-
Захарийы цӕстылуайӕнтӕ дӕумӕ куыд хауынц?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2017 | октябрь
-
-
16. Чыргъӕд цы баци? (Кӕс 3-аг нывмӕ статьяйы райдианы.)
16 Уый фӕстӕ Захари федта, къадзы базырты хуызӕн тыхджын базыртӕ кӕмӕн уыд, дыууӕ ахӕм сылгоймаджы. (Бакӕс Захарийы 5:9–11.) Чыргъӕды цы сылгоймаг бадти, уый хуызӕн ӕппындӕр нӕ уыдысты. Уыдон сӕ тыхджын базыртӕй уыцы чыргъӕд ӕд «Фыддзинад» хӕрдмӕ систой ӕмӕ атахтысты. Цымӕ йӕ кӕдӕм ахастой? «Сеннаары зӕхмӕ», ома Вавилонмӕ. Фӕлӕ уырдӕм цӕмӕн?
17, 18. а) Вавилон «Фыддзинадӕн» аккаг бынат цӕмӕн уыд? б) Фыддзинадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
17 Захарийы рӕстӕджы израилӕгтӕ хорз бамбӕрстаиккой, «Фыддзинадӕн» Вавилон аккаг бынат цӕмӕн уыд, уый. Уыдон зыдтой, уыцы горӕт алы фыдхъуыддӕгтӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй йедзаг кӕй уыд. Адӕм дзы куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн, ӕмӕ Захари ӕмӕ иннӕ дзуттӕгтӕ уым куы цардысты, уӕд сӕ алы бон дӕр хъуыди ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй сыл уыцы адӕмы зондахаст ма бандӕвтаид. Уӕдӕ ацы цӕстылуайӕн уыд фидар бӕлвырдгӕнӕн, Йегъовӕ сыгъдӕг дин фӕчъизи кӕнын кӕй нӕ бауадздзӕн, уымӕн.
18 Уыцы цӕстылуайӕн ма дзуттӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕхиуыл дӕр уыцы хӕс кӕй уыд, цӕмӕй раст дин фӕчъизи кӕнын ма бауагътаиккой. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн фыддзинадӕн бынат нӕй. Йегъовӕ нӕ абон ӕрбакодта йӕ сыгъдӕг организацимӕ, ӕмӕ уым уынӕм, куыд нӕ уарзы ӕмӕ нӕ куыд хъахъхъӕны, уый. Уымӕ гӕсгӕ ныл ис хӕс, цӕмӕй йын йӕ организацийы сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнӕм. Йегъовӕйы адӕмӕн хъуамӕ фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уа.
-