе знӕгтӕй ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы кӕй суыдзӕн паддзах. Ӕмӕ афтӕ у нӕ хабар махӕн дӕр. Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у ӕмӕ нын фӕлмӕн ӕмӕ уарзӕгой фыдау кӕй ӕххуыс кӕны, ӕрмӕстдӕр нын уый фӕрцы ис фервӕзыны ныфс.

      6, 7. а) Библийы иу ран дӕр афтӕ фыст цӕуылнӕ ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ бонзонгӕ у? б) Фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ зонд кӕрӕдзийыл куыд баст сты ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы ӕппӕтӕй тынгдӕр фӕзминаг чи у?

      6 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ бонзонгӕдзинад иу не сты. Бонзонгӕдзинад у, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр йӕ удыхъӕды фидар кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм хорз миниуӕг. Сӕрныллӕгдзинад зондимӕ баст куыд у, афтӕ бонзонгӕдзинад дӕр. Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты 11:2 стихы кӕсӕм: «Зонд... ис бонзонгӕтӕм». Фӕлӕ Библийы афтӕ никуы ис фыст, зӕгъгӕ, Йегъовӕ бонзонгӕ у. Цӕуылнӕ? Библийы дзырд «бонзонгӕ» амоны, адӕймаг кӕй ӕмбары, йӕ бон алцы кӕй нӕу. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн та йӕ бон алцыдӕр у, фӕлӕ цӕмӕй йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты ма ахиза, уый тыххӕй цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ нӕ аразы (Марчы 10:27; Титмӕ 1:2). Стӕй Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уый бар никӕмӕн ис, цӕмӕй йын дзура, цы араза, уый. Уӕдӕ Йегъовӕйы бонзонгӕ схонӕн нӕй.

      7 Фӕлӕ Йегъовӕ у сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕн. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дзуры, цӕмӕй ӕцӕг зондджын уой, уый тыххӕй фӕлмӕн кӕй хъуамӕ уой. Йӕ Ныхасы фыст ис «зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахасты» тыххӕй (Иаковы 3:13). Ӕркӕсӕм, уымӕй нын Йегъовӕ фӕзминаг куыд у.

      Йегъовӕ иннӕты бартӕй схайджын кӕны ӕмӕ алкӕддӕр байхъусынмӕ цӕттӕ вӕййы

      8–10. а) Йегъовӕ иннӕтӕн бар кӕй ратты, цӕмӕй йӕ номӕй архайой ӕмӕ сӕм кӕй байхъусы, уый диссаг цӕмӕн у? б) Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау зӕдтимӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

      8 Йегъовӕ куыд сӕрныллӕг у, уый диссаг у. Зӕгъӕм, иннӕты цавӕрдӕр бартӕй схайджын кӕны ӕмӕ сӕм байхъусынмӕ цӕттӕ вӕййы. Уый ӕцӕгдӕр диссаг у, уымӕн ӕмӕ никӕй ӕххуыс ӕмӕ никӕй уынаффӕ хъуаг у (Исай 40:13, 14; Ромӕгтӕм 11:34, 35). Фӕлӕ-иу уӕддӕр Йегъовӕ сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста, уымӕн Библийы бирӕ цӕвиттонтӕ ис.

      9 Ӕркӕсӕм Авраамы цардӕй иу ахсджиаг хабармӕ. Иухатт ӕм ӕрцыд ӕртӕ уазӕджы. Уыдонӕй иуы Авраам хуыдта «Йегъовӕ». Уазджытӕ уыдысты зӕдтӕ. Уыцы зӕдтӕй иу цӕугӕ дӕр Йегъовӕйы номӕй ӕркодта ӕмӕ архайгӕ дӕр уый номӕй кодта. Уыцы зӕд-иу куы дзырдта ӕмӕ-иу исты куы арӕзта, уӕд-иу цыма Йегъовӕ йӕхӕдӕг дзырдта ӕмӕ исты арӕзта, афтӕ уыд. Зӕды уылты Йегъовӕ Авраамӕн загъта, «Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ тынг хъаст кӕнынц», зӕгъгӕ. Йегъовӕ загъта: «Ныццӕуон ӕмӕ йӕ фенон, цымӕ сӕ куыд хъаст кӕнынц, ӕцӕгдӕр ахӕм митӕ кӕнынц ӕви нӕ. Хъуамӕ йӕ базонон» (Райдиан 18:3, 20, 21). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ хъуамӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ «ныццыдаид», фӕлӕ зӕхмӕ йӕ номӕй зӕдты кӕй арвыста, ууыл (Райдиан 19:1). Цӕмӕн сӕ арвыста? Цымӕ, алцы чи уыны, уыцы Хуыцау нӕ зыдта, уыцы горӕтты цытӕ цыди, уый? Куыннӕ йӕ зыдта! Фӕлӕ сӕрныллӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зӕдтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй хабӕрттӕ бӕлвырд базыдтаиккой ӕмӕ Лоты ӕмӕ йӕ бинонты Содомы бабӕрӕг кодтаиккой.

      10 Уымӕй уӕлдай ма, Йегъовӕ иннӕтӕм байхъусын йӕ сӕрмӕ хӕссы. Иухатт йӕ зӕдты бафарста, фыдзӕрдӕ паддзах Ахавы хӕстмӕ куыд расайӕн уыд, цӕмӕй уым фӕмард уыдаид. Йегъовӕ уынаффӕхъуаг нӕ уыди. Фӕлӕ зӕдтӕй сӕ иу хорз хъуыды загъта. Йегъовӕ йын йӕ уынаффӕйыл сразы ӕмӕ йын йӕхицӕн бахӕс кодта, куыд загъта, афтӕ бакӕнын (1 Паддзӕхты 22:19–22). Уый у ӕцӕг сӕрныллӕгдзинад!

      11, 12. Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый Авраам йӕхи цӕстӕй куыд федта?

      11 Йегъовӕ цӕттӕ вӕййы суанг ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕм байхъусынмӕ дӕр, цы сӕ фӕтыхсын кӕны, уыдӕттӕ йын куы фӕдзурынц, уӕд. Зӕгъӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамӕн куы загъта, Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесафынмӕ кӕй хъавы, уӕд Авраам стыхст ӕмӕ йын загъта: «Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды афтӕ бакӕнай! Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?» Авраам Йегъовӕйы бафарста, уыцы горӕтты 50 рӕстгӕнӕджы куы разына, уӕддӕр сӕ фесафдзынӕ, зӕгъгӕ. Йегъовӕ йын фидарӕй загъта, кӕй сӕ нӕ фесафдзӕн. Фӕлӕ та йӕ Авраам ногӕй бафарста, 45 йеддӕмӕ дзы куы нӕ уа, уӕд та, зӕгъгӕ. Стӕй сын сӕ нымӕц къаддӕрӕй-къаддӕр кодта. Ӕмӕ-иу ын Йегъовӕ алы хатт дӕр йӕ ныхасыл сразы. Фӕлӕ йӕ Авраам уӕддӕр фарста ӕмӕ фарста, цалынмӕ сын сӕ нымӕц дӕсмӕ нӕ ӕрӕппӕрста, уӕдмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, Авраам уӕд кӕронмӕ нӕма ’мбӕрста, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Куыдфӕнды ма уыдаид, Йегъовӕ йӕ хӕлар ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Аврааммӕ фӕразонӕй ӕмӕ сӕрныллӕгӕй хъуыста, цы йӕ тыхсын кодта, уый йын куы дзырдта, уӕд (Райдиан 18:23–33).

      12 Ахуыргонд адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ фӕразонӕй нӕ байхъусиккой, уыдоны хуызӕн ахуыргонд чи нӕу, уыдонмӕb. Фӕлӕ нӕ сӕрныллӕг Хуыцау та байхъуыста! Хуыцауимӕ ныхас кӕнгӕйӕ ма Авраам бамбӕрста, Йегъовӕ «мӕсты кӕнынмӕ тагъд [кӕй] нӕ кӕны», уый дӕр (Рацыд 34:6). Авраам, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, уый бар ын кӕй нӕй, цӕмӕй дызӕрдыг кӕна, Иунӕг Стыр Хуыцау раст уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл. Ӕмӕ йын дыууӕ хатты дӕр уый тыххӕй ныллӕгъстӕ кодта: «Йегъовӕ, курӕг дӕ дӕн, ма мӕм смӕсты у» (Райдиан 18:30, 32). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ йӕм не смӕсты. Бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй ӕвдисы «зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахаст».

      Йегъовӕ у ӕмбаргӕ Хуыцау, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ нӕ домы

      13. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ ӕмбаргӕ Хуыцау у?

      13 Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый ма хорз зыны ноджыдӕр йӕ иу диссаджы миниуӕгӕй – у ӕмбаргӕ Хуыцау. Хъыгагӕн, адӕмӕн арӕх ацы миниуӕг нӕ фӕфаг кӕны. Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ алкӕддӕр байхъусы, адӕмы дӕр ӕмӕ йын зӕдты дӕр цы зӕгъын фӕфӕнды, уымӕ. Уымӕй уӕлдай ма дзы цы фӕкурынц, уый дӕр саразы, уый тыххӕй йӕ йӕ уагӕвӕрдты сӕрты хизын куы нӕ фӕхъӕуы, уӕд. Библийы дзырд «ӕмбаргӕ» нысан кӕны «ӕнцондзырд». Йегъовӕ ӕмбаргӕ Хуыцау кӕй у, уымӕй дӕр бӕрӕг у, стыр зонды хицау кӕй у, уый. Иаковы 3:17 стихы кӕсӕм: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та... у... ӕмбаргӕ». Ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Иу уый, ӕмӕ йӕ уынаффӕ уавӕртӕм гӕсгӕ фӕивы. Ӕрхъуыды-ма кӕн, йӕ ном цы нысан кӕны: уый свӕййы, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй чи хъуамӕ суа, уый (Рацыд 3:14). Уӕдӕ Йегъовӕйы ном ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ уынаффӕ уавӕртӕм гӕсгӕ фӕивы.

      14, 15. Йезекил цӕстылуайӕны цы уӕрдон федта, уымӕй нӕ бон цы у базонын Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хайы тыххӕй ӕмӕ уый адӕмы организацитӕй куыд хицӕн кӕны?

      14 Йегъовӕ йӕ уынаффӕ уавӕртӕм гӕсгӕ кӕй фӕивы, уый бамбарынӕн нын баххуыс кӕндзӕн, пехуымпар Йезекил цӕстылуайӕны цы федта, уый. Йезекил федта Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай, хауынц ӕм йӕ иузӕрдион зӕдтӕ. Уый федта уӕларвон уӕрдон. Уыцы уӕрдон цыди, Йегъовӕйы тых ӕй кӕцырдӕм кодта, уыцырдӕм. Ӕппӕты диссагдӕр уыди, цӕугӕ куыд кодта, уый. Йе стыр цӕлхытӕ цыдысты цыппарырдӕм дӕр ӕмӕ йедзаг уыдысты цӕстытӕй. Уымӕ гӕсгӕ уыцы иу рӕстӕг алырдӕм дӕр кастысты ӕмӕ сӕ бон уыди ӕвиппайды кӕцырдӕмфӕнды дӕр ацӕуын. Уый тыххӕй-иу сӕ нӕдӕр ӕрлӕууын хъуыди, нӕдӕр – фӕзилын. Йӕ цыдыл цӕст нӕ хӕцыд, стӕй афтӕ тагъд цӕугӕйӕ дӕр йӕ бон уыд йӕ фӕндаг цӕхгӕр иннӕрдӕм фӕкӕнын! (Йезекил 1:1, 14–28). Уӕдӕ Йегъовӕйы организаци дӕр цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон уайтагъд уавӕртӕм гӕсгӕ фӕивы.

      15 Адӕмы дӕр, чи зоны, фӕфӕнды, цӕмӕй-иу уавӕртӕм гӕсгӕ архайой. Фӕлӕ куы фӕхъӕуы, уӕд арӕх сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ организацитӕн дӕр уайтагъд нӕ рауайы, цы фӕхъӕуы, уый фӕивын. Зӕгъӕм, уӕзласӕн поезд цӕйас вӕййы ӕмӕ дзы цы тых ис, уымӕй дисы ӕфтауы. Фӕлӕ ӕвиппайды йӕ размӕ исты куы фӕуа, уӕд цы ’рцӕудзӕн? Иннӕрдӕм фӕзилынмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ дӕр ма кӕс! Стӕй уыцы тӕккӕ дӕр нӕ бауромдзӕн. Йӕ тормӕзтыл куы ныххӕца, уӕддӕр ма дыууӕ километры бӕрц йӕхигъӕдӕй цӕудзӕн. Ацы цӕвиттон хорз ӕвдисы, куы фӕхъӕуы кӕнӕ, уавӕртӕ куы фӕивынц, уӕд адӕмӕн арӕх сӕ бон кӕй нӕ вӕййы кӕнӕ сӕ кӕй нӕ фӕфӕнды, цы фӕхъӕуы, уый саразын. Уый арӕхдӕр вӕййы сӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй. Уый та уымӕ ӕркӕны, ӕмӕ куыстуӕттӕ сӕхгӕнынц кӕнӕ та ма суанг хицӕутты дӕр сӕ бынӕттӕй сисынц (Ӕмбисӕндтӕ 16:18). Йегъовӕ ӕмӕ йӕ организаци ахӕм кӕй не сты, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг стӕм!

      Йегъовӕ ӕмбаргӕдзинад куыд ӕвдисы?

      16. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ Лоты уавӕр кӕй бамбӕрста, Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесафынмӕ куы хъавыд, уӕд?

      16 Ногӕй та ӕркӕсӕм Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хабармӕ. Йегъовӕйы зӕд Лотӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн загъта, цӕмӕй хӕхтӕм алыгъдаиккой. Фӕлӕ Лоты уырдӕм лидзын нӕ фӕндыд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта: «Йегъовӕ, курын дӕ, ӕрмӕст хӕхтӕм нӕ!» Лот тарсти, хӕхтӕм куы алидза, уӕд кӕй амӕлдзӕн, ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йын бар радтаид, ӕмӕ йӕ бинонтимӕ уырдӕм хӕстӕг горӕт Сигормӕ алыгъдаид. Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы горӕт дӕр фесафинаг уыд. Лот дзӕгъӕлы тарст хӕхтӕм алидзынӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ӕнӕмӕнг бахъахъхъӕдтаид. Фӕлӕ йын уӕддӕр йӕ ныхасыл сразы. Зӕд Лотӕн загъта: «Хорз, ацы хъуыддаджы дӕр, дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд: цы горӕтӕй мын дзурыс, уый нӕ фесафдзынӕн» (Райдиан 19:17–22). Бӕрӕг у, Йегъовӕ ӕмбаргӕ Хуыцау кӕй у, уый.

      17, 18. Йегъовӕ Ниневийы цӕрджыты хабар куыд аскъуыддзаг кодта, уымӕй йе ’мбаргӕдзинад куыд зыны?

      17 Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы. Ӕмӕ адӕмы се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй бафхӕрынмӕ куы фӕхъавы, уӕддӕр йӕ фӕнд фӕивы, зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнынц, уӕд. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Йегъовӕ пехуымпар Ионӕйы арвыста, йӕ цӕрджытӕ тынг ӕгъатыр кӕмӕн уыдысты, уыцы горӕт Ниневимӕ. Ионӕ горӕты уынгты цыди ӕмӕ Йегъовӕйы номӕй хъусын кодта иу хуымӕтӕг хабар: хъомысджын горӕт 40 боны фӕстӕ пырх ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Ниневийы цӕрджытӕ ӕрфӕсмон кодтой! (Ионӕ, 3 сӕр).

      18 Уыцы хъуыддагмӕ Йегъовӕ ӕмӕ Ионӕ цы цӕстӕй ракастысты, уый кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодта. Йегъовӕ архайдта уавӕрмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ «хъӕбатыр хӕстон» не сси, цӕмӕй Ниневийы цӕрджыты ныццагътаид, фӕлӕ сын ныххатыр кодтаc (Рацыд 15:3). Ионӕ та сын нӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, ууыл нӕ хъуыды кодта. Йегъовӕйӕ уӕлдай Ионӕ разынд, цы поезды кой кодтам, уый хуызӕн. Ионӕ горӕты цӕрджытӕн хъусын кодта, Хуыцау сӕ кӕй фесафдзӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ фесӕфтаид. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн фӕразонӕй бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: хъуамӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уа (Ионӕ, 4 сӕр).

      Ӕрыгон ӕфсымӕр ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн уацамынды ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕны.

      Йегъовӕ у ӕмбаргӕ ӕмӕ зоны, нӕ бон алцы кӕй нӕу

      19. а) Фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис, Йегъовӕ нӕ, нӕ бон цы нӕу, уый кӕй нӕ домы? б) Ӕмбисӕндты 19:17 стихӕй куыд зыны, Йегъовӕ «хорз ӕмӕ... ӕмбаргӕ» Хицау кӕй у ӕмӕ тынг сӕрныллӕг кӕй у?

      19 Йегъовӕйы ӕмбаргӕдзинад ма бӕрӕг у, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй дӕр. Паддзах Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу» (Псалом 103:14). Нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ӕмӕ, нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый Йегъовӕ нӕхицӕй хуыздӕр зоны. Нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ никуы фӕдомы. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, хицӕуттӕй иуӕй-иутӕ сты «хорз ӕмӕ... ӕмбаргӕ», иннӕтӕн та сӕ «зӕрдӕ... ницӕмӕй ис балхӕнӕн» (1 Петры 2:18). Йегъовӕ та цавӕр Хицау у? Ӕмбисӕндты 19:17 стихы фыст ис: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иннӕтӕн цыфӕнды гыццыл хорздзинад куы саразӕм, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ фены. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ хорз ӕмӕ ӕмбаргӕ Хицау кӕй у. Уый ма ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ хуымӕтӕг зӕххон адӕм кӕрӕдзийӕн исты хорздзинад куы ракӕнынц, уӕд Иунӕг Стыр Хуыцау йӕхи хӕсджыныл фӕнымайы, цӕмӕй-иу сын ӕй бафида. Уый ӕцӕгдӕр диссаджы сӕрныллӕгдзинад у!

      20. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ сын дзуапп кӕй ратты, уый нӕ бон фидарӕй зӕгъын цӕмӕн у?

      20 Йегъовӕ абон дӕр афтӕ фӕлмӕн ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй у, уый зыны, йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд у, уымӕй. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ кӕй фӕхъусы. Ӕмӕ кӕд абон немӕ ныхас кӕнынмӕ йӕ зӕдты нӕ рарвиты, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп нӕ дӕтты. Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты куы фӕдзӕхста, кувут, цӕмӕй мӕ ахӕстонӕй суӕгъд кӕной, зӕгъгӕ, уӕд ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Цӕмӕй уӕм тагъддӕр ӕрыздӕхон» (Дзуттӕгтӕм 13:18, 19). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ истӕй тыххӕй куы кувӕм, уӕд, гӕнӕн ис, сараза, саразынмӕ цы нӕ хъавыд, уый (Иаковы 5:16).

      21. Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый цӕуыл дзурӕг нӕу? Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

      21 Куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕ у сӕрныллӕг. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, фӕлмӕн, фӕразон, ӕмбаргӕ ӕмӕ байхъусынмӕ цӕттӕ кӕй у, уымӕй. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ закъӕтты сӕрты ахиздзӕн ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уый бар дӕтдзӕн. Дины разамонджытӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй фӕдзурынц, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын ӕвзӕр кӕй нӕу. Уыдон, чи зоны, хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уый се ’мбаргӕдзинадыл дзурӕг у (2 Тимофеймӕ 4:3). Адӕм арӕх, ӕвзӕр цы у, уый саразынц, уымӕн ӕмӕ сын афтӕ ӕнцондӕр вӕййы, кӕд ӕй фӕзонынц, раст кӕй нӕ кӕнынц, уӕддӕр. Ӕмӕ уый ӕмбаргӕдзинадыл нымайынц. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмбаргӕдзинадыл цы нымайы, уыимӕ йын иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ закъӕтты сӕрты никуы ахиздзӕн (Левит 11:44). Уӕдӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, ӕмбаргӕ дӕр уый тыххӕй кӕй у. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй уарзӕм. Йегъовӕйы зондӕн ӕмбал кӕй нӕй ӕмӕ афтӕ сӕрныллӕг кӕй у, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ уый дисы нӕ бафтауы? Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у кадджын Хуыцау, фӕлӕ уыимӕ у фӕлмӕн, фӕразон ӕмӕ ӕмбаргӕ. Ӕмӕ нӕ бон ахӕм Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын кӕй у, уымӕй ӕхсызгондӕр цы хъуамӕ уа!

      a Рагзаманты Библийы къопитӕ чи кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ацы стих фӕивтой, ӕмӕ ныффыстой, Йегъовӕ нӕ, фӕлӕ Йереми кӕй ӕргуыбыр кӕндзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕймагӕн баххуыс кӕныны тыххӕй Хуыцау йӕхи «ӕркъул кӕна». Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ тӕлмацты ацы диссаджы хъуыды фыст не ’рцыд.

      b Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, фӕразон чи нӕу, ахӕм адӕймаг сӕрбӕрзонд у (Екклесиаст 7:8). Уӕдӕ нын Йегъовӕ кӕй быхсы, ома фӕразон кӕй у, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тынг сӕрныллӕг у (2 Петры 3:9).

      c Псалом 86:5 стихы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ». Ацы псалом грекъаг ӕвзагмӕ куы тӕлмац кодтой, уӕд дзырдбаст «цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» ивд ӕрцыд дзырдӕй «эпиейке́с», ӕмӕ нысан кӕны «ӕмбаргӕ».

      Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

      • Рацыд 32:9–14. Йегъовӕ сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста, Моисей йын куы лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Израилы адӕмы ма фесӕфтаид, уӕд?

      • Тӕрхонгӕнджыты 6:36–40. Йегъовӕ фӕразондзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста, Гедеон ын нысан равдисыны тыххӕй куы дзырдта, уӕд?

      • Псалом 113:1–9. Йегъовӕ адӕмӕн куыд у, уымӕй куыд зыны, сӕрныллӕг кӕй у, уый?

      • Лукайы 1:46–55. Сӕрныллӕг ӕмӕ мӕгуыр адӕммӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй Марийӕ цы загъта? Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын?

  • Йесо «раргом кодта Хуыцауы зонд»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • Йесо адӕмы ахуыр кӕны.

      21 СӔР

      Йесо «раргом кодта Хуыцауы зонд»

      1–3. Йесо кӕм схъомыл, уыцы горӕты йын йӕ ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ цӕмӕн?

      АДӔМ дисӕй мардысты, Йесо сӕ ӕмбырдгӕнӕны куы ахуыр кодта, уӕд. Йесойы хорз зыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕ горӕты схъомыл ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы хъӕддӕсныйы куыст кодта. Кӕмӕндӕрты дзы, чи зоны, хӕдзӕрттӕ саразынӕн дӕр баххуыс кодта. Кӕнӕ та, чи зоны, сӕ зӕххытӕ йӕ конд гутӕттӕй куыстой ӕмӕ йӕ конд ӕфсондзтӕй пайда кодтойa. Цымӕ, хъӕддӕсныйӕ кӕй зыдтой, уый сын цы дзуры, уымӕ байхъусдзысты?

      2 Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн сӕ фылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймагмӕ ахӕм зонд кӕцӕй ис?» Фӕлӕ-иу стӕй афтӕ бакодтой: «Ай мӕнӕ хъӕддӕсны нӕу, Марийӕйы фырт?» (Матфейы 13:54–58; Марчы 6:1–3). Йесо раздӕр кӕй ’хсӕн цард, уыдон хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, ацы хъӕддӕсны нӕ горӕтӕй у ӕмӕ иннӕтӕй ӕппындӕр ницӕмӕй хицӕн кӕны. Кӕд йӕ ныхӕстӕ йе стыр зондыл дзурӕг уыдысты, уӕддӕр сын цы дзырдта, уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ айстой. Уыцы адӕм нӕ бамбӕрстой, ахӕм зонд ӕм кӕцӕй уыд, уый.

      3 Ӕмӕ йӕм ахӕм зонд кӕцӕй уыд? Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уымӕй» (Иоанны 7:16). Апостол Павел загъта, Йесо нын «раргом кодта Хуыцауы зонд», зӕгъгӕ (1 Коринфӕгтӕм 1:30). Йегъовӕ йӕ зонд раргом кодта йӕ Фырт Йесойы уылты. Йесойы хъуыддӕгты ӕмӕ ныхӕсты Йегъовӕйы зонд тынг ирдӕй зынд. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Ӕз ӕмӕ мӕ Фыд ӕмвӕндӕй архайӕм» (Иоанны 10:30). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесо цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы «раргом кодта Хуыцауы зонд».

      Адӕмӕн цы амыдта

      4. а) Йесо адӕмӕн цавӕр хабар хъусын кодта ӕмӕ уый ӕппӕты ахсджиагдӕр хабар цӕмӕн уыд? б) Йесо адӕмӕн цы амыдта, уый сын стыр пайда цӕмӕн уыди?

      4 Фыццаг, ӕркӕсӕм уал, Йесо адӕмӕн цы амыдта, уымӕ. Уый уыди «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Лукайы 4:43). Уый тынг ахсджиаг хабар уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, ӕппӕты хуыздӕр Хицау кӕй у, уый ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ном ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕнусты дӕргъы йыл цы цъыф фӕкалдтой, уымӕй. Стӕй ма зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн, ӕмӕ йыл адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты. Йесо ма адӕмӕн хорз уынаффӕтӕ лӕвӕрдта алыхуызон хъуыддӕгты фӕдыл. Пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕмӕй Йесо ӕцӕгдӕр уыди «Диссаджы уынаффӕгӕнӕг», ома хорз ахуыргӕнӕг (Исай 9:6). Йесо хорз зыдта, Хуыцауы Ныхасы цы фыст уыди, уый ӕмӕ адӕм Хуыцауӕн куыд хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, цӕмӕй сӕ йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид. Йесо ма хорз ӕмбӕрста, адӕм куыд хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ вӕййы, уый. Стӕй сӕ тынг бирӕ уарзта. Уымӕ гӕсгӕ сын цы амыдта, уый сын стыр пайда уыди. Йесо дзырдта, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ». Уӕдӕ йын йӕ уынаффӕтӕм куы хъусӕм, уӕд ӕнустӕм цӕрдзыстӕм (Иоанны 6:68).

      5. Йесо йӕ зындгонд раныхасы цӕй кой ракодта?

      5 Йесо диссаджы ахуыргӕнӕг кӕй уыд, уый бӕрӕг у йӕ зындгонд раныхасӕй, фыст ис Матфейы 5-ӕм сӕрӕй 7-ӕм сӕрмӕ. Уыцы раныхас радзурынӕн иу-20 минуты йеддӕмӕ нӕ хъӕуы. Фӕлӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон йӕ рӕстӕджы куыд пайда уыдысты, афтӕ пайда сты абон дӕр. Уыцы раныхасы Йесо бирӕ цӕйдӕрты кой ракодта, зӕгъӕм, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕн куыд ис (5:23–26, 38–42; 7:1–5, 12); адӕймагӕн йӕ бон куыд у хӕрзӕгъдау цард кӕнын (5:27–32) ӕмӕ амондджын цард цӕмӕй кӕнгӕ у, уый (6:19–24; 7:24–27). Фӕлӕ Йесо адӕмӕн ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта, зондӕй архайӕн куыд ис, уый. Афтӕ сын цӕмӕн дзуры, уый сын ӕмбарын дӕр кодта, ӕмӕ ма-иу сын цӕвиттонтӕ дӕр ӕрхаста. Уый фӕрцы сын ӕмбарын кодта, йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайой, уӕд кӕй никуы фӕфӕсмон кӕндзысты.

      6–8. а) Йесо куыд бамбарын кодта, мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы, уый? б) Йесойы зондджын уынаффӕтӕй куыд зыны, уыцы зонд ӕм йӕ Фыдӕй кӕй уыд?

      6 Зӕгъӕм, Матфейы 6-ӕм сӕры фыст ис Йесойы уынаффӕ, цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр тыхсын кӕй нӕ хъӕуы, уый фӕдыл. Йесо загъта: «Уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, науӕд уӕ уӕлӕ цы скӕнат» (25 стих). Хӕрд ӕмӕ уӕлӕдарӕс алкӕй дӕр хъӕуы. Ӕмӕ уыдӕттӕ амал кӕныныл адӕм ӕгӕр бирӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ нын Йесо загъта: «Мауал мӕт кӕнут»b. Афтӕ цӕмӕн загъта?

      7 Йесо бамбарын кодта, мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы, уый. Йегъовӕ нын радта цард. Ӕмӕ нӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр нын ратдзӕн, зӕгъӕм, хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕс (25 стих). Йегъовӕ мӕргъты ӕфсады ӕмӕ дидинджытӕ рӕсугъд сфӕлынды. Ӕмӕ уӕд йӕ лӕггадгӕнджытыл нӕ батыхсдзӕн? (26, 28–30 стихтӕ). Мӕт кӕнынӕй ӕппындӕр ницы пайда ис. Куы мӕт кӕнӕм, уӕд нӕ цардыл иу бон дӕр нӕ бафтдзӕнc (27 стих). Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма мӕт кӕнӕм? Йесо загъта: царды уын ӕппӕты сӕйрагдӕр уӕд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Афтӕ чи кӕны, уыдон хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕной, сӕ уӕларвон Фыд сын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, «ӕппӕт уыдӕттӕ» (33 стих). Уымӕй уӕлдай ма Йесо загъта, алы бонӕн дӕр йӕхи зындзинӕдтӕ фаг кӕй сты ӕмӕ, райсом цы уыдзӕн, ууыл катай кӕнын кӕй нӕ хъӕуы (34 стих). Стӕй, цӕмӕй тӕрсӕм, уыдӕттӕ, чи зоны, цӕугӕ дӕр макуы ’ркӕной. Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕхи бирӕ мӕстытӕй ӕмӕ зӕрдӕнизӕй бахиздзыстӕм.

      8 Адӕмы уынаффӕтӕ цыфӕнды хорз ма уой, уӕддӕр, рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд дзы фӕхъӕуы цыдӕртӕ фӕивын кӕнӕ сӕ ӕндӕртӕй баивын, уымӕн ӕмӕ ницыуал пайда вӕййынц. Фӕлӕ Йесойы уынаффӕтӕй уый зӕгъӕн нӕй. Кӕд сыл 2 000 азы бӕрц рацыд, уӕддӕр абоны онг дӕр пайда сты. Уымӕй бӕрӕг у, уыцы зонд ӕм йӕ Фыдӕй кӕй уыд. Ӕцӕгдӕр, Йесо уыди Диссаджы уынаффӕгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ дзырдта «Хуыцауы ныхӕстӕ» (Иоанны 3:34).

      Адӕмы куыд ахуыр кодта

      9. Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, уый тыххӕй ӕфсӕддонтӕ цы загътой ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ раст цӕмӕн уыдысты?

      9 Дыккаг, Йесо ма Хуыцауы зонд раргом кодта, адӕмы куыд ахуыр кодта, уымӕй дӕр. Иухатт дины разамонджытӕ ӕфсӕддонты Йесойы ӕрцахсынмӕ арвыстой, фӕлӕ йӕ не ’рцахстой. Цӕуылнӕ? Ӕфсӕддонтӕ загътой: «Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуы ничи дзырдта» (Иоанны 7:45, 46). Ӕмӕ мӕнгӕй ницы загътой. Зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ Йесо бирӕ рӕстӕг фӕцард уӕлӕрвты. Уымӕ гӕсгӕ, уый цас зыдта ӕмӕ федта, уыйбӕрц иу адӕймаг дӕр нӕ зыдта ӕмӕ нӕ федта (Иоанны 8:23). Иннӕты ахуыр кӕнынмӕ Йесойы хуызӕн иу адӕймаг дӕр нӕ арӕхст. Ӕркӕсӕм, ӕппӕты зондджындӕр Ахуыргӕнӕг адӕмы куыд ахуыр кодта, уымӕ.

      «Адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл»

      10, 11. а) Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ хорз цӕмӕй уыдысты? б) Йесо-иу фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы ахсджиаг хъуыдытӕ куыд бамбарын кодта, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

      10 Йесо пайда кодта фӕсномыг ныхӕстӕй. Библийы кӕсӕм: «Йесо ӕппӕт ацы хабӕрттӕ адӕмӕн амыдта фӕсномыг ныхӕстӕй. Ӕмӕ сын ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй ницы дзырдта» (Матфейы 13:34). Ахсджиаг ахуырӕдтӕ Йесо хуымӕтӕг цӕвиттонты фӕрцы куыд ӕмбарын кодта, уый диссаг у. Зӕхкусӕг хор тауы, сылгоймаг хыссӕ кӕны, сывӕллӕттӕ уынджы хъазынц, кӕсагахсджытӕ сӕ хызтӕ доны ӕппарынц, фыййау йӕ сӕфт фысы агуры – ахӕм хабӕрттӕ адӕм иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой. Ахсджиаг ахуырӕдтӕ-иу зонгӕ хабӕрттимӕ кӕй сбаста, уый фӕрцы адӕмӕн ӕнцондӕр уыд, цӕмӕй-иу сӕ бамбӕрстаиккой, бахъуыды-иу сӕ кодтаиккой ӕмӕ-иу сӕ спайда кодтаиккой (Матфейы 11:16–19; 13:3–8, 33, 47–50; 18:12–14).

      11 Йесо-иу арӕх цыбыр хабӕрттӕ радзырдта, цӕмӕй-иу адӕмӕн ахсджиаг цыдӕртӕ бацамыдтаид. Ахӕм хабӕрттӕ ӕнцон бамбарӕн ӕмӕ бахъуыды кӕнӕн вӕййынц. Ӕмӕ-иу Йесо афтӕ арӕх кодта, цӕмӕй-иу адӕм бахъуыды кодтаиккой, цы сын амыдта, уый. Йесо йӕ фӕсномыг ныхӕстӕй бирӕты ирдӕй равдыста, йӕ Фыдмӕ цы миниуджытӕ уыд, уый, ӕмӕ-иу сӕ адӕм никуыуал ферох кодтой. Зӕгъӕм, сӕфт фырты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд, уый чи нӕ бамбардзӕн? Уыцы хабарӕй бӕрӕг у, исчи йе ’взӕр митыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ йын фӕлмӕнзӕрдӕ фыдау уый бар кӕй ратдзӕн, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕха (Лукайы 15:11–32).

      12. а) Адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ Йесо фарстатӕй цӕмӕн пайда кодта? б) Йесо куыд ныхъхъус кодта, йӕ бартыл ын чи дызӕрдыг кодта, уыдоны?

      12 Йесо пайда кодта фарстатӕй. Фарстаты руаджы Йесо адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу ын йӕ ныхӕстыл арф ахъуыды кодтаиккой, сӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккастаиккой кӕнӕ-иу уынаффӕтӕ рахастаиккой (Матфейы 12:24–30; 17:24–27; 22:41–46). Цы арӕзта, уыдӕттӕ аразыны бар ын Хуыцау кӕй радта, ууыл дины разамонджытӕ куы дызӕрдыг кодтой, уӕд сӕ бафарста: «Иоанмӕ донаргъуыд дӕттыны бар уӕларвӕй уыд ӕви йын ӕй адӕм радтой?» Ахӕм фарста фехъусгӕйӕ хорзау нал фесты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нын зӕгъдзӕн, ӕмӕ йыл уӕд цӕуылнӕ баууӕндыдыстут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ афтӕ дӕр куыд зӕгъӕм, адӕм ын радтой уыцы бар, зӕгъгӕ?» Фӕлӕ «уый зӕгъын та адӕмӕй нӕ уӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Иоанны иууылдӕр пехуымпарыл нымадтой». Ӕмӕ ӕппынфӕстаг Йесойӕн дзуапп радтой: «Нӕ йӕ зонӕм» (Марчы 11:27–33; Матфейы 21:23–27). Уыцы хуымӕтӕг фарста сӕм куы радта, уӕд, цы загътаиккой, уый нал зыдтой ӕмӕ уымӕй се ’взӕр фӕндтӕ раргом сты.

      13–15. Хӕларзӕрдӕ самариаджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй Йесойы зонды тыххӕй цы ис базонӕн?

      13 Хатт-иу адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ Йесо уыцы иу рӕстӕг спайда кодта фӕсномыг ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ фарстатӕй дӕр. Исты хабар-иу куы радзырдта, уӕд-иу фарстатӕ радта, цӕмӕй-иу ыл ахъуыды кодтаиккой. Моисейы закъон хорз чи зыдта, иу ахӕм дзуттаг лӕг Йесойы бафарста, цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон, зӕгъгӕ. Йесо йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Закъон адӕмы кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ иннӕты уарзой. Уыцы лӕг йӕхи рӕстаг адӕймаг хуыдта ӕмӕ уый равдисыны тыххӕй Йесойы бафарста: «Ӕмӕ, кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты?» Уӕд ын Йесо иу хабар ракодта. Иу дзуттаг лӕг фӕндагыл иунӕгӕй фӕцӕйцыд ӕмӕ абырджыты къухтӕм бахауд. Уыдон ӕй фӕнадтой ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмардӕй ныууагътой. Уый фӕстӕ уыцы фӕндагыл фӕцӕйцыд сауджын, уый фӕстӕ та – левит. Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты дзуттӕгтӕ. Фӕлӕ йӕ иу дӕр ницӕмӕ ӕрдардта. Уыцы фӕндагыл ма фӕцӕйцыд иу самариаг лӕг дӕр. Уый йын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын йӕ цӕфтӕ бабаста. Стӕй йӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ фысымуатмӕ баласта, цӕмӕй йӕхимӕ ӕрцыдаид. Йесо уыцы хабар дзырд куы фӕци, уӕд ӕм фарста чи радта, уыцы лӕджы бафарста: «Куыд дӕм кӕсы, абырджыты къухтӕм чи бахауд, уыцы адӕймаджы уыцы ӕртӕйӕ чи уарзта?» Лӕг ын дзуапп радта: «Чи йын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын чи баххуыс кодта, уый» (Лукайы 10:25–37). Уӕдӕ йын ӕндӕр цы хъуамӕ загътаид?!

      14 Ацы фӕсномыг ныхасӕй Йесойы зонды тыххӕй цы ис базонӕн? Дзуттӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ «иннӕтӕ» сты, се ’гъдӕуттӕ сын иууылдӕр чи ӕххӕст кодта, ӕрмӕстдӕр уыдон. Уымӕ гӕсгӕ самариӕгты нӕ нымадтой, кӕй хъуамӕ уарзтаиккой, ахӕм адӕмыл (Иоанны 4:9). Ӕмӕ, зӕгъӕм, кӕй фӕнадтой, уыцы лӕг самариаг уыд, чи йын баххуыс кодта, уый та – дзуттаг. Цымӕ уӕд Йесо, чи йӕ бафарста, уыцы дзуттаг лӕгӕн баххуыс кодтаид, цӕмӕй иннӕ адӕмтӕм ӕвзӕр цӕстӕй мауал кастаид? Йесо барӕй радзырдта, самариаг лӕг дзуттаг лӕгӕн кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй. Стӕй-ма дӕ хъус ӕрдар, фӕстагмӕ йӕм цавӕр фарста радта, уымӕ дӕр. Уыцы фарста, Закъон хорз чи зыдта, уыцы лӕгӕн хъуамӕ баххуыс кодтаид, иннӕты уарзын цы нысан кӕны, уый хуыздӕр бамбарынӕн. Дзуттаг лӕджы фарста ӕндӕр ныхӕстӕй зӕгъӕн ис афтӕ: «Чи у уый аккаг, цӕмӕй йӕ уарзон?» Фӕлӕ йын Йесо йӕхи бафарста: «Куыд дӕм кӕсы... уыцы адӕймаджы уыцы ӕртӕйӕ чи уарзта?» Йе ’ргом ын аздӕхта, хорздзинад кӕмӕн ракодтой, ома, кӕй фӕнадтой, уымӕ нӕ, фӕлӕ, хорздзинад чи ракодта, уымӕ, ома самариагмӕ. Иннӕты чи уарзы, уый сын хорздзинад фӕаразы, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр. Йесо уыцы фарста куыд бамбарын кодта, уый йе стыр зондыл дзурӕг у.

      15 Зын бамбарӕн нӕу, адӕм цӕмӕн дис кодтой, «куыд сӕ ахуыр кодта», ууыл ӕмӕ йӕм афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуыстой, уый (Матфейы 7:28, 29). Иухатт «дуне адӕм» йемӕ ӕртӕ боны фесты, хӕрынмӕ дӕр-иу нӕ ацыдысты (Марчы 8:1, 2).

      Куыд цард

      16. Йесо Хуыцауы зондмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый хъуыддагӕй куыд равдыста?

      16 Ӕртыккаг, Йесо Йегъовӕйы зонд раргом кодта, куыд царди, уымӕй. Зонд бӕрӕг вӕййы хъуыддӕгтӕй. Ахуыргӕнинаг Иаков бафарста: «Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у?» Стӕй йӕ фарстайӕн йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Равдисӕд ӕй йӕ хъуыддӕгтӕй» (Иаковы 3:13). Йесойӕн йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы зондмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый. Уый йӕ цардӕй ӕмӕ, иннӕтӕн куыд уыди, уымӕй куыд зынди?

      17. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо ӕгӕр карз дӕр ӕмӕ ӕгӕр фӕлмӕн дӕр кӕй нӕ уыд, уый?

      17 Ӕмбаргӕдзинад кӕмӕн нӕ фӕфаг кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ кӕнӕ ӕгӕр карз вӕййынц, кӕнӕ та ӕгӕр фӕлмӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ ӕмӕ митӕ фӕкӕнынц. Йесо Хуыцауы зондмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр ӕгӕр карз уыд, нӕдӕр ӕгӕр фӕлмӕн. Йесойӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын. Йесо загъта: «Уый тыххӕй ӕрцыдтӕн» (Марчы 1:38). Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у бамбарын, ӕхца ӕмӕ йын исбон ахсджиаг цӕуылнӕ уыдысты, уый, ӕмӕ йӕм, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ цыдӕртӕ нӕ уыд (Матфейы 8:20). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йесойы ӕппындӕр ницы хъуыди ӕмӕ цин кӕнын дӕр нӕ зыдта. Йӕ Фыд у «амондджын Хуыцау». Ӕмӕ уый дӕр йӕ Фыдау уыди амондджын адӕймаг ӕмӕ уарзта иннӕты циныл цин ӕфтауын (1 Тимофеймӕ 1:11; 6:15). Иухатт Йесо уыд чындзӕхсӕвы. Ахӕм цины хабары рӕстӕг адӕм фӕкафынц, фӕзарынц ӕмӕ фӕцин кӕнынц. Ӕмӕ Йесо дӕр йӕхи афтӕ нӕ дардта, цӕмӕй иннӕтӕн сӕ цин фехӕлдтаид. Сӕ сӕн куы фӕци, уӕд ма дон хорз сӕн дӕр фестын кодта. Сӕн Хуыцау радта, «цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна» (Псалом 104:15; Иоанны 2:1–11). Йесойы-иу бирӕ хӕттыты фӕхуыдтой къӕбӕр бахӕрынмӕ, ӕмӕ-иу уыцы фадатӕй арӕх спайда кодта, цӕмӕй-иу адӕмы ахуыр кодтаид (Лукайы 10:38–42; 14:1–6).

      18. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй куыд зыны, стыр зонды хицау кӕй у, уый?

      18 Йесо иннӕтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй бӕрӕг уыд, стыр зонды хицау кӕй у. Уый тынг хорз ӕмбӕрста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы хъуыды кодтой, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ сӕм уыди ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы уыди, уый. Ӕнӕххӕст кӕй уыдысты, уый хорз зыдта. Фӕлӕ сын сӕ хорз миниуджытӕ дӕр уыдта. Йегъовӕ йӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодта, уыдонӕй алчидӕр цавӕр адӕймаг суыдзӕн, уый уыдта (Иоанны 6:44). Ӕмӕ-иу кӕд фӕрӕдыдысты, уӕддӕр сыл ӕууӕндыд. Уый бӕрӕг у, тынг ахсджиаг хъуыддаг сын кӕй бахӕс кодта, уымӕй – хорз хабар хъусын кӕнын (Матфейы 28:19, 20). Йесойы фидарӕй уырныдта, сӕ бон ӕй сӕххӕст кӕнын кӕй суыдзӕн. Хъуыддӕгты чиныгӕй базонӕн ис, Йесо сын цы бафӕдзӕхста, уый иузӕрдионӕй кӕй ӕххӕст кодтой (Хъуыддӕгтӕ 2:41, 42; 4:33; 5:27–32). Уӕдӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл кӕй ӕууӕндыд, уый зондыл дзурӕг уыди.

      19. Йесо «фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» кӕй уыди, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

      19 Дыууынӕм сӕрӕй базыдтам, ӕцӕг зондджын чи вӕййы, уый ма сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ дӕр кӕй вӕййы. Ӕмӕ нын уымӕй ӕппӕты тынгдӕр фӕзминаг у Йегъовӕ Хуыцау. Йесо дӕр тынг сӕрныллӕг уыд. Уый бӕрӕг у, йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр диссаг у. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй уӕлдай Йесо ӕххӕст адӕймаг уыди. Фӕлӕ сӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ каст. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕхи ницӕйагыл нымадтаиккой ӕмӕ сӕм афтӕ кастаид, ӕмӕ рӕстмӕ ницы аразынц. Уый нӕ, фӕлӕ Йесо ӕмбӕрста, сӕ бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ-иу куы фӕрӕдыдысты, уӕд-иу сӕм нӕ рамӕсты (Марчы 14:34–38; Иоанны 16:12). Суанг ма сывӕллӕттӕн дӕр йемӕ ӕнцон уыд, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрстой, «фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» кӕй уыди (Матфейы 11:29; Марчы 10:13–16).

      20. Йесо ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста, йӕ чызджы хӕйрӕджытӕ удхарӕй кӕмӕн мардтой, уыцы сылгоймаг ӕм куы бацыд, уӕд?

      20 Гӕнӕн-иу куы уыди, уӕд ма-иу Йесо Йегъовӕйау сӕрныллӕгдзинад равдыста. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, ӕндӕр адӕмӕй чи уыд, ахӕм сылгоймаг ын куы лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ чызджы хӕйрӕджытӕй фервӕзын кодтаид, уыцы хабар. Йесо йын ӕртӕ хатты бамбарын кодта, кӕй йын нӕ баххуыс кӕндзӕн. Фыццаг уал Йесо сылгоймагмӕ ницы сдзырдта. Фӕлӕ йын уый фӕстӕ загъта, Хуыцау ӕй ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕн баххуыс кӕнынмӕ кӕй рарвыста. Фӕстагмӕ та йын цӕвиттоны фӕрцы фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, цӕуылнӕ йын баххуыс кӕндзӕн, уый. Фӕлӕ сылгоймагӕн ахӕм фидар уырнындзинад уыд, ӕмӕ йын уӕддӕр лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Йесо куыд бакодта? Саразынмӕ цы нӕ хъавыд, уый сарӕзта. Сылгоймагӕн йӕ чызджы сдзӕбӕх кодта (Матфейы 15:21–28). Йесо диссаджы сӕрныллӕгдзинад равдыста. Дӕ зӕрдыл дар, ӕцӕг сӕрныллӕг чи вӕййы, ӕцӕг зондджын дӕр уый кӕй вӕййы.

      21. Йесойы алцӕмӕй дӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕзмӕм?

      21 Йесойӕ зондджындӕр адӕймаг зӕххыл никуы уыд ӕмӕ никуы уыдзӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ Библийы кӕй ныффыссын кодта, уый тыххӕй. Уӕдӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн кӕй уыд. Йесомӕ цы миниуджытӕ уыд, уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уымӕй йӕ куы фӕзмӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы зондмӕ кӕй хъусӕм. Иннӕ сӕрӕй фылдӕр базондзыстӕм, Хуыцауы зондмӕ хъусын нӕ бон куыд у, уый тыххӕй.

      a Уӕды заман хъӕддӕснытӕ арӕзтой хӕдзӕрттӕ, стӕй хӕдзары ӕмӕ зӕхкусӕн дзауматӕ. Нӕ эрӕйы дыккаг ӕнусы иу фыссӕг Йесойы тыххӕй ныффыста: «Зӕххыл куы цард, уӕд уыди хъӕддӕсны ӕмӕ гутӕттӕ ӕмӕ ӕфсондзтӕ арӕзта».

      b «Мӕт кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны, адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕ кӕй адзӕгъӕл вӕййынц. Матфейы 6:25 стихы ацы дзырд амоны, адӕймаг тынг куы фӕтыхсы кӕнӕ тынг куы фӕтӕрсы, уӕд йӕ бон кӕй ницӕуылуал вӕййы хъуыды кӕнын ӕмӕ цин дӕр кӕй ницӕуылуал фӕкӕны.

      c Дохтыртӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй алцӕуыл дӕр чи фӕмӕт кӕны, уыцы адӕммӕ арӕх фӕзыны зӕрдӕйы низтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр низтӕ, ӕмӕ сын тӕссаг вӕййы, ӕрыгонӕй куы амӕлой, уымӕй.

      Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

      • Ӕмбисӕндтӕ 8:22–31. Ацы стихты зонды тыххӕй цы фыст ис, уый Йесомӕ ахӕссӕн цӕмӕн ис?

      • Матфейы 13:10–15. Йесо фӕсномыг ныхӕстӕй цӕмӕн пайда кодта, уымӕн йӕ иу аххосаг цы уыд?

      • Иоанны 1:9–18. Йесойӕн йӕ бон цӕмӕн уыди Хуыцауы зонд раргом кӕнын?

      • Иоанны 13:2–5, 12–17. Йесо цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ апостолтӕ бамбӕрстаиккой, кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уыдаиккой, уый?

  • «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» дӕм кӕй ис, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • Хо иртасы Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ.

      22 СӔР

      «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» дӕм кӕй ис, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

      1–3. а) Соломон дыууӕ сылгоймаджы быцӕу куыд аскъуыддзаг кодта, уымӕй стыр зонд куыд равдыста? б) Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

      ДЫУУӔ сылгоймаджы цардысты иу хӕдзары. Ӕмӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр уыцы иу рӕстӕг лӕппутӕ райгуырд. Фӕлӕ сӕ иу амард. Ӕмӕ дыууӕ сылгоймаджы дӕр удӕгас сывӕллонӕй дзырдтой, мӕн у, зӕгъгӕa. Цы ’рцыд, уый сӕ дыууӕйы йеддӕмӕ ничи зыдта. Ӕвӕццӕгӕн, тӕрхонгӕнджытӕ архайдтой, хабар куыд уыд, уый базоныныл, фӕлӕ сын нӕ рауад. Ӕппынфӕстаг сылгоймӕгтӕ бацыдысты Израилы паддзах Соломонмӕ, цӕмӕй сын уый сӕ хъуыддаг равзӕрстаид. Цымӕ Соломон базыдта, дыууӕ сылгоймагӕй удӕгас лӕппуйы мад чи уыди, уый?

      2 Соломон иуцасдӕр фӕхъуыста, дыууӕ сылгоймаджы куыд загъд кодтой, уымӕ. Стӕй хъама рахӕссын кодта ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, сывӕллоны дыууӕ дихы фӕкӕнут, ӕмӕ дзы иу хай иу сылгоймагӕн раттут, иннӕ та – иннӕмӕн. Фӕлӕ, сывӕллон ӕцӕгдӕр кӕй уыди, уыцы сылгоймаг паддзахӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ иннӕ сылгоймагӕн радтаид. Иннӕ сылгоймаг та дзырдта, цӕмӕй йӕ дыууӕ дихы фӕкодтаиккой. Афтӕмӕй Соломон базыдта, сывӕллон дзы кӕцыйы уыд, уый. Паддзах зыдта, мад йӕ хъӕбулы куыд тынг фӕуарзы, уый ӕмӕ раст уынаффӕ рахаста. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, мад куыд сулӕфыд, Соломон ын йӕ сывӕллоны куы раттын кодта ӕмӕ куы загъта, «уый у йӕ мад», зӕгъгӕ, уӕд! (1 Паддзӕхты 3:16–27).

      3 Цы зондджын уынаффӕ рахаста Соломон! Адӕм уыцы хабары тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд тынг дис кодтой, «уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы зондӕй хайджын кӕй уыд». Ӕцӕгдӕр, уыцы зонд ын Хуыцауы лӕвар уыд. Йегъовӕ йын радта ахӕм «зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ» (1 Паддзӕхты 3:12, 28). Фӕлӕ цымӕ Хуыцау мах дӕр зондӕй схайджын кӕндзӕн? О. Йегъовӕ Соломонӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ныффыссын кодта: «Зонд дӕтты Йегъовӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 2:6). Йегъовӕ зӕрдӕ ’вӕры, зонд кӕй ратдзӕн, зонд ӕцӕгдӕр чи агуры, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Уӕдӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ зондӕй схайджын кӕна? Ӕмӕ нӕ бон куыд у уыцы зондӕй пайда кӕнын?

      Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ зондӕй схайджын кӕна?

      4–7. Цавӕр цыппар хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй зонд амал кӕнӕм?

      4 Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ зондӕй схайджын кӕна, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ цавӕрдӕр диссаджы курдиӕттӕ кӕнӕ уӕлдӕр ахуыр уа? Нӕ. Йегъовӕ нӕ кӕсы, чи стӕм ӕмӕ нӕм цы ахуырад ис, уымӕ, цӕмӕй нӕ зондӕй схайджын кӕна (1 Коринфӕгтӕм 1:26–29). Фӕлӕ мах дӕр хъуамӕ цыдӕр аразӕм, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, «амал кӕн зонд», зӕгъгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 4:7). Уый нӕ бон куыд у аразын?

      5 Фыццаг, хъуамӕ Хуыцауӕй тӕрсӕм. Ӕмбисӕндты 9:10 стихы фыст ис: «Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн». Уӕдӕ цӕмӕй ӕцӕг зондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕ тӕрсӕм. Цӕмӕн? Куыд базыдтам, афтӕмӕй адӕймаг зондджын кӕй у, уый бӕрӕг вӕййы, йӕ зонындзинӕдтӕй раст кӕй фӕпайда кӕны, уымӕй. Хуыцауӕй тӕрсын афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ дзы ӕмризӕджы ризӕм, фӕлӕ йын кӕй аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс дарӕм. Уый нын пайда хӕссы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, раст цы у, уый аразӕм ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм. Царды уымӕй хуыздӕр ницы ис, уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ цы дзуры, уый алкӕддӕр нӕ пайдайӕн вӕййы.

      6 Дыккаг, хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ. Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондӕй схайджын вӕййынц, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон (Ӕмбисӕндтӕ 11:2). Цӕмӕн? Кӕд сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ стӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, алцы кӕй нӕ фӕзонӕм ӕмӕ хатт цыдӕртӕ раст кӕй нӕ фембарӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу кӕй хъуамӕ базонӕм, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый. Йегъовӕ «сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у», сӕрныллӕг чи у, уыдонӕн та хай кӕны йӕ зондӕй (Иаковы 4:6).

      7 Ӕртыккаг, хъуамӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнӕм. Йегъовӕ нын йӕ зонд йӕ Ныхасы ӕргом кӕны. Цӕмӕй уыцы зонд амал кӕнӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ агурӕм, нӕхиуыл ма ауӕрдӕм, афтӕмӕй (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5). Ӕмӕ цыппӕрӕм, хъуамӕ кувӕм. Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы кувӕм, цӕмӕй нын зонд ратта, уӕд нын рӕдауӕй дӕтдзӕн (Иаковы 1:5). Ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тыхы ӕххуыс куы курӕм, уӕд дӕр нӕ фехъусдзӕн. Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон вӕййы Библийы хорз уынаффӕтӕ ссарын. Уыдон нын баххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу нӕ зындзинӕдты сӕрты ахизӕм, бӕллӕхтӕй-иу нӕхи бахизӕм ӕмӕ-иу алы уавӕры дӕр зондӕй архайӕм (Лукайы 11:13).

      Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд амал кӕнынӕн хъӕуы фыдӕбон кӕнын

      8. Кӕд Хуыцауы зондӕй хайджын стӕм, уӕд уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

      8 Ӕвддӕсӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй нын Йегъовӕйы зонд пайда хӕссы. Уӕдӕ кӕд Хуыцауы зондӕй хайджын стӕм, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ хъуыддӕгтӕй. Ахуыргӕнинаг Иаков ранымадта, Хуыцауы зондӕй хайджын чи у, ахӕм адӕймаджы миниуджытӕ: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын, хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ» (Иаковы 3:17). Ацы миниуджытыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондӕй хайджын кӕй дӕн?»

      «Фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг»

      9. Сыгъдӕг уай, уый куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ Иаков фыццаг сыгъдӕгдзинады кой цӕмӕн скодта?

      9 «Фыццаджыдӕр у сыгъдӕг». Сыгъдӕг уай, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕст нӕ хъуыддӕгтӕ ма уой сыгъдӕг, фӕлӕ ма нӕ хъуыдытӕ дӕр. Библийы фыст ис, зонд зӕрдӕйы кӕй скӕны бынат. Фӕлӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ кӕмӕ ис ӕмӕ фыдвӕндтӕ чи кӕны, уыдоны Йегъовӕ йӕ зондӕй не схайджын кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 2:10; Матфейы 15:19, 20). Нӕ зӕрдӕ сыгъдӕг куы уа, уӕд нӕхи ӕвзӕрдзинадӕй хиздзыстӕм ӕмӕ хорздзинад араздзыстӕм (кӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ бынтон сыгъдӕг уа, уӕддӕр) (Псалом 37:27; Ӕмбисӕндтӕ 3:7). Уӕдӕ бӕрӕг у, Иаков, Хуыцауы зондӕй хайджын чи у, ахӕм адӕймаджы миниуджытӕ куы ранымадта, уӕд фыццаг сыгъдӕгдзинады кой цӕмӕн скодта, уый. Уӕдӕ цӕмӕй иннӕ миниуджытӕ дӕр ӕвдисӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уӕм.

      10, 11. а) Иннӕтимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрын ахсджиаг цӕмӕн у? б) Кӕйдӕр кӕй фӕхъыг кодтай, уый куы бамбарай, уӕд цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, фарнмӕ кӕй тырныс? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

      10 «Стӕй фарнуарзаг». Йегъовӕйы зондӕй хайджын куы уӕм, уӕд иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрдзыстӕм. Уымӕй ма бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ кӕй хъусӕм (Галатӕгтӕм 5:22). Нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй, Йегъовӕйы адӕмы кӕрӕдзийыл чи бӕтты, уыцы «фарны тӕгтӕ» ма аскъуынӕм (Ефесӕгтӕм 4:3). Стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй искӕимӕ куы нӕ фидауӕм, уӕд архайӕм, цӕмӕй та ногӕй не ’хсӕн фарн уа. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Библийы фыст ис: «Дарддӕр дӕр... кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут, ӕмӕ уарзондзинады ӕмӕ фарны Хуыцау уыдзӕн уемӕ» (2 Коринфӕгтӕм 13:11). Уӕдӕ цалынмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрӕм, уӕдмӕ фарны Хуыцау уыдзӕн немӕ. Йегъовӕ нӕ Хӕлар уыдзӕн ӕви нӕ, уый баст у, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куыд стӕм, уыимӕ. Нӕ бон куыд у фарнмӕ тырнын? Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.

      11 Хотӕй кӕнӕ ’фсымӕртӕй кӕйдӕр кӕй фӕхъыг кодтай, уый куы бамбарай, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Йесо загъта: «Дӕ кувинагимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбацӕуай ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууа, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый, уӕд дӕ кувинаг уым нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ ацу, де ’фсымӕримӕ уал бафидау, стӕй уӕд ӕрбаздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой дӕр бакӕн» (Матфейы 5:23, 24). Уӕдӕ хъуамӕ де ’фсымӕрмӕ ацӕуай ӕмӕ йемӕ аныхас кӕнай. Ӕмӕ дӕ нысан цы хъуамӕ уа? Хъуамӕ йемӕ «бафидауай»b. Уый тыххӕй дӕ, чи зоны, уыцы ӕфсымӕрӕн бахъӕуа зӕгъын, кӕй йӕ фӕхъыг кодтай, уый кӕй ӕмбарыс. Афтӕ йын куы зӕгъай, ахӕмӕй ницы сарӕзтон, цӕмӕй мӕм фӕхӕрам уай, уӕд уын бафидауын нӕ рауайдзӕн. Йемӕ ныхас кӕнгӕйӕ-иу ма рох кӕн, йемӕ бафидауын дӕ кӕй фӕнды ӕмӕ-иу архай, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Уӕд уӕ бон бауыдзӕн уӕ кӕрӕдзи бамбарын, ӕмӕ, куы хъӕуа, уӕд кӕрӕдзийӕ хатыр ракурын ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ныххатыр кӕнын дӕр. Дӕ бон цы у, уый куы аразай, цӕмӕй бафидауат, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы зондӕй кӕй архайыс.

      «Ӕмбаргӕ, коммӕгӕс»

      12, 13. а) Иаковы 3:17 стихы дзырд «ӕмбаргӕ»-йӕ кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзырдӕн йӕ хъуыды цы у? б) Ӕмбаргӕ кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

      12 «Ӕмбаргӕ». Цавӕр адӕймаджы ис ӕмбаргӕ схонӕн? Иаковы 3:17 стихы дзырд «ӕмбаргӕ»-йӕ кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы грекъаг дзырд ӕндӕр ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнын ӕнцон нӕу. Гӕнӕн ис, йӕ хъуыды уа «фӕлмӕн», «фӕразон» кӕнӕ «хӕларзӕрдӕ». Ӕмбаргӕ кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

      13 Филиппӕгтӕм 4:5 стихы фыст ис: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр». Ацы стихӕй бӕрӕг у, фаг кӕй нӕу, цӕмӕй нӕхӕдӕг нӕхи хонӕм ӕмбаргӕ. Ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ дӕр нымайой ахӕм адӕймагыл. Ӕмбаргӕ адӕймаг иннӕтӕй нӕ домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр бӕлвырд уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайой кӕнӕ цӕмӕй алкӕддӕр, уый куыд фӕнды, афтӕ кӕной. Ахӕм адӕймаг иннӕты хъуыдымӕ байхъусы ӕмӕ, йӕ бон куы вӕййы, уӕд сӕ фӕндыл сразы вӕййы. Стӕй карз ныхас никуы фӕкӕны ӕмӕ вӕййы фӕлмӕн. Ацы миниуӕг хъуамӕ алы чырыстонмӕ дӕр уа, уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгтӕм. Хистӕр нӕлгоймаг фӕлмӕн куы уа, уӕд иннӕтӕн йемӕ ныхас кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн (1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8). Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Цымӕ мӕн дӕр ӕрхъуыдыджын, ӕнцондзырд ӕмӕ фӕлмӕн адӕймагыл нымайынц?»

      14. «Коммӕгӕс» кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

      14 «Коммӕгӕс». «Коммӕгӕс»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕрмӕстдӕр ацы стихы ӕмбӕлы. Иу библииртасӕг куыд загъта, афтӕмӕй, ацы дзырдӕй арӕх пайда кодтой, бардзырдтӕ ӕнӕзивӕгӕй чи ӕххӕст кодта, ахӕм ӕфсӕддонты кой кӕнгӕйӕ. Ацы дзырдӕй схонӕн ис, цӕуылдӕр ӕнцонтӕй чи сразы вӕййы, ахӕм адӕймаджы. Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондӕй чи архайы, уый ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕны, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый. Ахӕм адӕймаг йӕхи ныхасыл нӕ ныллӕууы. Исты куы сфӕнд кӕны кӕнӕ исты уынаффӕ куы рахӕссы, фӕлӕ йын исчи куы бамбарын кӕны, Библимӕ гӕсгӕ йӕ уынаффӕ раст кӕй нӕу, уӕд уайтагъд йӕ хъуыды аивы. Дӕу дӕр ахӕм адӕймагӕй зонынц?

      «Ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын»

      15. Цы у фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ Иаковы 3:17 стихы «фӕлмӕнзӕрдӕ» ӕмӕ «хорз хъуыддӕгтӕ» фӕд-фӕдыл фыст цӕмӕн сты?

      15 «Ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын». Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд кӕмӕ ис, уый ӕнӕмӕнгдӕр вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ахӕм зонды тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уый «ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ». Дӕ хъус-ма ӕрдар, «фӕлмӕнзӕрдӕ» ӕмӕ «хорз хъуыддӕгтӕ» фӕд-фӕдыл фыст кӕй сты. Ӕмӕ уый хуымӕтӕджы нӕу, уымӕн ӕмӕ Библи арӕх «фӕлмӕнзӕрдӕ» фӕхоны, иннӕтӕн чи тӕригъӕд кӕны ӕмӕ сын уый тыххӕй бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, ахӕм адӕймаджы. Дзырд «фӕлмӕнзӕрдӕ» иу дзырдуат афтӕ ӕмбарын кӕны: «Зын уавӕры чи бахауд, ахӕм адӕймаджы рыст ӕмбарын ӕмӕ йын истӕмӕй баххуыс кӕныныл архайын». Уӕдӕ уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд кӕмӕ ис, уый ӕрмӕст хабӕрттӕ базонын нӕ фӕфӕнды. Уый хъуыды кӕны адӕмыл ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ӕрхъуыдыджын. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, «ӕгасӕй дӕр... фӕлмӕнзӕрдӕ» кӕй стӕм, уый?

      16, 17. а) Хуыцауы кӕй уарзӕм, уымӕй уӕлдай ма нӕ хъусын кӕнынмӕ цы разӕнгард кӕны ӕмӕ цӕмӕн? б) Фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

      16 Фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй стӕм, уый бӕрӕг у, иннӕтӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй дзурӕм, уымӕй. Хорз хабар дзурӕм, Хуыцауы кӕй уарзӕм, сӕйраджыдӕр уый тыххӕй. Фӕлӕ ма нӕ хорз хабар дзурын фӕнды, адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уый тыххӕй дӕр (Матфейы 22:37–39). Абон бирӕтӕ сты «ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матфейы 9:36). Мӕнг динты разамонджыты сӕ мӕт ӕппындӕр нӕй ӕмӕ сын рӕстдзинад нӕ амонынц. Уымӕ гӕсгӕ нӕ зонынц, Хуыцауы Ныхасы цы хорз уынаффӕтӕ ис ӕмӕ тагъд йӕ Паддзахад зӕххӕн цы арфӕдзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн, уый. Хорз хабар нырма бирӕтӕ кӕй нӕ фехъуыстой, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сын тӕригъӕд кӕндзыстӕм ӕмӕ, нӕ бон цы у, уый араздзыстӕм, цӕмӕй сын ӕй радзурӕм.

      Лӕг ӕмӕ ус сӕ дыууӕ сывӕллонимӕ ацӕргӕ хомӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй йын баххуыс кӕной; сӕ къухы ис хӕринӕгтӕ ӕмӕ кусӕнгӕрзтӕ.

      Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, кӕнӕ сын куы тӕригъӕд кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» нӕм кӕй ис

      17 Фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй стӕм, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм Йесойы фӕсномыг ныхас самариаг лӕджы тыххӕй. Уыцы лӕг фӕндаджы был федта, абырджыты къухтӕм чи бахауд, ахӕм нӕлгоймаджы. Уыдон ӕй фӕнадтой ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмардӕй ныууагътой. Самариаг лӕг ын «фӕтӕригъӕд кодта», йӕ цӕфтӕ йын бабаста ӕмӕ ма йӕм цӕмӕй хъуыди, уымӕй фӕкаст (Лукайы 10:29–37). Ацы хабарӕй бӕрӕг у, фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг хорздзинад кӕй ракӕны, ӕххуысхъуаг чи вӕййы, уымӕн. Библийы фыст ис, цӕмӕй «алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн» (Галатӕгтӕм 6:10). Нӕ бон цавӕр хорздзинӕдтӕ аразын у? Зӕгъӕм, ацӕргӕ хойы кӕнӕ ’фсымӕры хъӕуы ӕмбырдмӕ аласын ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ ӕрбаласын. Кӕнӕ идӕдз хойӕн хъӕуы йӕ хӕдзары цыдӕр бацалцӕг кӕнын (Иаковы 1:27). Йе та, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, ахӕм адӕймаджы хъӕуы «хорз ныхасӕй» бафидар кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 12:25). Ахӕм хъуыддӕгты фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куы ӕвдисӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд нӕм кӕй ис.

      «Хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ»

      18. Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонды фӕрцы нӕ бон цы у аивын ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

      18 «Хъулон никӕй кӕны». Хуыцауы зонд нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, йӕ буары хуыз ӕндӕр кӕмӕн у кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, уыцы адӕмӕй хуыздӕр стӕм. Куы бамбарӕм, иуты иннӕтӕй фылдӕр кӕй уарзӕм, уӕд хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй нӕ зондахаст аивӕм ӕмӕ макӕй хъулон кӕнӕм (Иаковы 2:9). Кӕмӕдӕрты хуыздӕр цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм, ахуыргонд кӕнӕ хъӕздыг кӕй сты, кӕнӕ ӕмбырды кадджын хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй. Фӕлӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр аргъ кӕндзыстӕм, уадиссаг курдиӕттӕ кӕмӕ нӕй, суанг уыдонӕн дӕр. Кӕд сӕ Йегъовӕ уарзы, уӕд сӕ мах куыннӕ хъуамӕ уарзӕм!

      19, 20. а) «Цӕстмӕ митӕ»-й тӕлмац чи ’рцыд, уыцы грекъаг дзырд куыд равзӕрд? б) Ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

      19 «Нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ». «Цӕстмӕ митӕ»-й цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый амоны, театры чи фӕхъазы, ахӕм адӕймагмӕ. Раджы заманты-иу Грецийы ӕмӕ Ромы артисттыл сценӕйыл уыди стыр маскӕтӕ. Уымӕ гӕсгӕ ацы дзырдӕй фӕстӕдӕр хонын райдыдтой, хин митӕ чи фӕкӕны кӕнӕ иннӕты чи фӕсайы, ахӕм адӕймаджы. Хуыцауы зондӕй хайджын куы уӕм, уӕд хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ахӕм митӕ никуы кӕндзыстӕм. Уыцы зонд ма хъуамӕ бӕрӕг уа, цы зӕрдӕ сӕм дарӕм, уымӕй дӕр.

      20 Апостол Петр загъта, зӕгъгӕ, кӕд «рӕстдзинады коммӕ... бакастыстут», уӕд хъуамӕ «ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй уарзат» (1 Петры 1:22). Хъуамӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты зӕрдӕйӕ уарзӕм, иннӕты цӕстмӕ нӕхи афтӕ ма ’вдисӕм, фӕлӕ. Уӕд ныл ӕууӕнддзысты, уымӕн ӕмӕ зондзысты, хин митӕ нӕм кӕй нӕй. Афтӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уыдзыстӕм ӕмӕ ӕмбырд алкӕмӕн дӕр хъарм къонайы хуызӕн уыдзӕн.

      «Фидар хӕц куырыхон зондыл»

      21, 22. а) Соломон Хуыцауы зондмӕ гӕсгӕ цӕуылнӕуал архайдта? б) Нӕ бон куыд у куырыхон зондыл фидар хӕцын ӕмӕ нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

      21 Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд у Йегъовӕйы зынаргъ лӕвар, ӕмӕ йыл хъуамӕ фидар хӕцӕм. Паддзах Соломон загъта: «Мӕ хъӕбул... фидар хӕц куырыхон зондыл ӕмӕ хъуыды кӕнын зон» (Ӕмбисӕндтӕ 3:21). Хъыгагӕн, ацы ныхӕстӕ Соломон йӕхӕдӕг ферох кодта. Цалынмӕ Хуыцауы коммӕ каст, уӕдмӕ уыди зондджын. Фӕлӕ йын ӕндӕр адӕмтӕй цы бирӕ устытӕ уыд, уыдон ын йӕ зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтой (1 Паддзӕхты 11:1–8). Соломоны хабарӕй бӕрӕг у, адӕймагӕн йӕ зонындзинӕдтӕ кӕй нӕ баххуыс кӕндзысты, раст сӕ куы нӕ пайда кӕна, уӕд.

      22 Нӕ бон куыд у куырыхон зондыл фидар хӕцын? Уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзух кӕсӕм Библи ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕ ӕмӕ архайӕм, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ (Матфейы 24:45). Хуыцауы зондӕй архайынӕй хуыздӕр ницы ис! Уый фӕрцы абон амондджын стӕм. Уыцы зонд нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «фидар ныххӕцӕм ӕцӕг цардыл» (1 Тимофеймӕ 6:19). Ӕцӕг цард у, Хуыцауы ног дунейы цы цард уыдзӕн, уый. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондӕй архайын куы ахуыр кӕнӕм, уӕд ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, зонд кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцау Йегъовӕмӕ.

      a 1 Паддзӕхты 3:16 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй сӕ дыууӕ дӕр уыдысты хӕтаг сылгоймӕгтӕ. Чиныджы «Понимание Писания» фыст ис: «Хӕтаг сылгоймӕгтӕ сӕ, чи зоны, уый тыххӕй хонынц, ӕмӕ сын лӕгтӕ нӕ уыд, афтӕмӕй ныййардтой. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дзуттӕгтӕ уыдысты, фӕлӕ, чи зоны, ӕндӕрбӕстӕгтӕ дӕр уыдысты».

      b «Бафидауын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды у, кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй мауал кӕсын ӕмӕ та ногӕй хӕларӕй цӕрын. Уӕдӕ дӕ нысан хъуамӕ уа, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, чи дӕм фӕхъыг, уыцы ӕфсымӕры зӕрдӕйы маст ссӕуын кӕнай (Ромӕгтӕм 12:18).

      Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

      • Дыккаг закъон 4:4–6. Зондджын кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

      • Псалом 119:97–105. Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

      • Ӕмбисӕндтӕ 4:10–13, 20–27. Йегъовӕ цы зонд дӕтты, уый нӕ цӕмӕн хъӕуы?

      • Иаковы 3:1–16. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ӕвдисын, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты, уый?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын