Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у Йегъовӕ!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 декабрь
    • ИСЧИ дӕ куы бафӕрсид, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый иу ныхасӕй куыд зӕгъис, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп раттис? Н. э. размӕ 8 ӕнусы пехуымпар Исай цӕстылуайӕны федта, зӕдтӕ Йегъовӕ Хуыцауы куыд кадджын кодтой ӕмӕ йӕ сыгъдӕг Хуыцау куыд хуыдтой, уый. Исай цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн кад дӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Исайы 6:1–3 стихтӕ кӕсгӕйӕ-ма хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн.

  • Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у Йегъовӕ!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 декабрь
    • Уый фӕстӕ Исай цӕстылуайӕны цы диссаг федта, уый ӕндӕр ничи федта. Исай фыссы: «[Йегъовӕйы] алыварс лӕууыдысты серафимтӕ. Алкӕцыйӕн дӕр дзы уыди ӕхсӕз базыры. Дыууӕ базырӕй сӕ цӕсгӕмттӕ ӕмбӕрзтой, дыууӕ базырӕй – сӕ къӕхтӕ, дыууӕ базырӕй та кодтой тӕхгӕ» (2 стих). Серафимтӕ сты, бӕрзонд бынат чи ахсы, ахӕм зӕдтӕ. Ӕмӕ Библийы фысджытӕй сӕ кой кӕны ӕрмӕстдӕр Исай. Серафимтӕ алкӕддӕр цӕттӕйӕ лӕууынц, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕной. Сӕ цӕсгӕмттӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ӕмбӕрзт кӕй сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕфсӕрмы кӕнынц ӕмӕ йын стыр кад кӕнынц ӕмӕ стыр кадыл нымайынц, йӕ разы лӕууыны бары сын кӕй ис, уымӕн.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын