Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ныййарджытӕ!
    Ӕз ахуыр кӕнын Библи
    • Ныййарджытӕ!

      Уӕ сывӕллӕттӕн цавӕр лӕвар у уӕ бон скӕнын, цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр лӕвар нӕй? Сывӕллӕтты бирӕ цыдӕртӕ фӕхъӕуы, зӕгъӕм, цӕмӕй сӕ уарзат, зонд сын амонат ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнат. Фӕлӕ ӕппӕты зынаргъдӕр лӕвар та у, Йегъовӕйы тыххӕй сын куы дзурат ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый сын куы ӕмбарын кӕнат (Иоанны 17:3). Уый фӕрцы уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы бауарздзысты ӕмӕ йын суанг сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕндзысты (Матфейы 21:16).

      Ныййарджытӕй бирӕтӕ бафиппайдтой, сывӕллӕттӕ цыбыр уроктӕ ӕмӕ хъӕзтытӕ кӕй уарзынц. Ӕмӕ уый тыххӕй рауагътам брошюрӕ «Ӕз ахуыр кӕнын Библи». Алы урочы фӕрцы дӕр сывӕллӕттӕн хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнӕн ис кӕцыдӕр ахсджиаг хъуыды Библийӕ. Цы нывтӕ ӕмӕ дзы цы ӕмдзӕвгӕтӕ ис, уыдон сты, ӕртӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм сывӕллӕттӕн. Ис ма дзы хӕслӕвӕрдтӕ дӕр. Брошюрӕ «Ӕз ахуыр кӕнын Библи» уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй дзы уӕ сывӕллӕттӕ хъазой, фӕлӕ сын ӕй цӕмӕй кӕсат ӕмӕ семӕ ныхас кӕнат.

      Ныфс нӕ ис, ацы брошюрӕ уын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн «сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ» Библийы рӕстдзинад амонат (2 Тимофеймӕ 3:14, 15).

      Уе ’фсымӕртӕ,

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет

  • 1 урок
    Ӕз ахуыр кӕнын Библи
    • 1 урок

      Раргомад 4:11

      Чи скодта денджыз?

      Чи скодта зӕхх?

      Чи скодта дӕу ӕмӕ мӕн, уый-ма зӕгъ?

      Чи скодта гӕлӕбу, йӕ хъулон базыртӕ?

      Хуыцау Йегъовӕ скодта алцыдӕр.

      НЫЙЙАРДЖЫТӔН

      Дӕ сывӕллонӕн бакӕс:

      Раргомад 4:11

      Сывӕллон бацамонӕд, кӕм сты:

      стъалытӕ кӕсӕгтӕ хур

      бӕлӕстӕ пурти хӕдзар

      денджыз гӕлӕбу

      Сывӕллоны бафӕрс:

      Хуыцауы ном куыд у?

      Йегъовӕ кӕм цӕры?

      Хуыцау цы сфӕлдыста?

  • 2 урок
    Ӕз ахуыр кӕнын Библи
    • 2 урок

      Райдиан 7:7–10; 8:15–17

      Акӕс ацы сырдтӕм ды.

      Чи сӕ уасы, чи рӕйы?

      Бакодта сӕ наумӕ Ной, Цӕмӕй иууылдӕр цӕрой.

      НЫЙЙАРДЖЫТӔН

      Дӕ сывӕллонӕн бакӕс:

      Райдиан 7:7–10; 8:15–17

      Сывӕллон бацамонӕд, кӕм ис:

      арс куыдз пыл

      жираф домбай маймули

      хъыбыл фыс

      зебрӕ арвӕрдын

      Сывӕллон равдисӕд, куыд фӕкӕны:

      куыдз домбай маймули

      хъыбыл фыс

  • 3 урок
    Ӕз ахуыр кӕнын Библи
    • 3 урок

      1 Петры 3:8

      Аланӕн йе ’мбал куы фӕрынчын, уӕд загъта:

      «Ныффыссон ӕм, цӕй, цӕмӕй ма уа ӕнкъард ӕмӕ сдзӕбӕх уа тагъд.

      Иумӕ та хъаздзыстӕм стӕй!»

      Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, ӕмӕ уӕд дӕуӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уыдзӕн хорз!

      НЫЙЙАРДЖЫТӔН

      Дӕ сывӕллонӕн бакӕс:

      1 Петры 3:8

      Сывӕллон бацамонӕд, кӕм ис:

      хӕдзар стъол Алан

      хур цъиу бӕлас

      Сывӕллоны бафӕрс:

      Дӕ зонгӕтӕй рынчын чи у?

      Нӕ бон ын баххуыс кӕнын куыд у?

  • 4 урок
    Ӕз ахуыр кӕнын Библи
    • 4 урок

      Хъуыддӕгтӕ 14:17

      Къӕвда та уары.

      Кӕуы Кристинӕ:

      «Кӕдмӕ ма бадон

      ныр ӕз нӕхимӕ?»

      Фӕлӕ ӕваст

      къӕвда фӕсындӕг,

      ’мӕ скасти хур.

      Нӕ чызг фӕхъӕлдзӕг!

      Кристинӕ уайтагъд ӕддӕмӕ ралыгъд, ӕмӕ йӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыд.

      «Къӕвда Хуыцауӕй,– чызг бацин кодта,– цас дидинджытӕ ӕрзайын кодта!»

      НЫЙЙАРДЖЫТӔН

      Дӕ сывӕллонӕн бакӕс:

      Хъуыддӕгтӕ 14:17

      Сывӕллон бацамонӕд, кӕм ис:

      рудзынг цъиу Кристинӕ

      бӕлас дидинджытӕ

      Сывӕллон ссарӕд:

      майрӕмы карк хӕдтӕхӕг

      Сывӕллоны бафӕрс:

      Йегъовӕ къӕвда цӕмӕн радта?

  • 5 урок
    Ӕз ахуыр кӕнын Библи
    • 5 урок

      1 Фессалоникӕгтӕм 5:18

      Де ’мбал дын лӕвар куы скӕна, бацин ыл кӕн уӕд. Бахуд ӕм хӕларзӕрдӕйӕ – уый дӕр цин кӕнӕд!

      Исчи дын куы баххуыс кӕна истӕмӕй, уӕд ын ма ферох кӕн ды, мӕ къона, стыр бузныг зӕгъын.

      НЫЙЙАРДЖЫТӔН

      Дӕ сывӕллонӕн бакӕс:

      1 Фессалоникӕгтӕм 5:18

      Сывӕллон бацамонӕд, кӕм ис:

      лӕвар лӕппу

      дуар хӕринаг

      Сывӕллон ссарӕд:

      фӕткъуы телефон

      Сывӕллоны бафӕрс:

      Бузныг дзурын хорз цӕмӕн у?

  • 6 урок
    Ӕз ахуыр кӕнын Библи
    • 6 урок

      Псалом 139:14

      Бакӕс-ма дӕ къухтӕм, азмӕлын сӕ кӕн.

      Бавнал-ма дӕ хъустӕм, стӕй дӕ фындзмӕ дӕр.

      Ныр ӕркӕс дӕ къӕхтӕм, азгъор размӕ, цӕй!

      Гӕппытӕ дӕр акӕн, ахъаз хъӕлдзӕгӕй.

      Кӕсӕнмӕ-ма бакӕс, фен, куыд рӕсугъд дӕ. О, Йегъовӕ скодта уыцы диссӕгтӕ!

      НЫЙЙАРДЖЫТӔН

      Дӕ сывӕллонӕн бакӕс:

      Псалом 139:14

      Сывӕллон бацамонӕд, кӕм сты йӕ:

      къухтӕ къӕхтӕ фындз

      хъустӕ дзых

      Сывӕллон ссарӕд:

      краб гӕды

      Сывӕллоны бафӕрс:

      Мӕн ӕмӕ дӕу чи скодта?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын