Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Уыдон бафӕрӕзтой буары сындзытӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 мартъи
    • 11. Сивӕ Мемфивосфейӕ цытӕ фӕдзырдта, фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый кӕцӕй зонӕм? (Кӕс фиппаинагмӕ.)

      11 Фӕстӕдӕр Мемфивосфейы быхсын бахъуыд ӕндӕр «буары сындзӕн» дӕр. Йӕ фӕсдзӕуин Сивӕ йыл паддзах Давиды раз ӕрдау кодта. Хъуыддаг афтӕ уыди, ӕмӕ Давидӕн йӕ фырт Авессалом йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд ӕй лидзын бахъуыд Иерусалимӕй. Раст уыцы рӕстӕджы Сивӕ Давидӕн загъта, зӕгъгӕ дыл Мемфивосфей гадзрахатӕй рацыд ӕмӕ Иерусалимы дӕр уымӕн баззад, цӕмӕй паддзахы бартӕ йӕхимӕ райсаa. Давид баууӕндыд Сивӕйы ныхӕстыл ӕмӕ Мемфивосфейы бынтӕ иууылдӕр уыцы мӕнгард лӕгӕн радта! (2 Паддзахӕдты 16:1—4).

  • Уыдон бафӕрӕзтой буары сындзытӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 мартъи
    • a Уый гӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ Мемфивосфейы хуызӕн хорззӕрдӕ, сӕрныллӕг адӕймагмӕ ахӕм хиуарзон ӕмӕ мӕнгард фӕнд фӕзындаид. Уый ӕнӕмӕнгӕй зыдтаид, йӕ фыд Ионафан Давидмӕ цы зӕрдӕ дардта, уый тыххӕй. Кӕд Ионафан паддзах Саулы фырт уыди, уӕддӕр Иегъовӕ Израилы паддзахӕй Давиды куы равзӕрста, уӕд ууыл дыууӕ нал загъта (1 Паддзахӕдты 20:12—17). Уӕдӕ уымӕн уӕвӕн нӕ уыд, ӕмӕ Ионафан, Хуыцауы тас кӕмӕ уыди, ахӕм фыд ӕмӕ Давиды ӕнувыд ӕмбал, йӕ гыццыл лӕппуйӕн амыдтаид, зӕгъгӕ, куы сыстыр уай, уӕд-иу паддзахы бынат байс.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын