-
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ис фидар ныфсХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 сентябрь
-
-
19, 20. Иудейтӕй Иегъовӕ йӕ ныфсы мӕсыг кӕмӕн уыд, уыдон цы баисты?
19 Фӕлӕ йӕ ныфсы мӕсыг Иегъовӕ кӕмӕн у, уыдон нӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты. Иегъовӕ Авраам ӕмӕ Давидимӕ цы бадзырдтӕ скодта, уыдон нӕ халы, ӕмӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, Михейау Иегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ, йе ’мбӕстӕгтӕ Хуыцауы кӕй ферох кодтой, уыцы хъуыддагыл чи хъыг кӕны, уыдонӕн. Рӕстаг адӕмы тыххӕй Хуыцау афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ йӕ рӕстӕгыл йӕ адӕм фӕстӕмӕ сӕ фыдӕлты зӕххыл ӕрцӕрдзысты.
20 Уыцы хабар ӕрцыд н. э. агъоммӕ 537 азы, знӕгтӕ Вавилон куы ныппырх кодтой ӕмӕ иудейтӕй чи баззад, уыдон сӕ райгуырӕн бӕстӕм куы ӕрыздӕхтысты, уӕд. Уыцы аз фыццаг хатт сӕххӕст сты Михейы 2:12 ныхӕстӕ. Иегъовӕ загъта: «Иаков, ӕнӕхъӕнӕй дӕр дӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн; Израилӕй ма чи баззайа, уыдоны сӕмбырд кӕндзынӕн. Иумӕ сӕ бакӕндзынӕн, фысты кӕрты куыд бакӕнынц, дзуг та — уӕтӕры, афтӕ; уыцы бынатӕй бирӕ адӕмы дзолгъо-молгъо цӕудзӕн». Цӕй уарзӕгой Хуыцау у Иегъовӕ! Хуыцау йӕ адӕмы ӕфхӕрд куы фӕци, уӕд ма сӕ удӕгас чи уыд, уыдоны, сӕ рагфыдӕлтӕн цы зӕхх радта, уырдӕм ӕрыздӕхта ӕмӕ йын уым лӕггад кодтой.
-
-
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ис фидар ныфсХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 сентябрь
-
-
22. Хуыцауы Паддзахадыл цавӕр дыууӕ къорды дарынц сӕ ныфс?
22 1919 азы сыгъдӕг удӕй сӕрст иузӕрдион чырыстӕттӕ сӕхи бынтондӕр ссӕрибар кодтой чырыстон дунейӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнын райдыдтой (Матфейы 24:14). Раздӕр уал уыцы чырыстӕттӕ агуырдтой, сыгъдӕг удӕй гуырд израилӕгтӕй ма чи баззад, уыдоны. Уый фӕстӕ та — «ӕндӕр фысты», ӕмӕ уыдон сӕрстытимӕ систы «иу дзуг» «иу Фыййауимӕ» (Иоанны 10:16). Кӕд Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц 234 бӕстӕйы, уӕддӕр сты иугонд, ӕмвӕнд-ӕмзонд. Ныр дӕр, фыстӕ цы кӕрты сты, уырдыгӕй «бирӕ адӕмы» — нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты — «дзолгъо-молгъо цӕуы». Уыдон сӕ ныфс ацы дунейыл нӕ дарынц, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахадыл, зӕххыл Дзӕнӕт чи скӕндзӕн, уыцы Паддзахадыл.
-