Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ницы нӕ «фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм... цы уарзондзинад равдыста, уымӕй»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • 19 Йегъовӕ иннӕты зын ӕмбары. Уый цы нысан кӕны? Иу ацӕргӕ иузӕрдион чырыстон афтӕ загъта: «Искӕй зын ӕмбарын у, йӕ рыст мӕ зӕрдӕйы рыст куы уа, уый». Цымӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕцӕгдӕр фӕриссы, зын нын куы вӕййы, уӕд? Дӕ хъус-ма ӕрдар, йӕ адӕмы, Израилы, зындзинӕдтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕ: «Уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр» (Исай 63:9). Цы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой, уыдон ӕрмӕст уынгӕ нӕ кодта, фӕлӕ сыл йӕ зӕрдӕ рыст. Йӕ адӕмы рыст йӕ зӕрдӕмӕ куыд арф исы, уый бамбарын кӕныны тыххӕй загъта: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мын мӕ цӕстыгагуымӕ ӕвналы»b (Захари 2:8). Исчи нын нӕ цӕстмӕ куы февнала, уӕд нын тынг фӕрисдзӕн. Уӕдӕ махӕн зын куы вӕййы, уӕд зын вӕййы Йегъовӕйӕн дӕр.

  • Ницы нӕ «фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм... цы уарзондзинад равдыста, уымӕй»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • b Иуӕй-иу тӕлмацты ацы стих афтӕ у, зӕгъгӕ, Хуыцауы адӕммӕ чи ӕвналы, уый йын ӕвналы йӕ цӕстмӕ, ома Израилы, цӕстмӕ, Хуыцауы цӕстмӕ нӕ, фӕлӕ. Уыцы рӕдыд Библимӕ бахастой, къопитӕ йын чи кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Афтӕ сӕм фӕкаст, ӕмӕ уыцы стих Хуыцауы кад дӕлӕмӕ кӕны. Афтӕмӕй Библийӕ айстой диссаджы хъуыды: Йегъовӕ йӕ адӕмы рыст йӕ зӕрдӕмӕ тынг арф исы.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын