Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • Рӕсугъд Авигейӕ

      ФАРӔСТӔМ СӔР

      Архайдта ӕмбаргӕйӕ

      1–3. а) Авигейӕйы хӕдзаронтӕм цавӕр фыдбылыз ӕнхъӕлмӕ каст? ӕ) Уыцы диссаджы сылгоймаджы тыххӕй цы базондзыстӕм?

      АВИГЕЙӔЙЫ раз лӕууы ӕрыгон лӕппу, лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу. Бӕрӕг у, цӕмӕйдӕр тынг кӕй фӕтарст. Фыдбылыз ис къӕсӕрыл. Ӕрбалӕбуры сӕм 400 хӕстоны бӕрц. Хъуамӕ ныццӕгъдой, Навалы хӕдзары цыдӕриддӕр нӕлгоймӕгтӕ ис, уыдоны. Цымӕ цӕмӕн?

      2 Уыцы хабар ӕрцыд Навалы аххосӕй. Навал у дурзӕрдӕ адӕймаг, никӕй ницӕмӕ дары, ӕмӕ та ныр дӕр йӕхи ахӕмӕй равдыста. Фӕлӕ ацы хатт бафхӕрдта ӕнаххос адӕймаджы – хӕстонты хистӕры. Уыцы адӕймаджы, йемӕ цы фӕлтӕрд хӕстонтӕ ис, уыдон бирӕ уарзынц ӕмӕ йыл иузӕрдион сты. Гъемӕ Навалы лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу, ӕвӕццӕгӕн, фыййау, Авигейӕмӕ ӕрбалыгъд ӕмӕ йын хабар радзырдта. Ныфс ӕй ис, уый исты кӕй ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ сӕ фыдбылызӕй кӕй бахиздзӕн. Фӕлӕ иу сылгоймаг ӕнӕхъӕн ӕфсадӕн цы хъуамӕ бакӕна?

      Иу сылгоймаг ӕнӕхъӕн ӕфсадӕн цы хъуамӕ бакӕна?

  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • Навал сын «алывыдтӕ фӕкалдта»

      8. Навал кӕй бафхӕрдта? Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ уый тынг ӕнӕзонд ми уыди?

      8 Ӕмӕ ныр Навал Авигейӕйы уавӕр ноджы фӕфыддӕр кодта. Кӕй бафхӕрдта, уый уыди Давид, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг. Пехуымпар Самуил ӕй сойӕ байсӕрста ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Давиды Хуыцау Саулы бӕсты паддзахӕй кӕй равзӕрста (1 Сам. 16:1, 2, 11–13). Фӕлӕ йӕм паддзах Саул хӕлӕг кодта ӕмӕ йӕ марынмӕ дӕр хъавыд. Гъемӕ Давид йе ’нувыд хӕстонтимӕ, 600 лӕгимӕ, ӕдзӕрӕг быдырмӕ алыгъд.

  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • 12 Мӕстӕй рафыхт ӕмӕ, Авигейӕйӕн ӕрыгон лӕггадгӕнӕг хабар куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Давиды ӕрвыст адӕмӕн «алывыдтӕ фӕкалдта»! Навалӕн йӕ фырчъындыйӕ йӕ цӕст нӕ бауарзта, цӕмӕй сын йӕ дзулӕй, йӕ донӕй ӕмӕ фысты дзидзайӕ фӕхай кодтаид, ӕмӕ сӕ йӕ хъӕлӕсы ахаста. Давиды та ницӕйаджы бынаты сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ абарста, йӕ хицауӕй чи алыгъд, ахӕм цагъаримӕ. Навал дӕр ӕм каст Саулы цӕстӕй, уый дӕр дзы йе сӕфт уыдта. Сӕ иу дӕр Давидмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй нӕ касти. Йегъовӕ уарзта Давиды, ӕмӕ йӕ ӕгоммӕгӕс цагъарыл нӕ нымадта, фӕлӕ Израилы фидӕны паддзахыл (1 Сам. 25:10, 11, 14).

  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • 14. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Авигейӕ уӕдмӕ дӕр цыдӕр сарӕзта Навалы рӕдыд сраст кӕнынӕн? ӕ) Навал ӕмӕ Авигейӕ кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кодтой, уымӕй цы ис зондӕн райсӕн? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

      14 Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Авигейӕ уӕдмӕ дӕр цыдӕр сарӕзта, Навал цы стыр рӕдыд ӕруагъта, уый сраст кӕнынӕн. Йӕ лӕгӕй уӕлдай Авигейӕ цӕттӕ уыд байхъусынмӕ. Лӕггадгӕнӕг хабар Навалӕн цӕуылнӕ радзырдта, уый афтӕ бамбарын кодта, «уыцы ницӕйаг адӕймагӕн та фӕнды дзур, фӕнды ма дзур», зӕгъгӕc (1 Сам. 25:17). Хъыгагӕн, Навал йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл уыди, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъусгӕ дӕр никӕмӕ кодта. Абон дӕр ахӕм адӕм бирӕ ис. Фӕлӕ лӕггадгӕнӕг зыдта, Авигейӕ ахӕм кӕй нӕу, ӕндӕр хабар уымӕн нӕ радзырдтаид.

      Навалӕй уӕлдай Авигейӕ цӕттӕ уыд байхъусынмӕ

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын