-
Иннӕтӕм Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 апрель
-
-
7. Ионӕ Иегъовӕйы ныхас Израилы цы уавӕрты хъусын кодта ӕмӕ йӕм, уый хынцгӕйӕ, цы зӕрдӕ дарыс?
7 Ионӕ Израилы уазалзӕрдӕ адӕмы ’хсӕн бирӕ кӕй фӕфыдӕбон кодта, уый гыццыл хъуыддаг нӕ уыд. Ионӕйы ӕмдугон пехуымпар Амос куыд фыссы, афтӕмӕй израилӕгтӕ уыдысты хъал, хъӕздыг цард уарзагb. Бӕстӕ фыддзинадӕй байдзаг, фӕлӕ израилӕгтӕм уый нымады дӕр нӕ уыд (Амос 3:13—15; 4:4; 6:4—6). Ахӕм уавӕры дӕр Ионӕ нӕ фӕкъуыхцы. Уый уӕддӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрд — хъусын кодта Хуыцауы ныхас. Кӕд ды дӕр хорз хабар хъусын кӕныс, уӕд ӕй зондзынӕ, ӕнӕмӕт ӕмӕ уазалзӕрдӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын куыд зын у. Раст у, Ионӕ бынтон ӕнаипп нӕ уыд, фӕлӕ нӕ хъуамӕ ма рох кӕна, мӕнгард, ӕнӕхуыцау израилӕгтӕн хъусынгӕнгӕйӕ куыд иузӕрдион ӕмӕ куыд фидар разынд, уый.
-
-
Иннӕтӕм Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 апрель
-
-
b Паддзах Иеровоам II цалдӕр стыр бӕстӕйы кӕй басаста ӕмӕ Израилы раздӕры зӕххытӕ фӕстӕмӕ йӕ къухы кӕй бафтыдысты, стӕй уыцы бӕстӕтӕй, ӕвӕццӕгӕн, хъалон кӕй иста, уымӕй схъӕздыг цӕгат паддзахад (2 Паддзахӕдты 8:6; 4 Паддзахӕдты 14:23—28; 2 Паралипоменон 8:3, 4; Амос 6:2).
-