Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi07 25–26 фф.
  • Библийы 36 чиныг – Софони

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 36 чиныг – Софони
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
bsi07 25–26 фф.

Библийы 36 чиныг – Софони

Ныффыста йӕ: Софони

Кӕм ӕрцыд фыст: Иудӕйы

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 648 азы размӕ

ИУДӔЙЫ паддзах Иоси куы сси (н. э. агъоммӕ 659–629 азтӕ), ӕмӕ Ваалӕн алы рӕтты кувын куы райдыдтой, «ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы дзуарылӕгты» разамындӕй, уӕд пехуымпар Софонийы хабар Иерусалимы цӕрджыты тас куыннӕ бауагътаид. Кӕд Софони уыд паддзах Езекийы байзӕддаг, Иудӕйы паддзахы хӕдзарвӕндагӕй, уӕддӕр йӕ адӕмы фаудта се ’нӕуаг царды тыххӕй (Соф. 1:1, 4). Уый хъусын кодта сӕфты хабар. Хуыцауы адӕм ӕгоммӕгӕс систы. Ӕрмӕстдӕр сӕ Йегъовӕйы бон уыд йӕхимӕ раздахын ӕмӕ сын раарфӕ кӕнын, цӕмӕй йын «зӕххыл ӕппӕт адӕмты ’хсӕн дӕр кадджын ӕмӕ номдзыд адӕмау» лӕггад кодтаиккой (3:20). Софони загъта, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы кӕй ис «йӕ масты бон» бамбӕхсӕн (2:3). Куыд тынг ыл фидауы йӕ ном Цефанйагъу (дзуттагау), уый нысан кӕны «Йегъовӕ бамбӕхста [бахъахъхъӕдта]»!

2 Софонийӕн бирӕ бантыст йӕ лӕггады. Иоси паддзах сси 8-аздзыдӕй ӕмӕ 12 аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд «райдыдта Иудӕ ӕмӕ Иерусалим сыгъдӕг кӕнын». Мӕнг дины уидаг бындзарӕй сыскъуыдта, сцалцӕг кодта «Йегъовӕйы хӕдзар», ӕмӕ та фӕстӕмӕ сфидар кодта Куадзӕны бӕрӕгбон (2 Пар. 34, 35 сӕртӕ). Паддзах Иоси цы ивддзинӕдтӕ скодта, уыдон уыдысты рӕстӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ йе ’ртӕ фырты ӕмӕ йӕ фырты фырттӕй иу, арӕзтой «Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕрдзинад» (2 Пар. 3:1–12). Софонийы ныхӕстӕ иууылдӕр сӕххӕст сты: «Ӕз ме ’ргом раздахдзынӕн кънйӕзтӕм, паддзахы фырттӕм, ӕмӕ... сӕ хицӕутты хӕдзар тыхми ӕмӕ мӕнгдзинадӕй чи дзаг кӕны, уыдонӕн сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзынӕн» (Соф. 1:8, 9).

3 Уӕлдӕр цӕуыл дзырдтам, уымӕй бӕрӕг у, «Йегъовӕ [кӕй] дзырдта Софонимӕ», ӕвӕццӕгӕн, н. э. агъоммӕ 648 азы размӕ, кӕнӕ Иоси 12-ӕм аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд. Софони Иудӕйы кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй ӕрмӕст фыццаг стихы нӕ кӕсӕм. Софонийы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Иудӕйы кӕй цард ӕмӕ рагӕй дӕр хорз кӕй зыдта Иерусалим ӕмӕ йе ’гъдӕуттӕ. Чиныджы цы хабар ис, уый у карз дӕр ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн дӕр. Уым сӕйраджыдӕр дзырдӕуы, тагъд чи ӕрхӕстӕг кӕны, уыцы тӕссаг боныл, ӕмӕ Йегъовӕ удӕгасӕй кӕй ныууадздзӕн, йӕ «номы... ӕмбӕхсӕн» чи агуры, уыцы сӕрныллӕг адӕмы (1:1, 7–18; 3:12).

4 Софонийы чиныджы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст кӕй ис, ууыл дызӕрдыг кӕнӕн нӕй. Иерусалим ныппырх кодтой н. э. агъоммӕ 607 азы, Софони уый тыххӕй куы загъта, уымӕй 40 азӕй фылдӕры фӕстӕ. Уый ӕрмӕст истори нӕ бӕлвырд кӕны, фӕлӕ ма Библи дӕр дзуры, хабӕрттӕ, Софони куыд загъта, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй рауадысты. Къорд азты фӕстӕ, Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд Йереми ныффыста «Хъарджыты чиныг». Уый ныффыста, йӕхи цӕстӕй цы ӕбуалгъ хъуыддӕгтӕ федта, уыдон. Чиныджы иуӕй-иу скъуыддзӕгтӕ абаргӕйӕ бӕрӕг у, Софони цы хъусын кодта, уый ӕцӕгӕйдӕр кӕй у «Хуыцауы комытӕфӕй» фыст. Софони фӕдзӕхсы, ӕрфӕсмон кӕнут, «цалынмӕ уӕ Йегъовӕйы масты цӕхӕр нӕ басыгъта», зӕгъгӕ, Йереми та уыцы хабӕртты тыххӕй фыссы, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы «масты азарӕй... сирвӕзт арт» (Соф. 2:2; Йер. хъ. 4:11). Софони дзуры, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы «азар баййафдзӕн ӕппӕт адӕмы дӕр ӕмӕ куырмытау рахау-бахау кӕндзысты... Сӕ туг цъыфау лӕсӕнтӕ кӕндзӕн» (Соф. 1:17). Йереми та ацы хабӕртты тыххӕй дзуры, цыма ныридӕгӕн ӕрцыдысты, афтӕ: «Уынгты куырмытау хаттысты, сӕ къухтӕ ӕвдылд уыдысты [туджы]» (Йер. хъ. 4:14; абар ма Софони 1:13 ӕмӕ Йеремийы хъарӕг 5:2; Софони 2:8, 10 ӕмӕ Йеремийы хъарӕг 1:9, 16 ӕмӕ Хър 3:61).

5 Уымӕй уӕлдай, историмӕ гӕсгӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг паддзахӕдтӕ Моав, Аммон ӕмӕ Ассири йӕ сӕйраг сахар Ниневиимӕ, Хуыцау куыд загъта Софонийы уылты, афтӕ сӕфт ӕрцыдысты. Раст пехуымпар Наум куыд загъта, зӕгъгӕ, Ниневи бабын уыдзӕн (Наум 1:1; 2:10), афтӕ Софони дӕр фехъусын кодта, Йегъовӕ «Ниневи [кӕй] фестын кӕндзӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ» (Соф. 2:13). Сахар афтӕ ныппырх кодтой, ӕмӕ иу-200 азы фӕстӕ историк Геродот ныффыста, Тигр кӕй уыд «цӕугӕдон... кӕцыйыл лӕууыд Нины [Ниневийы] сахар»a. Н. э. 150 азмӕ ӕввахс грекъаг фыссӕг Лукиан фыста, «фӕд дӕр дзы нал баззад», зӕгъгӕb. Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм бӕрӕгуаты дзырдӕуы, зӕгъгӕ, цы ӕфсӕдтӕ бабырстой «уыдонӕн тынг феххуыс, Тигр кӕй раивылд ӕмӕ сахары сисӕн йӕ фылдӕр хай йӕ разӕй кӕй ахаста, уый; афтӕмӕй уыцы бынатмӕ уыд ӕнцонтӕй бахизӕн. [...] Сахар афтӕ ныппырх, ӕмӕ Грецийы ӕмӕ Ромы заман Ниневи ӕцӕгдӕр уыд, уый аргъауӕй уӕлдай нӕ уыд. Ныр дӕр сахарӕн йӕ иу хай ис сыджыты бын». Уыцы чиныджы ма кӕсӕм, пехуымпарады куыд уыд загъд, афтӕ Моав дӕр кӕй бабын кодтой: «Навуходоносор моавитӕгты басаста»c. Иосиф Флавий ма фыссы Аммон кӕй басастой, уый тыххӕй дӕрd. Абон Моав ӕмӕ Аммонӕн сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр нал ис.

6 Софонийы чиныг дзуттӕгтӕ кӕддӕриддӕр нымадтой Сыгъдӕг Фыстады хайыл. Йегъовӕйы номӕй цы уыд загъд, уыдон сӕххӕст сты, ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый сбӕлвырд.

ЦЫ ПАЙДА У

10 Паддзах Иоси йӕ хъус ӕрдардта Софонийы фӕдзӕхстмӕ ӕмӕ йын уый стыр ахъаз фӕци. Уый сфӕнд кодта дины хъуыддаг сраст кӕнын. Уый фӕрцы ма ссардтой Закъоны чиныг; уый фесӕфт, Йегъовӕйы кувӕндон ӕдзӕллаг уавӕрмӕ куы ’рцыд, уӕд. Иоси тынг фӕхъыг кодта, чиныгӕй йын куы бакастысты, адӕймаг Хуыцаумӕ куы нӕ хъуса, уӕд уый цӕмӕ ’ркӕны, уый тыххӕй. Йӕ рӕстӕджы Моисей дзырдта уый тыххӕй, Софони дӕр ӕдзух уый тыххӕй хъусын кодта. Иоси йӕхи ӕрныллӕг кодта Йегъовӕйы раз, ӕмӕ йын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы сӕфт дӕ рӕстӕджы не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ (Дык. з 28–30 сӕртӕ; 4 Пад. 22:8–20). Цӕй стыр бӕллӕхӕй фервӕзт паддзахад! Фӕлӕ уыцы рӕстӕг бирӕ нӕ ахаста, уымӕн ӕмӕ Иосийы фырттӕ сӕ фыды зондыл нӕ ацыдысты. Фӕлӕ Иоси ӕмӕ йӕ адӕм «Йегъовӕйы ныхасмӕ, Софонийы уылты кӕй загъта», уымӕ кӕй байхъуыстой, уый сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕахъаз (Соф. 1:1).

11 Йесо Чырысти, Хуыцауы номдзыддӕр пехуымпар, йӕ зындгонд Уӕлхох уацамынды загъта, Софони кӕй уыд Хуыцауы ӕцӕг пехуымпар. Йӕ ныхӕстӕ ӕнгӕс сты Софонийы 2:3: «Зӕххы къорийыл цы сӕрныллӕг адӕм ис... уе ’ппӕт дӕр агурут Йегъовӕйы. Тырнут рӕстдзинадмӕ, тырнут сӕрныллӕгдзинадмӕ». Йесо разӕнгард кодта: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» (Матф. 6:33). Хуыцауы Паддзахад йӕ царды фыццаг бынаты чи ’вӕры, уыдоны фӕдзӕхста Софони, цӕмӕй уыцы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕсой: «Йегъовӕмӕ йӕ чъылдым чи сыздӕхта, чи йӕ нӕ агуырдта ӕмӕ йӕм чи нӕ тырныдта» ӕмӕ «йӕхицӕн афтӕ чи дзуры: „Йегъовӕ хорзӕй дӕр ницы аразы ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр“» (Соф. 1:6, 12). Павел дӕр йӕ фыстӕджы Дзуттӕгттӕм фыссы фидӕны тӕрхоны боны тыххӕй ӕмӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй Хуыцаумӕ йӕ чъылдым мачи сыздаха. Дарддӕр фыссы: «Мах та, чи фӕтӕрсы ӕмӕ Хуыцауы чи ныууадзы, ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи чи сафы, уыдонӕй не стӕм, фӕлӕ нӕм ис уырнындзинад, цӕмӕй нӕ цард бахъахъхъӕнӕм» (Дзут. 10:30, 37–39). Пехуымпар дзуры, зындзинӕдтӕн чи нӕ фӕразы ӕмӕ ӕбузныг адӕмӕн нӕ, фӕлӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Йегъовӕйы чи агуры, уыдонӕн: «Чи зоны, Йегъовӕйы масты бон ӕмбӕхст ӕрцӕуат». «Чи зоны» цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад алы адӕймагӕн дӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у (Матф. 24:13). Уый ма ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ афтӕ кӕй хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, иугӕр Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ у, уӕд нӕ бон цыфӕнды дӕр у аразын. Софонийы пехуымпарадӕй хорз зыны, Хуыцауы мастисӕн бон ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй ӕрцӕудзӕн, чи йӕм не ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдоныл (Соф. 2:3; 1:14, 15; 3:8).

12 Уӕдӕ, уыцы хабар иуӕй бӕллӕхы хабар у, Йегъовӕйы ныхмӕ тӕригъӕдтӕ чи аразы, уыдонӕн, иннӕмӕй та «Йегъовӕйы агургӕйӕ», фӕсмон чи кӕны, уыдонӕн зӕрдӕ ӕвӕры диссаджы арфӕдзинӕдтӕй. Чи ӕрфӕсмон кодта, уыдон хъуамӕ хъӕбатыр уой, уымӕн ӕмӕ Софони загъта, зӕгъгӕ, «Израилы паддзах, Йегъовӕ, ис де ’хсӕн». Ныртӕккӕ Сионӕн уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ тӕрса кӕнӕ йӕ къухтӕ ’руадза. Абон хъӕуы Йегъовӕйыл ӕууӕндын. «Уый у Ӕппӕтхъомысджын, фервӕзын дӕ кӕндзӕн. Дӕ цинӕй райдзӕн йӕ зӕрдӕ. Кӕй дӕ уарзы, уый йын ӕнцой хӕсдзӕн. Дӕ цинӕй йӕ цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн». Амондджын сты, сӕ царды Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты чи ’вӕры», ӕмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уарзагзӕрдӕ Хуыцауы ӕххуысмӕ ӕмӕ йе ’нусон арфӕдзинӕдтӕм (3:15–17).

[Фиппаинӕгтӕ]

a McClintock and Strong’s «Cyclopedia», 1981 Reprint, VII том, 112 ф., (англ.).

b «Боги, гробницы, ученые», К. Керам, Н. Новгород, 1994, 251 ф., (уыр.).

c The New Westminster Dictionary of the Bible», 1970, 627, 669 фф., (англ.).

d «Иудейские древности», X, 29 (ix, 7), (уыр.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын