Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr20 декабрь 1–12 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • 7–13 ДЕКАБРЫ
  • 14–20 ДЕКАБРЫ
  • 21–27 ДЕКАБРЫ
  • 28 ДЕКАБРӔЙ 3 ЯНВАРМӔ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
mwbr20 декабрь 1–12 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Кусӕн тетрад»-мӕ

7–13 ДЕКАБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 10, 11

«Йегъовӕйы хъуамӕ нӕ бинонтӕй фылдӕр уарзӕм»

(Левит 10:1, 2) Цасдӕры фӕстӕ Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуд райстой сӕ зынгхӕссӕнтӕ, нывӕрдтой дзы зынг, зынджы сӕрыл та – буд, ӕмӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбахастой, чи не ’мбӕлд, кӕмӕй сын нӕ загъта, ахӕм зынг. 2 Ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ сӕ аныхъуырдта, ӕмӕ Йегъовӕйы раз амардысты.

it-U «Огонь», дӕлсӕргонд «В священном шатре и в храме», 2 абз.

Арт, зынг

Левиты 10:1 стихы дзырд цӕуы, Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуд Йегъовӕйы размӕ кӕй ӕрбахастой, «чи не ’мбӕлд [комк. «ӕцӕгӕлон»], кӕмӕй сын нӕ загъта, ахӕм зынг». Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй мӕлӕт баййӕфта – Йегъовӕйӕ арт рацыд ӕмӕ сӕ аныхъуырдта (Лв 10:2; Нм 3:4; 26:61). Стӕй Йегъовӕ Ааронӕн загъта: «Ӕмбырды цатырмӕ куы цӕуат, уӕд ма нуазут мадӕр сӕн, мадӕр карз нозт,– дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр,– цӕмӕй ма амӕлат. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, цӕмӕй, табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу, сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнат, ӕмӕ цӕмӕй Израилы фырттӕн амонат, Йегъовӕ сын Моисейы уылты кӕй радта, уыцы уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр» (Лв 10:8–11). Ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Надав ӕмӕ Авиуд уыдысты нозтджын, ӕмӕ уый тыххӕй бауӕндыдысты Йегъовӕйы размӕ, кӕмӕй сын нӕ загъта, ахӕм зынг ӕрбахӕссын. Ӕвӕццӕгӕн, «чи не ’мбӕлд... ахӕм зынгыл» нымад уый тыххӕй ӕрцыд, ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбахастой, кӕд не ’мбӕлд, уӕд, йе та, кӕм не ’мбӕлд, уым кӕнӕ, куыд не ’мбӕлд, афтӕ. Науӕд та, чи зоны, Рацыды 30:34, 35 стихтӕм гӕсгӕ буд цӕмӕй хъуамӕ уыдаид конд, уымӕй йӕ не скодтой. Кӕд Надав ӕмӕ Авиуд уыцы тӕригъӕд, нозтджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй сарӕзтой, уӕддӕр уымӕй сӕхи не сраст кодтаиккой.

(Левит 10:4, 5) Моисей фӕдзырдта Мисаил ӕмӕ Елцафанмӕ, Ааронӕн йӕ фыдыфсымӕр Узиилы фырттӕм, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уе ’фсымӕрты сыгъдӕг бынаты разӕй цатырты ӕддӕмӕ ахӕссут». 5 Уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ сӕ сӕ даргъ хӕдӕтты мидӕг цатырты ӕддӕмӕ ахастой, Моисей сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

(Левит 10:6, 7) Ӕмӕ Моисей Ааронӕн ӕмӕ йӕ иннӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Ифамарӕн, загъта: «Уӕ сӕртӕ ӕнӕфастӕй ма ныууадзут ӕмӕ уӕ уӕлӕдарӕс ма ӕрыскъуынут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ цӕмӕй Хуыцау ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа. Уе ’фсымӕртӕ, Израилы адӕм иууылдӕр, фӕкӕудзысты, чи басыгъд, Йегъовӕ арты хай кӕй бакодта, уыдоныл. 7 Ӕмбырды цатыры бахизӕны разӕй макуыдӕм ацӕут, цӕмӕй ма амӕлат, уымӕн ӕмӕ сымах Йегъовӕйы сӕрмагонд сойӕ сӕрст стут». Ӕмӕ уыдон дӕр, Моисей сын куыд загъта, афтӕ бакодтой.

w11 15/7 31 ф., 16 абз.

Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдтӕ?

16 Иухатт Моисейы ӕфсымӕр Аарон зын уавӕры бахауд, йӕ дыууӕ фырты цы сарӕзтой, уый тыххӕй. Йӕ фырттӕ, Надав ӕмӕ Авиуд, Йегъовӕйы размӕ ӕрбахастой, чи не ’мбӕлд, ахӕм зынг. Уӕд Йегъовӕ уӕларвӕй рауагъта арт, ӕмӕ сӕ уыцы арт аныхъуырдта. Ахъуыды-ма кӕн, Ааронӕн ууыл йӕ зӕрдӕ куыд фӕрыстаид! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ааронӕн йӕ фырттимӕ ныхас кӕнын йӕ бон нал уыд, уымӕн ӕмӕ амардысты. Фӕлӕ Ааронӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн сӕ уавӕр иу хъуыддаджы тыххӕй ноджы зындӕр фӕци. Йегъовӕ Ааронӕн ӕмӕ йӕ иннӕ фырттӕн Моисейы уылты загъта, цӕмӕй, зианыл кӕй хъыг кӕнынц, уый ма равдисой. Моисей сын загъта: «Уӕ сӕртӕ ӕнӕфастӕй ма ныууадзут ӕмӕ уӕ уӕлӕдарӕс ма ӕрыскъуынут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ цӕмӕй Хуыцау ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа» (Лев. 10:1–6). Уӕдӕ бӕрӕг у: нӕ бинонтӕй Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдонӕй фылдӕр хъуамӕ Йегъовӕйы уарзӕм.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Левит 10:8–11) Ӕмӕ Йегъовӕ Ааронӕн загъта: 9 «Ӕмбырды цатырмӕ куы цӕуат, уӕд ма нуазут мадӕр сӕн, мадӕр карз нозт,– дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр,– цӕмӕй ма амӕлат. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, 10 цӕмӕй, табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу, сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнат, 11 ӕмӕ цӕмӕй Израилы фырттӕн амонат, Йегъовӕ сын Моисейы уылты кӕй радта, уыцы уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр».

w14 15/11 17 ф., 18 абз.

Алы хъуыддаджы дӕр хъуамӕ уӕм сыгъдӕг

18 Цӕмӕй сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Фыстад лӕмбынӕг иртасӕм ӕмӕ нын Хуыцау цы дзуры, уый кӕнӕм. Нӕ зӕрдыл та ӕрлӕууын кӕнӕм Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуды хабар. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, нозтджынӕй, Хуыцауы размӕ ӕрбахастой, «чи не ’мбӕлд... ахӕм зынг», ӕмӕ сӕ уый тыххӕй мӕлӕты тӕрхон баййӕфта (Лев. 10:1, 2). Дӕ хъус-ма ӕрдар, уый фӕстӕ Хуыцау Ааронӕн цы загъта, уымӕ. (Бакӕс Левит 10:8–11.) Мыййаг нын уыцы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ӕмбырды размӕ ӕппындӕр нӕй нуазӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм цалдӕр хабарыл. Мах Моисейы закъоны дӕлбар не стӕм (Ром. 10:4). Ӕмӕ иуӕй-иу бӕстӕты не ’мчырыстӕттӕ хӕрды рӕстӕг иу гыццыл ануазынц, кӕд сӕ стӕй ӕмбырдмӕ цӕуын фӕхъӕуы, уӕддӕр. Дзуттӕгтӕ-иу Куадзӕн куы бӕрӕг кодтой, уӕд-иу фӕйнӕ цыппар нуазӕны сӕн банызтой. Йесо дӕр, Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд йӕ апостолтӕн загъта, цӕмӕй банызтаиккой, йӕ тугмӕ чи амыдта, уыцы сӕнӕй (Матф. 26:27). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библимӕ гӕсгӕ фыднозт кӕнын у тӕригъӕдджын хъуыддаг (1 Кор. 6:10; 1 Тим. 3:8). Ӕмӕ бирӕ чырыстӕттӕн се ’фсарм уый бар нӕ дӕтты, цӕмӕй иу гыццыл дӕр бануазой, кӕд сӕ уый фӕстӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгты архайын хъӕудзӕн, уӕд. Фӕлӕ ӕгъдӕуттӕ бӕстӕйӕ-бӕстӕмӕ хицӕн кӕнынц. Чырыстӕттӕн ахсджиаг у, цӕмӕй, «табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу... уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной» ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уой.

(Левит 11:8) Сӕ дзидза сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕм ма ӕвналут. Уыдон сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ.

it-U «Животные», дӕлсӕргонд «Чистые и нечистые животные», 4 абз.

Цӕрӕгойтӕ

Ацы цӕрӕгойты дзидза хӕрӕн нӕ уыд, Моисейы закъоны дӕлбар чи уыд, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Левиты 11:8 стихы ныхӕстӕ, «уыдон сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ», зӕгъгӕ, загъд уыдысты ӕрмӕстдӕр израилӕгтӕн. Йесо Чырысти йӕ цард нывондӕн куы ’рхаста ӕмӕ уымӕй Закъонӕн кӕрон куы скодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ та адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыд хӕрын алы цӕрӕгойы дзидза дӕр, Доны хъаймӕты фӕстӕ Хуыцау Нойӕн цы загъта, уымӕ гӕсгӕ (Кл 2:13–17; Рд 9:3, 4).

Библийӕ бакӕсинаг

(Левит 10:1–15) Цасдӕры фӕстӕ Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуд райстой сӕ зынгхӕссӕнтӕ, нывӕрдтой дзы зынг, зынджы сӕрыл та – буд, ӕмӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбахастой, чи не ’мбӕлд, кӕмӕй сын нӕ загъта, ахӕм зынг. 2 Ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ сӕ аныхъуырдта, ӕмӕ Йегъовӕйы раз амардысты. 3 Уӕд Моисей Ааронӕн загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕввахс мӕм чи у, уыдон мын хъуамӕ мӕ ном рухс кӕной ӕмӕ мӕ ӕппӕт адӕм дӕр хъуамӕ кадджын кӕной“». Ӕмӕ Аарон хъусӕй лӕууыд. 4 Моисей фӕдзырдта Мисаил ӕмӕ Елцафанмӕ, Ааронӕн йӕ фыдыфсымӕр Узиилы фырттӕм, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уе ’фсымӕрты сыгъдӕг бынаты разӕй цатырты ӕддӕмӕ ахӕссут». 5 Уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ сӕ сӕ даргъ хӕдӕтты мидӕг цатырты ӕддӕмӕ ахастой, Моисей сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 6 Ӕмӕ Моисей Ааронӕн ӕмӕ йӕ иннӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Ифамарӕн, загъта: «Уӕ сӕртӕ ӕнӕфастӕй ма ныууадзут ӕмӕ уӕ уӕлӕдарӕс ма ӕрыскъуынут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ цӕмӕй Хуыцау ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа. Уе ’фсымӕртӕ, Израилы адӕм иууылдӕр, фӕкӕудзысты, чи басыгъд, Йегъовӕ арты хай кӕй бакодта, уыдоныл. 7 Ӕмбырды цатыры бахизӕны разӕй макуыдӕм ацӕут, цӕмӕй ма амӕлат, уымӕн ӕмӕ сымах Йегъовӕйы сӕрмагонд сойӕ сӕрст стут». Ӕмӕ уыдон дӕр, Моисей сын куыд загъта, афтӕ бакодтой. 8 Ӕмӕ Йегъовӕ Ааронӕн загъта: 9 «Ӕмбырды цатырмӕ куы цӕуат, уӕд ма нуазут мадӕр сӕн, мадӕр карз нозт,– дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр,– цӕмӕй ма амӕлат. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, 10 цӕмӕй, табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу, сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнат, 11 ӕмӕ цӕмӕй Израилы фырттӕн амонат, Йегъовӕ сын Моисейы уылты кӕй радта, уыцы уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр». 12 Уый фӕстӕ Моисей Ааронӕн ӕмӕ ма йын чи баззад, уыцы фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Ифамарӕн, загъта: «Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ артыл кӕй басыгътой, уыцы кувинӕгтӕй цы хоры кувинаг баззад, уымӕй донгонд дзултӕ скӕнут ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕны раз бахӕрут, уымӕн ӕмӕ уый у уӕлдай табуйаг. 13 Хъуамӕ уыцы кувинаг хӕрат сыгъдӕг бынаты, уымӕн ӕмӕ уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ фыртты хай, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ мын афтӕ уыд загъд. 14 Риуыгуыдыр – кӕй батилынц, уыцы кувинаг, ӕмӕ агъд – сауджынты хай, хӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ фыртты хай, Израилы фырттӕ цы фарны нывӕндтӕ хӕсдзысты, уыдонӕй. 15 Израилы фырттӕ-иу агъд – сауджынты хай, ӕмӕ риуыгуыдыр – кӕй батилынц, уыцы кувинаг, ӕрбахӕсдзысты, артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгты фиуимӕ, цӕмӕй, кӕй батилынц, уыцы кувинаг Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилой. Ӕмӕ уый ӕнустӕм уыдзӕн дӕ хай ӕмӕ дӕ фыртты хай, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ».

14–20 ДЕКАБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 12, 13

«Хуыцау хъотыры тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?»

(Левит 13:4, 5) Фӕлӕ кӕд уыцы хъулон урс у, цармӕй арфдӕр нӕ зыны ӕмӕ йыл цы хъуынтӕ ис, уыдон не сурс сты, уӕд ӕй сауджын авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн. 5 Ӕвдӕм бон ӕй сауджын фендзӕн, ӕмӕ кӕд бӕрӕг у, ӕмӕ хъӕдгом нӕ фестырдӕр, буарыл нӕ апырх, уӕд ма йӕ ноджыдӕр авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн.

wp18.1 7

Фӕстейӕ баззад ӕви фӕраздӕр?

• Рынчын адӕймаджы хъуыди иннӕтӕй ахибар кӕнын.

Моисейы закъоны фыст уыд, хъотырӕй рынчын адӕмы-иу иннӕтӕй ахибар кӕнын кӕй хъуыд. Дохтыртӕ та уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ архайын райдыдтой, Астӕуккаг ӕнусты адӕм фыднизтӕй куы фӕцагъды сты, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. Рынчыны иннӕ адӕмӕй хибар кӕнын абон дӕр раст ӕгъдауыл нымад у (Левит 13 ӕмӕ 14 сӕртӕ).

(Левит 13:45, 46) Хъотырӕй рынчын чи у, уымӕн йӕ уӕлӕдарӕс хъуамӕ уа скъуыдтӕ, йӕ сӕр ӕнӕфаст ӕмӕ хъуамӕ йӕ рихитӕ бамбӕрза ӕмӕ хъӕр кӕна: „Сыгъдӕг нӕ дӕн, сыгъдӕг нӕ дӕн!“ 46 Цалынмӕ йыл хъотыр уа, уӕдмӕ сыгъдӕг нӕ уыдзӕн. Уыцы адӕймаг сыгъдӕг нӕу. Хъуамӕ цӕра хибарӕй, цатырты ӕдде.

wp16.4 9 ф., 1 абз.

Зыдтай йӕ?

Раджы заманы дзуттӕгтӕ тынг тарстысты, уыцы рӕстӕджы адӕм цы хъотырӕй рынчын кодтой, уымӕй. Уый уыд хӕцгӕ низ ӕмӕ-иу бахъыгдардта нервыты кӕрӕттӕ. Рынчыныл-иу фӕзынд, сдзӕбӕх кӕнӕн кӕй нал уыд, ахӕм хъӕдгӕмттӕ, ӕмӕ-иу ныффыдынд. Уӕд хъотырӕн хос кӕнын нӕ зыдтой. Чи-иу дзы фӕрынчын, уый-иу хъуамӕ цардаид хибар ран. Адӕмы ’хсӕнмӕ-иу куы цыдаид, уӕд та-иу хъуамӕ хъӕр кодтаид, сыгъдӕг нӕ дӕн, зӕгъгӕ (Левит 13:45, 46).

(Левит 13:52) Ӕмӕ, хъотыр кӕуыл фӕзынд, уыцы уӕлӕдарӕс, уӕфт дзаума кӕнӕ сӕракӕй конд дзаума хъуамӕ басудза, уымӕн ӕмӕ уый у ӕвзӕр хъотыр. Уыцы дзаума хъӕуы басудзын.

(Левит 13:57) Фӕлӕ та уый фӕстӕ дӕр уӕлӕдарӕсыл, уӕфт дзаумайыл кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайыл куы фӕзыной, уӕд уый у, чи райдыдта, ахӕм хъотыр. Уыцы дзаума цыфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕй хъӕуы басудзын.

it-U «Проказа», дӕлсӕргонд «На одежде и в домах»

Хъотыр

Уӕлӕдарӕсыл ӕмӕ хӕдзӕрттыл. Хатт-иу хъотыр фӕзынд къуымбилӕй ӕмӕ гӕнӕй конд уӕлӕдарӕсыл, стӕй сӕракӕй конд дзауматыл дӕр. Закъонмӕ гӕсгӕ-иу ахӕм дзаума хъуыди хибар ран сӕвӕрын. Дзаумайыл-иу цы хъулӕттӕ фӕзынд, уыдон-иу ӕхсады фӕстӕ, гӕнӕн ис, фесӕфтаиккой. Фӕлӕ-иу дзаумайыл уыцы хъулӕттӕ куы баззадаиккой ӕмӕ бурбын-цъӕх кӕнӕ сырх куы уыдаиккой, уӕд-иу уый уыд ӕвзӕр хъотыр, ӕмӕ-иу уыцы дзаума хъуыди басудзын (Лв 13:47–59).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Левит 12:2) «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Сылгоймаг куы басывӕрджын уа ӕмӕ йын лӕппу куы райгуыра, уӕд авд боны сыгъдӕг нӕ уыдзӕн. Ӕрвылмӕйон тугцыды бонты куыд нӕ вӕййы сыгъдӕг, афтӕ нӕ уыдзӕн сыгъдӕг уыцы рӕстӕг дӕр.

(Левит 12:5) Чызг ын куы райгуыра, уӕд та сыгъдӕг нӕ уыдзӕн цыппӕрдӕс боны, ӕрвылмӕйон тугцыды бонты куыд вӕййы, афтӕ. Ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕхсай ӕхсӕз боны хъуамӕ уа хӕдзары ӕмӕ тугӕй ссыгъдӕг уа.

w04 1/6 31 ф., 1 абз.

Левиты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

12:2, 5 – Ӕвгъӕдыбадӕг сылгоймаг сыгъдӕгыл нымад цӕуылнӕ уыд? Цоткӕнӕн уӕнгтӕ Хуыцау адӕймагӕн уый тыххӕй радта, цӕмӕй цард лӕвӕрдтаид ӕххӕст адӕмӕн. Фӕлӕ йӕ туджы тӕригъӕд кӕй ахъардта, уый тыххӕй йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр сӕ туджы хӕссын байдыдтой ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕд. Сылгоймаг-иу ӕвгъӕды кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй, зӕгъӕм, менструацийы тыххӕй, стӕй-иу нӕлгоймагӕн йӕ мыггагдонӕй мыг куы рацыд, уӕд-иу рӕстӕгмӕ сыгъдӕгыл нымад кӕй нал уыдысты, уый израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, гуырдзӕй тӕригъӕдджын кӕй сты (Левит 15:16–24; Псалом 50:7; Ромӕгтӕм 5:12). Сыгъдӕгкӕныны фӕткӕвӕрдты фӕрцы израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, адӕмы тӕригъӕдтӕ бамбӕрзынӕн ӕмӕ сын ӕххӕстдзинад раздахынӕн ӕлхӕнӕг нывонды сӕр кӕй хъуыди. Афтӕмӕй сын Закъон сси «сывӕллон кӕнӕг Чырыстимӕ» (Галатӕгтӕм 3:24).

(Левит 12:3) Ӕстӕм бон лӕппуйӕн хъуамӕ йе ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон лыг ӕрцӕуа.

wp18.1 7

Фӕстейӕ баззад ӕви фӕраздӕр?

• Сунӕт кӕнын кӕд хъуыд.

Хуыцауы закъон фӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ноггуырд лӕппуйӕн ӕстӕм бон сунӕт скодтаиккой (Левит 12:3). Ноггуырд сывӕллонӕн йӕ туг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ахсын райдайы, иу къуыри йыл куы рацӕуы, уый фӕстӕ. Цалынмӕ дохтыртӕ уыдӕттӕ сбӕрӕг кодтой, уӕдмӕ дӕр Библимӕ гӕсгӕ сывӕллонӕн сунӕт кӕнын хъуыди, иу къуыри йыл куы сӕххӕст уыдаид, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ, ӕмӕ уый фӕрцы ноггуырды цардӕн тӕссаг нӕ уыд.

Библийӕ бакӕсинаг

(Левит 13:9–28) Адӕймагыл хъотыры хъӕдгом куы фӕзына, уӕд ӕй хъӕуы сауджынмӕ ӕрбакӕнын. 10 Сауджын ӕй фендзӕн, ӕмӕ кӕд йӕ буарыл ис урс хъулӕттӕ ӕмӕ уыцы рӕтты хъуынтӕ сурс сты ӕмӕ йӕ дзидза разынд, 11 уӕд уый у, рагӕй йыл чи ис, ахӕм хъотыр. Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Хибар кӕнын ӕй нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг нӕу. 12 Фӕлӕ кӕд хъотыр йӕ буарыл апырх ӕмӕ ӕнӕхъӕн буар сӕрӕй къӕхтӕм бамбӕрзта, сауджынӕн йӕ бон фенын цас у, уыйбӕрц, 13 ӕмӕ сауджын куы фена, хъотыр ын йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй бамбӕрзта, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. Йӕ царм иууылдӕр сурс. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг. 14 Фӕлӕ хъӕдгомы дзидза куы разына, уӕд уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сыгъдӕг нал уыдзӕн. 15 Сауджын куы фена, йӕ хъӕдгомы дзидза кӕй разынд, уый, уӕд зӕгъдзӕн, уыцы адӕймаг сыгъдӕг кӕй нӕу. Дзидза кӕм разынд, ахӕм хъӕдгом сыгъдӕг нӕу. Уый у хъотыр. 16 Уыцы хъӕдгом куы байгас уа ӕмӕ куы сурс уа, уӕд хъуамӕ ӕрбацӕуа сауджынмӕ. 17 Сауджын ӕй фендзӕн, ӕмӕ кӕд йӕ хъӕдгом сурс, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг. 18 Искӕмӕн йӕ буарыл сынкъ куы рацӕуа ӕмӕ йын куы байгас уа, 19 ӕмӕ сынчъы бынат урс хъулӕттӕ кӕнӕ сырхгомау хъулӕттӕ куы суа, уӕд хъуамӕ йӕхи сауджынӕн фенын кӕна. 20 Сауджын ӕй фендзӕн, ӕмӕ кӕд хъӕдгом цармӕй арфдӕр зыны, цы хъуынтӕ дзы ис, уыдон сурс сты, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр. Хъотыр фӕзынд сынчъы бынаты. 21 Фӕлӕ сауджын куы фена, ӕмӕ хъӕдгомыл хъуынтӕ урс не сты, цармӕй арфдӕр нӕу ӕмӕ у фӕлурс, уӕд ӕй авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн. 22 Хъӕдгом буарыл куы апырх уа, уӕд сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у низ. 23 Фӕлӕ сынкъ куы нӕ фестырдӕр уа ӕмӕ буарыл куы нӕ апырх уа, уӕд сынкъ ӕнӕуи хӕф кӕны, ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. 24 Исчи йӕхи куы басудза ӕмӕ сыгъды бынаты дзидза кӕм разынд, уый сырхгомау кӕнӕ урс хъулӕттӕ куы суа, 25 уӕд ӕй сауджын фендзӕн, ӕмӕ кӕд уыцы ран хъуынтӕ сурс сты ӕмӕ хъӕдгом цармӕй арфдӕр у, уӕд уый хъотыр у. Хъотыр фӕзынд хъӕдгомы, ӕмӕ сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр. 26 Фӕлӕ сауджын куы фена, ӕмӕ хъӕдгомыл хъуынтӕ урс не сты, цармӕй арфдӕр нӕу ӕмӕ у фӕлурс, уӕд ӕй авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн. 27 Ӕвдӕм бон ӕй сауджын фендзӕн, ӕмӕ кӕд хъӕдгом буарыл апырх, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр. 28 Фӕлӕ кӕд хъӕдгом нӕ фестырдӕр, буарыл нӕ апырх ӕмӕ у фӕлурс, уӕд хъӕдгом ӕнӕуи схӕф. Сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ хъӕдгом хӕф сси.

21–27 ДЕКАБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 14, 15

«Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ алцӕмӕй дӕр уой сыгъдӕг»

(Левит 15:13–15) Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уый йӕ чъизитӕй куы ссыгъдӕг уа, уӕд хъуамӕ авд боны анымайа, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи суадоны донӕй ныннайа, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. 14 Ӕстӕм бон та хъуамӕ райса дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны, хъуамӕ ӕрбацӕуа Йегъовӕйы размӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны цурмӕ ӕмӕ сӕ сауджынмӕ ратта. 15 Ӕмӕ сӕ сауджын нывондӕн ӕрхӕсдзӕн: иуы – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй сауджын Йегъовӕйы раз йӕ чъизийӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн.

it-U «Мытьё, омытие», 4 абз.

Ныхсын, ныннайын

Израилӕгтӕ-иу истӕй тыххӕй сӕхи куы фӕчъизи кодтой, уӕд-иу хъуамӕ Закъонмӕ гӕсгӕ сӕхи ныннадтаиккой ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕхи ссыгъдӕг кодтаиккой. Сыгъдӕгыл-иу нымад чи нӕ уыд, уыдонмӕ хаудысты: хъотырӕй-иу чи сдзӕбӕх, ахӕм адӕймаг; йӕ чъизитӕ-иу кӕмӕн цыдысты, уый-иу цӕуыл ӕрхуыссыд кӕнӕ ӕрбадт, йе та-иу цӕмӕ бавнӕлдта, уымӕ-иу чи бавнӕлдта, ахӕм адӕймаг; йӕ мыггаг-иу кӕмӕн ракалд, ахӕм нӕлгоймаг; йе ’рвылмӕйон тугцыды бонтӕ-иу кӕмӕн фесты, ахӕм сылгоймаг, стӕй-иу бирӕ бонты кӕнӕ йӕ тугцыды бонтӕй фылдӕр рӕстӕг туг кӕмӕй цыд ӕмӕ-иу уыцы бонтӕ кӕмӕн фесты, ахӕм сылгоймаг; ӕмуат-иу чи ӕрцыд, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг (Лв 14:8, 9; 15:4–27). Мард кӕм уыд, уыцы цатырмӕ-иу чифӕнды ма бацыдаид кӕнӕ-иу мардмӕ чифӕнды ма бавнӕлдтаид,– йӕхи-иу фӕчъизи кодта, ӕмӕ-иу хъуамӕ йӕхи сыгъдӕггӕнӕн донӕй ссыгъдӕг кодтаид. Афтӕ бакӕнын чи нӕ бакуымдтаид, ахӕм адӕймаджы тыххӕй загъд уыд: «Фесафын [ӕй] хъӕуы ӕмбырды ’хсӕнӕй, уымӕн ӕмӕ уый фӕчъизи кодта Йегъовӕйы кувӕн бынат» (Нм 19:20). Уӕдӕ Библийы дзырдтӕ «ныхсын» ӕмӕ «ныннайын» дзӕгъӕлы нӕ фӕамонынц, адӕймаг Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг кӕй свӕййы, уымӕ (Пс 26:6; 73:13; Ис 1:16; Йез 16:9). Дон хатт фӕамоны Хуыцауы Ныхасмӕ, ӕмӕ дзы цы рӕстдзинад ис, уый фӕрцы адӕймаг йӕхи куы «ныхсы», уӕд ссыгъдӕг вӕййы (Еф 5:26).

(Левит 15:28–30) Йӕ чъизитӕй куы ссыгъдӕг уа, уӕд хъуамӕ авд боны анымайа, ӕмӕ уый фӕстӕ уыдзӕн сыгъдӕг. 29 Ӕстӕм бон та хъуамӕ райса дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны ӕмӕ сӕ ӕрбахӕсса сауджынмӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны цурмӕ. 30 Ӕмӕ дзы сауджын иуы ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн, ӕмӕ йӕ сауджын Йегъовӕйы раз йӕ чъизийӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн.

it-U «Менструация», дӕлсӕргонд «Нечистота по Закону», 2 абз.

Ӕрвылмӕйон тугцыды бонтӕ

Сылгоймагӕн-иу йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты афон куы нӕ уыд, афтӕмӕй-иу дзы бирӕ бонты туг куы цыд кӕнӕ дзы туг йӕ тугцыды бонтӕй фылдӕр рӕстӕг куы цыд, уӕд ӕппӕт уыцы бонты дӕр сыгъдӕг нӕ уыд. Ахӕм сылгоймаг-иу цыфӕнды дзаумайыл ма ӕрхуыссыдаид кӕнӕ ма ӕрбадтаид, уӕддӕр-иу уыцы дзаума фӕчъизи, стӕй-иу уыцы дзаумамӕ чи бавнӕлдта, уыдон дӕр-иу сӕхи фӕчъизи кодтой. Ӕмӕ-иу ахӕм тугцыды бонтӕ куы фесты, уӕд-иу сылгоймаг хъуамӕ авд боны анымадтаид, ӕмӕ уый фӕстӕ уыдаид сыгъдӕг. Ӕстӕм бон та-иу сауджынмӕ ӕрбахаста дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны, ӕмӕ-иу ӕй уый ссыгъдӕг кодта. Сауджын-иу иу маргъы Йегъовӕйӕн ӕрхаста тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн (Лв 15:19–30; кӕс ЧИСТОТА, ЧИСТЫЙ).

(Левит 15:31) Израилы фырттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сыгъдӕг уой ӕмӕ мын ма фӕчъизи кӕной мӕ цатыр, се ’хсӕн чи ис, уыцы цатыр, ӕмӕ чъизи кӕй сты, уый тыххӕй ма амӕлой.

it-U «Святое место», № 2

Сыгъдӕг бынат

2. Ӕмбырды цатыр ӕмӕ фӕстӕдӕр кувӕндон. Сыгъдӕг бынатыл нымад уыдысты Хуыцауы цатыр ӕмӕ йӕ кӕрт, фӕстӕдӕр та кувӕндон ӕмӕ йӕ дыууӕ кӕрты (Рц 38:24; 2Аз 29:5; Хъд 21:28). Кӕрты цы дзауматӕ уыд, уыдонӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр уыдысты, нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхуы аг. Уыцы дзауматӕ уыдысты табуйаг. Хуыцауы цатыры кӕртмӕ бацӕуын йӕ бон уыд, Закъонмӕ гӕсгӕ-иу сыгъдӕг чи уыд, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Раст афтӕ кувӕндоны кӕртмӕ цӕуыны бар нӕ уыд, йӕхи-иу чи фӕчъизи кодта, уыдонӕн. Зӕгъӕм, сылгоймаг-иу сыгъдӕг куы нӕ уыд, уӕд-иу хъуамӕ, табуйаг цы уыд, ахӕмӕй мацӕмӕ бавнӕлдтаид, стӕй-иу ын сыгъдӕг бынатмӕ цӕуӕн дӕр нӕ уыд (Лв 12:2–4). Куыд зыны, афтӕмӕй-иу израилӕгтӕй исчи бирӕ рӕстӕг сыгъдӕг куы нӕ уыд, суанг-иу уӕд дӕр йӕ бон нӕ уыд кувӕн бынатмӕ бацӕуын (Лв 15:31). Адӕймаг-иу йӕхи хъотырӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ куы ’рбацыд ӕмӕ-иу йӕ кувинаг куы ’рбахаста, уӕд-иу йӕ бон уыд ӕрмӕстдӕр цатыры бахизӕны онг бацӕуын (Лв 14:11). Сыгъдӕг-иу чи нӕ уыд, уыдонӕн фарны нывонды дзидзайӕ хӕрӕн нӕ уыд нӕдӕр цатыры, нӕдӕр кувӕндоны, науӕд-иу сӕм ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт (Лв 7:20, 21).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Левит 14:14) Ӕмӕ сауджын аххосы тыххӕй нывонды тугӕй райсдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз.

(Левит 14:17) Уый фӕстӕ, йӕ къухы цы сой уа, уымӕй ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн аххосы тыххӕй нывонды тугӕй кӕм ацахуырста, уым – йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз.

(Левит 14:25) Ӕмӕ сауджын уыцы фыркъайы аргӕвддзӕн, йӕ тугӕй йын райсдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз.

(Левит 14:28) Уый фӕстӕ, йӕ къухы цы сой уа, уымӕй ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн аххосы тыххӕй нывонды тугӕй кӕм ацахуырста, уым – йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз.

w14 15/11 9 ф., 7 абз.

Сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

7 Израилы сауджынтӕ ӕвӕрд куы ’рцыдысты, уӕд Моисей райста фыры тугӕй ӕмӕ дзы ацахуырста хистӕр сауджын Ааронӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз, ӕмӕ афтӕ бакодта Аароны фырттӕн дӕр. (Бакӕс Левит 8:22–24.) Уый амыдта, сауджынтӕ Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсдзысты ӕмӕ сӕ хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕндзысты, уымӕ. Уыцы хъуыддаджы сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕн дӕр фӕзминаг у Хистӕр сауджын Йесо Чырысти. Йесо хъуыста Йегъовӕйы разамындмӕ, ӕххӕст ын кодта йӕ фӕндон ӕмӕ цыди сыгъдӕг фӕндагыл (Иоан. 4:31–34).

it-U «Ухо», 9 абз.

Ухо

При посвящении израильских священников Моисею было сказано взять крови барана посвящения и нанести ее на мочку правого уха Аарона и всех его сыновей, а также на их правую руку и правую ногу в знак того, что их посвящение должно было влиять на то, что́ они слушали, какую работу выполняли и как ходили (Лв 8:22–24). Подобно этому, во время очищения прокаженного священник по Закону должен был нанести ему на мочку правого уха кровь барана, приносимого как приношение за вину, а также масло (Лв 14:14, 17, 25, 28). Что-то похожее можно увидеть и в том, что делали, если человек хотел навсегда остаться рабом своего господина: его подводили к двери и его господин прокалывал ему ухо шилом. Этот заметный знак на органе слуха, очевидно, свидетельствовал о желании раба оставаться послушным своему господину (Исх 21:5, 6).

(Левит 14:43–45) Фӕлӕ та кӕд, дуртӕ куы ракалдтой, къултӕ куы ныххафтой ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ куы байсӕрстой, уый фӕстӕ ногӕй схъулӕттӕ сты, 44 уӕд сауджын ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ хӕдзар фендзӕн. Ӕмӕ кӕд хӕдзарыл хъулӕттӕ апырх сты, уӕд уый у ӕвзӕр хъотыр. Уыцы хӕдзар сыгъдӕг нӕу. 45 Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, цӕмӕй хӕдзар ныппырх кӕной ӕмӕ дзы дурӕй, хъӕдӕй ӕмӕ ӕлыгӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ахӕссой горӕты ӕддӕмӕ, чъизитӕ кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм.

g-U 1/06 14 ф., рамкӕ

Хъуына – хӕссы пайда дӕр ӕмӕ зиан дӕр!

БИБЛИЙЫ ХЪУЫНАЙЫ КОЙ ИС?

Библийы ис, хӕдзарыл-иу цы хъотыр фӕзынд, уый кой (Лв 14:34–48). Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы хъотыр (Библи ма йӕ хоны «ӕвзӕр хъотыр» дӕр) уыд хъуына. Фӕлӕ уый бӕлвырд нӕу. Куыдфӕнды ма уыдаид,– Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ-иу хӕдзары хицау йӕ бинонтимӕ хъуамӕ, чи-иу схъулӕттӕ, уыцы дуртӕ ракалдтаид, хӕдзары къултӕ-иу мидӕгӕй иууылдӕр ныххафтаид ӕмӕ-иу хъотыры хуызӕн цыдӕр цӕуыл фӕзынд, уыдӕттӕ аппӕрстаид, горӕты ӕдде-иу чъизитӕ кӕдӕм калдтой, уырдӕм. Кӕд-иу хъотыр хӕдзарыл ногӕй фӕзынд, уӕд-иу сауджын загъта, хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъдӕг кӕй нӕу ӕмӕ-иу ӕй ныппырх кодтой. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ахӕм бӕлвырд амындтӕ кӕй радта, уый дзурӕг у, тынг сӕ кӕй уарзта ӕмӕ сын сӕ хорзыл кӕй хъуыды кодта, ууыл.

Библийӕ бакӕсинаг

(Левит 14:1–18) Йегъовӕ ма дарддӕр Моисейӕн загъта: 2 «Ай у закъон, хъотырджын сыгъдӕгыл нымад куы ’рцӕуа, уыцы бон цы бакӕнын хъӕуы, уый тыххӕй. Хъуамӕ йӕ ӕрбакӕной сауджынмӕ. 3 Сауджын цатырты ӕддӕмӕ рацӕудзӕн ӕмӕ йӕ фендзӕн, ӕмӕ кӕд йӕ хъотыр фесӕфт, 4 уӕд ын зӕгъдзӕн, цӕмӕй йӕхи ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй ӕрбахӕсса, сыгъдӕгыл нымад чи у, дыууӕ ахӕм удӕгас маргъы, кедры къалиу, сырх-сырхид ӕндӕхтӕ ӕмӕ иссопы къалиутӕ. 5 Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, цӕмӕй мӕргътӕй иуы аргӕвдой, суадоны дон кӕм уа, ахӕм ӕлыг мигӕнӕны сӕрмӕ. 6 Уый фӕстӕ райсдзӕн удӕгас маргъы, кедры къалиу, сырх-сырхид ӕндӕхтӕ ӕмӕ иссопы къалиутӕ, ӕмӕ уыдон иууылдӕр, стӕй удӕгас маргъы дӕр, атулдзӕн, суадоны доны сӕрмӕ кӕй аргӕвстой, уыцы маргъы туджы. 7 Стӕй, йӕхи хъотырӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, ууыл тугӕй авд хатты бапырх кӕндзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. Удӕгас маргъы та ауадздзӕн тыгъд быдыры. 8 Уый фӕстӕ, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаг хъуамӕ ныхса йӕ уӕлӕдарӕс, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныддаса, йӕхи ныннайа, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. Ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын. Ӕмӕ авд боны хъуамӕ цӕра йӕ цатыры ӕдде. 9 Ӕвдӕм бон хъуамӕ адаса йӕ сӕр, йӕ роцъо ӕмӕ йе ’рфгуытӕ. Хъуамӕ ныддаса йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр, йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. 10 Ӕстӕм бон ӕрбакӕнӕд дыууӕ ӕнӕсахъат фыркъайы ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм ӕнӕсахъат сыл уӕрыкк ӕмӕ хоры кувинагӕн ӕрбахӕссӕд ефӕйы ӕртӕ дӕсӕм хайы ӕппӕты хуыздӕр ссад, соимӕ хӕццӕйӕ, ӕмӕ иу лог сой. 11 Ӕмӕ уыцы адӕймаджы, сыгъдӕгыл ӕй чи банымайдзӕн, уыцы сауджын ӕй йӕ нывӕндтимӕ ӕрлӕууын кӕндзӕн Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бахизӕны цур. 12 Ӕмӕ сауджын фыркъатӕй иуы ӕрхӕсдзӕн иу лог соимӕ аххосы тыххӕй нывондӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилдзӕн – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг. 13 Фыркъайы аргӕвддзӕн, тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ ӕмӕ судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым, сыгъдӕг бынаты, уымӕн ӕмӕ аххосы тыххӕй нывонд дӕр у сауджыны, тӕригъӕды тыххӕй нывонд куыд у, афтӕ. Уый у уӕлдай табуйаг. 14 Ӕмӕ сауджын аххосы тыххӕй нывонды тугӕй райсдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз. 15 Уый фӕстӕ сауджын райсдзӕн иу лог сой ӕмӕ дзы йӕ галиу къухы ӕркӕндзӕн. 16 Стӕй сауджын, йӕ галиу къухы цы сой ис, уым йӕ рахиз къухы амонӕн ӕнгуылдз атулдзӕн ӕмӕ дзы авд хатты Йегъовӕйы раз бапырх кӕндзӕн. 17 Уый фӕстӕ, йӕ къухы цы сой уа, уымӕй ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн аххосы тыххӕй нывонды тугӕй кӕм ацахуырста, уым – йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз. 18 Ӕмӕ ма сауджынӕн йӕ къухы цы сой баззайа, уый та рауадздзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы сӕрыл, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.

28 ДЕКАБРӔЙ 3 ЯНВАРМӔ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 16, 17

«Сыгъдӕггӕнӕн бон дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?»

(Левит 16:12) Уый фӕстӕ райсдзӕн зынгхӕссӕн, хъуамӕ йӕ тӕккӕ дзаг уа, Йегъовӕйы раз цы нывондхӕссӕн ис, уырдыгӕй ист судзгӕ зынгтӕй, стӕй дыууӕ армыдзаг лыстӕгмур хӕрздӕф буд ӕмӕ сӕ бахӕсдзӕн ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ.

w19.11 21 ф., 4 абз.

Левиты чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

4 Бакӕс Левит 16:12, 13. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм: у Сыгъдӕггӕнӕн бон ӕмӕ хистӕр сауджын Хуыцауы цатырмӕ фӕцӕуы. Уыцы бон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ хъуамӕ ӕртӕ хатты бацӕуа, ӕмӕ ныр фыццаг хатт бацӕудзӕн. Йӕ иу къухы ис хӕрздӕф буд, иннӕ къухы та – судзгӕ зынгтӕй йедзаг сызгъӕрин зынгхӕссӕн. Сыгъдӕг бынат Ӕппӕты сыгъдӕг бынатӕй чи хицӕн кӕны, уыцы ӕмбӕрзӕны раз ӕрлӕууыд. Уырдӕм кӕй бацӕудзӕн, уый стыр кад кӕй у, уый ӕмбары, уымӕн ӕмӕ, зӕгъӕн ис, Йегъовӕйы раз ӕрлӕудзӕн. Уый фӕстӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ бацыд ӕмӕ бадзырды чырыны раз ӕрлӕууыд. Стӕй буд судзгӕ зынгтыл сабыргай рауагъта, ӕмӕ цатыр хӕрздӕф буды тӕфӕй байдзаг. Фӕстӕдӕр та Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ бацӕудзӕн, тӕригъӕды тыххӕй цы фосы нывӕндтӕ хаст ӕрцыд, уыдоны тугимӕ. Уӕ хъус-ма ӕрдарут: сауджын хӕрздӕф буд ссыгъта, тӕригъӕды тыххӕй цы нывӕндтӕ хаст ӕрцыд, уыдоны туг ӕрбахӕссыны размӕ.

(Левит 16:13) Буд ӕрӕвӕрдзӕн судзгӕ зынгтыл Йегъовӕйы раз, ӕмӕ буды фӕздӕг бамбӕрздзӕн бадзырды чырыны сӕр, цӕмӕй ма амӕла.

w19.11 21 ф., 5 абз.

Левиты чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Сауджын-иу Сыгъдӕггӕнӕн бон буд кӕй ссыгъта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ буды хуызӕн сты (Пс. 141:2; Рарг. 5:8). Уӕлдӕр куыд загъд уыд, афтӕмӕй хистӕр сауджын Йегъовӕйы размӕ буд бахӕссын йӕхицӕн стыр кадыл нымадта. Раст афтӕ, куы фӕкувӕм, уӕд-иу хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕм нӕ бон кувын кӕй у, уый нӕхицӕн стыр кадыл кӕй нымайӕм. Мах стыр бузныг стӕм, Дунесфӕлдисӕг нын уый бар кӕй радта, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм, сывӕллон йӕ фыдмӕ куыд ӕввахс вӕййы, афтӕ (Иак. 4:8). Йегъовӕ нӕ нымайы йӕ хӕлӕрттыл! (Пс. 25:14). Цы кады аккаг нӕ скодта, уымӕн афтӕ тынг аргъ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ искуы фӕфыдӕнхъӕл кӕнӕм.

(Левит 16:14, 15) Стӕй уӕныджы тугӕй райсдзӕн, йе ’нгуылдз дзы атулдзӕн ӕмӕ дзы чырыны сӕры раз скӕсӕнырдыгӕй бапырх кӕндзӕн. Чырыны сӕры раз тугӕй бапырх кӕндзӕн авд хатты. 15 Уый фӕстӕ аргӕвддзӕн, адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй чи уа, уыцы сӕгъы, ӕмӕ йын йӕ туг бахӕсдзӕн ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ. Ӕмӕ уыцы тугӕн дӕр бакӕндзӕн, уӕныджы тугӕн куыд бакодта, афтӕ: бапырх дзы кӕндзӕн чырыны сӕры раз.

w19.11 21 ф., 6 абз.

Левиты чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

6 Куыд загътам, афтӕмӕй-иу хистӕр сауджын нывонд ӕрхӕссыны размӕ хъуамӕ буд ссыгътаид. Уый фӕрцы-иу нӕ дызӕрдыг кодта, нывонд куы ӕрхӕсса, уӕд дзы Йегъовӕ райгонд кӕй уыдзӕн. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йесойы йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссыны размӕ хъуыди ахсджиаг цыдӕр саразын, ӕмӕ уый адӕмы фервӕзын кӕнынӕй бирӕ ахсджиагдӕр уыд. Цымӕ уый цы уыд? Цалынмӕ зӕххыл цард, уӕдмӕ хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаид, цӕмӕй йын Йегъовӕ йӕ нывонд райстаид. Афтӕмӕй Йесо равдыстаид, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй у ӕппӕты растдӕр царды фӕндаг. Стӕй сбӕлвырд кодтаид, йӕ Фыдӕн, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар кӕй ис ӕмӕ уымӕй растдӕр разамынд кӕй ничи дӕтты.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Левит 16:10) Азазелы хал цы сӕгъыл схауа, уый та тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй удӕгасӕй ӕрлӕууын кӕндзӕн Йегъовӕйы раз ӕмӕ йӕ ауадздзӕн ӕдзӕрӕг быдырмӕ азазелы тыххӕй.

w09 15/8 6 ф., 17 абз.

Ӕнусон цард зӕххыл – Хуыцауӕй лӕвӕрд ныфс

17 Ӕркӕсӕм-ма, Моисейы Закъоны азазелы сӕгъы тыххӕй цы фыст уыд, уымӕ дӕр. Хистӕр сауджын-иу афӕдз иу хатт, Сыгъдӕггӕнӕн боны рӕстӕджы йӕ дыууӕ къухы дӕр ӕрӕвӕрдта удӕгас сӕгъы сӕрыл ӕмӕ-иу радзырдта Израилы фыртты ӕппӕт рӕдыдтыты тыххӕй, се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Ӕмӕ-иу ӕппӕт уыцы тӕригъӕдтӕ сӕвӕрдта сӕгъы сӕрыл ӕмӕ-иу сын уыцы сӕгъ сӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр йемӕ ахаста ӕдзӕрӕг быдырмӕ (Лев. 16:7–10, 21, 22). Исай загъта, кӕй ӕрцӕудзӕн Мессийӕ ӕмӕ уый дӕр ахӕм хӕс кӕй сӕххӕст кӕндзӕн – ахӕсдзӕн бирӕты «низтӕ», «рыст» ӕмӕ «тӕригъӕдтӕ», ӕмӕ афтӕмӕй ӕнусон цардмӕ фӕндаг бакӕндзӕн. (Бакӕс Исай 53:4–6, 12.)

it-U «Азазел», 6 абз.

Азазел

Как объяснил апостол Павел, то, чего достиг Иисус, отдав свою совершенную человеческую жизнь в жертву за грехи людей, было намного больше того, что достигалось благодаря «крови быков и козлов» (Евр 10:4, 11, 12). Так он служил своего рода «козлом отпущения», поскольку «нес наши болезни» и «был пронзен за наши преступления» (Иса 53:4, 5; Мф 8:17; 1Пт 2:24). Он, образно говоря, унес грехи всех, кто проявляет веру в ценность его жертвы. Он показал, что Бог намерен полностью устранить грех. В этих отношениях козел «для азазела» символизирует жертву Иисуса Христа.

(Левит 17:10, 11) Израилы адӕмӕй кӕнӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕй исчи цӕйфӕнды туг дӕр куы хӕра, уӕд ӕз, туг чи хӕры, уымӕн йӕ ныхмӕ суыдзынӕн ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй. 11 Уымӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд ис туджы, ӕмӕ йӕ ӕз рахицӕн кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй дзы уӕ удтӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕнат, уымӕн ӕмӕ туг сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй, уд туджы кӕй ис, уый фӕрцы.

w14 15/11 10 ф., 10 абз.

Сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

10 Бакӕс Левит 17:10. Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй туг ма хордтаиккой, «цӕйфӕнды туг» ма уыдаид, уӕддӕр. Чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ сӕхи хизой тугӕй – фосы туг уа ӕви адӕймаджы (Хъуыд. 15:28, 29). Хуыцау нӕ ныхмӕ суа ӕмӕ нӕ йе ’мбырдӕй «фесафа», ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр нӕ зӕрдӕ баризы. Мах Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ нӕ йӕ коммӕ кӕсын фӕнды. Ӕмӕ нӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд дӕр, Йегъовӕйы чи нӕ зоны ӕмӕ йӕ закъӕттӕ нымады дӕр кӕмӕ не сты, уыдоны лӕгъстӕтӕ кӕнӕ ӕртхъирӕнтӕм нӕ хъусдзыстӕм. Мах зонӕм, тугӕй нӕхи кӕй хизӕм, уый тыххӕй нӕ чидӕртӕ ӕнӕзонд адӕм кӕй хондзысты. Фӕлӕ нӕ фидар фӕнд у Хуыцауы коммӕ кӕсын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ туг нӕдӕр хӕргӕ кӕнӕм, нӕдӕр ӕй нӕ буары уадзӕм (Иуд. 17, 18). Цымӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ууыл «фидар лӕууӕм»? (Дык. з. 12:23).

Библийӕ бакӕсинаг

(Левит 16:1–17) Аароны дыууӕ фырты Йегъовӕйы размӕ куы ’рбацыдысты ӕмӕ куы амардысты, уый фӕстӕ Йегъовӕ дзырдта Моисеимӕ. 2 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн зӕгъ, Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ, ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ, бадзырды чырыны сӕры размӕ йын кӕдфӕнды кӕй нӕй цӕуӕн, цӕмӕй ма амӕла, уымӕн ӕмӕ-иу ӕз мигъы мидӕг фӕзындзынӕн чырыны сӕрӕн йӕ сӕрмӕ. 3 Аарон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ бацӕуыны размӕ хъуамӕ нывондӕн ӕрхӕсса уӕныг тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕмӕ фыр – судзинаг нывондӕн. 4 Хъуамӕ йӕ уӕлӕ скӕна кӕттаг даргъ хӕдон, йӕ уӕлӕ хъуамӕ уа кӕттаг мидӕггаг хӕлаф, хъуамӕ йӕ астӕуыл ӕрбабӕтта кӕттаг рон ӕмӕ йӕ сӕрыл ӕркӕна кӕттаг сарыхъ. Уыдон сты сӕрмагонд дарӕс. Хъуамӕ йӕхи ныннайа ӕмӕ сӕ афтӕмӕй скӕна йӕ уӕлӕ. 5 Хъуамӕ Израилы фырттӕй райса дыууӕ нӕл сӕныччы тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕмӕ иу фыр судзинаг нывондӕн. 6 Аарон ӕрбакӕндзӕн, йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй чи уа, уыцы уӕныджы, ӕмӕ йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. 7 Уый фӕстӕ ракӕндзӕн дыууӕ сӕгъы ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз ӕмбырды цатыры бахизӕны цур ӕрлӕууын кӕндзӕн. 8 Ӕмӕ Аарон уыцы дыууӕ сӕгъыл хӕлттӕ сӕппардзӕн: иу – Йегъовӕйы тыххӕй, иннӕ та – азазелы тыххӕй. 9 Ӕмӕ, Йегъовӕйы хал кӕуыл схауа, уыцы сӕгъы акӕндзӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕрхӕсдзӕн. 10 Азазелы хал цы сӕгъыл схауа, уый та тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй удӕгасӕй ӕрлӕууын кӕндзӕн Йегъовӕйы раз ӕмӕ йӕ ауадздзӕн ӕдзӕрӕг быдырмӕ азазелы тыххӕй. 11 Уӕдӕ Аарон ӕрбакӕндзӕн, йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй чи уа, уыцы уӕныджы, цӕмӕй йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна. Ӕмӕ уыцы уӕныджы аргӕвддзӕн. 12 Уый фӕстӕ райсдзӕн зынгхӕссӕн, хъуамӕ йӕ тӕккӕ дзаг уа, Йегъовӕйы раз цы нывондхӕссӕн ис, уырдыгӕй ист судзгӕ зынгтӕй, стӕй дыууӕ армыдзаг лыстӕгмур хӕрздӕф буд ӕмӕ сӕ бахӕсдзӕн ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ. 13 Буд ӕрӕвӕрдзӕн судзгӕ зынгтыл Йегъовӕйы раз, ӕмӕ буды фӕздӕг бамбӕрздзӕн бадзырды чырыны сӕр, цӕмӕй ма амӕла. 14 Стӕй уӕныджы тугӕй райсдзӕн, йе ’нгуылдз дзы атулдзӕн ӕмӕ дзы чырыны сӕры раз скӕсӕнырдыгӕй бапырх кӕндзӕн. Чырыны сӕры раз тугӕй бапырх кӕндзӕн авд хатты. 15 Уый фӕстӕ аргӕвддзӕн, адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй чи уа, уыцы сӕгъы, ӕмӕ йын йӕ туг бахӕсдзӕн ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ. Ӕмӕ уыцы тугӕн дӕр бакӕндзӕн, уӕныджы тугӕн куыд бакодта, афтӕ: бапырх дзы кӕндзӕн чырыны сӕры раз. 16 Ӕмӕ Аарон ссыгъдӕг кӕндзӕн Ӕппӕты сыгъдӕг бынат, цӕмӕй уыцы бынат ма фӕчъизи уа Израилы фыртты чъизитӕй, сӕ фыдракӕндтӕй ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕй. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ бакӕна ӕмбырды цатырӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ уый ис Израилы фыртты ’хсӕн, сыгъдӕг чи нӕу, уыдоны ’хсӕн. 17 Аарон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ тӕригъӕдтӕ сыгъдӕг кӕнынмӕ куы бацӕуа, уӕд ӕмбырды цатыры иу адӕймаг дӕр хъуамӕ ма уа, ӕмӕ цалынмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕуа, уӕдмӕ дӕр дзы хъуамӕ мачи уа. Ӕмӕ йӕхи дӕр, йӕ хӕдзаронты дӕр ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын