-
Ӕгӕр ныфсхастдзинад адӕймаджы худинаг кӕныХъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 август
-
-
16. Саул ӕнӕбыхсаг кӕй уыд, уый куыд рабӕрӕг?
16 Фӕлӕ фӕстӕдӕр Саулы бонзонгӕдзинад ӕрбайсӕфт. Филистимӕгтимӕ тохы Саулы бахъуыд йе ’фсӕдтимӕ фӕстӕмӕ алӕууын ӕмӕ Галгалы Самуилы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уый уымӕн афтӕ уыд, ӕмӕ Самуил хъуамӕ Хуыцауӕн нывӕндтӕ ӕрхастаид ӕмӕ дзы афтӕмӕй ракуырдтаид ӕххуыс. Фӕлӕ Самуил снысангонд ӕмгъуыдмӕ куы нӕ фӕзынд, уӕд Саул йӕхӕдӕг ӕрхаста нывонд ӕмӕ йӕ басыгъта, ӕмӕ уымӕй равдыста ӕгӕр ныфсхаст кӕй уыд, уый. Куыддӕр йӕ куыст фӕци, афтӕ ӕрбахӕццӕ Самуил. «Уый цы бакодтай?» — бафарста йӕ Самуил. Саул ын загъта: «Адӕм фӕйнӕрдӕм пырх кӕнын райдыдтой, ды та нӕ фӕзындтӕ нысангонд ӕмгъуыдмӕ... уымӕ гӕсгӕ мын ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ мӕхӕдӕг ӕрхастон нывонд басудзынӕн» (1 Паддзахӕдты 13:8—12).
17. а) Фыццаг бакастӕй нӕм цӕмӕн ис гӕнӕн, ӕмӕ афтӕ фӕкӕса, цыма Саул ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта? ӕ) Саул ӕрхъӕцмӕ кӕй нал лӕууыд, уый тыххӕй йӕ Иегъовӕ цӕмӕн бафхӕрдта?
17 Фыццаг бакастӕй афтӕ зыны, цыма Саул ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта. Уӕвгӕ Хуыцауы адӕм къуырцдзӕвӕны кӕй бахаудтой, уымӕ гӕсгӕ уыдысты «тӕссаг уавӕры», «уынгӕджы» ӕмӕ тасы (1 Паддзахӕдты 13:6, 7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕр куы бахъӕуа, уӕд фӕцырд уӕвын ӕмӕ хъуыддаг химӕ райсын ӕвзӕр нӕуd. Фӕлӕ уый дӕр хъуамӕ ма рох кӕнӕм, Иегъовӕ зӕрдӕмӕ кӕй кӕсы ӕмӕ алы адӕймаг дӕр цы зӕрдӕйӕ архайы, уый кӕй зоны (1 Паддзахӕдты 16:7). Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд Иегъовӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдта, Саулы цы сразӕнгард кодта ӕмӕ Библи комкоммӕ цӕй тыххӕй нӕ дзуры, ахӕм лыстӕг цыдӕртӕ. Чи зоны, ӕмӕ Иегъовӕ уыдта, Саул сӕрбӕрзонд кӕй уыд, ӕрхъӕцмӕ дӕр уый тыххӕй кӕй нӕ фӕлӕууыд, уый. Гӕнӕн ис, ӕмӕ Саул тынг мӕсты кодта, ӕгас Израилы паддзах уӕвгӕйӕ йӕ зӕронд, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уӕзбын пехуымпармӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй хъуыд, уый тыххӕй! Иудзырдӕй, кӕд Саулӕн иттӕг хорз амынд уыд, куыд бакӕнын ӕй хъуыд, уый, уӕддӕр аскъуыддзаг кодта, зӕгъгӕ, иугӕр Самуил рӕстӕгыл нӕ фӕзынд, уӕд мын бар ис, цӕмӕй хъуыддаг мӕхӕдӕг бакӕнон. Цы уыд йӕ фӕстиуӕг? Самуил нӕ раппӕлыд Саулӕй, ахӕм хъӕппӕрис кӕй равдыста, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ йын карз тӕрхон рахаста: «Дӕ паддзахдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн... уымӕн ӕмӕ дын Иегъовӕ цы загъта, уый нӕ бакодтай» (1 Паддзахӕдты 13:13, 14). Уӕдӕ та Саулы дӕр, ӕгӕр ныфсхаст кӕй уыд, уый худинаджы уавӕрмӕ ӕркодта.
-
-
Ӕгӕр ныфсхастдзинад адӕймаджы худинаг кӕныХъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 август
-
-
d Цӕвиттон, Финеес дӕр равдыста стыр хъӕппӕрисдзинад, цӕмӕй баурӕдтаид, Израилы адӕмӕй дӕсгай минтӕ кӕмӕй фӕцагъды сты, уыцы емынӕ. Уӕдӕ Давид та йӕ ӕххормаг адӕмы сразӕнгард кодта, цӕмӕй йемӕ кувӕндоны дзултӕй бахордтаиккой. Фӕлӕ сӕ иуы дӕр Хуыцау нӕ бафхӕрдта, куыд ӕгӕр ныфсхаст адӕймӕгты, афтӕ (Нымӕцтӕ 25:7—9; 1 Паддзахӕдты 21:1—6; Матфейы 12:2—4).
-