-
«Фӕзмут Хуыцауы»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 1 январь
-
-
Библи Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты разӕнгард кӕны: «Уӕдӕ, уарзон хъӕбултау, фӕзмут Хуыцауы» (Ефесӕгтӕм 5:1). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл кӕй ӕууӕнды. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ, йӕхи хуызӕн (Райдиан 1:26, 27). Уый ууыл дзурӕг у ӕмӕ Хуыцаумӕ йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй адӕймаджы дӕр схайджын кодтаa. Библи нӕ куы фӕразӕнгард кӕны, «фӕзмут Хуыцауы», зӕгъгӕ, уӕд нын, цыма, Йегъовӕ йӕхӕдӕг фӕдзуры: «Уӕ бон бауыдзӕн! Ӕз ӕй зонын, кӕд ӕнӕххӕст стут, уӕддӕр уӕ бон кӕй у мӕн бафӕзмын».
-
-
«Фӕзмут Хуыцауы»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 1 январь
-
-
a Колоссӕгтӕм 3:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ Хуыцау адӕймаджы йӕхи хуызӕн кӕй сфӕлдыста, уый нысан кӕны, цыдӕр миниуджытӕй йӕ кӕй схайджын кодта. Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йӕ «удыхъӕд ногмӕ раива... чи йӕ сфӕлдыста, уый [Хуыцауы] удыхъӕдмӕ гӕсгӕ».
-