Библийы 34 чиныг – Наум
Ныффыста йӕ: Наум
Кӕм ӕрцыд фыст: Иудӕйы
Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 632 азы размӕ
«ХЪУСИНАГ Ниневийы адӕмы бафхӕрыны тыххӕй» (Наум 1:1). Ахӕм карз ныхӕстӕй райдайы Наумы пехуымпарад. Цы йӕ сразӕнгард кодта сахары сӕфты тыххӕй хъусын кӕнынмӕ? Цы зонӕм рагон Ниневийы тыххӕй? Йӕ истори йын афыссӕн ис дыууӕ дзырдӕй: «Тугзӕйты сахар» (3:1). Рагон Ниневи кӕддӕр кӕй уыд, уый ма ныр зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Иракы цӕгатварс Мосулы горӕты ныхмӕ Тигры цӕугӕдоны скӕсӕнбылгӕрон цы дыууӕ обауы ис, ӕрмӕстдӕр уыдон. Уыцы фидар арӕзт сахар уыд систӕй ӕхгӕд ӕмӕ йӕ алыварс та цыдысты ӕрхытӕ, фӕстаг рӕстӕджыты Ассирийы паддзахадӕн уыд йӕ сӕйраг сахар. Фӕлӕ Ниневийӕн бындур ӕрӕвӕрдтой Нимроды заманы, уый та уыд «тыхджын цуанон, Йегъовӕйы ныхмӕ. [...] Уый ӕрцыд Ассиримӕ ӕмӕ сарӕзта Ниневи» (Райд. 10:9–11). Ниневи куыд фӕзынд, уый дӕр хӕрзтӕй нӕ уыд. Уӕлдай тынгдӕр йӕ тыхы бацыд паддзӕхтӕ Саргон, Сеннахирим, Асархаддон ӕмӕ Ашурбанипалы рӕстӕджы – иудзырдӕй, Ассирийы паддзахады фӕстаг заманты. Схъӕздыг хӕстыты руаджы, ӕмӕ йӕ дунейы базыдтой, йӕ паддзӕхтӕ уацайрӕгты ӕгъатырӕй кӕй мардтой, уымӕйa. Мӕнӕ цы фыссы уый тыххӕй К. В. Керам йӕ чиныджы: «Ниневи сӕйраджыдӕр уымӕн нӕ ферох, ӕмӕ йӕ номимӕ баст сты лӕгмард, стъигъын, ӕфхӕрд, тыхми, хӕстытӕ ӕмӕ алыхуызон ӕвирхъау хабӕрттӕ, стӕй ма йӕ паддзӕхтӕ кӕрӕдзи куыд ивтой, уыдӕттӕ дӕр. Уыдон-иу сӕ бынӕтты баззадысты тыхмийы руаджы, ӕмӕ дзы стӕмтӕ амард йӕхи мӕлӕтӕй,– ӕниу сын-иу сӕ бынат сӕхицӕй фыддӕртӕ бацахстой»b.
2 Ниневийы цӕрджытӕ цавӕр диныл хӕст уыдысты? Уыдон куывтой тынг бирӕ хуыцӕуттӕн, сӕ фылдӕр уыдысты Вавилонӕй. Ниневийы паддзӕхтӕ-иу адӕмы марынмӕ куы цыдысты, уӕд-иу скуывтой сӕ хуыцӕуттӕм. Кӕрӕф дзуарылӕгтӕ та-иу ӕфсады разӕнгард кодтой искӕмӕ бабырсынмӕ, цӕмӕй-иу сын се ’фтиагӕй фӕхай кодтаиккой. Уый тыххӕй иу чиныджы фыст ис: «Уыдонӕн сӕ хуыцау сӕ хъару уыд ӕмӕ куывтой ӕрмӕстдӕр дурӕй арӕзт егъау гуымирытӕм – домбӕйттӕ ӕмӕ галтӕм, се стыр къӕхтӕ, цӕргӕсы базыртӕ ӕмӕ адӕймаджы сӕртӕ ӕвдыстой тых, хъӕбатырдзинад ӕмӕ уӕлахиздзинад. Уыцы адӕмӕн сӕ сӕйраг куыст уыди, хӕстмӕ цӕуын ӕмӕ сӕ уымӕ та ардыдтой дзуарылӕгтӕ. Дзуарылӕгтӕ цардысты, адӕмӕй-иу цы байстой, уымӕй: цы хай сӕм ӕмбӕлд, уый-иу райстой, цалынмӕ-иу ӕй адӕмыл нӕ байуӕрстой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы стъигъджыты знӕм сӕ хуыцӕуттӕй тынг тарстысты»c.
3 Кӕд Наумы пехуымпарад цыбыр у, уӕддӕр тынг цымыдисаг у. Пехуымпары тыххӕй фыст ис фыццаг стихы: «Елкошитаг Наумы цӕстылуайӕнты чиныг». Йӕ ном (дзуттагау Нахум) нысан кӕны «Ныфсдӕттӕг». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Наумы хъусинаг ниневийӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауы адӕмӕн лӕвӕрдта ныфс, сӕ хӕстмондаг ӕмӕ тыхджын знагӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты. Ныфс ма сын лӕвӕрдта, Наум йӕ адӕмы тӕригъӕдты кой кӕй нӕ кодта, уый дӕр. Елкош кӕм уыд, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй Наум йӕ пехуымпарад ныффыста Иудӕйы (Наум 1:15). Ниневи ныппырх н. э. агъоммӕ 632 азы, Наум йӕ пехуымпарады уый тыххӕй куы загъта, уымӕй фӕстӕдӕр. Наум ацы цау абарста, уымӕй гыццыл раздӕр цы хабар ӕрцыд, уыимӕ: Но-Аммон (Фивӕ, Египет) пырхгонд кӕй ӕрцыд, уыимӕ (3:8). Уӕдӕ, Наум йӕ пехуымпарад ныффыстаид уыцы рӕстӕг.
4 Ацы чиныг куыд фыст у, уый иннӕтӕй хицӕн кӕны. Йӕ ныхас у комкоммӕ ӕмӕ бӕлвырд. Чиныг Хуыцауы сыгъдӕг удӕй фыст кӕй у, уый бӕрӕг у йӕ аив ӕвзагӕй ӕмӕ ӕцӕг хабӕрттӕй. Наум фыссы аив, зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕвзагӕй, пайда кӕны ирд фӕлгонцтӕ ӕмӕ рӕсугъд дзырдбӕстытӕй (1:2–8, 12–14; 2:4, 12; 3:1–5, 13–15, 18, 19). Фыццаг сӕрӕн йӕ фылдӕр хай, ӕвӕццӕгӕн, фыст у акростихӕй (1:8, НД, фиппаинаг). Наумы чиныг уыцы иу хабарыл кӕй дзуры, уый йӕ хъӕздыгдӕр кӕны. Пехуымпар Израилы фыдгулӕй уыны йе сӕфт. Наум зоны, Ниневи кӕй фесӕфдзӕн.
5 Наумы чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый бӕлвырд кӕны, йӕ пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст сты, уымӕй. Йегъовӕйы пехуымпары йедтӕмӕ, Наумы рӕстӕджы чи бахастаид йӕ ныфс зӕгъын, Ассирийы дунеон паддзахады сӕрбӕрзонд сӕйраг сахары «цӕугӕндоны кулдуӕрттӕ» (НД) кӕй «байгом уыдзысты», йӕ галуан ын кӕй ныппырх кӕндзысты, ӕмӕ кӕй «сафтид ӕмӕ ныггаффут» уыдзӕн? (2:6–10). Цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон ӕвдисынц, пехуымпарад ӕцӕгӕй кӕй уыд Хуыцауы фӕндӕй фыст. Ниневи мидиӕгтӕ ӕмӕ вавилойнӕгтӕ куыд бацахстой, уый тыххӕй фыст ис Вавилоны паддзах Набопаласары азгайфыстыты: «Сахар [фестын кодтой] пырхгӕндтӕ ӕмӕ (кӕлдтыты) цӕ[нд...]»d. Ниневи афтӕ ныппырх кодтой, ӕмӕ йӕ бынат бирӕ ӕнусты дӕргъы бӕрӕг дӕр нӕ уыд. Уый фӕдыл иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ худтысты Библийыл, зӕгъгӕ, дам, Ниневийӕн йӕ кой дӕр никуы уыд.
6 Наумы чиныджы хабӕрттӕ ӕцӕг кӕй сты, уый ма бӕлвырд кӕны, Ниневи цы ран уыд, уый кӕй ссардтой ӕмӕ йӕ 19 ӕнусы къахын кӕй райдыдтой, уый дӕр. Цӕмӕй сахар иууылдӕр ракъахтаиккой, уый тыххӕй бахъуыд скалын милуангай тонтӕ сыджыт. Цымӕ Ниневийы бынаты цы ссардтой? Наумы пехуымпарад раст кӕй у, уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ! Цӕвиттон, цы цыртдзӕвӕнтӕ ӕмӕ дзы цы фыстытӕ ссардтой, уыдоны дзырдӕуыд, сахары цы фыдхъуыддӕгтӕ цыд, уый тыххӕй. Ссардтой ма ноджыдӕр пырх цыртытӕ, уыдон уыдысты базырджын галтӕ ӕмӕ домбӕйтты сурӕттӕ. Уӕдӕ уымӕн хуыдта Наум сахар «домбӕйтты хуыкком»! (2:11)e.
7 Наумы чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн у, иудейтӕ ацы чиныг алкӕддӕр Сыгъдӕг Фыстадыл кӕй нымадтой, уый. Ацы чиныг Библийы иннӕ чингуытимӕ иу хабары кой кӕны. Пехуымпарад загъд у Йегъовӕйы номӕй ӕмӕ хорз ӕвдисы йӕ миниуджытӕ ӕмӕ йӕ хицаудзинады кад.
ЦЫ ПАЙДА У
11 Наумы пехуымпарады дзырд цӕуы Библийы цалдӕр сӕйраг уагӕвӕрдыл. Цӕстылуайӕны райдиан, Дӕс фӕдзӕхстӕй дыккаг Хуыцау цӕмӕн радта, уый зӕрдыл лӕууын кӕны: «Йегъовӕ домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион» (НД). Уый фӕстӕ дзуры, Хуыцау ӕнӕмӕнгдӕр «йӕ маст [кӕй] райсдзӕн йӕ ныхмӕлӕуджытӕй», (НД). Ассирийы йӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ йӕ мӕнг хуыцӕуттӕ нӕ фервӕзын кодтой Йегъовӕйы тӕрхонӕй. Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ йӕ рӕстӕджы афтӕ кӕй стӕрхон кӕндзӕн ӕвзӕр адӕмыл. «Йегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, фӕлӕ стыр у йӕ хъомыс, ӕмӕ Йегъовӕ ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн» (НД). Уӕдӕ хъомысджын Ассири кӕй фесӕфт, уымӕй кадджын кӕны Йегъовӕйы рӕстдзинад ӕмӕ хицаудзинад. Ниневи «сафтид и, ныггаффутт и!» (1:2, 3; 2:10).
12 Ниневи кӕд «мыггагыскъуыд фӕци», уӕд Иаков ӕмӕ Израилы тыххӕй та Наум зӕгъы, сӕ кад ӕмӕ сӕ намыс кӕй раздӕхдзӕн, ома сӕ къахыл кӕй слӕудзысты. Йегъовӕ ма йӕ адӕмӕн фехъусын кодта цины хабар: «Уӕлӕ хӕхтыл цины хабар хӕссӕджы, фарны фидиуӕджы къӕхтӕ» (НД). Ацы фарны хабар баст у Хуыцауы Паддзахадимӕ. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Уый бӕрӕг у, Исай дӕр кӕй пайда кӕны ахӕм ныхӕстӕй, ӕмӕ ма дзуры: «Хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй цины хабар чи хӕссы, ирвӕзындзинад чи хъусын кӕны, ӕмӕ Сионӕн чи дзуры: „Дӕ Хуыцау сси паддзах!“» (Наум 1:15; 2:2; Ис. 52:7). Иннӕрдыгӕй та апостол Павел йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм 10:15 ацы ныхӕстӕ загъта, Йегъовӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ кӕй ӕрвиты, уыцы чырыстӕттӕн. Уыдон хъусын кӕнынц «Паддзахады тыххӕй... хорз хабар» (Матф. 24:14). Наум, йӕ ном цы нысан кӕны, уымӕ гӕсгӕ, йӕ хабарӕй ныфс уадзы, Хуыцауы Паддзахад цы сабырдзинад ӕмӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕсдзӕн, уымӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны. Уыдон иууылдӕр бамбардзысты, Йегъовӕ кӕй у «хӕрзгӕнӕг... фыдӕхы бон [кӕй] суазӕг кӕны рыст уды, [кӕй] зоны, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдоны» (Наум 1:7).
[Фиппаинӕгтӕ]
a «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 201 ф., (англ.).
b «Боги, гробницы, ученые», К. В. Керам, Н. Новгород, 1994, 233 ф., (уыр.).
c Ancient Cities», 1886 аз, 25 ф., (англ.).
d «Ancient Near Eastern Texts», бацӕттӕ йӕ кодта Дж. Б. Притчард, 1974 аз, 305 ф., (дыууӕ хуызы къӕлӕттӕ дӕр сты уыдоны.–Ред.), (англ.); «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 958 ф., (англ.).
e «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 955 ф., (англ.).