Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Авд фыййауы ӕмӕ аст кънйазы нӕ рӕстӕджы кӕмӕ амонынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 ноябрь
    • 3 Исай загъта: «Ӕрыгон сылгоймаг басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ йӕ схондзӕн Еммануил. [...] Лӕппу хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнынхъом нӕма уыдзӕн, афтӕ, тынг кӕмӕй тӕрсыс, уыцы дыууӕ паддзахы [Сирийы ӕмӕ Израилы паддзӕхты] зӕххытӕ дзӕгъӕл баззайдзысты» (Ис. 7:14, 16). Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй уыцы пехуымпарадӕн йӕ фыццаг хай амыдта Мессийӕйы райгуырдмӕ (Матф. 1:23). Фӕлӕ, Йесо куы райгуырд, уыцы рӕстӕг Иудӕйӕн Сирийы ӕмӕ Израилы паддзӕхтӕй тӕссаг нал уыд. Уӕдӕ, Еммануилы тыххӕй цы пехуымпарад загъд уыд, уый фыццаг хатт хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой Исайы рӕстӕджы.

      4 Исай уыцы ахсджиаг хабар куы фехъусын кодта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ ус басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырди фырт, схуыдтой йӕ Магер-Шелал-Хаш-Баз. Гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы сывӕллон уыди, Исай цы «Еммануилы» кой кодта, уыйa. Раджы заманты-иу сывӕллон куы райгуырд, уӕд-иу ыл сӕвӕрдтой, цавӕрдӕр ахсджиаг хабар зӕрдыл чи лӕууын кодтаид, ахӕм ном, фӕлӕ-иу ӕй йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕ та ӕндӕр номӕй хуыдтой (2 Сам. 12:24, 25). Йесойы Еммануил кӕй хуыдтой, уымӕн та бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. (Бакӕс Исайы 7:14; 8:3, 4.)

  • Авд фыййауы ӕмӕ аст кънйазы нӕ рӕстӕджы кӕмӕ амонынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 ноябрь
    • a Исайы 7:14 «ӕрыгон сылгоймаг»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый амоны моймӕдзыд сылгоймагмӕ кӕнӕ ӕнӕвнӕлд чызгмӕ. Уӕдӕ уыцы иу дзырд ахӕссӕн ис Исайы усмӕ дӕр ӕмӕ дзуттаг чызг Марийӕмӕ дӕр.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын