Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Библи дын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 11 урок. Сылгоймаг йӕ хӕдзары куыстытӕ фӕуагъта ӕмӕ Библи кӕсы.

      11 УРОК

      Библи дын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?

      Ӕвӕццӕгӕн дӕ искуы цыдӕр стыр куыст саразын хъуыди, фӕлӕ йӕм дӕ ныфс нӕ хастай. Ӕмӕ дын цӕмӕй ӕнцондӕр уыдаид, уый тыххӕй йӕ, чи зоны, къаддӕр куыстытыл адих кодтай. Гӕнӕн ис, Библи кӕсын райдайынмӕ дӕр дӕ ныфс нӕ хӕссыс. Ацы урочы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Библи кӕсын ӕмӕ иртасын бауарзай.

      1. Библи алы бон дӕр цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

      Библи, ома «Йегъовӕйы закъон», алы бон дӕр чи кӕсы, уый уыдзӕн амондджын ӕмӕ йын бирӕ ӕнтысдзӕн. (Бакӕс Псалом 1:1–3.) Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библи кӕсын райдайай? Алы бон дӕр-иу Библи бакӕсынӕн цалдӕр минуты рахицӕн кӕн. Библи хуыздӕр куы базонай, уӕд ӕй зӕрдиагдӕрӕй кӕсдзынӕ.

      2. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дын Библи кӕсын пайда хӕсса?

      Цӕмӕй нын Библи кӕсын пайда хӕсса, уый тыххӕй-иу хъуамӕ кӕсгӕ-кӕсын ӕрлӕууӕм ӕмӕ, цы бакастыстӕм, ууыл ахъуыды кӕнӕм (Псалом 119:97). Ахъуыды кӕнӕн вӕййы, зӕгъӕм, ахӕм фарстатыл: «Цы бакастӕн, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон? Мӕ бон куыд у, ацы стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ архайын? Ацы стихты фӕрцы иннӕтӕн куыд баххуыс кӕнин?»

      3. Дӕ бон кӕд уаид Библи кӕсын?

      Мыййаг дын Библи бакӕсынӕн рӕстӕг ссарын зын вӕййы? Нӕ фылдӕрӕн уый ӕнцон нӕ вӕййы. Бацархай, цӕмӕй дӕ рӕстӕгӕй, «хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ» пайда кӕнай (Ефесӕгтӕм 5:16). Уый дӕ бон куыд у аразын? Алы бон дӕр Библи кӕсынӕн рӕстӕг хицӕн кӕн. Иуӕй-иутӕ йӕ фӕкӕсынц райсомӕй раджы. Иннӕтӕ та сихорӕй, зӕгъӕм, улӕфты афон. Чидӕртӕ та йӕ фӕкӕсынц изӕрӕй фынӕйы размӕ. Дӕуӕн та Библи кӕсын ӕнцондӕр кӕд уаид?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Библи кӕсын бауарзай. Стӕй ма базон, дӕ бон куыд у Библийы ахуырмӕ дӕхи цӕттӕ кӕнын, цӕмӕй дын фылдӕр пайда хӕсса.

      Нывтӕ: лӕппу халсартӕ нӕ уарзта, фӕлӕ сӕ стӕй бауарзта. 1. Лӕппу йӕ хӕринагӕй хъазы. 2. Лӕппу гыццыл фестырдӕр ӕмӕ хӕринаг хӕры. 3. Лӕппу гыццыл фестырдӕр ӕмӕ хӕринаг зӕрдиагӕй хӕры.

      Алыхуызон хӕринӕгтӕ уарзын куыд райдайӕм, афтӕ нӕ бон у Библи кӕсын дӕр бауарзын

      4. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Библи кӕсын бауарзай?

      Кӕмӕндӕрты ӕнцон нӕ вӕййы Библи кӕсын райдайын. Фӕлӕ дӕ бон у Библи кӕсын бауарзын, раздӕр кӕй никуы хордтай, ахӕм хӕринаг куыд бауарзай, афтӕ. Бакӕсут 1 Петры 2:2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Куыд хъуыды кӕныс, Библи кӕсын бауарздзынӕ, алы бон дӕр ӕй куы кӕсай, уӕд?

      Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базонут, иуӕй-иутӕ Библи кӕсын куыд бауарзтой. Уый фӕстӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Ӕрыгӕттӕ, Библи кӕсын бауарзут» (5:33)

      • Ӕрыгӕттӕн райдианы зын цы уыд?

      • Цы сын баххуыс кодта, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кастаиккой?

      • Цы аразынц, цӕмӕй Библи кӕсын сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуа?

      Уынаффӕтӕ Библи кӕсын райдайынӕн:

      • Равзар раст ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн тӕлмац. Дӕ бон у равзарын «Библи – Ног дунейы тӕлмац», кӕд де ’взагыл ис, уӕд.

      • Фыццаг уал райдай кӕсын, дӕумӕ гӕсгӕ дзы дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи фӕцӕудзӕн, уыцы скъуыддзӕгтӕ. Уымӕн дын баххуыс кӕндзӕн рамкӕ «Райдай Библи кӕсын».

      • Цы бакӕсай, уый-иу фӕнысан кӕн. Уый тыххӕй ацы чиныджы ис «Библи кӕсыны график».

      • Пайда кӕн приложенийӕ JW Library®. Ацы приложенийы фӕрцы дӕ бон у телефоны кӕнӕ планшеты Библи алы ӕвзӕгтыл кӕсын кӕнӕ йӕм хъусын, кӕмфӕнды ма уай, уӕддӕр.

      • Пайда кӕн брошюрӕйӕ «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн». Уым ис картӕтӕ ӕмӕ схемӕтӕ. Уыдоны фӕрцы Библи кӕсын дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕудзӕн.

      5. Библийы ахуырмӕ-иу дӕхи бацӕттӕ кӕн

      Бакӕсут Псалом 119:34 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Библи кӕсыны кӕнӕ Библийы ахуырмӕ цӕттӕ кӕныны размӕ хорз цӕмӕн уаид Хуыцаумӕ скувын?

      Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй-иу дын Библийы ахуыр фылдӕр пайда ӕрхӕсса? Дӕхи урокмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу:

      1. 1) Бакӕс урочы фыццаг абзацтӕ.

      2. 2) Цы стихтӕ дзы ис, уыдон Библийы бакӕс ӕмӕ, ӕрмӕгимӕ куыд баст сты, ууыл ахъуыды кӕн.

      3. 3) Фарстатӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы сӕйраг дзырдтӕ бахахх кӕн. Уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыимӕ урокыл ныхас кӕнын.

      Нывтӕ: сылгоймаг йӕхи цӕттӕ кӕны Библийы ахуырмӕ. А. Сылгоймаг кӕсы урочы фыццаг абзацтӕ. Б. Сылгоймаг Библийы кӕсы, урочы цы стихтӕ амынд ис, уыдон. В. Сылгоймаг урочы сӕйраг дзырдты бын хахх кӕны.

      Зыдтай йӕ?

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кӕнынц Библийы цалдӕр тӕлмацӕй. Фӕлӕ сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуы «Библи – Ног дунейы тӕлмац», уымӕн ӕмӕ уыцы тӕлмац у раст, ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ дзы ис Хуыцауы ном. (Кӕс интернет-статья «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕхи Библи ис?».)

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Библи ахуыр кӕнын зын у. Стӕй мын рӕстӕг нӕ вӕййы, йе та фӕллад вӕййын».

      • Ды та Библи ахуыр кӕныны тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Цӕмӕй дын Библи фылдӕр пайда хӕсса, уый тыххӕй-иу Библи кӕсынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕн, скув-иу, цӕмӕй, цы кӕсыс, уый хуыздӕр ӕмбарай ӕмӕ-иу Библийы ахуырмӕ дӕхи бацӕттӕ кӕн.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дын Библи фылдӕр пайда хӕсса?

      • Дӕ бон кӕд уаид Библи кӕсын ӕмӕ иртасын?

      • Хорз цӕмӕн у, цӕмӕй-иу Библийы ахуырмӕ дӕхи бацӕттӕ кӕнай?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Ацы журналы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дын Библи кӕсын фылдӕр пайда хӕсса.

      Библи дын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», № 1, 2017)

      Ӕртӕ уынаффӕйы, Библи куыд кӕсӕн ис, уымӕн.

      «Библи мын куыд баххуыс кӕндзӕн? 1 хай. Ӕмбӕхст хӕзнатӕ агурын сахуыр у» (интернет-статья)

      Базон, Библи кӕсын бауарзынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн.

      «Библи мын куыд баххуыс кӕндзӕн? 2 хай. Бацархай, цӕмӕй Библи кӕсын бауарзай» (интернет-статья)

      Байхъус, Библи бирӕ азты дӕргъы чи кӕсы, уыдоны уынаффӕтӕм.

      Библи лӕмбынӕг иртасут» (2:06)

  • Цы дын бантыст, ууыл ма ӕрлӕуу
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 4. Дӕ хуыздӕр ӕмбалимӕ ныхас кӕн ӕмӕ йӕм хъус

      Йегъовӕмӕ кӕй куывтай ӕмӕ Библи кӕй ахуыр кодтай, уый фӕрцы йӕ хӕлар сдӕ. Дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уай?

      Бакӕсут Псалом 62:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ куывдтытӕ мидисджындӕр ӕмӕ зӕрдӕбындӕр уой, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай?

      Бакӕсут Псалом 119:97 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын Библи кӕсын фылдӕр пайда хӕсса, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай?

      Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Библи лӕмбынӕгдӕр иртасай? Уый фӕдыл цалдӕр уынаффӕйы ис видеороликы. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Библи ноджы лӕмбынӕгдӕр иртас» (5:23)

      • Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдонӕй дӕ кӕцытӕй фӕнды спайда кӕнын?

      • Цавӕр темӕтӕ дӕ фӕнды раиртасын?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын