-
Хуыцауы адӕмы сӕрыл сдзырдтаХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 октябрь
-
-
Ахашверошы галуаны Аман уыд нымад лӕг. Паддзах ӕй сӕвӕрдта йӕ сӕйраг уынаффӕгӕнӕгӕй ӕмӕ йӕ фӕстӕ йӕ паддзахады ахста дыккаг бынат. Паддзах ма бардзырд радта, цӕмӕй-иу Аманы чи федтаид, уый-иу йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудаид (Есфир 3:1–4). Фӕлӕ Мардохей афтӕ никуы бакодта. Мардохей хъуыста паддзахмӕ, фӕлӕ Хуыцауы чи ницӕмӕ дардта, уыдонӕн аргъ нӕ кодта. Аман уыд «агагаг», ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ уыд амаликаг паддзах Агагы байзӕддаг. Уыцы паддзахы амардта Хуыцауы пехуымпар Самуил (1 Самуилы 15:33). Амаликӕгтӕ систы Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Израилы знӕгтӕ, ӕмӕ сын Хуыцау тӕрхон рахастаb (Дыккаг закъон 25:19). Ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг амаликаджы раз йӕ зонгуытыл куыд ӕрлӕууыдаид? Мардохей афтӕ нӕ бакодта. Фидар цӕуыл хӕцыд, уый сӕрты никуы ахызт. Суанг абон дӕр, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ сӕ цардӕн тӕссаг уавӕрты дӕр ӕххӕст кӕнынц ацы фӕдзӕхст: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:29).
-
-
Хуыцауы адӕмы сӕрыл сдзырдтаХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 октябрь
-
-
b Аман, ӕвӕццӕгӕн, уыд, амаликӕгтӕй ма цы армыдзаг адӕм баззад, уыдонӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ «чи баззад», уыдон паддзах Езекийы рӕстӕг куынӕггонд ӕрцыдысты (1 Азфыстыты 4:43).
-