Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дун-дуне цы закъӕтты руаджы лӕууы, уыдон чи ӕрфидар кодта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 июль
    • 3. Ӕнусон ӕви рӕстӕгмӕ?

      Аристотель куыд дзырдта, афтӕмӕй зӕхх ӕмӕ уӕлӕрвтӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Дзырдта, зӕгъгӕ, зӕхх цӕмӕй конд у, уыдӕттӕ иууылдӕр кӕнынц ивгӕ, баруайынц ӕмӕ стӕй фесӕфынц. Фӕлӕ сферӕтӕ цы эфирӕй конд сты, уый та у ӕнусон. Аристотельмӕ гӕсгӕ уыцы сферӕтӕ ӕмӕ сыл цы стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ фидаргонд сты, уыдон нӕ ивынц, нӕ зӕронд кӕнынц ӕмӕ нӕ сӕфынц.

      Цымӕ Библи дӕр афтӕ зӕгъы? Псалом 102:25–27 стихты фыст ис: «Ды раджы сӕвӕрдтай зӕххӕн бындур, ӕмӕ арв дӕр у дӕ къухты фыдӕбон. Уыдон фесӕфдзысты, ды та уыдзынӕ ӕнустӕм. Дарӕсау баихсидзысты, дзаумайау сӕ раивдзынӕ, ӕмӕ ӕрцӕудзысты сӕ кӕронмӕ. Ды та нӕ ивыс, ӕмӕ дӕ азтӕ никуы фӕуыдзысты».

      Ацы ныхӕстӕ чи ныффыста, уый, ӕвӕццӕгӕн, Аристотелы заманӕй иу-дыууӕ ӕнусы раздӕр цард. Дӕ хъус-ма ӕрдар, зӕхх ӕмӕ арв кӕрӕдзиимӕ кӕй нӕ бары, ома афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ зӕхх сӕфгӕ кӕны, стъалытӕ та – нӕ. Растдӕр уаид зӕгъӕн, зӕхх ӕмӕ арв кӕй бары, чи сӕ сфӕлдыста, уыцы Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕd. Ацы ныхӕстӕй афтӕ уайы, ӕмӕ стъалытӕ дӕр, зыххыл цы ис, уыдӕттау кӕй баруайынц ӕмӕ кӕй фесӕфынц. Уый фӕдыл ахуыргӕндтӕ та цы дзурынц?

      Геологтӕ сбӕлвырд кодтой, зӕхх кӕй «зӕронд кӕны», ӕмӕ уымӕй сбӕрӕг ис Аристотелы хъуыды дӕр ӕмӕ Библийы ныхӕстӕ дӕр раст кӕй сты. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хӕхтӕ «зӕронд» кӕнынц, ома, пырх кӕнынц, зӕгъӕм, дӕттӕ ӕмӕ дымгӕты аххосӕй, стӕй кӕнынц «рӕзгӕ» дӕр, ома хӕрдмӕ ссӕуынц, зӕгъӕм, вулканты фӕрцы.

      Ӕмӕ стъалытӕй та цы зӕгъӕн ис? Цымӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сын фесӕфӕн ис, ӕви, Аристотель куыд дзырдта, афтӕ у, ома ӕнусон сты? Аристотелы хъуыдыйыл фыццаг фӕдызӕрдыг сты н. э. 16 ӕнусы, европӕйаг ахуыргӕндтӕ дзыхъхъынног стъалыйы срӕмыгъд куы федтой, уӕд. Уӕдӕй нырмӕ ахуыргӕндтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой, стъалытӕ-иу куыд «амардысты», уый. Уый та вӕййы афтӕ: стъалы ӕвиппайды срӕмудзы, сабыргай басудзы кӕнӕ та ӕвиппайды ӕрбампылы ӕмӕ фесӕфы. Уымӕй уӕлдай ма-иу астрономтӕ федтой, ног стъалытӕ-иу куыд фӕзындысты, уый. Ног стъалытӕ сӕвзӕрынц «стъалыты авдӕнты». Уыцы «авдӕнтӕ» сты, галактикӕты цы газ ӕмӕ рыджы муртӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ Библийы фыссӕг уӕлӕрвтӕ, чи баихсийы ӕмӕ кӕй баивынц, ахӕм уӕлӕдарӕсимӕ дзӕгъӕлы нӕ абарстаe. Диссаг куыннӕ у, раджы заманты Библийы фыст кӕй ӕрцыдысты, нырыккон наукӕйы цӕстӕй акӕсгӕйӕ, фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ нӕй, ахӕм ныхӕстӕ!

      Фӕлӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна: «Цымӕ Библи ӕцӕгдӕр афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, зӕхх ӕмӕ арв фесӕфдзысты кӕнӕ сӕ ивын бахъӕудзӕн?» Нӕ, Библийы фыст ис, ӕнустӕм кӕй уыдзысты (Псалом 104:5; 119:90). Ӕрмӕст уый руаджы нӕ, ӕмӕ сыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы, фӕлӕ уымӕн, ӕмӕ сӕ чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау зӕрдӕ ’вӕры, фесӕфын сӕ кӕй нӕ бауадздзӕн (Псалом 148:4–6). Куыд, уый бӕлвырдӕй нӕ загъта. Фӕлӕ, цымӕ, дызӕрдыг кӕнӕн ис, Дун-дуне чи сфӕлдыста, уый йӕм йӕ хъус кӕй фӕдардзӕн, цӕмӕй ма фесӕфа? Йӕ бинонтӕн хӕдзар чи сарӕзта, уымӕн йӕ бон уыцы хӕдзармӕ зилын куыд у, цӕмӕй заууатмӕ ма ’рцӕуа, афтӕ Хуыцауӕн дӕр уый йӕ бон у, цы Дун-дуне сфӕлдыста, уымӕ «зилын».

  • Дун-дуне цы закъӕтты руаджы лӕууы, уыдон чи ӕрфидар кодта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 июль
    • e 19 ӕнусы ахуыргонд Уильям Томсон, зонынц ма йӕ лорд Кельвинӕй дӕр, раргом кодта термодинамикӕйы дыккаг закъон. Уыцы закъонмӕ гӕсгӕ ӕрдзон системӕтӕн, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ сӕ бон у заууатмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ фехӕлын. Ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуынӕн ын баххуыс кодта, Псалом 102:25–27 стихты цы фыст ис, уый лӕмбынӕг кӕй раиртӕста, уый дӕр.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын