Библийы 35 чиныг – Аввакум
Ныффыста йӕ: Аввакум
Кӕм ӕрцыд фыст: Иудӕйы
Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 628 азмӕ ӕв. (?)
АВВАКУМ у, Дзуттаг Фыстыты чысыл пехуымпартӕ кӕй хонынц, уыдонӕй иу. Фӕлӕ Аввакумы цӕстылуайӕн ӕмӕ, Хуыцауы номӕй цы дзырдта, уыдон Хуыцауы адӕм гыццыл хъуыддагыл нӕ нымадтой. Аввакумы пехуымпарад ныфс кӕй дӕтты ӕмӕ зӕрдӕ кӕй фидар кӕны, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны зын рӕстӕг. Чиныг ирдӕй ӕвдисы дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы: Йегъовӕ у Дунедарӕг Стыр Хуыцау ӕмӕ рӕстаг адӕймаг йӕ уырнындзинады фӕрцы цӕры. Ацы чиныг ма фӕдзӕхсы, Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи у ӕмӕ йӕхи цӕстмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг чи хоны, уыдоны. Стӕй ма дзуры, Йегъовӕйыл, кады зарджыты аккаг чи у, ууыл фидарӕй чи ӕууӕнды, ахӕм адӕймагыл.
2 Аввакумы чиныг райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Пехуымпар Аввакум цы цӕстылуайӕн федта, уый» (Авв. 1:1). Чи уыд Аввакум (дзуттагау Хаваккук), йӕ ном «Зӕрдиаг хъӕбыстӕ» кӕмӕн нысан кӕны, уый? Бӕлвырд нӕу, Аввакум кӕцӕй рацӕугӕ у ӕмӕ цы хӕдзарвӕндагӕй у, нӕдӕр йӕ царды ӕмӕ йӕ мӕлӕты хабар. Гӕнӕн ис, кувӕндоны левиттӕй цы музыканттӕ уыд, уыдонӕй уыд. Ахӕм хатдзӕг скӕнӕн ис, чиныджы кӕрон цы ныхӕстӕ ныффыста, уымӕй: «Зарджыты къорды хицаумӕ. Мӕ хъисфӕндыртыл».
3 Кӕд фехъусын кодта Аввакум йӕ пехуымпарад? Уӕлдӕр цы ныхӕстӕ бакастыстӕм ӕмӕ ныхӕстӕ «Йегъовӕ ис йӕ сыгъдӕг кувӕндоны», зӕгъгӕ, ӕвдисынц, уӕд ма Иерусалимы кувӕндон кӕй уыд, уый (2:20). Адӕттӕ ӕмӕ ма пехуымпарады цӕуыл цӕуы дзырд, уый дӕр ӕвдисынц, Аввакум йӕ пехуымпарад кӕй загъта, Иерусалим н. э. агъоммӕ 607 азы куы ныппырх кодтой, уымӕй гыццыл раздӕр. Цал азы размӕ? Ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауӕй чи тарст, уыцы паддзах Иосийы паддзахдзинады фӕстӕ (н. э. агъоммӕ 659–629 азтӕ). Пехуымпарадӕн йӕхи мидӕг ис дзуапп ацы фарстӕн: уым дзырд цӕуы, Иудӕйы адӕмӕн ӕй куы загътаиккой, уӕддӕр кӕуыл нӕ баууӕндыдаиккой, ахӕм ӕнахуыр хабарыл. Цавӕр хабар уыд? Хуыцау халдейтӕн (вавилойнӕгтӕн) сӕ зӕрдӕйы кӕй сӕвӕрдзӕн, цӕмӕй мӕнгард Иудӕйы бафхӕрой (1:5, 6). Ацы скъуыддзаг хауы, мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг паддзах Иоакимы паддзахдзинады райдианмӕ, уӕд Иудӕйы адӕм сӕ уырнындзинад фесӕфтой ӕмӕ рӕстдзинад нал уыд. Иоакимы паддзахӕй сӕвӕрдта фараон Нехао, паддзахад та йӕ дӕлбар бакодта Египет. Адӕм ахӕм уавӕры кӕй цардысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, Вавилон кӕй ӕрбабырсдзӕн, уый. Фӕлӕ н. э. агъоммӕ 625 азы Навуходоносор фараон Нехаойыл фӕуӕлахиз Кархемисы ӕмӕ афтӕмӕй Египетӕн йӕ хъару асаста. Пехуымпарад, ӕвӕццӕгӕн, фыст ӕрцыд уыцы хабӕртты размӕ. Уӕдӕ, ацы цаутӕ амонынц Иоакимы паддзахдзинады райдианмӕ (н. э. агъоммӕ 628 аз) ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Аввакум кӕй цард Йеремийы рӕстӕджы.
4 Аввакумы чиныг Хуыцауы сыгъдӕг удӕй фыст кӕй ӕрцыд, уый куыд ис базонӕн? Уый бӕлвырд кӕнынц Дзуттаг Фыстыты рагон каталогтӕ. Кӕд дзы чиныджы номы тыххӕй нӕ цӕуы дзырд, уӕддӕр уый, ӕвӕццӕгӕн, хаудта «дыууадӕс чысыл пехуымпары» каталогтӕм, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Аввакумы чиныгӕй сӕ нымӕц 12 нӕ уыдаид. Апостол Павел дӕр зыдта, ацы чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у ӕмӕ Аввакумы 1:5 куы сфӕлхат кодта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, «пехуымпартӕм загъд куыд ис» (Ап. хъ. 13:40, 42). Цалдӕр хатт йӕ фыстӕджыты ӕрхаста стихтӕ ацы чиныгӕй. Уӕдӕ Аввакум Иудӕ ӕмӕ Вавилоны тыххӕй цы загъта, уый кӕй сӕххӕст, уымӕй дӕр бӕрӕг у, кӕй уыд ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы пехуымпар, йӕ номӕй кӕмӕн дзырдта ӕмӕ кӕй кадджын кодта, уыцы Хуыцауы пехуымпар.
5 Аввакумы чиныджы ис ӕртӕ сӕры. Фыццаг дыууӕ сӕры Йегъовӕ ныхас кӕны йӕ пехуымпаримӕ. Дзырд ма дзы цӕуы, халдейтӕ куыд фидар сты ӕмӕ сӕм цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Вавилойнӕгтӕ схъӕздыг сты кӕйдӕр фӕллойӕ, сӕ хӕдзармӕ хӕссынц хӕрам ӕфтиаг, сӕ сахар тугӕй аразынц ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувынц. Ӕртыккаг сӕрӕн йӕ фылдӕр хай фыст у Йегъовӕйы стыр тохы боны тыххӕй, уым дзырд цӕуы йе стыр хъаруйыл, ӕмӕ фыст у ирд драматикон стилӕй. Ацы сӕр у куывд, фыст у хъарӕджы хуызы ӕмӕ йӕ схуыдтой «ӕгас дзуттаг поэзийы ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр»a.
ЦЫ ПАЙДА У
12 Аввакумы чиныг ахуыр кӕнынӕн стыр пайда кӕй у, уый ӕмбӕрста апостол Павел ӕмӕ ӕртӕ хатты алыхуызон уавӕрты ӕрхаста чиныджы 2 сӕрӕй 4 стих. Павел куы бамбарын кодта, Хуыцау хорз хабары фӕрцы кӕй ирвӕзын кӕны, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоны, уӕд Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста: «Уымӕн ӕмӕ, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон уынынц, Хуыцауы рӕстдзинад хорз хабары фӕрцы кӕй раргом... Фыст дӕр афтӕ у: „Рӕстгӕнӕг та цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы“». Адӕймаг арфӕдзинӕдтӕ уырнындзинады руаджы кӕй райсы, уый ӕмбарынгӕнгӕйӕ Павел галатӕгтӕм ныффыста: «Закъонӕй та кӕй ничи сраст уыдзӕн Хуыцауы раз, уый бӕлвырд у, уымӕн ӕмӕ „рӕстгӕнӕг уырнындзинадӕй ӕгас уыдзӕн“». Павел ма йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм ныффыста, зӕгъӕ, рӕстаг лӕггадгӕнӕг цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы, ӕмӕ та адон дӕр сты, Йегъовӕ Аввакумӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. Аввакумы ныхӕстӕй Павел ӕрмӕст адон нӕ дзуры, зӕгъгӕ, «рӕстгӕнӕг цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы», фӕлӕ ма пайда кӕны грекъаг Септуагинтӕйӕ пехуымпары иннӕ ныхӕстӕй дӕр: «Куы фӕтӕрса ӕмӕ мӕ куы ныууадза, уӕд мӕ удӕн адджын нал уыдзӕн». Стӕй ма загъта: «Фӕлӕ нӕм ис уырнындзинад, цӕмӕй нӕ цард бахъахъхъӕнӕм» (Ром. 1:17; Гал. 3:11; Дзут. 10:38, 39).
13 Аввакумы чиныг уӕлдай ахсджиагдӕр у, абон чырыстӕттӕй фылдӕр хъарутӕ кӕй хъӕуы, уыдонӕн. Ахуыр нӕ кӕны, Хуыцауыл ныфс ӕвӕрын куыд хъӕуы, ууыл. Ахсджиаг ма уымӕн у, ӕмӕ адӕмӕн хъусын кӕны Хуыцауы тӕрхӕттӕ. Ис дзы ахсджиаг зондзонӕн: Хуыцау йӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕныныл тагъд нӕ кӕны, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды раст нӕу; уыдон «ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты» (Авв. 2: 3). Растдӕр афтӕ сӕххӕст, Вавилон Иудӕйы кӕй ныппырх кӕндзӕн, уый тыххӕй пехуымпарад, ӕмӕ загъд куыд уыд, афтӕ Вавилонӕн йӕхи та бацахстой мидийӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ н. э. агъоммӕ 539 азы. Куыд ахсджиаг у Хуыцауы ныхӕстыл ӕууӕндын! Павел йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕн, уӕ уырнындзинад хъахъхъӕнут, зӕгъгӕ, куы дзырдта, уӕд ӕнӕмӕнг хъуыддагыл банымадта Аввакумы ныхӕстӕ зӕгъын: «Уӕдӕ уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ ма баййафа, Пехуымпарты чингуыты цы фыст ис, уый: „Акӕсут, ӕнӕрвӕссонтӕ, бадис кӕнут ӕмӕ фесӕфут, уымӕн ӕмӕ уӕ рӕстӕджы ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын уый тыххӕй исчи лыстӕг хабӕртты онг куы радзурид, уӕддӕр уӕ нӕ бауырнид“» (Ап. хъ. 13:40, 41; Авв. 1:5, LXX). Уырнындзинад кӕмӕн нӕ фаг кодта, уыцы дзуттӕгтӕ Йесойы фӕдзӕхстыл, Иерусалимӕй дур дурыл нал баззайдзӕн, зӕгъгӕ, куыд нӕ баууӕндыдысты, раст афтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой Павелы ныхӕстӕ дӕр. Уый тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, Ромы ӕфсад н. э. 70 азы Иерусалим куы ныппырх кодта, уӕд (Лук. 19:41–44).
14 Раст афтӕ абон дӕр Аввакумы пехуымпарад, ацы фыддунейы цы чырыстӕттӕ цӕры, уыдоны разӕнгард кӕны сӕ уырнындзинад фидар кӕнынмӕ. Уый фӕрцы адӕмы ахуыр кӕнынц ӕмӕ дзуапп дӕттынц, алкӕйдӕр чи цымыдис кӕны, уыцы фарстайӕн: «Хуыцау фыдгӕнджыты бафхӕрдзӕн?» Иу хатт ма ӕркӕс пехуымпарадмӕ: «Ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕс, ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Авв. 2: 3). Зӕххыл цыфӕнды змӕстытӕ ма цӕуа, уӕддӕр, Хуыцауы Паддзахады бындартӕй ма чи баззад, уыдон сӕ зӕрдыл дарынц Аввакумы ныхӕстӕ, раджы заманты Йегъовӕ йӕ маст куыд иста, уый тыххӕй: «Ды рацыдтӕ дӕ адӕмы фервӕзын кӕнынмӕ, дӕ сӕрсты бахъахъхъӕнынмӕ» (3:13). Йегъовӕ сын ӕцӕгӕйдӕр рагӕй фӕстӕмӕ дӕр у «Сыгъдӕг» ӕмӕ сӕ «Хох». Хуыцау бафхӕрдзӕн фыдгӕнджыты ӕмӕ ратдзӕн цард, кӕй уарзы, уыдонӕн. Чидӕриддӕр рӕстдзинад уарзы, уыдон цин кӕнынц йӕ Паддзахад ӕмӕ йӕ хицаудзинадыл: «Ӕз Йегъовӕмӕ ардзынӕн циндзинад, цин кӕндзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл. Дунескӕнӕг Хуыцау Йегъовӕ у ме стыр тых» (1:12; 3:18, 19).
[Фиппаинаг]
a The Book of the Twelve Minor Prophets», Э. Хендерсон, 1868 аз, 285 ф., (англ.).