Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Иегъовӕйӕн «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2005 | 1 август
    • «Сӕвӕр мӕ цӕссыгтӕ мигӕнӕны Дӕхимӕ»

      12. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ адӕмы зындзинӕдтӕ уыны?

      12 Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕйдӕр канд зонгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ сӕ алчидӕр цы зынтӕ, цы мӕстытӕ ӕвзары, уый дӕр уыны. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст куы ’ййӕфтой, уӕд Иегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз федтон мӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕ Египеты ӕмӕ мӕм фехъуыст, тыхкуыст кӕнын сын чи кӕны, уыдоны къухӕй куыд дзыназынц. Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц» (Рацыд 3:7). Иегъовӕ нын нӕ зындзинӕдтӕ кӕй уыны ӕмӕ нын нӕ лӕгъстӕтӕ кӕй хъусы, уый зонгӕйӕ нын цас ӕнцондӕр у! Царды цытӕ ’взарӕм, уымӕ Иегъовӕ ӕнцад нӕ кӕсы.

      13. Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытыл йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

      13 Йӕ цард Иегъовӕимӕ чи сбӕтты, уыдоныл куыд тыхсы, уый ма бӕрӕг у, израилӕгтӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй дӕр. Кӕд-иу арӕхдӕр сӕ бӕллӕхтӕ сӕхи аххос уыдысты, уӕддӕр пехуымпар Исай Иегъовӕйӕ афтӕ загъта: «Се ’ппӕт утӕхсӕнты уый дӕр утӕхсӕн кодта» (Исай 63:9). Уӕдӕ Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггадгӕнгӕйӕ ӕппындӕр дызӕрдыг ма кӕн: дӕ зын у Иегъовӕйы зын дӕр. Уый зонгӕйӕ дӕм дӕ зӕрдӕ афтӕ нӕ дзуры, зӕгъгӕ, цыфӕнды зындзинадӕй дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн, фӕлӕ дарддӕр лӕггад кӕндзынӕн Иегъовӕйӕн – мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзынӕн? (1 Петры 5:6, 7).

      14. Давид 55-ӕм псалом кӕд ныффыста?

      14 Паддзах Давид никуы фӕдызӕрдыг, Иегъовӕ йыл кӕй тыхсти ӕмӕ йӕм йӕ рис кӕй хъардта, ууыл. Ӕмӕ уый бӕрӕг у 55-ӕм псаломӕй – ныффыста йӕ, паддзах Саул йӕ фӕдыл куы зылд, уӕд. Давид алыгъд Гефмӕ, фӕлӕ йӕ филистимӕгтӕ куы базыдтой, уӕд фӕтарст, куы йӕ ӕрцахсой, уымӕй. Давид фыста: «Ме знӕгтӕ алыбон агурынц мӕн аныхъуырынмӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ сты мӕ ныхмӕ лӕуджытӕ». Уыцы уынгӕджы уавӕры Давидӕн йе скаст уыди Иегъовӕмӕ. «Алыбон мӕ дзырдтӕ зыгъуыммӕ кӕнынц,– дзырдта Давид,– сӕ хъуыдытӕ иуылдӕр мӕн тыххӕй – фыддзинадӕн» (Псалом 55:3, 6).

      15. а) Давид Иегъовӕмӕ афтӕ куы куывта, мӕ цӕссыгтӕ мын лалымы сӕвӕр кӕнӕ сӕ чиныджы ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Уӕззау уавӕрты куы бахауӕм, уӕд нӕ цавӕр ныфс хъуамӕ уа?

      15 Дарддӕр, Псаломы 55:9 Давид загъта мӕнӕ ацы диссаджы ныхӕстӕ: «Дӕумӕ нымад сты мӕ рахау-бахаутӕ; сӕвӕр мӕ цӕссыгтӕ мигӕнӕны [«лалымы», НД] Дӕхимӕ,– Дӕ чиныджы не сты мыййаг уыдон?» Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд ауды, уый цы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй равдыстӕуыд! Уынгӕджы сахат Иегъовӕмӕ цӕссыгкалгӕ цал ӕмӕ цал хатты дзынӕзтам. Йесо ӕххӕст адӕймаг уыд, ӕмӕ ма уый дӕр куывта Хуыцаумӕ цӕссыгкалгӕйӕ (Дзуттытӕм 5:7). Давид фидарӕй зыдта, Иегъовӕ йӕ кӕй уыны ӕмӕ дзы йӕ тухитӕ кӕй никуы ферох уыдзысты, раст цыма йын йӕ цӕссыгтӕ лалымы дардта кӕнӕ сӕ чиныджы фыстаd. Чи зоны ды зӕгъыс, зӕгъгӕ, мӕ цӕссыгтӕй уыцы лалым йӕ тӕккӕ дзаг бауид кӕнӕ ахӕм чиныджы бирӕ фӕрстыл дӕр нӕ бацӕуиккой. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Библи нын дзуры: «Хӕстӕг у Хицау саст зӕрдӕтӕм ӕмӕ удӕй сабырты ирвӕзын кӕндзӕн» (Псалом 33:19).

  • Иегъовӕйӕн «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2005 | 1 август
    • d Рагзаманты лалымтӕ кодтой фысы, сӕгъы ӕмӕ стуры ӕууӕрст цӕрмттӕй. Лалымты дардтой ӕхсыр, царв, цыхт кӕнӕ дон. Хӕрзӕууӕрстдӕр цӕрмттӕй конд лалымтӕ та уыдысты сӕн ӕмӕ зетийӕн.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын