Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у Йегъовӕ!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 декабрь
    • ИСЧИ дӕ куы бафӕрсид, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый иу ныхасӕй куыд зӕгъис, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп раттис? Н. э. размӕ 8 ӕнусы пехуымпар Исай цӕстылуайӕны федта, зӕдтӕ Йегъовӕ Хуыцауы куыд кадджын кодтой ӕмӕ йӕ сыгъдӕг Хуыцау куыд хуыдтой, уый. Исай цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн кад дӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Исайы 6:1–3 стихтӕ кӕсгӕйӕ-ма хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн.

  • Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у Йегъовӕ!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 декабрь
    • Исайы тас бацыд, цы федта, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма цы фехъуыста, уый тыххӕй дӕр. Уӕлӕрвты серафимты хор зарӕджы сӕ хъӕлӕстӕ бӕрзонд систой. Исай фыссы: «Уыдон кӕрӕдзийӕн хъӕрӕй дзырдтой: „Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ!“» (3 стих). Дзырд «сыгъдӕг» цы рагон дзуттаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уымӕн ис алыхуызон нысаниуджытӕ, ӕмӕ сӕ иу у, тӕригъӕдыл нымад цы у, уымӕй дард лӕууын ӕмӕ дзы хи сыгъдӕг дарын. Серафимтӕ заргӕйӕ ӕртӕ хатты «сыгъдӕг» кӕй загътой, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕгдзинадӕн ӕмбал нӕй (Раргомад 4:8). Сыгъдӕгдзинад ӕвдисы, цавӕр Хуыцау у, уый. Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр у сыгъдӕг, табуйаг ӕмӕ ӕнӕфау.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын