-
Иегъовӕ нӕ ахуыр кӕны нӕ бонтӕ хынцынХъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 декабрь
-
-
9. Псаломзарӕггӕнӕг адӕмы царды иу мин аз цӕимӕ абарста?
9 Хуыцауы удцырынӕй псаломзарӕггӕнӕг равдыста, ӕнусон Сфӕлдисӕджы цӕсты адӕмы царды иу мин аз цӕстыфӕныкъуылд йеддӕмӕ кӕй нӕу. Хуыцаумӕ дзургӕйӕ, уый фыста: «Ды здахыс адӕймаджы ӕмбийынмӕ, ӕмӕ зӕгъыс: „раздӕхут, адӕймӕгты фырттӕ!“ Уымӕн ӕмӕ Дӕ цӕстыты раз мин азы куыд зноны бон, уый куы аивгъуыдта, ӕмӕ куыд ӕхсӕвы хъахъхъӕнын афон» (Псалом 89:4, 5).
-
-
Иегъовӕ нӕ ахуыр кӕны нӕ бонтӕ хынцынХъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 декабрь
-
-
11. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ махмӕ тынг даргъ цы рӕстӕг кӕсы, уый Хуыцауӕн у тынг цыбыр рӕстӕг?
11 Иегъовӕйы цӕсты, 969 азы чи фӕцард, уыцы Мафусалы цӕрӕнбон дӕр иу бонӕй къаддӕр уыди (Уӕвынад 5:27). Хуыцауӕн мин азы у, раздахӕн кӕмӕн нал ис, уыцы ивгъуыд боны хуызӕн — 24 сахаты ӕмгъуыд. Псаломзарӕггӕнӕг ма ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн мин азы у, ӕхсӕв стан хъахъхъӕнджыты «хъахъхъӕнын афон» цас вӕййы, уыйбӕрц — цыппар сахаты (Тӕрхонгӕнджыты 7:19). Уӕдӕ, махмӕ тынг даргъ цы рӕстӕг кӕсы, уый ӕнусон Хуыцау Иегъовӕйӕн у тынг цыбыр рӕстӕг.
-