Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йегъовӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 июнь
    • 9 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты рагӕй фӕстӕмӕ фӕндыд бамбарын, гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ кӕмӕ амонынц, уый. Данелы 2:41 фыст ис, ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыг кӕй сты иу «паддзахад», бирӕ паддзахӕдтӕ нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ ӕлыг амоны, Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йӕхимидӕг цы ис ӕмӕ йӕ Ромы дунеон паддзахадӕй, сыгъдӕг ӕфсӕйнагӕй чи уыд, уымӕй, лӕмӕгъдӕр цы кӕны, уымӕ. Данелы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, ӕлыг амоны «адӕймаджы байзӕддӕгтӕм», кӕнӕ хуымӕтӕг адӕммӕ (Дан. 2:43). Англо-Америкаг дунеон паддзахады цӕрӕг адӕм тох кодтой адӕймаджы бартыл, кусджыты бартыл ӕмӕ сӕрибардзинадыл. Уӕдӕ хуымӕтӕг адӕмы тыххӕй Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йӕ бон нӕу ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидарӕй архайын. Стӕй ма, хицауад куыд хъуамӕ архайа, уый фӕдыл дӕр адӕммӕ ис алыхуызон хъуыдытӕ. Ӕмӕ кӕд зындгонд политиктӕй исчи ӕвзӕрстыты рамбулы, уӕддӕр иннӕтӕй бирӕ фылдӕр хъӕлӕстӕ нӕ райсы, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ уыйбӕрц бартӕ нӕ вӕййы, цӕмӕй, цы фӕнд кодта, уыдӕттӕ иууылдӕр сараза. Данел загъта: «Уыцы паддзахад уыдзӕн кӕм фидар, кӕм та – лӕмӕгъ» (Дан. 2:42; 2 Тим. 3:1–3).

  • Йегъовӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 июнь
    • 11 Цымӕ гуымирыйӕн йӕ къӕхты ӕнгуылдзты нымӕц истӕмӕ амоны? Данел иннӕ цӕстылуайӕнты тыххӕй куы фыста, уӕд ракодта бӕлвырд нымӕцты кой, зӕгъӕм, загъта, цы сырдты федта, уыдонӕн цал сыкъайы уыд. Ӕмӕ уыцы нымӕцтӕ уыдысты ахсджиаг. Фӕлӕ ӕнахуыр стыр гуымирыйы кой кӕнгӕйӕ Данел нӕ загъта, гуымирыйӕн йӕ къӕхты ӕнгуылдзтӕ цал уыдысты, уый. Уӕдӕ сӕ нымӕц ахсджиаг нӕу, гуымирыйӕн йӕ цӕнгтӕ, йӕ къухтӕ, йӕ къухты ӕнгуылдзтӕ, стӕй йӕ къӕхтӕ цал уыдысты, уый куыд нӕу ахсджиаг, афтӕ. Фӕлӕ Данел бӕлвырдӕй загъта, гуымирыйы къӕхты ӕнгуылдзтӕ ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыгӕй конд кӕй уыдысты. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй, гуымирыйӕн фадхъултӕй дӕлӕмӕ цы хай уыд, ууыл «дур», ома Хуыцауы Паддзахад, куы сӕмбӕла, уӕд дунеон паддзахад уыдзӕн Англо-Америкаг паддзахад (Дан. 2:45).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын