Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Хӕтындзинадӕй дард лидзут»
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
    • 3. Валаамӕн йӕ хинвӕндӕй исты рауад?

      3 Цымӕ Валаамӕн йӕ хинвӕндӕй исты рауад? Зӕгъӕн ис, рауад. Израилаг нӕлгоймӕгтӕй дӕсгай минтӕ сайын бакуымдтой, ӕмӕ райдыдтой «Моавы чызджытимӕ хӕтын». Суанг ма сын сӕ хуыцӕуттӕн дӕр кувын райдыдтой, уыимӕ се ’лгъаг хуыцау Фегоры Ваалӕн дӕр. Уыцы хуыцауӕн чи куывта, уыдонмӕ ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу кӕрӕдзиимӕ ӕмуат ӕрцыдысты. Уый сӕ ӕркодта стыр бӕллӕхмӕ – 24 000 израиладжы фӕмард Зӕрдӕвӕрд зӕххы тӕккӕ къӕсӕрыл! (Нымӕцтӕ 25:1–9).

  • «Хӕтындзинадӕй дард лидзут»
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
    • 4. Израилӕгтӕй бирӕтӕ хӕтын цӕмӕн райдыдтой?

      4 Израилӕгтӕ ахӕм бӕллӕхы цӕмӕн бахаудысты? Бирӕтӕн сӕ зӕрдӕтӕ систы хӕлд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард сты. Афтӕмӕй та сӕ уый ракодта Египетӕй, ӕдзӕрӕг быдыры сӕ хӕринагцух нӕ уагъта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы онг ӕнӕфыдбылызӕй фӕхӕццӕ кодта (Дзуттӕгтӕм 3:12). Уыцы хабӕртты кой кӕнгӕйӕ апостол Павел ныффыста: «Ма бафтӕм хӕтындзинадыл, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хӕтыдысты, афтӕ – уый тыххӕй дзы иу боны мидӕг фӕмард дыууын ӕртӕ мины» (1 Коринфӕгтӕм 10:8)a.

  • «Хӕтындзинадӕй дард лидзут»
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
    • a Нымӕцты чиныджы цы 24 000 адӕймаджы тыххӕй ис фыст, уыдонмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хаудысты, тӕрхонгӕнджытӕ кӕй амардтой, уыцы «адӕмы хистӕртӕ» – уыдысты иу мины бӕрц, стӕй, Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй ныццагъта, уыцы адӕм (Нымӕцтӕ 25:4, 5).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын