Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Диссаджы сылгоймаг»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 октябрь
    • Стӕй Вооз Руфӕн загъта: «Ма тӕрс, мӕ чызг. Цыдӕриддӕр загътай, ӕппӕт дӕр дын сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ горӕты кулдуары раз алчидӕр зоны, ды диссаджы сылгоймаг кӕй дӕ» (Руф 3:11). Воозӕн Руф, балхӕн мӕ, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд уый Воозӕн ӕхсызгон уыд, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, дис дӕр нӕ бакодта. Фӕлӕ раст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ Хуыцауы закъоны сӕрты ахизын нӕ фӕндыд. Вооз Руфӕн загъта, Ноемины сӕрыхицауӕн уымӕй ӕввахсдӕр хӕстӕг кӕй ис, ӕмӕ фыццаг уый кӕй хъуамӕ спайда кодтаид уыцы барӕй, цӕмӕй Руфы ракуырдтаид.

  • «Диссаджы сылгоймаг»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 октябрь
    • Куыд ӕхсызгон уыдаид Руфӕн, Вооз ын афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ йӕ алчидӕр зоны, «диссаджы сылгоймаг кӕй дӕ», уый! Адӕмы ’хсӕн ма йын хорз ном уый тыххӕй уыди, ӕмӕ зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базыдтаид ӕмӕ йын лӕггад кодтаид. Стӕй ма уыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ Ноемины дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмы дӕр тынг уарзта, стӕй сын сӕ закъӕттӕ ӕмӕ се ’гъдӕуттӕ дӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кодта, кӕд ын ӕцӕгӕлон уыдысты, уӕддӕр. Мах дӕр Руфау нӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг уыдзыстӕм, иннӕтӕм хорз цӕстӕй куы кӕсӕм ӕмӕ сын сӕ закъӕттӕн ӕмӕ се ’гъдӕуттӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд. Уӕд мах дӕр адӕмы ’хсӕн нӕхицӕн хорз ном скӕндзыстӕм.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын