-
«Зонут, мӕ фыны цы федтон?»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 август
-
-
Иосиф йе ’фсымӕртӕм бахӕццӕ. Ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ йыл бацин кӕндзысты – сӕ зӕрды йӕ амарын уыд, ууыл хъуыды дӕр никуы акодтаид. Фӕлӕ йыл йе ’фсымӕртӕ сӕхи ныццавтой. Фӕлӕбурдтой йӕм, йӕ уӕлӕдарӕс ын аскъуыдтӕ кодтой, стӕй йӕ хус доны дзыхъмӕ ахӕр-хӕр кодтой ӕмӕ йӕ уырдӕм ныппӕрстой. Иосифӕн дзыхъхъы йӕ тъӕпп фӕцыд. Лӕппу гыццыл йӕхимӕ куы ’рцыд, уӕд афӕлвӕрдта дзыхъхъӕй сбырын, фӕлӕ йӕ бон не сси. Йӕ сӕрмӕ зынди ӕрмӕстдӕр арв. Иосиф хъуыста, йе ’фсымӕртӕ ныхасгӕнгӕйӕ дзыхъхъӕй иуварс куыд фӕцӕйцыдысты. Бӕргӕ ма сӕм хъӕр кодта, бӕргӕ ма сын лӕгъстӕ кодта, фӕлӕ йӕ хъусӕг нӕ уыд. Уымӕй фыддӕр та уыд, уырдӕм хӕстӕг сихор хӕрынмӕ кӕй ӕрбадтысты, уый. Рувим куы ацыд, уӕд та ногӕй лӕппуйы марынвӕнд кодтой, фӕлӕ сын Иудӕ загъта, цӕмӕй йӕ уый бӕсты сӕудӕджертӕн ауӕй кодтаиккой. Дофан уыд, сӕудӕджертӕ Египетмӕ кӕуылты цыдысты, уыцы фӕндагмӕ хӕстӕг. Иосифы йе ’фсымӕртӕ дзыхъхъы ныппӕрстой, измаилаг ӕмӕ мадиамаг сӕудӕджертӕ сӕ рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уымӕй гыццыл раздӕр. Цалынмӕ Рувим фӕстӕмӕ здӕхт, уӕдмӕ хъуыддаг конд ӕрцыд – се ’фсымӕры цагъарӕй 20 сиклыл ауӕй кодтойb (Райдиан 37:23–28; 42:21).
Иосиф дзырдта, раст цы уыд, уый сӕрыл, фӕлӕ дзы йе ’фсымӕртӕ се сӕфт уыдтой
-
-
«Зонут, мӕ фыны цы федтон?»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 август
-
-
b Кӕд ацы хъуыддаг афтӕ ахсджиаг нӕу, уӕддӕр Библи ам дӕр нӕ сайы. Уыцы рӕстӕгӕй нӕ заманмӕ цы фыстытӕ ’рхӕццӕ, уыдонӕй базонӕн ис, Египеты цагъары рӕстӕмбис аргъ 20 сиклы кӕй уыд.
-