ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЙЕРЕМИ 51, 52
Йегъовӕйы ныхӕстӕ лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст вӕййынц
Йегъовӕ бӕлвырд фӕзӕгъы, фидӕны цы уыдзӕн, уый
Персайнаг фатӕхсӕг паддзахы хъахъхъӕнджытӕй
«Уӕ фаттӕ сцыргъ кӕнут»
Мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ дӕсны фатӕхсджытӕ уыдысты, сӕ сӕйраг хӕцӕнгарз та уыд ӕрдын. Сӕ фаттӕ-иу афтӕ сцыргъ кодтой, цӕмӕй-иу адӕймаджы арфдӕр ахызтаиккой
«Вавилоны тыхджын хӕстонтӕ нал хӕцынц»
Набониды азгайфысты загъд уыд: «Киры ӕфсӕдтӕ Вавилон ӕнӕ хӕстӕй бацахстой». Афтӕмӕй сӕххӕст Йеремийы пехуымпарад
Набониды азгайфыст
«Вавилон фестдзӕн дурты цӕнд» ӕмӕ дзы «змӕлӕг дӕр» нал уыдзӕн
Н. э. размӕ 539 азӕй фӕстӕмӕ Вавилон йӕ кад сафын райдыдта. Македойнаг Алыксандры фӕндыд, цӕмӕй Вавилон сӕйраг горӕт суыдаид, фӕлӕ ӕвиппайды амард. Чырыстон дин куы фӕзынд, уӕд ма Вавилоны дзуттӕгтӕ царди, ӕмӕ сӕ апостол Петр бабӕрӕг кодта. Фӕлӕ нӕ эрӕйы цыппӕрӕм ӕнусмӕ горӕтӕй хӕлддзӕгтӕ йеддӕмӕ ницыуал баззад, ӕмӕ дзы ӕппынфӕстаг уый дӕр нал уыд