-
Кӕсджыты фарстатӕХъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2016 | мартъи
-
-
Фыццаджыдӕр зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йезекил цы стджытӕ федта, уыдон уыдысты «тынг хус» (Йез. 37:2, 11). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кӕй стджытӕ уыдысты, уыцы адӕм тынг раджы амардысты. Дыккаджы та уый, ӕмӕ уыцы мӕрдтӕ ӕвиппайды нӕ, фӕлӕ сабыргай раздӕхтысты цардмӕ. Йезекилмӕ «райхъуыст цыдӕр уынӕр, гыбар-гыбур, ӕмӕ стджытӕ кӕрӕдзиимӕ, иу стӕг иннӕимӕ, иу кӕнын райдыдтой». Стӕй Йезекил загъта: «Ӕмӕ дын сыл нуӕрттӕ ӕмӕ фыд куы фӕзынид, стӕй сыл царм дӕр куы рацӕуид». Уый фӕстӕ сӕ «бацыд улӕфт, ӕмӕ райгас сты». Ӕппынфӕстаг, чи райгас, уыцы адӕмы Йегъовӕ сӕ бӕстӕйы ӕрцӕрын кодта. Ӕппӕт уыдӕттӕн хъуыди рӕстӕг (Йез. 37:7–10, 14).
-
-
Кӕсджыты фарстатӕХъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2016 | мартъи
-
-
Уый фӕстӕ, 1870 азмӕ ӕввахс, Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ райдыдтой Библийы рӕстдзинад иртасын. Ӕмӕ уый абарӕн ис, цӕстылуайӕны стджытыл фыд ӕмӕ царм зайын куыд райдыдта, уыимӕ. Журнал «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ ӕндӕр публикациты фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн ӕххуыс кодтой. Фӕстӕдӕр, 1914 азы, рауагътой «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» ӕмӕ 1917 азы та – чиныг «Сусӕгдзинад раргом», цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмы уырнындзинад бафидар кодтаиккой. Ӕппынфӕстаг, 1919 азы, Хуыцауы адӕмӕн, зӕгъӕн ис, ӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыд цард ӕмӕ ног бӕстӕ. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд сӕрст чырыстӕттӕм ӕрбаиу сты, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон ӕмӕ иумӕ систы «тынг стыр ӕфсад» (Йез. 37:10; Зах. 8:20–23)b.
-