Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Гавриил фӕзынд Марийӕмӕ
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Зӕд Гавриил фӕзынд Марийӕмӕ

      69 СӔРГОНД

      Гавриил фӕзынд Марийӕмӕ

      Зӕд Иосифмӕ фыны фӕзынд

      Елизаветӕйӕн уыди иу хӕстӕг, ӕрыгон чызг Марийӕ. Марийӕ цард Галилейӕйы, горӕт Назареты. Тагъд ӕй хъуамӕ ракуырдтаид, хъӕддӕсныйы куыст чи кодта, иу ахӕм лӕг, Иосиф. Елизаветӕ ӕхсӕзӕм мӕй сывӕрджын куы уыди, уӕд зӕд Гавриил Марийӕмӕ фӕзынди ӕмӕ йын загъта: «Марийӕ, Йегъовӕ дӕ йе стыр хорзӕхӕй схайджын кодта». Фӕлӕ Марийӕ нӕ бамбӕрста, Гавриилы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд, уый. Гавриил ын загъта: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Йесо. Уый суыдзӕн Паддзах, ӕмӕ йӕ Паддзахад уыдзӕн ӕнустӕм».

      Марийӕ загъта: «Лӕг мын куы нӕма ис, уӕд мын сывӕллон куыд хъуамӕ райгуыра?» Гавриил ын загъта: «Йегъовӕйӕн йӕ бон цы нӕу, ахӕмӕй ницы ис. Сыгъдӕг тых дыл ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу. Дӕ хӕстӕг Елизаветӕ дӕр басывӕрджын, кӕд ӕрыгон нал у, уӕддӕр». Уӕд Марийӕ загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар, ӕмӕ куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уӕд».

      Иосиф Марийӕйы сывӕрджынӕй ракуырдта

      Марийӕ йӕхи арӕвдз кодта ӕмӕ, Елизаветӕ кӕм цард, уыцы горӕтмӕ араст. Уырдӕм куы ӕрхӕццӕ ӕмӕ Елизаветӕйӕн салам куы радта, уӕд Елизаветӕйы гуыбыны сывӕллон стӕлфыд. Елизаветӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ загъта: «Марийӕ, Йегъовӕ дын раарфӕ кодта. Мессийӕйы мад мӕ хӕдзармӕ кӕй ӕрбацыд, уый мӕнӕн стыр кад у». Марийӕ загъта: «Ӕз ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнын Йегъовӕйы». Марийӕ Захари ӕмӕ Елизаветӕйы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ Назаретмӕ аздӕхт.

      Марийӕ сывӕрджын кӕй у, уый Иосиф куы базыдта, уӕд ӕй Марийӕйы курын нал фӕндыд, уымӕн ӕмӕ афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ сывӕллон ӕндӕр нӕлгоймагӕй у. Фӕлӕ йӕм фыны зӕд фӕзынди ӕмӕ йын загъта: «Марийӕйы ракур, ма тӕрс. Уый ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта». Уӕд ӕй Иосиф ракуырдта ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзармӕ ӕрбакодта.

      «Йегъовӕйы цыдӕриддӕр фӕндыд, уый сарӕзта уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл» (Псалом 135:6)

      Фарстатӕ. Гавриил Марийӕйӕн йӕ фырты тыххӕй цы загъта? Цымӕ Елизаветӕ ӕмӕ Марийӕ, цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уый тыххӕй цы хъуыды кодтой?

      Матфейы 1:18–25; Лукайы 1:26–56; Исай 7:14; 9:7; Данел 2:44; Галатӕгтӕм 4:4

  • Зӕдтӕ фехъусын кодтой Йесойы райгуырды тыххӕй
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Зӕдтӕ фыййӕуттӕн фехъусын кодтой Йесойы райгуырды тыххӕй

      70 СӔРГОНД

      Зӕдтӕ фехъусын кодтой Йесойы райгуырды тыххӕй

      Ромы паддзахады паддзах Августӕй рацыд бардзырд, цӕмӕй дзуттӕгтӕ сӕ райгуырӕн горӕттӕм ацыдаиккой ӕмӕ дзы сӕхи ныффыстаиккой. Гъемӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ ацыдысты Вифлееммӕ, Иосифы бинонтӕ цы горӕтӕй уыдысты, уырдӕм. Марийӕйӕн сывӕллон куы хъуамӕ райгуырдаид, уымӕ бирӕ нал хъуыд.

      Вифлееммӕ куы ныххӕццӕ сты, уӕд уым ӕрлӕууыдысты иу скъӕты, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр бынат никуы ссардтой. Ӕмӕ Йесо уым райгуырд. Марийӕ йӕ лӕппуйы фӕлмӕн хӕцъилты батыхта ӕмӕ йӕ арӕхстгай ӕрӕвӕрдта кӕвдӕсы, ома фосӕн хӕринаг кӕм сӕвӕрынц, уым.

      Уыцы ӕхсӕв Вифлееммӕ хӕстӕг фыййӕуттӕ сӕ дзугтӕ быдыры хъахъхъӕдтой. Ӕвиппайды сӕ разы зӕд февзӕрд, ӕмӕ Йегъовӕйы кадӕй сӕ алыварс бӕстӕ ныррухс. Фыййӕуттӕ тынг фӕтарстысты, фӕлӕ сын зӕд загъта: «Ма тӕрсут. Ӕз уын цины хабар ӕрбахастон. Абон Вифлеемы райгуырд Мессийӕ». Раст уыцы рӕстӕг уӕларвыл фӕзынди бирӕ зӕдтӕ ӕмӕ загътой: «Кад уӕлӕрвты Хуыцауӕн! Зӕххыл та уӕд фарн». Стӕй зӕдтӕ фӕцыдӕр сты. Фыййӕуттӕ та куыд бакодтой?

      Уыдон кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Рӕвдздӕр цомут Вифлееммӕ!» Гъемӕ уырдӕм атагъд кодтой, ӕмӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕйы сӕ ноггуырд сывӕллонимӕ скъӕты ӕрбаййӕфтой.

      Зӕд фыййӕуттӕн цы загъта, уый чи фехъуыста, уыдон иууылдӕр тынг дис кодтой. Марийӕ зӕды ныхӕстыл арф ныхъхъуыдытӕ кодта ӕмӕ сӕ никуы ферох кодта. Фыййӕуттӕ фӕстӕмӕ сӕ дзугтӕм аздӕхтысты. Уыдон Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдысты, цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой, уыдӕтты тыххӕй.

      «Ӕз Хуыцауӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ ныр ам дӕн. Ӕз мӕхи фӕндӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ мӕ Уый рарвыста» (Иоанны 8:42)

      Фарстатӕ. Зӕдтӕ Йесойы райгуырды тыххӕй куыд фехъусын кодтой? Фыййӕуттӕ Вифлеемы кӕй ссардтой?

      Лукайы 2:1–20; Исай 9:6

  • Йегъовӕ Йесойы бахъахъхъӕдта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Марийӕ ӕмӕ гыццыл Йесо хӕрӕгыл бадгӕйӕ Иосифимӕ фӕцӕуынц

      71 СӔРГОНД

      Йегъовӕ Йесойы бахъахъхъӕдта

      Израилӕй скӕсӕнырдыгӕй цы бӕстӕ уыд, уым цӕрӕг адӕмы уырныдта, стъалытӕн сӕ бон кӕй у фӕндаг амонын. Иу ӕхсӕв уыцы бӕстӕйы цалдӕр нӕлгоймаджы арвыл федтой ирд стъалыйы хуызӕн цыдӕр, ӕмӕ уыцы «стъалы» арвыл размӕ цыди. Гъемӕ уыдон дӕр йӕ фӕдыл ацыдысты, ӕмӕ сӕ уый ӕркодта Иерусалиммӕ. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ адӕмы фӕрсын райдыдтой: «Дзуттӕгты паддзах чи уыдзӕн, уыцы сывӕллон кӕм ис? Мах ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй йын бакувӕм».

      Иерусалимы паддзах Ирод ног паддзахы тыххӕй куы фехъуыста, уӕд мӕты бафтыд. Ирод сауджынты хистӕрты бафарста: «Ног паддзах кӕм хъуамӕ райгуыра?» Уыдон ын загътой: «Пехуымпартӕ дзырдтой, Вифлеемы кӕй райгуырдзӕн». Уӕд Ирод, Скӕсӕнӕй чи ӕрцыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут Вифлееммӕ ӕмӕ уыцы сывӕллоны ссарут. Ӕмӕ йӕ куы ссарат, уӕд-иу мӕм фӕхабар кӕнут, цӕмӕй йын ӕз дӕр бакувон». Фӕлӕ сӕ уый сайгӕ кодта.

      «Стъалы» дарддӕр фӕндаг амыдта ӕмӕ уыцы нӕлгоймӕгты Вифлееммӕ ӕркодта. Уым иу хӕдзары сӕрмӕ ӕрлӕууыд, ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ мидӕмӕ бацыдысты. Уым федтой Йесойы йӕ мад Марийӕимӕ. Йесойӕн сӕрӕй ныллӕг акуывтой ӕмӕ йын радтой лӕвӕрттӕ: сызгъӕрин, стӕй урс буд ӕмӕ миррӕ. Цымӕ уыцы нӕлгоймӕгты ӕцӕгдӕр Йегъовӕ ӕрбарвыста? Нӕ.

      Уыцы ӕхсӕв Йегъовӕ Иосифӕн фыны загъта: «Ирод Йесойы амарынмӕ хъавы. Дӕ усы ӕмӕ дӕ сывӕллоны ракӕн ӕмӕ Египетмӕ алидзут. Цалынмӕ дын нӕ зӕгъон, уӕдмӕ уым лӕуу». Ӕмӕ уӕд Иосиф йӕ бинонтимӕ Египетмӕ алыгъд.

      Скӕсӕнӕй цы нӕлгоймӕгтӕ ӕрцыд, уыдонӕн та Йегъовӕ загъта, цӕмӕй Иродмӕ мауал аздӕхтаиккой. Ирод уый куы бамбӕрста, ӕмӕ нал фӕзындзысты, уӕд тынг смӕсты. Йесойы ссарын йӕ бон кӕй не сси, уымӕ гӕсгӕ Вифлееммӕ йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй, Йесойы карӕн чи уыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амардтаиккой. Фӕлӕ уӕдмӕ Йесо уыди тынг дард, Египеты, ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал уыд.

      Цасдӕр рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Ирод амард. Уӕд Йегъовӕ Иосифӕн загъта: «Ныр уӕ бон у фӕстӕмӕ аздӕхын, уымӕн ӕмӕ уӕ цардӕн тӕссаг ницӕмӕйуал у». Иосиф Марийӕимӕ ӕмӕ Йесоимӕ фӕстӕмӕ Израилмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ горӕт Назареты ӕрцардысты.

      «Мӕ дзыхӕй цы ныхас рацӕуа, уый... сӕххӕст кӕндзӕн, кӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уыцы хъуыддаг» (Исай 55:11)

      Фарстатӕ. Йесойӕн тӕссаг цӕмӕй уыди? Йегъовӕ йӕ куыд бахъахъхъӕдта?

      Матфейы 2:1–23; Михей 5:2

  • Ӕрыгон Йесо
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • 12-аздзыд Йесо кувӕндоны ахуыргӕнджытимӕ бады

      72 СӔРГОНД

      Ӕрыгон Йесо

      Иосиф ӕмӕ Марийӕ цардысты Назареты, ӕмӕ ма сын Йесойы йеддӕмӕ ноджыдӕр уыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. Иосиф, хъӕддӕсныйы куыст кӕй кодта, уый фӕрцы йӕ бинонты дардта. Уымӕй уӕлдай ма сын Йегъовӕйы тыххӕй дзырдта ӕмӕ сын йӕ Закъон амыдта. Ӕдзух-иу цыдысты ӕмбырдгӕнӕнмӕ Йегъовӕйӕн кувынмӕ, афӕдз иу хатт та – Иерусалиммӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ.

      Гъемӕ та иухатт Иосифы бинонтӕ Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ араст сты. Хъуыди сӕ дард фӕндагыл цӕуын. Йесойыл уӕд цыди 12 азы. Уырдӕм уыйбӕрц адӕм ӕрцыди, ӕмӕ дзы фезмӕлӕн дӕр нӕ уыд. Бӕрӕгбоны фӕстӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхтысты, ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Йесо дӕр фӕстейӕ кӕмдӕр сӕ хиуӕттимӕ фӕцӕуы. Фӕлӕ йӕ агурын куы райдыдтой, уӕд ӕй не ссардтой.

      Уӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты ӕмӕ ӕртӕ боны уым Йесойы фӕцагуырдтой. Ӕппынфӕстаг бацыдысты кувӕндонмӕ ӕмӕ уым Йесойы ахуыргӕнджытимӕ бадгӕйӕ ӕрбаййӕфтой. Уый сӕм лӕмбынӕг хъуыста ӕмӕ сӕм фарстатӕ лӕвӕрдта. Йесо уыцы ахуыргӕнджыты ахӕм дисы бафтыдта, ӕмӕ йӕм сӕхӕдӕг райдыдтой фарстатӕ дӕттын. Ӕмӕ сын цы дзуаппытӕ лӕвӕрдта, уыдоныл дис кодтой. Уыдон федтой, Йесо Йегъовӕйы Закъон хорз кӕй зоны, уый.

      Иосиф ӕмӕ Марийӕ тынг тыхст уыдысты. Марийӕ загъта: «Хъӕбул, кӕм уыдтӕ, кӕм? Цас дӕ фӕцагуырдтам!» Йесо сын загъта: «Ӕмӕ йӕ нӕ зыдтат, ам, мӕ Фыды хӕдзары, кӕй хъуамӕ уон?»

      Йесо йӕ ныййарджытимӕ фӕстӕмӕ Назаретмӕ аздӕхт. Иосиф ӕй ахуыр кодта хъӕддӕсныйы куыстыл. Куыд хъуыды кӕныс, Йесо ӕрыгонӕй цавӕр адӕймаг уыд? Йесо куыд рӕзыд, афтӕ зондджынӕй-зондджындӕр кодта, ӕмӕ йӕ Хуыцау дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уарзтой.

      Иосиф ӕмӕ Марийӕ фынгыл бадынц Йесоимӕ ӕмӕ йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕй иуӕй-иутимӕ

      «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос. Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Псалом 40:8)

      Фарстатӕ. Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесойы кӕм ссардтой? Йесо уым цы куыста?

      Матфейы 13:55, 56; Марчы 6:3; Лукайы 2:40–52; 4:16; Дыккаг закъон 16:15, 16

  • Иоанн хъусын кодта Мессийӕйы ӕрцыды тыххӕй
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Аргъауӕг Иоанн адӕмы Иорданы цӕугӕдоны был ахуыр кӕны

      73 СӔРГОНД

      Иоанн хъусын кодта Мессийӕйы ӕрцыды тыххӕй

      Захари ӕмӕ Елизаветӕйы фырт Иоанн куы сыстыр, уӕд сси пехуымпар. Иоанн Йегъовӕйы номӕй адӕмӕн дзырдта Мессийӕйы ӕрцыды тыххӕй. Фӕлӕ Иоанн адӕмы ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ горӕтты нӕ ахуыр кодта. Уый хъусын кодта ӕдзӕрӕг быдыры. Адӕм ӕм цыдысты Иерусалимӕй ӕмӕ ӕнӕхъӕн Иудейӕйӕ, цӕмӕй-иу ӕм байхъуыстаиккой. Иоанн сын ӕмбарын кодта, се ’взӕр хъуыддӕгтӕ кӕй хъуамӕ ныууадзой, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕной. Иоанмӕ-иу чи байхъуыста, уыдонӕй-иу бирӕтӕ сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой, ӕмӕ-иу сын Иорданы цӕугӕдоны донаргъуыд радта.

      Иоанн кодта хуымӕтӕг цард. Йӕ уӕлӕдарӕс уыд теуайы хъуынӕй конд, хӕргӕ та кодта мӕтыхтӕ ӕмӕ хъӕддаг мыд. Адӕм Иоанныл тынг дис кодтой. Суанг ма-иу сӕрбӕрзонд фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ дӕр Иоанны фенынмӕ ӕрбацыдысты. Иоанн-иу сын дзырдта: «Уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзут ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕнут. Кӕд уӕхи Авраамы цот хонут, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы сывӕллӕттӕ стут».

      Иоанмӕ бирӕ адӕм цыд ӕмӕ-иу ӕй фарстой: «Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм?» Ӕмӕ-иу сын Иоанн загъта: «Дыууӕ хӕдоны уӕ кӕмӕн ис, уый дзы иу раттӕд, ӕппындӕр кӕмӕн нӕй, уымӕн». Зоныс ӕй, афтӕ цӕмӕн дзырдта? Фӕндыд ӕй, цӕмӕй бамбӕрстаиккой иу ахсджиаг хъуыддаг: цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты уарзой.

      Иоанн хъалонисджытӕн загъта: «Макӕй сайут ӕмӕ рӕстӕй архайут». Ӕфсӕддонтӕн та загъта: «Гӕртӕмттӕ ма исут ӕмӕ ӕнаххосӕй макӕй аххосджын кӕнут».

      Сауджынтӕ ӕмӕ йӕм левиттӕ дӕр бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, чи дӕ? Алкӕй дӕр уый базонын фӕнды». Иоанн сын загъта: «Ӕз дӕн, ӕдзӕрӕг быдыры чи хъӕр кӕны, уый. Ӕз адӕмы кӕнын Йегъовӕмӕ, пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕ».

      Адӕмы зӕрдӕмӕ цыди, Иоанн сын цы амыдта, уый. Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уый у Мессийӕ. Фӕлӕ сын уый загъта: «Тагъд ӕрцӕудзӕн, мӕнӕй уӕлдӕр чи у, уый. Ӕмӕ ӕз уымӕн йӕ дзабырты бӕттӕнтӕ райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕз аргъуыд дӕттын донӕй, уый та аргъуыд дӕтдзӕн сыгъдӕг тыхӕй».

      «Уыцы адӕймаг ӕрцыд, цӕмӕй рухсы тыххӕй дзырдтаид ӕмӕ цӕмӕй уый уылты алыхуызон адӕм баууӕндыдаиккой» (Иоанны 1:7)

      Фарстатӕ. Йегъовӕ Иоанны адӕммӕ цӕмӕн арвыста? Иоанн цы дзырдта, уымӕ адӕм цы цӕстӕй ракастысты?

      Матфейы 3:1–11; Марчы 1:1–8; Лукайы 3:1–18; Иоанны 1:19–28; Исай 40:3

  • Йесо сси Мессийӕ
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Иоанн Йесойӕн донаргъуыд радта, ӕмӕ Йесойыл Хуыцауы тых бӕлоны хуызы ӕрцыд

      74 СӔРГОНД

      Йесо сси Мессийӕ

      Иоанн адӕмӕн хъусын кодта: «Тагъд ӕрцӕудзӕн, мӕнӕй уӕлдӕр чи у, уый». Йесойыл 30 азы бӕрц куы цыд, уӕд Галилейӕйӕ ацыд Иорданы цӕугӕдонмӕ, Иоанн адӕмӕн донаргъуыд кӕм лӕвӕрдта, уырдӕм. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йын Иоанн донаргъуыд раттаид, фӕлӕ йын Иоанн загъта: «Ӕз дӕуӕн нӕ, фӕлӕ ды мӕнӕн хъуамӕ раттай донаргъуыд». Йесо Иоаннӕн загъта: «Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ды мӕнӕн раттай донаргъуыд». Уӕд сӕ дыууӕ дӕр Иорданы цӕугӕдонмӕ бацыдысты ӕмӕ Иоанн Йесойы ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕкодта.

      Йесо донӕй куы рахызт, уӕд Хуыцаумӕ скуывта. Раст уыцы рӕстӕг арв фегом, ӕмӕ йыл Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы ӕрцыд. Уӕд Йегъовӕ уӕларвӕй ӕрдзырдта: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт».

      Йегъовӕйы сыгъдӕг тых Йесойыл куы ’рцыд, уӕд сси Чырысти (кӕнӕ Мессийӕ). Ӕмӕ ныр йӕ бон уыд, Йегъовӕ йӕ зӕхмӕ цы хъуыддаджы тыххӕй рарвыста, уый кӕнын.

      Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ацыд ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕмӕ уым фӕци 40 боны. Уырдыгӕй куы ӕрыздӕхт, уӕд ацыд Иоанны бабӕрӕг кӕнынмӕ. Иоанн ӕй куы ауыдта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы Уӕрыкк. Уый фӕрцы дунейӕн йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты». Уыцы ныхӕстӕй адӕмӕн бамбарын кодта, Йесо кӕй у Мессийӕ. Зоныс ӕй, Йесо ӕдзӕрӕг быдыры куы уыд, уӕд ыл цы ’рцыд? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

      «Уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: „Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт“» (Марчы 1:11)

      Фарстатӕ. Йесо донаргъуыд цӕмӕн райста? Иоанн Йесойы «Хуыцауы Уӕрыкк» цӕмӕн схуыдта?

      Матфейы 3:13–17; Марчы 1:9–11; Лукайы 3:21–23; Иоанны 1:29–34; Исай 42:1; Дзуттӕгтӕм 10:7–9

  • Хӕйрӕг Йесойы ӕртӕ хатты бафӕлвӕрдта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Хӕйрӕг Йесойӕн дзуры, цӕмӕй йӕхи кувӕндоны сӕрӕй аппара, фӕлӕ Йесо нӕ разы кӕны

      75 СӔРГОНД

      Хӕйрӕг Йесойы ӕртӕ хатты бафӕлвӕрдта

      Хӕйрӕг Йесойӕн дзуры, цӕмӕй дуртӕ дзул фестын кӕна, фӕлӕ Йесо нӕ разы кӕны

      Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕй сыгъдӕг тых акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Уым Йесо 40 боны дӕргъы ницы хордта, ӕмӕ тынг сӕххормаг. Уӕд ӕм Хӕйрӕг ӕрбацыд, цӕмӕй йӕ бафӕлвӕрдтаид, ӕмӕ йын загъта: «Кӕд ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд ацы дуртӕн зӕгъ, цӕмӕй дзултӕ фестой». Фӕлӕ йын Йесо Фыстадӕй дзуапп радта: «Фыст у, зӕгъгӕ, адӕймаг ӕрмӕст хӕринаджы фӕрцы нӕ цӕры, фӕлӕ, Йегъовӕйы алы ныхасмӕ кӕй хъусы, уый фӕрцы дӕр».

      Стӕй та йын Хӕйрӕг загъта: «Кӕд ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд кувӕндоны ӕппӕты бӕрзонддӕр ранӕй дӕхи аппар, уымӕн ӕмӕ фыст у, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ зӕдты рарвитдзӕн, цӕмӕй дӕ ӕрцахсой ӕмӕ ма ахауай». Фӕлӕ та йын Йесо Фыстадӕй дзуапп радта: «Фыст у, зӕгъгӕ, ма фӕлвар дӕ Хуыцау Йегъовӕйы».

      Хӕйрӕг Йесойӕн дзуры, дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ йын кӕй ратдзӕн, фӕлӕ Йесо нӕ разы кӕны

      Уый фӕстӕ Хӕйрӕг Йесойӕн равдыста дунейы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад ӕмӕ йын загъта: «Иу хатт дӕр мын куы бакувай, уӕд дын ӕз ацы паддзахӕдтӕ иууылдӕр ратдзынӕн». Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан! Фыст у, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув».

      Стӕй Хӕйрӕг Йесойы ныууагъта, ӕмӕ йӕм уӕд зӕдтӕ фӕзындысты ӕмӕ йын хӕринаг радтой. Уый фӕстӕ Йесо райдыдта хъусын кӕнын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау зӕхмӕ уый тыххӕй рарвыста. Йесо адӕмӕн цы амыдта, уый сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, ӕмӕ, кӕдӕмфӕнды ма цыдаид, уӕддӕр-иу йӕ фӕдыл цыдысты.

      «[Хӕйрӕг] мӕнг куы фӕдзуры, уӕд фӕдзуры, цы у, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44)

      Фарстатӕ. Хӕйрӕг Йесойы ӕртӕ хатты куыд бафӕлвӕрдта? Йесо-иу Хӕйрӕгӕн цавӕр дзуапп радта?

      Матфейы 4:1–11; Марчы 1:12, 13; Лукайы 4:1–15; Дыккаг закъон 6:13, 16; 8:3; Иаковы 4:7

  • Йесо кувӕндон ссыгъдӕг кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йесо кувӕндонӕй фысты ӕмӕ галты ехсӕй ратардта, ӕхцаивджытӕн та се стъӕлттӕ афӕлдӕхта

      76 СӔРГОНД

      Йесо кувӕндон ссыгъдӕг кодта

      Нӕ эрӕйы 30 азы уалдзӕджы Йесо ацыд Иерусалиммӕ. Уыцы рӕстӕг уырдӕм Куадзӕн сбӕрӕг кӕнынмӕ бирӕ адӕм ӕрцыд. Адӕм кувӕндоны хастой фосы нывӕндтӕ. Чи йӕ хӕдзарӕй ӕртардта галтӕ ӕмӕ фыстӕ, чи та сӕ Иерусалимы балхӕдта.

      Йесо кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд федта, чидӕртӕ дзы фос кӕй уӕй кӕнынц, уый. Йегъовӕйы хӕдзары – адӕм кӕм куывтой, уым – сӕхицӕн ӕхца куыстой! Йесо сӕм тынг смӕсты. Уый бӕндӕнтӕй ехс скодта ӕмӕ фысты ӕмӕ галты кувӕндонӕй ратардта. Ӕхцаивджытӕн та се стъӕлттӕ афӕлдӕхта ӕмӕ сын се ’хцатӕ зӕххыл ныппырх кодта. Бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та загъта: «Адӕттӕ ардыгӕй ахӕссут! Мӕ Фыды хӕдзарӕй мын базаргӕнӕн мауал аразут!»

      Кувӕндоны цы адӕм уыд, уыдонмӕ диссаг фӕкаст, Йесо цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарад загъд уыд, уый: «Йегъовӕйы хӕдзар мын тынг зынаргъ у».

      Фӕстӕдӕр, нӕ эрӕйы 33 азы, Йесо кувӕндон дыккаг хатт ссыгъдӕг кодта. Йесо уый бар никӕмӕн лӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ Фыды хӕдзарӕй исчи хынджылӕг кодтаид.

      «Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Лукайы 16:13)

      Фарстатӕ. Йесо кувӕндоны адӕмы фос уӕйгӕнгӕ куы федта, уӕд куыд бакодта? Афтӕ цӕмӕн бакодта?

      Матфейы 21:12, 13; Марчы 11:15–17; Лукайы 19:45, 46; Иоанны 2:13–17; Псалом 69:9

  • Сылгоймаг цъайы раз
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йесо Иаковы цъайы раз ныхас кӕны самариаг сылгоймагимӕ

      77 СӔРГОНД

      Сылгоймаг цъайы раз

      Куадзӕны бӕрӕгбонӕй цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстӕмӕ Галилейӕмӕ аздӕхтысты. Сӕ фӕндаг акодтой Самарийыл. Горӕт Сихармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо ӕрлӕууыд иу цъайы раз, хуыдтой йӕ Иаковы цъай. Ӕмӕ цалынмӕ уым йӕ фӕллад уагъта, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та горӕтмӕ ацыдысты, цӕмӕй хӕринаг балхӕдтаиккой.

      Уыцы рӕстӕг цъайы размӕ ӕрбацыд иу сылгоймаг, цӕмӕй дзы дон систаид. Йесо йын загъта: «Дон-ма мын авӕр». Сылгоймаг та йын афтӕ: «Ӕз самариаг дӕн. Дзуттӕгтӕ самариӕгтимӕ дзургӕ дӕр куы нӕ кӕнынц, уӕд мемӕ цӕмӕн дзурыс?» Йесо йын загъта: «Куы йӕ зонис, ӕз чи дӕн, уӕд мӕ дон дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын ӕз раттин, цард чи дӕтты, ахӕм дон». Сылгоймаг ӕй бафарста: «Цы зӕгъынмӕ хъавыс, уый не ’мбарын. Дон цӕмӕй сисай, уый дӕр дӕм куы нӕй». Йесо йын загъта: «Ӕз цы дон дӕттын, уымӕй чи бануаза, уый никуыуал сдойны уыдзӕн». Уӕд ын сылгоймаг загъта: «Мӕ буц хицау, ратт-ма мын уыцы донӕй».

      Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Ацу ӕмӕ дӕ лӕджы ардӕм ӕрбакӕн». Сылгоймаг ын загъта: «Нӕй мын лӕг». Йесо та йын загъта: «Уымӕй раст зӕгъыс. Фондз лӕджы дын уыди, ӕмӕ дын ныр чи ис, уый дӕр дын лӕг нӕу». Сылгоймаг ын загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, ды пехуымпар дӕ. Нӕ адӕмы уырны, Хуыцауӕн нӕ бон ацы хохыл дӕр кӕй у кувын, фӕлӕ дзуттӕгтӕ та зӕгъынц, Хуыцауӕн ӕрмӕстдӕр Иерусалимы кӕй хъӕуы кувын. Фӕлӕ мӕн уырны, тагъд Мессийӕ кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ нын кӕй бацамондзӕн, Хуыцауӕн ӕцӕгдӕр куыд хъӕуы кувын, уый». Стӕй йын Йесо загъта: «Ӕз дӕн Мессийӕ». Уый размӕ Йесо ахӕм ныхӕстӕ никуы никӕмӕн загъта.

      Йесо ныхас кӕны самариаг сылгоймагимӕ

      Уӕд сылгоймаг горӕтмӕ алыгъди ӕмӕ самариӕгтӕн загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, Мессийӕйы ссардтон. Уый мӕн тыххӕй алцыдӕр зоны. Цомут, фенут ӕй!» Адӕм дӕр йемӕ цъайы размӕ ацыдысты ӕмӕ Йесомӕ лӕмбынӕг байхъуыстой.

      Самариӕгтӕ Йесойӕн загътой, цӕмӕй сӕ горӕты баззадаид. Гъемӕ сӕм уый дӕр дыууӕ бонмӕ баззад ӕмӕ сын бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта. Уыцы адӕмӕй йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты. Уыдон самариаг сылгоймагӕн загътой: «Ацы лӕгмӕ байхъуыстам, ӕмӕ йӕ ныр зонӕм, уый кӕй у дунейы ирвӕзынгӕнӕг».

      «„Ӕрцу!“ Ӕмӕ дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон лӕвар айсӕд» (Раргомад 22:17)

      Фарстатӕ. Самариаг сылгоймаг цӕмӕн бадис кодта, Йесо йемӕ ныхас кӕнын кӕй райдыдта, ууыл? Йесо йын цы загъта?

      Иоанны 4:1–42

  • Йесо хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йесо йӕ апостолтӕй иуимӕ хъусын кӕны

      78 СӔРГОНД

      Йесо хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

      Йесо донаргъуыд куы райста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр хъусын кӕнын райдыдта: «Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг». Галилейӕйыл ӕмӕ Иудейӕйыл куы зылди, уӕд-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр йемӕ уыдысты. Кӕм схъомыл, уыцы горӕтмӕ, Назаретмӕ, куы ’рцыд, уӕд ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд, Исайы тыхтон байгом кодта ӕмӕ хъӕрӕй кӕсын райдыдта: «Йегъовӕ мӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй мӕ бон уа хорз хабар хъусын кӕнын». Уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Кӕд адӕмы уый фӕндыд, цӕмӕй Йесо диссӕгтӕ арӕзтаид, уӕддӕр ӕй Хуыцау сыгъдӕг тыхӕй сӕйраджыдӕр уый тыххӕй схайджын кодта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаид. Стӕй Йесо, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн загъта: «Абон ацы пехуымпар-ныхас сӕххӕст».

      Уый фӕстӕ Йесо ацыд Галилейӕйы денджызмӕ ӕмӕ уым фембӕлд цыппар кӕсагахсӕгыл – Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанныл. Фӕстӕдӕр уыдон систы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Йесо сын загъта: «Цомут мемӕ ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ». Ӕмӕ уыдон дӕр уайтагъд сӕ кӕсагахсыны куыст ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. Уыдон ӕнӕхъӕн Галилейӕйыл ӕрзылдысты ӕмӕ Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй хъусын кодтой. Хъусын кодтой ӕмбырдгӕнӕнты, базарты ӕмӕ уынгты. Кӕдӕмфӕнды ма ацыдаиккой, уӕддӕр-иу сӕ фӕстӕ алы хатт дӕр цыди тынг бирӕ адӕм. Йесойӕн йӕ кой айхъуыст алы рӕтты, суанг Сирийы дӕр.

      Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕй иуӕй-иутӕн ахӕм тых радта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид адӕмы дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ хӕйрӕджыты сурын. Иннӕтӕ та-иу йемӕ цыдысты, иу горӕтӕй-иу иннӕ горӕтмӕ хъусын кӕнынмӕ куы цыди, уӕд. Марийӕ Магдалинӕ, Иоаннӕ, Сусаннӕ ӕмӕ иннӕ иузӕрдион сылгоймӕгтӕ та Йесойӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн ӕххуыс кодтой.

      Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куы бацӕттӕ кодта, уӕд сӕ хъусын кӕнынмӕ арвыста. Уыдон Галилейӕйыл зылдысты, ӕмӕ бирӕтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ систы ӕмӕ донаргъуыд райстой. Йесойы фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон афтӕ бирӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ Йесо абарста, кӕрдынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм хуымтимӕ. Йесо загъта: «Кувут Йегъовӕмӕ, цӕмӕй хуыммӕ ноджы фылдӕр кусджытӕ рарвита». Фӕстӕдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй равзӕрста 70 адӕймаджы ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста, цӕмӕй ӕнӕхъӕн Иудейӕйы хъусын кодтаиккой. Уыдон алкӕмӕн дӕр дзырдтой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд Йесойӕн цингӕнгӕйӕ радзырдтой, цытӕ сыл ӕрцыд, уый. Кӕд Хӕйрӕг сӕ ныхмӕ архайдта, уӕддӕр йӕ бон ницы уыд саразын, цӕмӕй сӕ баурӕдтаид.

      Цалынмӕ Йесо уӕлӕрвтӕм нӕ аздӕхт, уӕдмӕ алцыдӕр сарӕзта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕ ацыды фӕстӕ дӕр сӕ бон уыдаид хъусын кӕнын. Уый сын загъта: «Хорз хабар хъусын кӕнут ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Адӕмӕн амонут, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый ӕмӕ сын донаргъуыд дӕттут».

      «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лукайы 4:43)

      Фарстатӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта? Ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы хъуыддагмӕ цавӕр цӕстӕй кастысты?

      Матфейы 4:17–25; 9:35–38; 28:19, 20; Марчы 1:14–20; Лукайы 4:14–21; 8:1–3; 10:1–22

  • Йесо арӕзта бирӕ диссӕгтӕ
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Рынчынтӕ Йесомӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй сӕ сдзӕбӕх кӕна

      79 СӔРГОНД

      Йесо арӕзта бирӕ диссӕгтӕ

      Йесо зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар дзырдтаид. Йегъовӕ йӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй диссӕгтӕ арӕзтаид ӕмӕ адӕм федтаиккой, Йесо Паддзах куы суа, уӕд цы сараздзӕн, уый. Йӕ бон уыди цыфӕнды низ дӕр сдзӕбӕх кӕнын. Кӕмфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр-иу ӕм рынчын адӕм ӕрбацыдысты, ӕмӕ-иу сӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта. Ӕмӕ-иу куырмытӕ цӕстӕй ракастысты, къуырматӕн-иу сӕ хъустӕ байгом сты, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕ уыд, уыдон-иу сӕ къахыл слӕууыдысты, йӕ мидӕг хӕйрӕджытӕ кӕмӕн уыд, уыдон та-иу сӕ ссӕрибар сты. Суанг-иу ын йӕ дарӕсы кӕроныл дӕр чи андзӕвыд, уый дӕр-иу адзӕбӕх. Кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид, уӕддӕр-иу адӕм йӕ фӕдыл цыдысты. Ӕмӕ-иу ӕй кӕд иунӕгӕй аззайын дӕр фӕндыд, уӕддӕр сын афтӕ никуы загъта, нӕ мӕ ’вдӕлы, зӕгъгӕ.

      Иухатт Йесо иу хӕдзары уыд, ӕмӕ йӕм уырдӕм чидӕртӕ ӕрбахастой, паралич кӕй ныццавта, ахӕм нӕлгоймаджы. Фӕлӕ дзы уыйбӕрц адӕм уыди, ӕмӕ мидӕмӕ бахизӕн дӕр нӕ уыд. Уӕд уыдон хӕдзары цар райхӕлдтой ӕмӕ уыцы нӕлгоймаджы Йесомӕ уӕлӕты ӕруагътой. Йесо уыцы лӕгӕн загъта: «Сыст уӕлӕмӕ ӕмӕ цу». Лӕг куы сыстад, уӕд адӕм тынг бадис кодтой.

      Ӕндӕр хатт та Йесо иу хъӕумӕ бацыди, ӕмӕ йӕм, хъотырӕй рынчын чи уыд, дӕс ахӕм лӕджы дардӕй хъӕр кӕнын райдыдтой: «Йесо, баххуыс нын кӕн!» Уӕды заман хъотырджынтӕн адӕммӕ хӕстӕг цӕуӕн нӕ уыди. Йегъовӕйы Закъонмӕ гӕсгӕ, хъотырӕй рынчын чи уыд, уый-иу куы сдзӕбӕх уыдаид, уӕд-иу хъуамӕ кувӕндонмӕ ацыдаид. Ӕмӕ Йесо дӕр уыцы нӕлгоймӕгтӕн загъта, цӕмӕй афтӕ бакодтаиккой. Ӕмӕ нырма фӕндагыл уыдысты, афтӕ сдзӕбӕх сты. Сӕ иу, кӕй сдзӕбӕх, уый куы бамбӕрста, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхт, цӕмӕй Йесойӕн бузныг загътаид ӕмӕ Хуыцауы скадджын кодтаид. Уыцы дӕс адӕймагӕй Йесойӕн бузныг ӕрмӕстдӕр ацы нӕлгоймаг загъта.

      Иу сылгоймаг та 12 азы уыд тынг рынчын, ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ никуыуал сдзӕбӕх уыдзӕн. Уый Йесомӕ фӕстӕрдыгӕй адӕмы ’хсӕнты бацыд ӕмӕ йын йе ’ддаг дарӕсы кӕроныл андзӕвыд. Уыцы тӕккӕ сылгоймаг адзӕбӕх. Уӕд Йесо загъта: «Чи мыл андзӕвыд?» Сылгоймаг фӕтарст, фӕлӕ уӕддӕр размӕ рацыд ӕмӕ, хабар куыд уыд, уый радзырдта. Йесо йын фӕлмӕнӕй загъта: «Мӕ чызг, фарнимӕ цу».

      Иухатт та иу хицау, Иаир, зӕгъгӕ, Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ гыццыл чызг тынг рынчын у. Дӕ хорзӕхӕй, цом мемӕ!» Фӕлӕ Йесо Иаиры хӕдзармӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕ чызг амард. Йесо куы ’рбацыд, уӕд дзы бирӕ адӕмы ӕрбаййӕфта. Уыдон ӕрбацыдысты, цӕмӕй зианджын бинонты фарсмӕ балӕууыдаиккой. Йесо сын загъта: «Ма кӕут, чызг фынӕй кӕны». Стӕй чызгӕн йӕ къухыл рахӕцыд ӕмӕ загъта: «Чызг, сыст!» Чызг уайтагъд уӕлӕмӕ сыстад, ӕмӕ йын Йесо йӕ ныййарджытӕн загъта, цӕмӕй йын исты бахӕрын кодтаиккой. Ахъуыды-ма кӕн, чызджы ныййарджытӕ куыд тынг цин кодтаиккой!

      Йесо райгас кодта Иаиры чызджы

      «Хуыцау ӕй байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ хъаруйӕ, ӕмӕ уый зылди ӕгас бӕстӕйыл ӕмӕ адӕмӕн хорздзинӕдтӕ арӕзта, Хӕйрӕг тухӕнӕй кӕй мардта, уыдоны се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта» (Хъуыддӕгтӕ 10:38)

      Фарстатӕ. Йесойӕн йӕ бон цӕй фӕрцы уыди цыфӕнды низ дӕр сдзӕбӕх кӕнын? Иаиры чызгыл цы ’рцыди?

      Матфейы 9:18–26; 14:36; Марчы 2:1–12; 5:21–43; 6:55, 56; Лукайы 6:19; 8:41–56; 17:11–19

  • Йесо равзӕрста дыууадӕс апостолы
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йесо ӕмӕ йӕ 12 апостолы

      80 СӔРГОНД

      Йесо равзӕрста дыууадӕс апостолы

      Йесо хъусын кӕнын куы райдыдта, уымӕй афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд ӕй бахъуыд ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Хъуамӕ равзӕрстаид, ӕдзухдӕр йемӕ чи лӕггад кодтаид ӕмӕ чырыстон ӕмбырды ахсджиаг хӕстӕ кӕй бар бакодтаид, ахӕм нӕлгоймӕгты. Ахӕм уынаффӕ рахӕссынӕн Йесойы хъуыди Йегъовӕйы ӕххуыс. Гъемӕ Йесо хохмӕ ссыд, цӕмӕй йӕ мачи хъыгдардтаид ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Йегъовӕмӕ фӕкуывта. Райсомӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕйдӕрты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ дзы равзӕрста 12 апостолы. Искӕй нӕмттӕ дзы хъуыды кӕныс? Апостолтӕ хуындысты: Петр, Андрей, Иаков, Иоанн, Филипп, Варфоломей, Фома, Матфей, Алфейы фырт Иаков, Фаддей, Симон ӕмӕ Иудӕ Искариот.

      Андрей, Петр, Филипп, Иаков

      Андрей, Петр, Филипп, Иаков

      Уыцы 12 апостолы алкӕддӕр уыдысты Йесоимӕ. Куы сӕ бацӕттӕ кодта, уӕд сын сӕхи дӕр арвыста хъусын кӕнынмӕ. Йегъовӕ сын ахӕм тых радта, цӕмӕй адӕмӕй хӕйрӕджыты сырдтаиккой ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кодтаиккой.

      Иоанн, Матфей, Варфоломей, Фома

      Иоанн, Матфей, Варфоломей, Фома

      Йесо йӕ 12 апостолы хуыдта йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ сыл ӕууӕндыди. Фарисейтӕ сӕ нымадтой хуымӕтӕг ӕмӕ, ахуырдзинад кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕймӕгтыл. Фӕлӕ сӕм Йесо ахӕм цӕстӕй нӕ каст. Уый сӕ сахуыр кодта, цы куыст сын бахӕс кодта, уый кӕнын. Уыдон Йесойы фарсмӕ уыдысты йӕ мӕлӕты размӕ дӕр ӕмӕ, куы райгас, уый фӕстӕ дӕр. Апостолтӕн сӕ фылдӕр Йесойау уыдысты Галилейӕйӕ. Кӕмӕндӕрты дзы бинонтӕ дӕр уыди.

      Алфейы фырт Иаков, Иудӕ Искариот, Фаддей, Симон

      Алфейы фырт Иаков, Иудӕ Искариот, Фаддей, Симон

      Апостолтӕ уыдысты ӕнӕххӕст. Хатгай-иу исты зӕгъыны размӕ хъуыды дӕр нӕ акодтой, стӕй-иу рӕдийгӕ дӕр фӕкодтой. Стӕй ма-иу сын фӕразондзинад нӕ фаг кодта. Суанг ма-иу быцӕу дӕр кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Фӕлӕ уӕддӕр апостолтӕ уыдысты хорз адӕймӕгтӕ ӕмӕ Йегъовӕйы уарзтой. Йесо зӕххыл куы нал уыд, уӕд уыдон чырыстон ӕмбырды ахсджиаг хӕстӕ ӕххӕст кодтой.

      «Ӕз... уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон» (Иоанны 15:15)

      Фарстатӕ. Йесо апостолтӕй кӕй равзӕрста? Йесо йӕ 12 апостолӕн цы бахӕс кодта?

      Матфейы 10:1–10; Марчы 3:13–19; 10:35–40; Лукайы 6:12–16; Иоанны 15:15; 20:24, 25; Хъуыддӕгтӕ 2:7; 4:13; 1 Коринфӕгтӕм 9:5; Ефесӕгтӕм 2:20–22

  • Йесо адӕмы хохыл ахуыр кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йесо бирӕ адӕмы хохыл ахуыр кӕны

      81 СӔРГОНД

      Йесо адӕмы хохыл ахуыр кодта

      Йесо йӕхицӕн 12 апостолы куы равзӕрста, уӕд хохӕй ӕрхызти ӕмӕ федта, дуне адӕм ӕм кӕй ӕрбацыд. Уыцы адӕм уыдысты Галилейӕйӕ, Иудейӕйӕ, Тирӕй, Сидонӕй, Сирийӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсӕй. Уыдон семӕ ӕрбакодтой бирӕ рынчынты ӕмӕ, сӕ мидӕг хӕйрӕджытӕ кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймӕгты, ӕмӕ сӕ Йесо се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта. Уый фӕстӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта. Бамбарын сын кодта, адӕймаджы цы хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы ӕмбал суа. Адӕймаг хъуамӕ ӕмбара, ӕнӕ Йегъовӕйы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый ӕмӕ йӕ хъуамӕ уарза. Фӕлӕ иннӕты чи нӕ уарзы, уымӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы уарзы. Адӕймаг хъуамӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уа алкӕмӕ дӕр, суанг йе знӕгтӕм дӕр.

      Йесо загъта: «Ӕрмӕст уе ’мбӕлтты ма уарзут, фӕлӕ уе знӕгты дӕр. Иннӕтӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Кӕд искӕй фӕхъыг кодтат, уӕд ӕм уайтагъд ацӕут ӕмӕ дзы хатыр ракурут. Куыд уӕ фӕнды, цӕмӕй уын иннӕтӕ уой, афтӕ сын ут сымах дӕр».

      Йесо бирӕ адӕмы хохыл ахуыр кӕны

      Йесо ма адӕмӕн бамбарын кодта, ӕхца ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый дӕр. Уый загъта: «Бирӕ ӕхца ӕмбырд кӕныныл ма архайут, фӕлӕ архайут, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ суат. Уымӕн ӕмӕ давджытӕн сӕ бон у уе ’хца адавын, фӕлӕ уын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый уын ничи адавдзӕн. Цы бахӕрат, цы бануазат ӕмӕ уӕ уӕлӕ цы скӕнат, ууыл мауал мӕт кӕнут. Бакӕсут-ма цъиутӕм. Йегъовӕ сӕ ӕнӕ хӕринагӕй никуы ныууадзы. Уыдӕттыл ӕгӕр куы мӕт кӕнат, уӕд дӕр афтӕмӕй уӕ царды бонтыл иу бон дӕр нӕ бафтаудзыстут. Рох уӕ ма уӕд: Йегъовӕ зоны, цы уӕ хъӕуы, уый».

      Уыцы адӕм уый размӕ никуы фехъуыстой, ӕмӕ исчи Йесойы хуызӕн дзырдтаид. Сӕ дины разамонджытӕ сын, ома фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ, ахӕм цыдӕртӕ никуы амыдтой. Йесо ахӕм хорз ахуыргӕнӕг цӕмӕн уыди? Уымӕн ӕмӕ алцыдӕр дзырдта Йегъовӕйы зондӕй.

      «Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут» (Матфейы 11:29)

      Фарстатӕ. Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ суӕм? Иннӕтӕм цавӕр зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм?

      Матфейы 4:24–5:48; 6:19–34; 7:28, 29; Лукайы 6:17–31

  • Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Фарисей кувы, бирӕ адӕм кӕм ис, ахӕм ран, ӕмӕ йӕм иууылдӕр кӕсынц

      82 СӔРГОНД

      Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый

      Фарисейтӕ цыфӕнды ма арӕзтаиккой, алцыдӕр арӕзтой адӕмы цӕстмӕ. Ӕмӕ кӕд хорзӕй исты арӕзтой, уӕддӕр уый тыххӕй, цӕмӕй-иу адӕмы дисы бафтыдтаиккой. Барӕй-иу куывтой, бирӕ адӕм кӕм уыд, ахӕм рӕтты. Бирӕ ныхӕстӕ кӕм уыд, ахӕм куывдтытӕ-иу сахуыр кодтой ӕмӕ-иу сӕ ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ уынгты тигътыл ногӕй ӕмӕ ногӕй дзырдтой, цӕмӕй-иу сӕ иннӕтӕ дӕр фехъуыстаиккой. Уымӕ гӕсгӕ адӕм тынг бадис кодтой, Йесо сын афтӕ куы загъта: «Фарисейты хуызӕн ма кувут. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, бирӕ кӕй фӕкувынц, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Йегъовӕмӕ-иу уый тыххӕй ма кувут, цӕмӕй уӕ иннӕтӕ феной, стӕй-иу ӕдзух уыцы иу ныхӕстӕ ма кӕнут. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй-иу ын радзурат, уӕ зӕрдӕйы цы ис, уый».

      Лӕппу кувы

      Йесо дарддӕр загъта: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: “Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр”». Йесо ма адӕмӕн загъта, цӕмӕй кувой хӕринаджы тыххӕй, сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны тыххӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй.

      Йесо ма ноджыдӕр загъта: «Ӕппынӕдзух кувут. Уӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ йӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕна. Алы ныййарӕджы дӕр фӕнды йӕ сывӕллонӕн хорздзинад ракӕнын. Дӕ фырт дӕ дзул куы ракура, уӕд ын дур ратдзынӕ? Кӕнӕ дӕ кӕсаг куы ракура, уӕд ын калм ратдзынӕ?»

      Йесо йӕ ныхӕстӕ афтӕ бамбарын кодта: «Кӕд сымах фӕнды уӕ сывӕллӕттӕн хорздзинад аразын, уӕд уӕ Фыд Йегъовӕ та сымахӕн йӕ сыгъдӕг тых куыннӕ ратдзӕн. Уӕдӕ дзы сыгъдӕг тых курут». Ды дӕр афтӕ фӕкӕныс? Цӕй тыххӕй фӕкувыс?

      «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут. Хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты» (Матфейы 7:7)

      Фарстатӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд сын цы загъта? Дӕуӕн ахсджиаг цы у, уый тыххӕй фӕкувыс?

      Матфейы 6:2–18; 7:7–11; Лукайы 11:13

  • Йесо мингай адӕмӕн бахӕрын кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Апостолтӕ бирӕ адӕмӕн хӕринаг дӕттынц

      83 СӔРГОНД

      Йесо мингай адӕмӕн бахӕрын кодта

      Нӕ эрӕйы 32 азы Куадзӕны бӕрӕгбоны размӕ апостолтӕ ӕрыздӕхтысты сӕ уацамындон балцӕй. Уыдысты тынг фӕллад, ӕмӕ сын Йесо загъта, цӕмӕй бӕлӕгъыл иумӕ Вифсаидӕмӕ ацыдаиккой ӕмӕ уым баулӕфыдаиккой. Фӕлӕ былмӕ куы ’рбахӕстӕг сты, уӕд Йесо федта, уырдӕм сӕм мингай адӕм кӕй ӕрбацыд. Кӕд Йесойы йӕ рӕстӕг йӕ апостолтимӕ арвитын фӕндыд, уӕддӕр адӕмӕн афтӕ нӕ загъта, ӕндӕр хатт мӕм ӕрбацӕут, зӕгъгӕ. Рынчын дзы чи уыд, уыдоны сдзӕбӕх кодта ӕмӕ сӕ стӕй ахуыр кӕнын райдыдта. Ӕнӕхъӕн бон сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Куы ӕризӕр, уӕд ӕм йӕ апостолтӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Адӕм ӕххормаг сты. Арвит сӕ, цӕмӕй сӕхицӕн хӕринаг балхӕной».

      Лӕппу Йесомӕ дӕтты, йӕ мидӕг кӕсӕгтӕ ӕмӕ дзултӕ кӕмӕн ис, ахӕм чыргъӕд

      Йесо сын загъта: «Цӕуын сӕ никуыдӕм хъӕуы. Ам сын бахӕрын кӕнут исты». Апостолтӕ йын загътой: «Кӕд дӕ фӕнды, уӕд мах ацӕудзыстӕм ӕмӕ сын дзул балхӕндзыстӕм». Апостолтӕй иу, Филипп, загъта: «Бирӕ ӕхца дӕр нӕм куы уаид, уӕддӕр уыйбӕрц адӕмӕн дзул балхӕнын нӕ бон нӕ бауаид».

      Йесо сӕ бафарста: «Хӕринагӕй нӕм цы ис?» Андрей йын загъта: «Фондз дзулы ӕмӕ нӕм дыууӕ гыццыл кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис. Уыдон кӕй фаг сты?!» Йесо сын загъта: «Рахӕссут-ма сӕ». Стӕй адӕмы кӕрдӕгыл къордгӕйттӕй ӕрбадын кодта. Алы къорды дӕр уыд 50 кӕнӕ 100 адӕймаджы. Уый фӕстӕ Йесо дзул ӕмӕ кӕсӕгтӕ райста, уӕларвмӕ скаст ӕмӕ скуывта. Стӕй хӕринаг апостолтӕм алӕвӕрдта, уыдон та йӕ адӕммӕ алӕвӕрдтой. 5 000 нӕлгоймаджы, стӕй ма сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Уый фӕстӕ апостолтӕ, цы хӕринаг ма баззад, уый чыргъӕдты ӕрӕмбырд кодтой, цӕмӕй ӕппаринаг мацы фӕуыдаид. Ӕмӕ дзы рауад 12 чыргъӕды сӕ тӕккӕ дзагӕй. Уый диссаг куыннӕ у!

      Адӕм уыцы хабарыл афтӕ дис кодтой, ӕмӕ сӕ бафӕндыд Йесойы сӕ паддзахӕй сӕвӕрын. Фӕлӕ Йесо зыдта, Йегъовӕ йӕ паддзахӕй кӕд хъуамӕ сӕвӕра, уыцы рӕстӕг кӕй нӕма ӕрцыд. Уӕд Йесо адӕмы арвыста, йӕ апостолтӕн та загъта, цӕмӕй Галилейӕйы денджызы фаллаг фарсмӕ ацыдаиккой. Апостолтӕ бӕлӕгъы сбадтысты, Йесо та иунӕгӕй хохмӕ ссыд. Цымӕ цӕмӕн? Фӕндыд ӕй йӕ Фыдмӕ скувын. Цыфӕнды ӕнӕвдӕлон ма уыдаид, уӕддӕр-иу кувынӕн алы хатт дӕр рӕстӕг ссардта.

      «Сӕфгӕ чи кӕны, уыцы хӕринагыл ма уӕд уӕ фыдӕбон, фӕлӕ, сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл. Уыцы хӕринаг уын ратдзӕн Адӕймаджы Фырт» (Иоанны 6:27)

      Фарстатӕ. Йесо адӕмыл кӕй тыхсти, уый куыд равдыста? Уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтам?

      Матфейы 14:14–22; Лукайы 9:10–17; Иоанны 6:1–15

  • Йесо доныл цыди
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йесо доныл лӕууы ӕмӕ Петрӕн дзуры, цӕмӕй йӕм рацӕуа

      84 СӔРГОНД

      Йесо доныл цыди

      Йесойӕн йӕ бон ӕрмӕст рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ мӕрдты ӕгас кӕнын нӕ уыд, фӕлӕ ма йӕ бон уыд, зӕгъӕм, тыхдымгӕ ӕрсабыр кӕнын ӕмӕ къӕвда бауромын дӕр. Иухатт Йесо хохыл уыд ӕмӕ Хуыцаумӕ куывта. Стӕй Галилейӕйы денджызмӕ акаст ӕмӕ федта, тыхдымгӕ кӕй сыстад. Уыцы рӕстӕг йӕ апостолтӕ уыдысты денджызы ӕмӕ сӕ тых сӕ бонӕй архайдтой, цӕмӕй бӕлӕгъ ма фӕдӕлдон уыдаид. Уӕд Йесо хохӕй ӕрхызт ӕмӕ доныл бӕлӕгъырдӕм ацыд. Апостолтӕ доныл кӕйдӕр ӕрбацӕйцӕугӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уый ӕз дӕн. Ма тӕрсут».

      Йесо доныл лӕууы ӕмӕ Петрӕн дзуры, цӕмӕй йӕм рацӕуа

      Петр ын загъта: «Хицау, кӕд уый ӕцӕгдӕр ды дӕ, уыд мын зӕгъ, цӕмӕй дӕм доныл бацӕуон». Йесо йын загъта: «Рацу». Ӕмӕ уыцы тыхдымгӕйы Петр бӕлӕгъӕй рахызт ӕмӕ Йесомӕ доныл ацыд. Фӕлӕ йӕм куы бахӕстӕг, уӕд тыхдымгӕмӕ ӕмӕ стыр уылӕнтӕм акаст, ӕмӕ тынг фӕтарст. Петр ныгъуылын райдыдта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!» Йесо йын йӕ къух рацахста ӕмӕ йын загъта: «Цӕмӕн фӕтарстӕ? Кӕм ис дӕ уырнындзинад?»

      Йесо ӕмӕ Петр бӕлӕгъмӕ куыддӕр схызтысты, афтӕ тыхдымгӕ банцад. Ахъуыды-ма кӕн, апостолтӕ уыдӕттӕ фенгӕйӕ куыд дис кодтаиккой! Уыдон загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ!»

      Йесо ӕрмӕст уӕд не ’рсабыр кодта тыхдымгӕ. Иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бӕлӕгъыл денджызы иннӕ фарсмӕ цыди, ӕмӕ иуафон бӕлӕгъы фӕстӕрдыгӕй ӕрхуыссыд ӕмӕ бафынӕй. Уӕдмӕ денджызы тыхдымгӕ сыстад. Уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл цавтой, ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын райдыдта. Апостолтӕ Йесомӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Ахуыргӕнӕг, сӕфӕм! Фервӕзын нӕ кӕн!» Йесо райхъал ӕмӕ денджызӕн загъта: «Ныссабыр у!» Ӕмӕ ӕвиппайды дымгӕ банцад ӕмӕ денджыз ӕрсабыр. Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Суанг дымгӕ ӕмӕ денджыз дӕр йӕ коммӕ кӕсынц». Апостолтӕ иу хъуыддаг бамбӕрстой: Йесойыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндой, уӕд сӕ ӕппындӕр ницӕмӕй хъӕудзӕн тӕрсын.

      «Ныр кӕм уаин, Йегъовӕйы хорздзинад удӕгӕсты зӕххыл кӕй фендзынӕн, уый мӕ куы нӕ уырныдтаид, уӕд?» (Псалом 27:13)

      Фарстатӕ. Петр ныгъуылын цӕмӕн райдыдта? Апостолтӕ цавӕр хъуыддаг бамбӕрстой?

      Матфейы 8:23–27; 14:23–34; Марчы 4:35–41; 6:45–52; Лукайы 8:22–25; Иоанны 6:16–21

  • Йесо иу адӕймаджы сабаты сдзӕбӕх кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Фарисейтӕ, раздӕр куырм чи уыд, уыцы адӕймаджы рафӕрс-бафӕрс кӕнынц

      85 СӔРГОНД

      Йесо иу адӕймаджы сабаты сдзӕбӕх кодта

      Фарисейтӕ Йесойӕ сӕ удхӕссӕг уыдтой, ӕмӕ фадат агуырдтой, цӕмӕй йӕ ӕрцахстаиккой. Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, хъуамӕ сабаты рынчынты ма дзӕбӕх кӕна. Уыцы бон дзуттӕгтӕм у улӕфты бон. Иу сабатбон Йесо уынджы федта, куырмӕй чи райгуырд, иу ахӕм лӕджы. Уыцы лӕг уыд мӕгуыргур. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕсут, ныртӕккӕ ацы адӕймагӕн Хуыцауы тых куыд баххуыс кӕндзӕн, уымӕ». Стӕй сыджыт йӕ сӕтимӕ азмӕста ӕмӕ дзы уыцы лӕгӕн йӕ цӕстытӕ байсӕрста. Йесо йын загъта: «Ацу Силоамы найӕнмӕ ӕмӕ уым дӕ цӕстытӕ ныхс». Уыцы лӕг дӕр афтӕ бакодта, ӕмӕ цӕстӕй ракаст.

      Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд. Уыдон загътой: «Ай уыцы мӕгуыргур нӕу? Ӕви уый хуызӕн чидӕр у?» Уыцы лӕг загъта: «Уый ӕз дӕн. Ӕз куырмӕй райгуырдтӕн!» Уӕд ӕй адӕм бафарстой: «Цӕстӕй куыд ракастӕ?» Цы йыл ӕрцыд, уый сын куы радзырдта, уӕд ӕй фарисейтӕм акодтой.

      Уый фарисейтӕн радзырдта: «Йесо мын мӕ цӕстытӕ цӕмӕйдӕр байсӕрста ӕмӕ мын стӕй загъта, цӕмӕй сӕ ныхсадтаин. Ӕз дӕр сӕ ныхсадтон, ӕмӕ цӕстӕй ракастӕн!» Уӕд фарисейтӕ загътой: «Сабаты чи дзӕбӕх кӕны, уый Хуыцауӕй ӕрвыст куыд хъуамӕ уа?!» Фӕлӕ иннӕтӕ та загътой: «Уыцы адӕймаг Хуыцауӕй куы нӕ уаид, уӕд йӕ бон адӕмы дзӕбӕх кӕнын нӕ уаид».

      Стӕй фарисейтӕ уыцы лӕгӕн йӕ ныййарджытӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сӕ бафарстой: «Уӕ фырт цӕстӕй куыд ракаст?» Йӕ ныййарджытӕ фӕтарстысты, уымӕн ӕмӕ фарисейтӕ афтӕ загътой, ӕмӕ, Йесойыл чи баууӕнда, уыдоны ӕмбырдгӕнӕнӕй ратӕрдзысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загътой: «Нӕ йӕ зонӕм. Йӕхи йын бафӕрсут». Фарисейтӕ уыцы лӕджы фӕрафӕрс-бафӕрс кодтой, ӕмӕ сын уӕд уый дӕр загъта: «Цыдӕриддӕр зонын, уый уын радзырдтон. Цы ма мӕ рафӕрс-бафӕрс кӕнут?» Фарисейтӕ йӕм тынг смӕсты сты, ӕмӕ йӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй ратардтой.

      Йесо уыцы лӕджы бацагуырдта ӕмӕ йӕ бафарста: «Мессийӕйыл ӕууӕндыс?» Уый йын загъта: «Чи у, уый куы зонин, уӕд ыл баууӕндин». Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн Мессийӕ». Куыд хӕларзӕрдӕ уыд Йесо! Уыцы лӕджы ӕрмӕст цӕстӕй нӕ ракӕсын кодта, фӕлӕ ма йын ӕххуыс дӕр бакодта, цӕмӕй йӕм уырнындзинад фӕзындаид.

      «Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Фыстад зонут, нӕдӕр, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый» (Матфейы 22:29)

      Фарстатӕ. Йесо куырм лӕгӕн куыд баххуыс кодта? Фарисейтӕ Йесойӕ сӕ удхӕссӕг цӕмӕн уыдтой?

      Иоанны 9:1–41

  • Йесо Лазӕры райгас кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Лазӕр райгас, ӕмӕ йыл йӕ хотӕ Марийӕ ӕмӕ Марфӕ цин кӕнынц

      86 СӔРГОНД

      Йесо Лазӕры райгас кодта

      Йесойӕн уыд, бирӕ кӕй уарзта, ӕртӕ ахӕм ӕмбалы – Лазӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ хойы, Марийӕ ӕмӕ Марфӕ. Уыдон цардысты Вифанийы. Иуафон Лазӕр тынг фӕрынчын. Уыцы рӕстӕг Йесо уыд Иорданы фаллаг фарс, ӕмӕ йӕм Марийӕ ӕмӕ Марфӕ кӕйдӕр арвыстой, цӕмӕй йын фӕхабар кодтаиккой: «Лазӕр тынг рынчын у. Дӕ хорзӕхӕй, тагъддӕр-ма нӕм ӕрцу!» Фӕлӕ сӕм Йесо уайтагъд нӕ ацыд. Дыууӕ боны ма уым фӕци, ӕмӕ уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цомут Вифанимӕ. Лазӕр бафынӕй, ӕмӕ ӕз цӕуын, цӕмӕй йӕ райхъал кӕнон». Апостолтӕ йын загътой: «Хицау, кӕд бафынӕй, уӕд адзӕбӕх уыдзӕн». Ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: «Лазӕр амард».

      Йесо Вифанимӕ ӕрцыд, Лазӕры куы баныгӕдтой, уымӕй цыппар боны куы рацыд, уӕд. Бирӕтӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы фарсмӕ балӕууыдаиккой. Йесо кӕй ӕрбацӕуы, уый Марфӕ куы фехъуыста, уӕд уайтагъд йӕ размӕ рацыди. Марфӕ йын загъта: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». Йесо та йын загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн. Уырны дӕ уый, Марфӕ?» Уый йын загъта: «Мӕн уырны, кӕй райгас уыдзӕн, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд». Уӕд ын Йесо загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард».

      Уый фӕстӕ Марфӕ Марийӕмӕ ацыд ӕмӕ йын загъта: «Йесо ам ис». Марийӕ уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы размӕ алыгъд, ӕмӕ адӕм дӕр йӕ фӕдыл ацыдысты. Йӕ кӕуын бауромын йӕ бон нӕ уыд, афтӕмӕй Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ загъта: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр ныр дӕр ма ӕгас уаид!» Марийӕ куыд тынг маст кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ Йесойӕн йӕхицӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты. Адӕм ӕй кӕугӕ куы федтой, уӕд загътой: «Кӕс-ма, Лазӕры куыд тынг уарзта!» Чидӕртӕ та дзырдтой: «Йе ’мбалы мӕлын цӕмӕн бауагъта?» Цымӕ Йесо дарддӕр цы сарӕзта?

      Йесо зӕппадзмӕ ацыд. Зӕппадзы бахизӕныл фӕлдӕхт уыди стыр дур. Йесо адӕмӕн загъта: «Дур-ма иуварс айсут». Марфӕ та йын загъта: «Хицау, ныр ыл цыппар боны рацыд, ӕмӕ афонмӕ стӕф кодта». Фӕлӕ Йесо уӕддӕр дур афӕлдахын кодта ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывта: «Мӕ Фыд, бузныг дын, кӕй мӕ фехъуыстай. Зонын ӕй, алкӕддӕр мӕ кӕй хъусыс, фӕлӕ хъӕрӕй ацы адӕмы тыххӕй дзурын, цӕмӕй зоной, ды мӕ кӕй рарвыстай, уый». Стӕй хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» Ӕмӕ уӕд ӕрцыд диссаг: Лазӕр зӕппадзӕй рацыд, йӕ цӕсгом ӕмӕ йӕ буар кӕттаг хӕцъилтӕй тыхт, афтӕмӕй. Йесо загъта: «Йӕ хӕцъилтӕ йын райхалут, цӕмӕй йӕ бон цӕуын уа».

      Уыцы хабар чи федта, уыдонӕй бирӕтӕ Йесойыл баууӕндыдысты. Чидӕртӕ та сӕ ацыдысты ӕмӕ хабар фарисейтӕн радзырдтой. Ӕмӕ уӕд фарисейтӕ сфӕнд кодтой Лазӕры дӕр ӕмӕ Йесойы дӕр амарын. 12 апостолӕй сӕ иу, Иудӕ Искариот, фарисейтӕм сусӕгӕй ацыд ӕмӕ сӕ бафарста: «Куы уын баххуыс кӕнон, цӕмӕй йӕ ӕрцахсат, уӕд мын цас бафиддзыстут?» Уыдон ын загътой, 30 ӕвзист ӕхцайы йын кӕй ратдзысты. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Иудӕ Искариот фадат агуырдта, цӕмӕй сын Йесойы ӕрцахсынӕн баххуыс кодтаид.

      «Ӕцӕг Хуыцау у, чи нӕ ирвӕзын кӕны, уыцы Хуыцау. Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ ирвӕзын кӕны мӕлӕтӕй» (Псалом 68:20)

      Фарстатӕ. Радзур, Лазӕр куыд райгас, уый тыххӕй. Фарисейтӕ Лазӕры хабар куы фехъуыстой, уӕд цы сфӕнд кодтой?

      Матфейы 26:14–16; Иоанны 11:1–53; 12:10

  • Йесо Куадзӕн фӕстаг хатт сбӕрӕг кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йесо ӕмӕ йӕ иуӕндӕс иузӕрдион апостолы бӕрӕг кӕнынц Ӕрымысӕн изӕр

      87 СӔРГОНД

      Йесо Куадзӕн фӕстаг хатт сбӕрӕг кодта

      Дзуттӕгтӕ Куадзӕн алы аз дӕр бӕрӕг кодтой, нисан чи хуыйны, уыцы мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон. Уыцы бӕрӕгбон сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Йегъовӕ сӕ Египеты цагъарадӕй куыд фервӕзын кодта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куыд бакодта, уый. Нӕ эрӕйы 33 азы Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Куадзӕн сбӕрӕг кодтаиккой. Куы йӕ сбӕрӕг кодтой, уӕд сын Йесо загъта: «Сымахӕй мӕ иу ауӕй кӕндзӕн». Апостолтӕ дисы ныххаудысты, ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уыцы адӕймаг чи у?» Йесо сын загъта: «Ацы дзулӕй кӕмӕн раттон, уый». Стӕй дзулы карст Иудӕ Искариотмӕ радта. Уӕд Иудӕ фестад ӕмӕ уырдыгӕй ацыд.

      Уый фӕстӕ Йесо Хуыцаумӕ скуывта, дзул ӕрсаста, йӕ 11 апостолмӕ йӕ алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут. Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар. Ӕз ӕй дӕттын сымах тыххӕй». Стӕй та райста сӕны къус, Хуыцаумӕ скуывта, йӕ апостолтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Бануазут дзы. Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сын Хуыцау сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна. Ӕз уын дзырд дӕттын, мемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ кӕй уыдзыстут. Алы аз дӕр ацы бон бӕрӕг кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй». Нӕ рӕстӕджы дӕр Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ алы аз дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй-иу уыцы хабар сбӕрӕг кӕной. Уыцы бӕрӕгбон абон хуыйны Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр.

      Уыцы хабар куы сбӕрӕг кодтой, уӕд апостолтӕ быцӕу кӕнын райдыдтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уе ’хсӕн уӕлдӕр у, йӕхи иннӕты раз кӕстӕрыл чи нымайы ӕмӕ иннӕтӕн чи лӕггад кӕны, уый».

      Йесо дарддӕр загъта: «Сымах стут ме ’мбӕлттӕ. Ӕмӕ уын ӕз дзурын, мӕ Фыд мын цы загъта, уый. Тагъд мӕ Фыдмӕ уӕлӕрвтӕм ацӕудзынӕн, сымах та ам баззайдзыстут. Ӕмӕ мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзи куы уарзат. Уӕ кӕрӕдзи хъуамӕ уарзат, ӕз уӕ куыд уарзын, афтӕ».

      Фӕстагмӕ Йесо Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр хъахъхъӕна. Ноджыдӕр ма дзы ракуырдта, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа. Стӕй ма Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йӕ ном срухс уа. Уый фӕстӕ ма Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Хуыцауӕн кады зарджытӕ азарыдысты ӕмӕ ацыдысты. Йесойы куы хъуамӕ ӕрцахстаиккой, уымӕ бирӕ нал хъуыди.

      «Ма тӕрс, гыццыл дзуг, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын» (Лукайы 12:32)

      Фарстатӕ. Йесо йӕ апостолтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? Йесо йӕ апостолтимӕ Ӕрымысӕн изӕр куы бӕрӕг кодта, уӕд сын цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бамбарын кодта?

      Матфейы 26:20–30; Лукайы 22:14–26; Иоанны 13:1, 2, 26, 30, 34, 35; 15:12–19; 17:3–26

  • Йесойы ӕрцахстой
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Иудӕ Гефсиманийы дыргъдонмӕ ӕрбацыд, цӕмӕй Йесойы ауӕй кӕна

      88 СӔРГОНД

      Йесойы ӕрцахстой

      Ӕмбисӕхсӕв Йесо йӕ апостолтимӕ Кедроны дӕлвӕзыл ацыд Оливӕбӕлӕсты хохы ’рдӕм. Цалхыдзаг мӕй сын сӕ фӕндаг рухс кодта. Гефсиманийы дыргъдонмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын Йесо загъта: «Ам фӕлӕуут, ма бафынӕй ут». Йӕхӕдӕг гыццыл фалдӕр ацыди ӕмӕ йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд, цӕмӕй Йегъовӕмӕ скуывтаид. Йесо йӕ куывды загъта: «Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд». Йесо уыд тынг тыхст уавӕры, ӕмӕ йӕм Йегъовӕ йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид. Йесо апостолтӕм куы ’рбаздӕхт, уӕд сӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта ӕмӕ сын загъта: «Сыстут! Ныртӕккӕ уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ фынӕй кӕнат. Ӕрхӕстӕг уыцы сахат, ӕмӕ мӕ знӕгты къухтӕм ратдзысты».

      Иудӕйӕн чидӕр ӕхца дӕтты

      Уӕдмӕ ӕрбацыд Иудӕ дӕр, йемӕ уыд бирӕ адӕм хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ. Йесойы ссарӕн кӕм уыд, уый зыдта, уымӕн ӕмӕ-иу уыцы дыргъдоны Йесо йӕ апостолтимӕ арӕх уыд. Иудӕ ӕфсӕддонтӕн рагацау загъта, зӕгъгӕ, кӕмӕн апъа кӕнон, уый у Йесо. Иудӕ Йесомӕ комкоммӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дзӕбӕх у, Ахуыргӕнӕг!» Ӕмӕ йын стӕй апъа акодта. Йесо йын загъта: «Иудӕ, пъайӕ мӕ уӕй кӕныс?»

      Йесо размӕ рацыд ӕмӕ уыцы адӕмы бафарста: «Кӕй агурут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Назаретаг Йесойы». Уӕд сын уый загъта: «Уый ӕз дӕн». Уӕд уыдон фӕстӕмӕ алӕууыдысты ӕмӕ зӕххыл ӕрхаудтой. Ӕмӕ та сӕ ногӕй бафарста: «Кӕй агурут?» Уыдон ын ногӕй дзуапп радтой: «Назаретаг Йесойы». Ӕмӕ та сын Йесо загъта: «Куы уын загътон, уый ӕз дӕн. Мемӕ чи ис, уыдоны ауадзут».

      Петр хабар куы бамбӕрста, уӕд йӕ хъама фелвӕста ӕмӕ хистӕр сауджыны цагъартӕй иуӕн йӕ хъус ахауын кодта. Фӕлӕ Йесо уыцы лӕджы хъусмӕ бавнӕлдта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. Стӕй Петрӕн загъта: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр. Чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн». Ӕфсӕддонтӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ сбастой, йӕ апостолтӕ та уырдыгӕй алыгъдысты. Уый фӕстӕ Йесойы акодтой сауджынты хистӕр Аннӕмӕ. Уый йӕ цӕмӕйдӕрты фӕрафӕрс-бафӕрс кодта ӕмӕ йӕ стӕй хистӕр сауджын Кайафӕйы хӕдзармӕ арвыста. Цымӕ апостолтыл та уый фӕстӕ цы ’рцыд?

      «Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Иоанны 16:33)

      Фарстатӕ. Гефсиманийы дыргъдоны цы ’рцыд? Йесо уыцы рӕстӕг йӕхи куыд дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

      Матфейы 26:36–57; Марчы 14:32–50; Лукайы 22:39–54; Иоанны 18:1–14, 19–24

  • Петр Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Петр Кайафӕйы хӕдзары кӕрты Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ

      89 СӔРГОНД

      Петр Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ

      Йесо йӕ апостолтимӕ, Куадзӕн кӕм сбӕрӕг кодтой, уыцы хӕдзары куы уыд, уӕд сын загъта: «Ахсӕв мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут». Петр та йын загъта: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн!» Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ахсӕв, уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ».

      Ӕфсӕддонтӕ Йесойы Кайафӕйы хӕдзармӕ куы акодтой, уӕд апостолтӕн сӕ фылдӕр алыгъдысты. Фӕлӕ дзы дыууӕйӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. Ӕмӕ сӕ цӕмӕй мачи базыдтаид, уый тыххӕй адӕмы ’хсӕнты цыдысты. Сӕ иу уыд Петр. Уый Кайафӕйы хӕдзары кӕртмӕ бацыд ӕмӕ арты раз слӕууыд. Иу лӕггадгӕнӕг чызг ын арты рухсмӕ йӕ цӕсгом федта ӕмӕ загъта: «Ӕз дӕ базыдтон! Ды дӕр Йесоимӕ уыдтӕ!»

      Петр загъта: «Нӕ, нӕ уыдтӕн! Цӕй кой кӕныс, уый не ’мбарын!» Ӕмӕ кулдуары ’рдӕм куы ацыд, уӕд ӕй уым та ӕндӕр лӕггадгӕнӕг чызг федта ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ацы лӕг дӕр Йесоимӕ уыди». Петр загъта: «Ӕз Йесойы зонгӕ дӕр нӕ кӕнын!» Уый фӕстӕ ма йын иу чидӕр загъта: «Ды дӕр уыдонӕй дӕ! Дӕ ныхасӕй бӕрӕг у, ды дӕр Йесойау галилейаг кӕй дӕ». Фӕлӕ Петр сомытӕ кӕнын райдыдта: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын!»

      Ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг уасӕг ныууасыд. Уӕд Йесо Петрмӕ фӕстӕмӕ ракаст, ӕмӕ йын Петр йӕ ныхӕстӕ ӕрхъуыды кодта. Уӕд ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта.

      Уыцы рӕстӕг Сӕйраг тӕрхондон Кайафӕйы хӕдзары ӕрӕмбырд, цӕмӕй Йесойӕн стӕрхон кодтаиккой. Уыдон ӕй сфӕнд кодтой амарын, ӕмӕ ӕфсон агуырдтой, цӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой. Фӕлӕ ницы ӕфсон ссардтой. Ӕмӕ уӕд Кайафӕ Йесойы комкоммӕ бафарста: «Уӕдӕ Хуыцауы Фырт дӕ?» Йесо загъта, о, зӕгъгӕ. Уӕд Кайафӕ загъта: «Ай мӕнӕ Хуыцауы куы фауы! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы?» Тӕрхондоны чи уыд, уыдон загътой: «Ацы адӕймаг хъуамӕ амӕла». Уый фӕстӕ йӕ чидӕртӕ райдыдтой цӕвын ӕмӕ йыл тутӕ кӕнын, иннӕтӕ та йын йӕ цӕсгом бамбӕрзтой ӕмӕ йӕ дзӕхстытӕ кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд-ма нын ӕй зӕгъ, чи дӕ ныццавта?»

      Куы сбон, уӕд Йесойы Сӕйраг тӕрхондоны агъуыстмӕ бакодтой ӕмӕ та йӕ ногӕй бафарстой: «Уӕдӕ Хуыцауы Фырт дӕ?» Йесо сын загъта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут». Уӕд ӕй фӕаххосджын кодтой, Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ромаг хицау Понтий Пилатмӕ акодтой. Цымӕ дарддӕр цы ’рцыд? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

      «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг... ӕмӕ уӕ алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлидздзӕн, ӕмӕ мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ Фыд мемӕ ис» (Иоанны 16:32)

      Фарстатӕ. Кайафӕйы хӕдзары кӕрты цы ’рцыд? Тӕрхондон Йесойы цавӕр хъуыддаджы фӕаххосджын кодта, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой?

      Матфейы 26:31–35, 57–27:2; Марчы 14:27–31, 53–15:1; Лукайы 22:55–71; Иоанны 13:36–38; 18:15–18, 25–28

  • Йесо Голгофӕйы амард
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йесойы хъӕдыл байтыгътой; йӕ разы лӕууынц ӕфсӕддон хицау ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цалдӕрӕй, се ’хсӕн ис Марийӕ ӕмӕ Иоанн дӕр

      90 СӔРГОНД

      Йесо Голгофӕйы амард

      Сауджынты хистӕртӕ Йесойы акодтой ромаг хицау Пилаты галуанмӕ. Пилат сӕ бафарста: «Ацы адӕймаджы цавӕр хъуыддаджы аххосджын кӕнут?» Уыдон ын загътой: «Йӕхи паддзах хоны!» Уӕд Пилат Йесойы бафарста: «Ды дзуттӕгты паддзах дӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу».

      Уый фӕстӕ Пилат Йесойы арвыста Иродмӕ, Галилейӕйы хицаумӕ, цӕмӕй йын уый дӕр йӕ хъуыддагмӕ ӕркастаид. Фӕлӕ Ирод Йесомӕ ницы аххос ссардта, ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста. Уӕд Пилат адӕмӕн загъта: «Нӕдӕр Ирод, нӕдӕр ӕз ацы адӕймагмӕ ницы аххос ссардтам. Ӕз ӕй суӕгъд кӕндзынӕн». Фӕлӕ адӕм хъӕр кӕнын райдыдтой: «Амар ӕй! Амар ӕй!» Ӕфсӕддонтӕ Йесойы ехсӕй фӕнадтой, стӕй йыл тутӕ кӕнын ӕмӕ йӕ тымбылкъухӕй цӕвын райдыдтой. Уый фӕстӕ йын йӕ сӕрыл сындзытӕй быд кадыхуд ӕркодтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнын райдыдтой: «Ӕгас нӕм цу, дзуттӕгты Паддзах!» Пилат та ногӕй адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы аххос ссардтон». Фӕлӕ уыдон хъӕр кодтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!» Гъемӕ Пилат ӕфсӕддонтӕн загъта, цӕмӕй йӕ хъӕдыл байтыгътаиккой.

      Уыдон Йесойы акодтой, Голгофӕ чи хуынд, уыцы бынатмӕ. Уым ӕй зӕгӕлтӕй хъӕдмӕ ныххостой ӕмӕ стӕй уыцы хъӕд зӕххы ныссагътой. Йесо Хуыцаумӕ скуывта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц». Адӕм та Йесойӕ хынджылӕг кодтой: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд дӕхи фервӕзын кӕн! Ӕрхиз хъизӕмӕртты хъӕдӕй!»

      Йӕ фӕйнӕ фарс цы дыууӕ фыдгӕнӕджы байтыгътой, уыдонӕй йын иу загъта: «Паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Йесо йын загъта: «Ды уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты». Фӕссихор бӕстӕ баталынг, ӕмӕ ӕртӕ сахаты дӕргъы уыди талынг. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр цалдӕрӕй уым уыдысты, ӕмӕ се ’хсӕн уыд йӕ мад Марийӕ дӕр. Йесо Иоаннӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Марийӕйӕн ӕххуыс кодтаид, йӕхи мадӕн куыд ӕххуыс кодтаид, афтӕ.

      Фӕстагмӕ Йесо загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» Ӕмӕ йӕ сӕр йӕ риуыл ӕркъул, ӕмӕ амард. Раст уыцы рӕстӕг зӕхх тынг нынкъуысыд. Кувӕндоны Сыгъдӕг бынаты ӕмӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты ’хсӕн цы ӕмбӕрзӕн уыд, уый та уӕлейӕ бынмӕ ӕрыскъуыд ӕмӕ дыууӕ дихы фӕци. Ӕфсӕддон хицау уыдӕттӕ фенгӕйӕ загъта: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд».

      «Хуыцау зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон цасфӕнды ма уой,– уый фӕрцы систы „о“» (2 Коринфӕгтӕм 1:20)

      Фарстатӕ. Пилат Йесойы амарын цӕмӕн бауагъта? Йесо фылдӕр йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл кӕй хъуыды кодта, уый куыд равдыста?

      Матфейы 27:11–14, 22–31, 38–56; Марчы 15:2–5, 12–18, 25, 29–33, 37–39; Лукайы 23:1–25, 32–49; Иоанны 18:28–19:30

  • Йесо райгас
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Сылгоймӕгтӕ дис кӕнынц, Йесо цы зӕппадзы ӕвӕрд уыд, уый афтид кӕй у

      91 СӔРГОНД

      Йесо райгас

      Йесо куы амард, уӕд иу хъӕздыг лӕг, Иосиф, Пилатмӕ бацыди ӕмӕ дзы бар ракуырдта, цӕмӕй Йесойы хъӕдӕй ӕристаид. Иосиф ӕй ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг хъуымацы хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытимӕ батыхта. Стӕй йӕ ног зӕппадзы бавӕрдта ӕмӕ йын йӕ бахизӕныл стыр дур бафӕлдӕхта. Сауджынты хистӕртӕ Пилатӕн загътой: «Тӕрсӕм, мыййаг, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ мард куы адавой ӕмӕ стӕй афтӕ куы дзурой, мӕрдтӕй райгас, зӕгъгӕ». Ӕмӕ сын уӕд Пилат загъта: «Зӕппадзыл мыхуыр сӕвӕрут ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнут».

      Ӕртӕ боны фӕстӕ райсомӕй раджы сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ зӕппадзмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ кӕсынц, ӕмӕ бахизӕны дур иуварс фӕлдӕхтӕй лӕууы. Уым мидӕгӕй федтой зӕды, ӕмӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Йесо райгас. Ацӕут ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕгъут, Галилейӕйы йӕ кӕй фендзысты».

      Цалынмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ уым уыдысты, уӕдмӕ Марийӕ Магдалинӕ та Петрмӕ ӕмӕ Иоанмӕ атагъд кодта. Куы сыл фембӕлд, уӕд сын загъта: «Чидӕр Йесойы мард ахаста!» Уӕд Петр ӕмӕ Иоанн зӕппадзмӕ азгъордтой. Фӕлӕ зӕппадз афтидӕй куы федтой, уӕд фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты.

      Марийӕ фӕстӕмӕ зӕппадзмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд дзы мидӕгӕй дыууӕ зӕды федта ӕмӕ сын загъта: «Мӕ Хицауы мын кӕдӕм ахастой, уымӕн ницы зонын». Уый фӕстӕ Марийӕ иу лӕджы ауыдта ӕмӕ фенхъӕлдта, дыргъдонгӕс кӕй у, ӕмӕ йын загъта: «Хорз лӕг, зӕгъ мын ӕй, кӕдӕм ӕй ахастай». Уыцы лӕг ӕм йӕ номӕй сдзырдта: «Марийӕ!» Уӕд Марийӕ бамбӕрста, уый Йесо кӕй у, ӕмӕ йӕм сдзырдта: «Ахуыргӕнӕг!» Марийӕ йын ныхъхъӕбыс кодта, ӕмӕ йын Йесо загъта: «Ацу ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ, кӕй мӕ федтай». Марийӕ уайтагъд ахуыргӕнинӕгтӕм азгъордта ӕмӕ сын радзырдта, Йесойы кӕй федта.

      Уыцы бон фӕстӕдӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕ Иерусалимӕй Еммаусмӕ фӕцӕйцыдысты. Фӕндагыл сӕм иу лӕг ӕрбаиу ӕмӕ сӕ бафарста, цӕуыл ныхас кӕнут, зӕгъгӕ. Уыдон ын загътой: «Ам цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй нӕ фехъуыстай? Ӕртӕ боны размӕ сауджынты хистӕртӕ Йесойы амарын кодтой. Ныр та сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ дзурынц, удӕгас, дам, у!» Уыцы лӕг сӕ бафарста: «Пехуымпарты ныхӕстыл не ’ууӕндут, ӕви? Уыдон дзырдтой, Чырысти кӕй амӕлдзӕн ӕмӕ стӕй кӕй райгас уыдзӕн». Ӕмӕ сын дарддӕр Фыстадӕй уыцы хабӕрттӕ ӕмбарын кодта. Еммаусмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ын ахуыргӕнинӕгтӕ загътой, цӕмӕй уым семӕ ӕрлӕууыдаид. Изӕры фынгыл куы бадтысты, уӕд уыцы лӕг дзул райста ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывта. Ӕмӕ уӕд бамбӕрстой, уый Йесо кӕй у. Фӕлӕ уӕдмӕ ӕрбацыдӕр.

      Уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы Иерусалиммӕ атагъд кодтой, апостолтӕ цы хӕдзары ӕрӕмбырд сты, уырдӕм ӕмӕ сын хабар радзырдтой. Уалынмӕ сӕ разы Йесо февзӕрд. Апостолты уайтагъд нӕ бауырныдта, уый Йесо кӕй у. Ӕмӕ сӕ цӕмӕй бауырныдтаид, уый тыххӕй сын загъта: «Мӕнӕ мын мӕ къухтӕм ӕрбакӕсут, бавналут мӕм. Фыстады загъд уыд, Чырысти мӕрдтӕй кӕй райгас уыдзӕн».

      «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6)

      Фарстатӕ. Сылгоймӕгтӕ, Йесо кӕм уыд ӕвӕрд, уырдӕм куы ’рбацыдысты, уӕд цы ’рцыд? Еммаусмӕ фӕндагыл цы ’рцыд?

      Матфейы 27:57–28:10; Марчы 15:42–16:8; Лукайы 23:50–24:43; Иоанны 19:38–20:23

  • Йесо фӕзынд кӕсагахсджытӕм
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ныхас кӕны; сӕ разы кӕсӕгтӕ артыл фыцынц

      92 СӔРГОНД

      Йесо фӕзынд кӕсагахсджытӕм

      Йесо йӕ апостолтӕм куы фӕзынд, уымӕй цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Петр сфӕнд кодта Галилейӕйы денджызмӕ кӕсаг ахсынмӕ ацӕуын. Йемӕ ма ацыдысты Фома, Иаков, Иоанн ӕмӕ ма ноджыдӕр цалдӕр ахуыргӕнинаджы. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕархайдтой, фӕлӕ ницы ӕрцахстой.

      Райсомӕй раджы былгӕрон иу лӕджы лӕугӕ ауыдтой. Уый сӕм фӕхъӕр кодта: «Исты ӕрцахстат?» Уыдон ын загътой: «Ницы!» Уӕд сын уый загъта: «Уӕ хыз бӕлӕгъы рахиз фарс баппарут». Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ хыз баппӕрстой, фӕлӕ йӕ сӕ бон фӕстӕмӕ сласын нӕ баци, уымӕн ӕмӕ кӕсӕгтӕй йедзаг уыд. Уӕд Иоанн бамбӕрста, уый Йесо кӕй у, ӕмӕ загъта: «Уый нӕ Хицау куы у!» Петр уайтагъд донмӕ ныггӕпп кодта ӕмӕ былмӕ аленк кодта. Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та йӕ фӕдыл бӕлӕгъыл былмӕ баленк кодтой.

      Былмӕ куы рахызтысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ арт судзы, зынгтыл та – кӕсӕгтӕ, стӕй дзы уыди дзул дӕр. Йесо сын загъта, цӕмӕй ма сӕ кӕсӕгтӕй дӕр рахастаиккой. Стӕй сын загъта: «Рацӕут, бахӕрут».

      Петр Йесомӕ фӕцӕуы, иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та йӕ фӕстӕ бӕлӕгъыл ленк кӕнынц

      Куы бахордтой, уӕд Йесо Петрӕн загъта: «Кӕсагахсыны куыстӕй мӕ фылдӕр уарзыс?» Уый йын дзуапп радта: «О, Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын». Уӕд ын Йесо загъта: «Кӕс мын мӕ уӕрыччытӕм». Дыккаг хатт дӕр та йӕ бафарста: «Петр, уарзыс мӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын». Йесо та йын загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм». Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт куы бафарста, уӕд Петр тынг ӕрӕнкъард ӕмӕ йын загъта: «Хицау, ды алцыдӕр зоныс. Зоныс ӕй, кӕй дӕ уарзын». Йесо йын загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм». Уый фӕстӕ ма йын загъта: «Дарддӕр дӕр мӕ фӕдыл цу».

      «[Йесо] сын загъта: „Рацӕут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ“. Уыдон уайтагъд сӕ хызтӕ ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты» (Матфейы 4:19, 20)

      Фарстатӕ. Ахуыргӕнинӕгтӕ кӕсаг куы ахстой, уӕд Йесо цавӕр диссаг сарӕзта? Цымӕ Йесо Петры ӕртӕ хатты цӕмӕн бафарста, уарзыс мӕ, зӕгъгӕ?

      Иоанны 21:1–19, 25; Хъуыддӕгтӕ 1:1–3

  • Йесо фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацыд
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йесо уӕлӕрвтӕм фӕцӕуы, йӕ апостолтӕ та йӕм кӕсынц

      93 СӔРГОНД

      Йесо фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацыд

      Йесо Галилейӕйы йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ фембӕлд. Уым сын иу ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Амонут сын, ӕз уын цы бацамыдтон, уыдӕттӕ ӕмӕ сын донаргъуыд дӕттут». Стӕй сын загъта: «Ма рох кӕнут, ӕз алкӕддӕр уемӕ кӕй уыдзынӕн».

      Йесо куы райгас, уӕд ма зӕххыл цыппор боны фӕци, ӕмӕ Галилейӕйы ӕмӕ Иерусалимы цалдӕр сӕдӕ ахуыргӕнинагмӕ бирӕ хӕттыты фӕзынд. Уый сын ахсджиаг хабӕрттӕ ӕмбарын кодта ӕмӕ бирӕ диссӕгтӕ арӕзта. Уый фӕстӕ йӕ апостолтимӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл фӕстаг хатт фембӕлд.

      Иу бон апостолтӕм куы фӕзынд, уӕд сын загъта: «Иерусалимӕй ма ацӕут. Ӕнхъӕлмӕ кӕсут, мӕ Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕ». Уыдон ын йӕ ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой, ӕмӕ йӕ бафарстой: «Израилы Паддзах ныр хъуамӕ суай?» Йесо сын загъта: «Рӕстӕг нӕма ӕрцыд, цӕмӕй мӕ Йегъовӕ Паддзахӕй сӕвӕра. Тагъд рӕстӕджы схайджын уыдзыстут сыгъдӕг тыхӕй, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ. Цӕут ӕмӕ хъусын кӕнут Иерусалимы, Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр».

      Стӕй Йесо уӕлӕрвтӕм ссыд, ӕмӕ йӕ мигъ бамбӕрзта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ма йӕ фӕдыл кастысты, фӕлӕ сӕм нал зынд.

      Ахуыргӕнинӕгтӕ Оливӕбӕлӕсты хохӕй ацыдысты Иерусалиммӕ. Цы хӕдзары ӕрлӕууыдысты, уым-иу уӕллаг уаты ӕдзухдӕр иумӕ ӕмбырд кодтой ӕмӕ Хуыцаумӕ куывтой. Ахуыргӕнинӕгтӕ зыдтой, Йесо ма сын ноджыдӕр цыдӕртӕ кӕй хъуамӕ бацамона, ӕмӕ йӕ разамындмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты.

      «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14)

      Фарстатӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бахӕс кодта? Оливӕбӕлӕсты хохыл цы ’рцыд?

      Матфейы 28:16–20; Лукайы 24:49–53; Иоанны 20:30, 31; Хъуыддӕгтӕ 1:2–14; 1 Коринфӕгтӕм 15:3–6

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын