Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • 9, 10. а) Давид ӕмӕ йӕ адӕм фыдбонтӕ цавӕр уавӕрты ӕрвыстой? ӕ) Навал Давидӕй ӕмӕ йӕ адӕмӕй бузныг цӕй тыххӕй хъуамӕ уыдаид? (Кӕс ма 10 абзацмӕ фиппаинаг дӕр.)

      9 Навал цард Маоны, кусгӕ та кодта уырдӕм хӕстӕг Кармилы, ӕмӕ йын уым, ӕвӕццӕгӕн, зӕххытӕ дӕр уыдиa. Уыцы горӕтты алыварс уыди хӕххон кӕрдӕгджын хизӕнтӕ ӕмӕ фыстӕ дарынӕн хорз бынат уыд. Навалмӕ уыд 3 000 фысы. Фӕлӕ уыцы зӕххыты алыварс уыди ӕнӕзылд зӕххытӕ. Хуссары ’рдӕм куы акастаис, уӕд Фараны ӕдзӕрӕг быдырыл цӕст не ’ххӕссыд. Скӕсӕны ’рдыгӕй та фӕндаг цыди Цӕхджын денджызмӕ (абон ӕй хонынц Мард денджыз). Уым уыд бирӕ кӕмттӕ ӕмӕ лӕгӕттӕ. Ӕмӕ Давид йӕ адӕмимӕ уыцы рӕтты фыдбонтӕ ӕрвыста. Хӕринаг амал кӕнын сын ӕнцон кӕм уыдаид. Стӕй ӕвзӕрстой бирӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр. Ӕмӕ-иу уым арӕх сӕмбӕлдысты хъӕздыг Навалы фыййӕуттыл.

  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • a Ам цы Кармилы кой цӕуы, уый, дард цӕгаты чи уыд ӕмӕ фӕстӕдӕр пехуымпар Илийа Ваалы пехуымпарты кӕдӕм ӕрӕмбырд кодта, уыцы Кармилы хох нӕу. (Кӕс 10 сӕр.) Ацы Кармил уыд горӕт, ӕмӕ уыди хуссарырдыгӕй, Фараны ӕдзӕрӕг быдыры цур.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын