Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хуыцау нын нӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 январь
    • Зӕлинӕ: «Йегъовӕ Хуыцау цы цӕрӕгойты сфӕлдыста, уыдонӕй се ’ппӕтӕй къӕрцхъусдӕр уыди калм. Гъемӕ калм сылгоймагӕн загъта: „Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?“ Сылгоймаг калмӕн дзуапп радта: „Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн. Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“. Ӕмӕ йын уӕд калм загъта: „Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый“».

  • Хуыцау нын нӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 январь
    • Кристинӕ: О. Хӕйрӕг уый фӕстӕ цы загъта, уымӕй Хуыцауы фӕаххосджын кодта. Кӕс-ма, куыд загъта: «Нӕ амӕлдзыстут». Зӕгъӕн ис, Хӕйрӕг загъта, Хуыцау сӕ сайгӕ кӕй кӕны.

      Зӕлинӕ: Ууыл никуы ахъуыды кодтон.

      Кристинӕ: Ӕмӕ Хӕйрӕг афтӕ куы загъта, Хуыцау сайгӕ кӕны, уӕд сӕвзӕрд, дзуапп раттынӕн бирӕ рӕстӕг кӕмӕн хъуыд, ахӕм фарста. Ӕмӕ йын бирӕ рӕстӕг цӕмӕн хъуыд, уый зоныс?

      Зӕлинӕ: Нӕ зонын.

      Кристинӕ: Ӕрхӕссӕн ис ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, иу бон дӕм ӕрбацыдтӕн ӕмӕ дын загътон, ӕз дӕуӕй тыхджындӕр дӕн, зӕгъгӕ. Цы бакӕнис, цӕмӕй рабӕрӕг уа, раст кӕй нӕ дӕн, уый?

      Зӕлинӕ: Исты хуызы дӕ бафӕлварин.

      Кристинӕ: О. Ӕвӕццӕгӕн, исты уӕззау дзаума равзариккам ӕмӕ нӕ тых бафӕлвариккам – чи йӕ сфӕраза, уый у тыхджындӕр.

      Зӕлинӕ: Цы зӕгъынмӕ хъавыс, уый ӕмбарын.

      Кристинӕ: Фӕлӕ дын афтӕ куы загътаин, ды сайгӕ кӕныс, ӕз та рӕстытӕ дзурын, уӕд та? Уыцы фарстайӕн дзуапп раттын зындӕр нӕу?

      Зӕлинӕ: Мӕнмӕ гӕсгӕ, о.

      Кристинӕ: Тыхджындӕр чи у, уый куыд ӕнцонтӕй ис базонӕн, афтӕ ӕнцонтӕй нӕ уаид базонӕн, сайгӕ кӕй нӕ кӕныс, уый.

      Зӕлинӕ: Разы дӕн демӕ.

      Кристинӕ: Ӕцӕгдӕр, ацы фарстайӕн дзуапп базонынӕн фаг рӕстӕг хъӕуы, цӕмӕй уый иннӕтӕ дӕр феной.

      Зӕлинӕ: Раст зӕгъыс!

      Кристинӕ: Ногӕй та-ма ӕркӕсӕм Райдианы чиныгмӕ. Хӕйрӕг, мыййаг, йӕхи Хуыцауӕй тыхджындӕр хуыдта?

      Зӕлинӕ: Нӕ.

      Кристинӕ: Хуыцау Хӕйрӕгӕн уыцы тӕккӕ равдыстаид, тыхджындӕр кӕй у, уый. Фӕлӕ Хӕйрӕджы ныхӕстӕй афтӕ уад, цыма Хуыцау сайгӕ кӕны. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта: «Хуыцау уӕ сайгӕ кӕны, ӕз та дын рӕстытӕ дзурын».

      Зӕлинӕ: Диссӕгтӕ!

      Кристинӕ: Хуыцау у ӕгӕрон зонды хицау, ӕмӕ йӕ зыдта, цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид, уый тыххӕй бирӕ рӕстӕг кӕй хъуыд. Ӕрмӕстдӕр уӕд рабӕрӕг уыдаид, раст чи дзырдта ӕмӕ сайгӕ чи кодта, уый.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын