-
Дун-дуне цы закъӕтты руаджы лӕууы, уыдон чи ӕрфидар кодта?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 июль
-
-
Кӕд зӕхх ницӕуыл лӕууы, уӕд ма ӕвзӕры ӕндӕр фарста дӕр: зӕхх, иннӕ планетӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ сӕ бынаты цы уромы? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Хуыцау Иовӕн цы диссаджы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ: «Дӕ бон у Кимы стъалыгуппары бӕттӕнтӕ бабӕттын кӕнӕ Кесилы стъалыгуппары бостӕ райхалын?» (Иов 38:31). Иов цӕрӕнбонты уыдта, алы ’хсӕв дӕр-иу арвыл ацы стъалыгуппартӕ куыд фӕзындысты ӕмӕ та-иу стӕй райсомӕй куыд ӕрбайсӕфтысты, уыйc. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ныр уал азы дӕргъы уыцы иухуызонӕй куыд лӕууынц. Цавӕр бӕттӕнтӕ уромынц уыцы стъалытӕ дӕр, стӕй иннӕ стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ дӕр сӕ бынӕтты? Ацы хъуыдытӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иовы стыр дисы ӕфтыдтой.
Стъалытӕ сферӕтыл фидаргонд куы уыдаиккой, уӕд уыцы «бӕттӕнтӕ» хъӕугӕ дӕр ницӕмӕн кодтаиккой. Ахуыргӕндтӕ ӕрмӕст иу-2 000 азы фӕстӕдӕр базыдтой, ӕгӕрон космосы уӕздан рӕсугъд кафт кӕнӕгау цы стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ зилынц, уыдон кӕрӕдзиимӕ кӕмӕй баст сты, уыцы ӕнӕуынгӕ «бӕттӕнтӕ» кӕнӕ «бостӕ» цы сты, уый. Ацы хъуыддаджы фӕдыл Исаак Ньютон, стӕй Альберт Эйнштейн цы раиртӕстой, уый тыххӕй сӕ нӕмттӕ ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр айхъуыстысты. Иов ӕппындӕр ницы зыдта, Хуыцау стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ цавӕр тыхы фӕрцы сбаста кӕрӕдзийыл, уый тыххӕй. Фӕлӕ рӕстӕг равдыста, раст кӕй разындысты Аристотелы ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ, Иовы чиныджы Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты, уыдон. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Дун-дуне цы закъӕтты фӕрцы лӕууы, уыдон чи ӕрфидар кодта, уымӕй хуыздӕр уыцы хабӕрттӕ чи хъуамӕ зона?
-
-
Дун-дуне цы закъӕтты руаджы лӕууы, уыдон чи ӕрфидар кодта?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 июль
-
-
c Ӕвӕццӕгӕн, «Кимы стъалыгуппар» амоны, Уӕныджы стъалыгуппары цы стъалыты къорд ис, Авд Хойы, зӕгъгӕ, уымӕ. «Кесилы стъалыгуппар» та, ӕвӕццӕгӕн, у, Фыййауы Лӕдзджытӕ кӕй хонынц, уый. Цӕмӕй ахӕм стъалыгуппартӕ афтӕ фӕивой, ӕмӕ йӕ бафиппайӕн уа, уый тыххӕй хъуамӕ рацӕуа дӕсгай миназтӕ.
-