Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыс?
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
    • 5, 6. Туг табуйаг ӕмӕ зынаргъ кӕй у, уый Моисейы закъонӕй бӕрӕг куыд уыд? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ «Аргъ кӕн цӕрӕгойты цардӕн».)

      5 Туг цардмӕ кӕй амоны ӕмӕ табуйаг кӕй у, уый тыххӕй фыст ӕрцыд Моисейы закъоны дӕр. Левиты 17:10, 11 стихты фыст ис: «Исчи цӕйфӕнды туг дӕр куы хӕра, уӕд ӕз, туг чи хӕры, уымӕн йӕ ныхмӕ суыдзынӕн ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй. Уымӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд ис туджы, ӕмӕ йӕ ӕз рахицӕн кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй дзы уӕ удтӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕнат, уымӕн ӕмӕ туг сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй, уд туджы кӕй ис, уый фӕрцы»a. (Кӕс рамкӕ «Туг сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй».)

      ТУГ СЫГЪДӔГ КӔНЫ ТӔРИГЪӔДТӔЙ

      Хуыцауы Ныхас туг ӕмӕ цард иу цӕуылдӕр нымайы. Уымӕ гӕсгӕ, рагон Израилы-иу Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ чи фехӕлдта, фӕлӕ-иу чи ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕймагӕн-иу, цӕмӕй тӕрхонгонд ма ӕрцыдаид, уый тыххӕй йӕ бон уыд Хуыцауы нывондхӕссӕныл нывонд ӕрхӕссын (Левит 4:27–31). Ӕмӕ-иу уыцы нывонды фӕрцы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг, фӕлӕ-иу уый уыд ӕрмӕст рӕстӕгмӕ.

      Дзырдбаст «тӕригъӕдӕй сыгъдӕг кӕнын»-ӕн Библийы йӕ хъуыды у «баивын» кӕнӕ «ӕмбӕрзын». Уый абарӕн ис, исты мигӕнӕнӕн йӕ сӕр растдӕр йӕхи аккаг куыд уа ӕмӕ йӕ дзӕбӕх куыд ӕмбӕрза, уыимӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу фосы нывонд дӕр адӕймаджы тӕригъӕдтӕ, куыд ӕмбӕлд, афтӕ «не ’мбӕрзта», ома Адамӕй йӕ туджы цы тӕригъӕд рахаста, уымӕй йӕ нӕ сыгъдӕг кодта. Фӕлӕ фосы нывӕндтӕ амыдтой, фидӕны алцӕмӕй ӕххӕст нывонд хаст кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ (Дзуттӕгтӕм 10:1, 4).

      Мах нӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг стӕм, «Йесо Чырысти йӕхи ӕрмӕстдӕр иу хатт нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы» (Дзуттӕгтӕм 10:10). Чырыстийы ӕххӕст цардӕн, йӕ «зынаргъ тугӕн... ӕнӕниз ӕмӕ ӕнӕсахъат уӕрыччы тугӕн», уыди, Адам ӕнӕхай цы цардӕй фӕци, растдӕр ахӕм аргъ (1 Петры 1:19). Афтӕмӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы. Уый бакодта, рӕстдзинад куыд домдта, афтӕ, ӕмӕ нын уый фӕрцы фадат фӕзынд «ӕнусон ирвӕзындзинадӕн» (Дзуттӕгтӕм 9:11, 12; Иоанны 3:16; Раргомад 7:14).

  • Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыс?
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
    • a Хуыцау афтӕ кӕй загъта, «уд ис туджы», зӕгъгӕ, уый тыххӕй иу журналы фыст ис: «Туджы цы алыхуызон кълеткӕтӕ ис, уыдон се ’ппӕт дӕр хъӕуынц, цӕмӕй адӕймаг цӕра» (Scientific American).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын