-
Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдоны коммӕ кӕсХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 август
-
-
13. а) Змӕнтджытӕ Иегъовӕйы раз буд кӕй ссыгътой, уый хивӕнд ми цӕмӕн уыд? ӕ) Иегъовӕ змӕнтджытӕн цы бакодта?
13 Закъонмӕ гӕсгӕ буд судзын ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн ӕмбӕлд. Левиттӕй сауджын чи нӕ уыд, уыдонӕн куы загъдӕуыд, цӕмӕй Иегъовӕйы раз будсудзӕнтимӕ ӕрлӕууой, уӕд хъуамӕ ӕрмӕст уыцы ныхасӕй дӕр сӕхи ӕрӕмбӕрстаиккой (Рацыд 30:7; Нымӕцтӕ 4:16). Фӕлӕ Корей ӕмӕ йӕ хъузӕттӕм уый уӕддӕр нӕ бахъардта. Иннӕ бон уый Моисей ӕмӕ Аароны «ныхмӕ уыцы адӕмы сӕмбырд кодта ӕмбырды цатыры бахизӕны раз». Цымӕ дарддӕр цы ’рцыд? «Иегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: „Уыцы адӕмӕй иуварс алӕуут, ӕз сӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ фесафдзынӕн“». Уыцы ныхӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон куы айхъуыстой, уӕд Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнынмӕ фесты, цӕмӕй адӕмы ма фесафа. Иегъовӕ сӕм байхъуыста. Фӕлӕ Корей ӕмӕ йӕ хъузӕттыл «Иегъовӕйӕ арт ӕрцыд ӕмӕ дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы сӕ будсудзӕнтимӕ аныхъуырдта» (Нымӕцтӕ 16:19—22, 35)c.
-
-
Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдоны коммӕ кӕсХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 август
-
-
c Раздӕр Хуыцауимӕ бинонты номӕй дзырдта хӕдзары хистӕр, суанг ма йӕ усы ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты тыххӕй нывӕндтӕ дӕр хаста (Уӕвынад 8:20; 46:1; Иов 1:5). Фӕлӕ Иегъовӕ израилӕгтӕн Закъон куы радта, уӕд Аароны хӕдзарӕй нӕлгоймӕгты сӕвӕрдта сауджынтӕй, цӕмӕй адӕмы тыххӕй нывӕндтӕ хастаиккой. Уыцы 250 змӕнтӕджы та, куыд зыны, афтӕмӕй нӕ фӕндыд уыцы ивддзинӕдтӕм гӕсгӕ архайын.
-