Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Иегъовӕ нӕ ахуыр кӕны нӕ бонтӕ хынцын
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 декабрь
    • 4—6. Иегъовӕ нын «ӕцӕг ӕрлидзӕндон» куыд у?

      4 Псалом райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «О Иегъовӕ! Ды дӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ нӕ ӕцӕг ӕрлидзӕндон. Хӕхтӕ куы нӕ ма райгуырдысты, ӕмӕ зӕхх ӕмӕ хъӕздыг быдыртӕ, раст аргӕ-арын цы рыстытӕ вӕййы, ахӕм рыстимӕ куы нӕ ма фӕзындысты, уӕдӕй ӕмӕ суанг ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ды дӕ Хуыцау» (Псалом 90:1, 2, НД [89:2, 3]).

  • Иегъовӕ нӕ ахуыр кӕны нӕ бонтӕ хынцын
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 декабрь
    • 7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, хӕхтӕ «райгуырдысты» ӕмӕ зӕхх фӕзынд «арыны хъизӕмӕртты»?

      7 Иегъовӕ уыди, хӕхтӕ куы нӕ ма «райгуырдысты» ӕмӕ «аргӕ-арын цы рыстытӕ вӕййы, ахӕм рыстытимӕ» зӕхх куы нӕ ма фӕзынд, уӕд дӕр. Адӕймаджы цӕстӕнгасӕй кӕсгӕйӕ, зӕхх сфӕлдисынӕн йӕ ӕппӕт ӕууӕлтӕ, йӕ хъӕздыг ӕвӕрӕнтӕ ӕмӕ йӕ вазыгджын мидӕггаг скондимӕ стыр фыдӕбон ӕмӕ хъарутӕ хъуыди. Уымӕ гӕсгӕ псаломзарӕггӕнӕг афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, хӕхтӕ «райгуырдысты» ӕмӕ зӕхх фӕзынд «аргӕ-арын цы рыстытӕ вӕййы, ахӕм рыстытимӕ», уӕд уымӕй равдыста, ӕппӕт уыдӕттӕ сфӕлдисынӕн Иегъовӕйы цы стыр фыдӕбон бахъуыд, уымӕн тынг кӕй аргъ кӕны. Цымӕ Сфӕлдисӕджы хъуыддӕгтӕн мах дӕр хъуамӕ афтӕ ма аргъ кӕнӕм ӕмӕ дзы бузныг ма уӕм?

      Иегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ у махӕн баххуыс кӕнынмӕ

      8. Иегъовӕ «ӕнусӕй-ӕнустӕм» Хуыцау кӕй у, уый цы нысан кӕны?

      8 «Ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ды дӕ Хуыцау»,— зарыд псаломзарӕггӕнӕг. Рагон дзуттаг ӕвзаджы дзырд «ӕнус» нысан кӕны ахӕм рӕстӕг, кӕддӕр чи фӕуыдзӕн, ӕрмӕст кӕд, уый бӕрӕг нӕу (Рацыд 31:16, 17; Дзуттытӕм 9:15). Фӕлӕ ацы дзырд Псалмы 89:2-ӕм стихы дӕр ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты ӕндӕр рӕтты дӕр куыд ӕвӕрд у, уымӕ гӕсгӕ нысан кӕны «ӕнустӕм» (Екклесиаст 1:4). Хуыцау алкӕддӕр кӕй уыди, уый адӕймаджы зонд нӕ ахсы, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ у: Иегъовӕйӕн нӕдӕр райдиан уыди ӕмӕ йын нӕдӕр кӕрон уыдзӕн (Аввакум 1:12). Уый цӕрдзӕн алкӕддӕр ӕмӕ нын алкӕддӕр цӕттӕ уыдзӕн баххуыс кӕнынмӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын