-
Дӕ фыдӕбоны тыххӕй дын «уыдзӕн хӕрзиуӕг»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 август
-
-
Асӕ тохы быдырӕй фӕстӕмӕ куы раздӕхт, уӕд йӕ размӕ рацыд пехуымпар Азари. Уый Асӕйы ныфс дӕр бауагъта ӕмӕ йӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта. Азари загъта: «Байхъусут мӕм, Асӕ ӕмӕ Иудӕ ӕмӕ Вениамины адӕм уе ’ппӕт дӕр! Йегъовӕ уыдзӕн уемӕ, цалынмӕ сымах йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы йӕ агурат, уӕд ӕй ссардзыстут, фӕлӕ йӕ куы ныууадзат, уӕд уӕ уый дӕр ныууадздзӕн». Стӕй ма ноджыдӕр загъта: «Хъӕбатыр ут ӕмӕ уӕ къухтӕ ма ’руадзут, уымӕн ӕмӕ уын уӕ фыдӕбоны тыххӕй уыдзӕн хӕрзиуӕг» (2 Аз. 15:1, 2, 7).
Ацы ныхӕстӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынц. Ууыл дзурӕг нын сты, ӕмӕ цалынмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм, уӕдмӕ уыдзӕн немӕ. Стӕй дзы ӕххуыс куы курӕм, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн. Азари загъта, хъӕбатыр ут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, раст цы у, уый аразынӕн арӕх стыр хъӕбатырдзинад фӕхъӕуы. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон алкӕддӕр уыдзӕн рӕстӕй архайын.
-
-
Дӕ фыдӕбоны тыххӕй дын «уыдзӕн хӕрзиуӕг»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 август
-
-
Фӕлӕ ма пехуымпар Азари Асӕйы фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы куы ныууадзай, уӕд дӕ уый дӕр ныууадздзӕн. Макуы нӕ мачи саразӕд ахӕм рӕдыд къахдзӕф! (2 Пет. 2:20–22). Библийы ницы ис фыст, Йегъовӕ Асӕйы цӕмӕн бафӕдзӕхста, уый тыххӕй. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ Асӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхст ницӕмӕ ӕрдардта.
-