-
Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыдСӕ уырнындзинад сын фӕзмут
-
-
18. а) Мардохей-иу Аманы раз йӕ зонгуытыл цӕуылнӕ ӕрхауд? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.) ӕ) Абон фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уыдон Мардохейы уырнындзинад куыд бафӕзмынц?
18 Ахашверошы галуаны уыди иу адӕймаг, Аман, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ паддзах тынг сбӕрзонд кодта. Сӕвӕрдта йӕ йӕ сӕйраг уынаффӕгӕнӕгӕй ӕмӕ Персы паддзахады дыккаг лӕгӕй. Паддзах ма бардзырд дӕр радта, цӕмӕй-иу Аманы чи федтаид, уый-иу йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудаид (Есф. 3:1–4). Фӕлӕ Мардохейӕн йӕ бон нӕ уыд ацы закъон ӕххӕст кӕнын. Мардохей ӕмбӕрста, паддзахы коммӕ кӕсын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ ацы закъонмӕ гӕсгӕ куы архайдтаид, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ Хуыцауы ницӕмӕ дары. Аман уыд агагаг, ӕвӕццӕгӕн, уыди амаликаг паддзах Агагы байзӕддаг. Уыцы паддзахы амардта Хуыцауы пехуымпар Самуил (1 Сам. 15:33). Амаликӕгтӕ афтӕ ӕнаккаг уыдысты, ӕмӕ систы Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Израилы знӕгтӕ, ӕмӕ сын Хуыцау тӕрхон рахастаc (Дык. з. 25:19). Ӕмӕ уӕд Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг амаликаджы раз йӕ зонгуытыл куыд хъуамӕ ӕрлӕууыдаид? Мардохейӕн нӕ уыд йӕ бон афтӕ бакӕнын. Ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы ничи басастаид. Нӕ рӕстӕджы дӕр, фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уыдон сӕ зӕрдыл дарынц ацы ныхӕстӕ: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ». Ӕмӕ сӕ сӕрты ахизыны бӕсты мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ вӕййынц (Хъуыд. 5:29).
-
-
Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыдСӕ уырнындзинад сын фӕзмут
-
-
c Амаликӕгтӕй ма «чи баззад», уыдон паддзах Езекийы рӕстӕг куынӕггонд ӕрцыдысты. Ӕмӕ Аман, ӕвӕццӕгӕн, уыд, цы иугӕйттӕ ма сӕ баззад, уыдонӕй (1 Аз. 4:43).
-