-
Иегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг у!Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 мартъи
-
-
6—8. Софонийы 1:4—6-ӕм стихты цы уыд развӕлгъау загъд ӕмӕ уыцы пехуымпарад рагон Иудӕйы паддзахадыл куыд сӕххӕст?
6 Мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уыдоны ныхмӕ Иегъовӕ кӕй растдзӕн, уый тыххӕй Софонийы 1:4—6-ӕм стихты дзырдӕуы: «Мӕ къух сисдзынӕн Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, ацы зӕххыл Ваалӕн йӕ кой дӕр нал ныууадздзынӕн, сӕ ном фесафдзынӕн, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн чи кувы, уыцы дзуарылӕгтӕ ӕмӕ сауджынтӕн, сӕ уӕлхӕдзӕртты ӕрвон бардзтӕн чи табу кӕны, уыцы-иу рӕстӕджы Иегъовӕйӕ дӕр ӕмӕ Милхомӕй дӕр сомы кӕнгӕйӕ, йӕ зонгуытыл чи хауы, уыдонӕн, Иегъовӕмӕ йӕ чъылдым чи сыздӕхта, чи йӕ нӕ агуырдта ӕмӕ йӕм чи нӕ тырныдта, уыдонӕн».
-
-
Иегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг у!Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 мартъи
-
-
8 Хуыцау ныццагъта, «ӕрвон бардзтӕн чи табу кодта», ӕвӕццӕгӕн, астрологийыл чи бафтыд ӕмӕ хурӕн чи куывта, уыдоны дӕр (4 Паддзахӕдты 23:11; Иереми 19:13; 32:29). Хуыцау куыд загъта, афтӕмӕй йӕ азар баййӕфта, уыцы-иу рӕстӕджы «Иегъовӕйӕ дӕр ӕмӕ Милхомӕй дӕр сомы кӕнгӕйӕ», раст кувынад мӕнг динимӕ чи хӕццӕ кодта, уыдоны дӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй Милхом у аммонитӕгты сӕйраг хуыцау Молохы иннӕ ном. Молохӕн цы адӕм куывтой, уыдон нывондӕн хастой сӕ сывӕллӕтты дӕр (3 Паддзахӕдты 11:5; Иереми 32:35).
Чырыстон дунейы кӕрон ӕввахс у!
9. а) Чырыстон дунейыл цавӕр тӕригъӕд ис? ӕ) Иудӕйы паддзахады мӕнгард адӕмӕй хъауджыдӕр мах дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм?
9 Уыдон нын иууылдӕр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц нырыккон чырыстон дуне: уый дӕр афтӕ бафтыд мӕнг кувынад ӕмӕ астрологийыл. Нӕ дуджы хӕсты нывондхӕссӕныл цы бирӕ адӕмы цард ӕрцыд хаст, уыдоны туджы чырыстон дунейы разамонджытыл цы стыр тӕригъӕд ис, уый алчидӕр зоны! Цӕй уӕдӕ мах, сӕ зӕрдӕтӕ кӕмӕн ныддур сты, Хуыцауы чи нал агуырдта, йӕ зондмӕ йын чи нал хъуыста, ӕмӕ афтӕмӕй «Иегъовӕмӕ йӕ чъылдым чи сыздӕхта», уыцы мӕнгард иудейты хуызӕн макуы суӕм. Уый бӕсты дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн.
-