-
Ахуыр кодта йӕхи рӕдыдтытылХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 1 апрель
-
-
Фӕлӕ мӕнӕ диссаг! Цыдӕр ӕм ӕрбаленк кӕны – стыр, сау ӕндӕрг. Йӕ цурмӕ ӕрбаввахс, йе стыр дзых бакодта ӕмӕ йӕ аныхъуырдта!
Ууыл хъуамӕ хъуыддаг ахицӕн уыдаид. Фӕлӕ диссаг, Ионӕ удӕгасӕй баззад! Нӕдӕр цъӕлтӕ ныцци, нӕдӕр уыцы цӕрӕгойы гуыбыны тайын райдыдта, нӕдӕр дзы хуыдуг фӕци. Удӕгасӕй баззад, кӕд кӕсаджы мидӕг йӕ мӕлӕт хъуамӕ ссардтаид, уӕддӕр. Ӕмӕ Ионӕ бамбӕрста, Хуыцауы фӕрцы кӕй аирвӕзт. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Йегъовӕ Хуыцау «афтӕ кӕй бакодта, ӕмӕ Ионӕйы стыр кӕсаг аныхъуырдта»c (Ионӕ 1:17).
Рӕстӕг цыдис. Ионӕ ахӕм саудалынг бынат йӕ царды никуы федта, ӕмӕ райдыдта хъуыдытӕ кӕнын ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ кувын. Йӕ куывды ныхӕстӕ фыст сты йӕ чиныджы дыккаг сӕры ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис йӕхи тыххӕй. Бӕрӕг у, Фыстад хорз кӕй зыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ чиныджы Псаломтӕй бирӕ хъуыдытӕ ис фыст. Стӕй ма йӕ куывдӕй бӕрӕг у, хорздзинадӕн кӕй аргъ кодта, уый дӕр. Фӕстагмӕ загъта: «Ӕз та бузныджы ныхӕстимӕ дӕуӕн нывонд ӕрхӕсдзынӕн, ӕмӕ цы дзырд радтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн. Йегъовӕйӕ у ирвӕзындзинад» (Ионӕ 2:9, 10).
Ионӕ йӕхицӕй зыдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕйфӕнды дӕр, кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр фервӕзын кӕна. Суанг кӕсаджы гуыбыны дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы федта ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта (Ионӕ 1:17). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй стыр кӕсаджы гуыбыны ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы адӕймаг удӕгасӕй баззадаид. Хорз уаид, абон дӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, Йегъовӕ Хуыцауы къухы кӕй ис «нӕ улӕфт» (Данел 5:23). Улӕфгӕ дӕр ӕмӕ цӕргӕ дӕр уый фӕрцы кӕнӕм. Уый тыххӕй дзы бузныг стӕм? Уӕдӕ йӕ коммӕ хъуамӕ ма кӕсӕм?
Цымӕ Ионӕ Йегъовӕйы хорздзинадӕн аргъ кӕнын сахуыр ӕмӕ йӕ коммӕ бакаст? О. Ионӕ цы кӕсаджы хуылфы уыд, уый ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы фӕстӕ былгӕронмӕ баленк кодта ӕмӕ йӕ зӕхмӕ раппӕрста (Ионӕ 2:10). Ахъуыды-ма кӕн: ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ Ионӕйы ленк кӕнын дӕр нӕ бахъуыд! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕм ис ӕмӕ йӕ кӕцырдӕм цӕуын хъӕуы, уый йӕхӕдӕг хъуамӕ базыдтаид. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы хъуамӕ равдыстаид, Йегъовӕйӕ бузныг уыд ӕви нӕ, уый. Ионӕ 3:1, 2 фыст ис: «Уый фӕстӕ Йегъовӕ Ионӕйӕн дыккаг хатт загъта: „Сыст ӕмӕ ацу стыр горӕт Ниневимӕ, ӕмӕ дын цы зӕгъон, уый сын фехъусын кӕн“». Цымӕ Ионӕ куыд бакодта?
-
-
Ахуыр кодта йӕхи рӕдыдтытылХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 1 апрель
-
-
c Рагон дзуттаг дзырд «кӕсаг» рагон грекъаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой «денджызы стыр цӕрӕгойӕ» кӕнӕ «стыр кӕсагӕй». Зын зӕгъӕн у, цавӕр цӕрӕгойы кой цӕуы, уый. Фӕлӕ Зӕххастӕуы денджызы цӕры, адӕймаджы ӕнӕхъӕнӕй чи аныхъуырдзӕн, ахӕм стыр акулӕтӕ. Ӕндӕр денджызты та цӕры ноджы стырдӕр акулӕтӕ. Зӕгъӕм, китовая акулӕйӕн йӕ дӕргъ вӕййы 15 метры кӕнӕ уымӕй даргъдӕр!
-
-
Ахуыр кодта йӕхи рӕдыдтытылХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 1 апрель
-
-
Хуыцау кӕй нӕ саразы, ахӕм диссӕгтӕ дӕр иуӕй-иухатт вӕййы. Зӕгъӕм, 1758 азы дам, Зӕххастӕуы денджызы иу науӕй адӕймаг рахауд ӕмӕ йӕ акулӕ аныхъуырдта. Фӕлӕ акулӕйы сармадзанӕй фехстой. Цӕф акулӕ лӕджы фӕстӕмӕ раппӕрста ӕмӕ йӕ наумӕ удӕгасӕй систой. Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд нӕм ацы хабар тынг ӕнахуыр фӕкӕсдзӕн, фӕлӕ уӕддӕр уый диссаг нӕ уыд. Цымӕ Хуыцауӕн йӕ бон нӕ уыд уымӕй диссагдӕр хъуыддӕгтӕ саразын?
Дызӕрдыг чи кӕны, уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн, фӕхуыдуг уыдзӕн. Фӕлӕ адӕм сахуыр сты стыр балӕттӕ ӕлхъывд уӕлдӕфӕй йедзаг кӕнын ӕмӕ дзы стӕй доны бын бирӕ рӕстӕг улӕфын. Хуыцаумӕ та фылдӕр хъару ӕмӕ зонд ис. Ау, йӕ бон нӕ уыд, цӕмӕй Ионӕ ӕртӕ боны улӕфыдаид ӕмӕ цардаид? Иу хатт Йегъовӕйы зӕд Йесо Чырыстийы мад Марийӕйӕн загъта: «Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн» (Лукайы 1:37).
-