Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Де скаст Йегъовӕмӕ у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2018 | июль
    • 9. Йегъовӕ Моисейӕн цавӕр разамынд радта, фӕлӕ уый куыд бакодта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

      9 Адӕм змӕнтын кӕй райдыдтой, уымӕ Моисей цы цӕстӕй ракаст? Йегъовӕйӕ та ногӕй разамынд ракуырдта. Фӕлӕ йын ацы хатт Йегъовӕ афтӕ нӕ загъта, цӕмӕй къӕдзӕх ӕрцавтаид. Загъта йын, цӕмӕй йӕ лӕдзӕг райстаид, адӕмы къӕдзӕхы раз ӕрӕмбырд кодтаид ӕмӕ къӕдзӕхӕн загътаид, цӕмӕй дон ратта (Ным. 20:6–8). Фӕлӕ Моисей къӕдзӕхмӕ не сдзырдта. Адӕммӕ афтӕ мӕсты уыд, ӕмӕ сыл ныхъхъӕр кодта: «Райхъусут-ма, ӕнӕсӕттон адӕм! Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ уын мах ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон?» Стӕй къӕдзӕх ӕрцавта, ӕмӕ уымӕй дӕр иу хатт нӕ, фӕлӕ дыууӕ хатты (Ным. 20:10, 11).

  • Де скаст Йегъовӕмӕ у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2018 | июль
    • ХУЫЦАУ ЦЫ ЗАГЪТА, УЫЙ НЫХМӔ РАЦЫД

      12. Йегъовӕйы маст ма Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ноджыдӕр цӕй тыххӕй ссыгъдаид?

      12 Йегъовӕйы маст Моисей ӕмӕ Ааронмӕ кӕй ссыгъд, уымӕн ма, чи зоны, ис ӕндӕр аххосаг дӕр. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Моисей адӕмӕн афтӕ кӕй загъта: «Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ уын мах ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон?» Моисей, «мах», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кодта йӕхи ӕмӕ Аароны кой. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй Моисей Йегъовӕйы не скадджын кодта, афтӕмӕй та уыцы диссаджы тыххӕй ӕппӕт кад дӕр Йегъовӕмӕ ӕмбӕлд. Уый ма бӕрӕг у псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй дӕр: «Меривӕйы дӕтты раз Моисейы мӕсты кодтой, ӕмӕ уыдоны тыххӕй бӕллӕхы бахауд. Афтӕ йӕ смӕсты кодтой, ӕмӕ йӕ дзыхӕй ссыд ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ»c (Пс. 106:32, 33; Ным. 27:14). Моисей Йегъовӕйӕн, цы кад ӕм ӕмбӕлд, уыцы кад не скодта. Ӕмӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Сымах, ӕз уын... цы загътон, уый ныхмӕ рацыдыстут» (Ным. 20:24). Уый уыди стыр тӕригъӕд!

      13. Йегъовӕ Моисейӕн цы тӕрхон рахаста, уый раст цӕмӕн уыд?

      13 Моисей ӕмӕ Аарон Йегъовӕйы адӕмӕн разамынд кӕй лӕвӕрдтой, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ фылдӕр домдта (Лук. 12:48). Ацы хабарӕй бирӕ раздӕр, израилӕгтӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд, Йегъовӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны бар нӕ радта ӕнӕхъӕн фӕлтӕрӕн (Ным. 14:26–30, 34). Ӕмӕ Моисей йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд дӕр афтӕ архайдта, ӕмӕ уый уыди раст. Израилӕгтӕй Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд, уыдонау Моисей дӕр Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыд.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын